Поможем написать учебную работу
Если у вас возникли сложности с курсовой, контрольной, дипломной, рефератом, отчетом по практике, научно-исследовательской и любой другой работой - мы готовы помочь.
Если у вас возникли сложности с курсовой, контрольной, дипломной, рефератом, отчетом по практике, научно-исследовательской и любой другой работой - мы готовы помочь.
[0.1] ПОРТРЕТ [0.1.1] I ХАЙ [0.1.2] II ХАЙ [0.2] КЪАЛАСКÆ [0.3] СОРОЧИНЦЫ АРМУКЪА [0.3.1] I [0.3.2] II [0.3.3] III [0.3.4] IV [0.3.5] V [0.3.6] VI [0.3.7] VII [0.3.8] VIII [0.3.9] IX [0.3.10] X [0.3.11] XI [0.3.12] XII [0.3.13] XIII [0.4] РАДЖЫЗАМАЙНАГ ПЪАМЕЩИКТÆ |
(Тæлмацгæнæг Богазты У.)
Щукины хæдзары цы нывты дукани уыдис, уый цурæй фылдæр никуы æмбырд кодтой адæм. Уыцы дуканийы уыдис алыхуызон диссæгтæ: нывтæ фылдæр уыдысты зети-ахорæнтæй конд, тарцъæх лакæй сæрст, тарбур мæнгхуыз фæлгæты мидæг. Зымæг урс бæлæстимæ, бынтон сырх изæр, раст пиллон арты хуызæн, фламандаг нæлгоймаг лулæимæ æмæ саст къухимæ, адæймаг нæ, фæлæ тынгдæр индиаг уасæджы хуызæн гъе ахæмтæ уыдысты нывтæ. Уыдонмæ ма бафтауын хъæуы цалдæр гравюргонд нывы: уæлдзарм худы Хозрева-Мирзайы портрет, цавæрдæр инæлæртты портреттæ зылын фындзтимæ сæ сæртыл æртæтигъон худтæ, афтæмæй. Уымæй уæлдай ма, ахæм дуканийы дуарыл кæрæдзийы бынмæ ауыгъд вæййынц æрдз æмæ цард æвдисæг нывтæ, кæцытæй бæрæг вæййы уырыссаг адæймаджы хæдгуыргæ курдиат. Иу ныв дзы æвдыста паддзахы чызг Миликтрисæ Кирбитьевнæйы, иннæ Иерусалимы горæты, кæцыйæн йæ хæдзæрттыл æмæ аргъуантыл æнæхъолайæ апырх ис сырх ахорæн æмæ ма уыдонæй дарддæр ноджыдæр æрцахста зæххы гæбаз æмæ дыууæ кувæг уырыссаг музуккаджы, æрмыкъухтæ сыл, афтæмæй. Ахæм ныв æлхæнджытæ стæм вæййынц, фæлæ кæсджытæ та бирæ. Искæцы нуæзтуарзаг фæсдзæуин, сæ разы хæлиудзыхæй лæууы йæ къухы трактирæй йæ хицауæн цы сихор хæссы уый, афтæмæй æмæ йæ хицау бас бынтон хъармæй кæй нæ хæрдзæн, уый гуырысхойаг нæ вæййы. йæ разы, кæй зæгъын æй хъæуы, лæууы цинелы мидæг салдат, зæронд дзаумæтты базары кавалер, дыууæ хæрынкъайы уæйгæнæг; басмахъытæй дзаг къоппимæ Охтæйаг базаргæнæг ус. Алчи дæр дис кæны йæхи рдыгонау: нæлгоймæгтæ æнгуылдзтæй амонынц; фæсивæд фæкæсынц зæрдиагæй, цумайы лæппутæ æмæ æрмгуыстгæнæг лæппутæ та худгæ фæкæнынц æмæ нывгонд карикатурæтæй кæрæдзийы фæмæстæй марынц, зæронд фæсдзæуинтæ, аслам цинелты мидæг, фæкæсынц æрмæстдæр сæ рæстæг цæмæй аивгъуыйын кæной, уый тыххæй; базаргæнæг сылгоймæгтæ, æрыгон уырыссаг устытæ, та фæтагъд кæнынц, цæмæй адæм цы дзурынц, уый фехъусой æмæ цæмæ кæсынц, уый феной, уый тыххæй. Уыцы заман дуканийы раз æнæбары æрлæууыд æрыгон нывгæнæг Чартков. Йæ зæронд цинел æмæ мæгуыр дарæс æвдыстой, уыцы адæймаг бынтондæр йæ куысты мæт кæй кодта æмæ кæй ницæмæ дардта, æвзонгдзинады заман зæрдæмæ чи цæуы, уыцы уæлæдарæсы. Уый æрлæууыдис дуканийы раз æмæ фыццаг йæхи мидæг худæгæй мардис уыцы фыдуынд нывтыл. Фæстагмæ æнæбары хъуыдытыл фæци: кæй бахъæудзысты цымæ уыцы нывтæ. Уырыссаг адæймæгтæ Еруслантæ Лазаревичтæм, фыдхæрдгæнджытæм æмæ расыггæнджытæм, Фома æмæ Ерёмæтæм кæй кæсынц, уый йæм диссаг нæ касти: конд нывтæ æмбæрстгонд уыдысты адæмæн; фæлæ кæм сты уыцы хъулæттæ, чъизи, зетиджын нывгæндты æлхæнджытæ? Кæй хъæуынц уыцы фламандаг музуккæгтæ, уыцы сырх æмæ арвхуыз, бæрзонд аивадмæ чи тырны, фæлæ йын йæ ницæйагдзинад чи æвдисы, уыцы пейзажтæ? Уыдон, æвæццæгæн, хæдахуыр сывæллоны фæллæйттæ нæ уыдысты. Уый йедтæмæ, кæд цыфæнды карикатурæ нгæс уыдысты, уæддæр сæ исты хуызы фæбæрæг уыдаид æвзонг уды тæлтæгдзинад. Нывты бæрæг уыд къуымых зонды тæваг, æдых, сæртæг æнæджелбетдзинад, кæцы йæхи тыхтард бакодта аивæдты æхсæнмæ, йæ бынат æрмгуыстыты æхсæн, афтæмæй. Æмæ æнæджелбетдзинад та йæхи аккаг уыд æмæ аивадмæ бахаста йæ æрмгуыстдзинад. Уыцы ахорæнтæ, уыцы ахаст, цæстытæ кæмæй фæрыстысты уыцы къух, адæймаджы нæ, фæлæ тынгдæр гуырымыхъ автоматы къухы хуызæн!.. Бирæ фæлæууыдис уый уыцы чъизи нывты раз, фæстагмæ сыл хъуыды дæр нал кодта, афтæмæй. Уыцы рæстæг та йын дуканийы хицау, фыдцъылыз лæггонд, аслам цинелы мидæг, суанг хуыцаубонæй фæстæмæ æнæдаст рихитимæ, цыдæртæ дзырдта, йемæ базар кодта, æргътæ йын нымадта, лæппуйы зæрдæмæ ды фæцыд æмæ йæ цы хъæуы, уый нæ зонгæйæ. «Мæнæ ацы нæлгоймæгтæ æмæ æрдзы нывы тыххæй уæ райсдзынæн æвзист сом. Куыд диссаджы конд нывтæ сты куы! Цæстыты ахадынц; биржæйæ æрæджы ист сты, сæ лак дæр нæма бахус. Кæннод мæнæ зымæг, зымæг балхæнут! Фынддæс сомы! Æрмæст йæ фæлгæт дæр цасы аргъ у. Кæс ма, цы хуызæн зымæг у!» Æмæ къупецаг йе нгуылдзæй ныв бакъуырдта, æвæццæгæн, æй равдисын фæндыд зымæджы дзæбæхдзинад. «Дзырд дæттут иумæ сæ сбæттын æмæ уæ фæстæ ахæссыны тыххæй? Кæм цæрут? Эй, лæппу, синаг ма рахæсс». «Фæлæу, ме фсымæры хай, афтæ тагъд ма кæн», йæхи æрæмбаргæйæ загъта нывгæнæг, йæ цæстæй куы федта цæрдæг къупецаг æцæгæй нывтæ бæттын куыд райдыдта, уæд. Куыддæр æм хардзау æркасти, дуканийы бирæ фæлæугæйæ æппындæр ницы райсын æмæ загъта: «Фæлæу ма, æз фенон мæн цы хъæуа, ахæмæй дзы цымæ ницы ис» æмæ, æргуыбыргæнгæйæ, пъолæй исын райдыдта кæрæдзиуыл чи ныццæнд ис, уыцы зæронд скъуыдтæ, рыгæйдзаг нывгæндтæ, сæ хуызæй бæрæг уыд æппындæр кæй никæйы хъуыдысты, уый. Уым уыдис рагон бинонты портреттæ, сæ байзæттæгтæн, æвæццæгæн сæ кой, сæ хъæр дæр кæмæн нал уыд, ахæмтæ, бынтон æнæзонгæ хуызтæ скъуыд кæттагыл, сæ ахуырст кæмæн азгъæлд, ахæм фæлгæттæ, иу ныхасæй алыхуызон хæррæгъты бырæттæ. Фæлæ сæм нывгæнæг уæддæр касти, йæхинымæр хъуыды кæнгæйæ: «мыййаг дзы кæд исты ссарин». Уый иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыста, ахæм дуканиты алыхуызон бырæгъты-иу хаттæй-хатт кæй ссардтой номдзыд нывгæнджыты нывтæ. Дуканийы хицау куы федта лæппу кæдæм бавнæлдта уый, уæд йæ тыхстхуыз фæуагъта æмæ, раздæр куыд уыд, афтæ йæхи скæнгæйæ, ногæй дуары раз æрбынат кодта æмæ дуканийы рæзты чи цыд, уыдон хуыдта, дуканимæ сын къухæй амонгæйæ...
«Ардæм, мæ хуры хай; диссаджы нывтæ! Рауайут, рауайут, биржæйæ сæ райстам». Бирæ æмæ фылдæр хатт бынтон дзæгъæлы хъæр кодта, йæ фаг фæдзырдта бырæгътæ уæйгæнæгимæ, йæ бакомкоммæ, раст йæхи хуызæн, дуканийы фарсмæ чи лæууыд, уыимæ, æмæ фæстагмæ йæ дуканийы адæймаг кæй ис, уый йæ зæрдыл куы рлæууыд, уæд адæммæ йæ чъылдым фездæхта æмæ хæрз рæбынмæ уаты рдæм ацыд. «Цы зæгъдзыстут, мæ хуры хай, исты равзæрстат?» Нывгæнæг цасдæр лæууыдис æнæфезмæлгæ стыр, раджы кæддæр хорз фæлгæты чи уыд æмæ ма чысыл сыгъзæрин хуыз ахорæн кæуыл аззад, ахæм портреты раз. Уый уыдис бронзæхуыз, уадулджын мæллæг цæсгомджын зæронд лæджы портрет; афтæ зындис, цыма йын йæ цæсгом здыхст, змæлгæйæ сныв кодтой. Æхсидгæ фæссихор нысангонд уыдис цæсгомыл. Йæ уæлæ уыдис уæрæх азиаг уæлæдарæс. Кæд портрет цыфæнды чъизи уыд, уæддæр ын йæ рыг куы ныссæрфта, уæд федта стыр нывгæнæджы конд кæй уыд, уый. Бæрæг уыдис, портрет конд кæй нæма фæцис, фæлæ уæддæр нывгæнæджы тых уыдис стыр. Æппæтæй диссагдæр уыдысты цæстытæ, цыма йæ æппæт аивадон тых æмæ йæ æнувыд бæлвырддзинад нывгæнæг уым равдыста, уыйау. Уыцы цæстытæ афтæ хорз кастысты портретæн йæхицæй æмæ цыма æгас уыдысты, уыйау хæлдтой нывы æнæхъæндзинад. Дуармæ йæ куы рахаста, уæд цæстытæ кастысты ноджы тынгдæр. Афтæ хорз фæкастысты иннæ адæммæ дæр. Фæстейы цы сылгоймаг æрлæууыд, уый фæхъæр кодта: «Кæсы, кæсы», æмæ фæстæмæ цæуыныл фæци. Цавæрдæр, йæхæдæгдæр кæй нæ æмбæрста, ахæм хъыгаг æнкъарындзинад æм фæзынд, æмæ портрет зæххыл æрæвæрдта:
«Æмæ цы кæны, айсут портрет!» загъта хицау.
«Цас æй кæныс?» загъта нывгæнæг.
«Ууыл та цы радзур-бадзур кæнон? æртæ абази æмæ æртæ суарийы æриут!»
«Нæ».
«Цæй, уæдæ цас ратдзынæ?»
«Абази», загъта нывгæнæг, йæхи ацæуынмæ сцæттæ кæнгæйæ.
«Эк, цы худæджы аргъ загътай! Абазийæ æрмæст фæлгæт дæр нæ балхæндзынæ. Æвæццæгæн уæ зæрды райсом æлхæнын ис. Господин, господин, раздæхут! Уæд та ма йыл дыууæ суарийы бафтау. Айсут, айсут, æриут абази. Афтæ, хорз райдианы тыххæй, æрмæст фыццаг æлхæнæг кæй стут, уый тыххæй». Уыимæ йæ къухæй афтæ ацамыдта, цыма зæгъынмæ хъавыд «афтæ дæр вæййы, фесæф ныв!»
Афтæ Чартков бынтон æнæнхъæлæджы балхæдта зæронд портрет, æмæ уыцы иу рæстæг ахъуыды кодта: цæмæн æй балхæдтон? Цæмæн мæ хъæуы? Фæлæ йын ницыуал гæнæн уыдис. Йæ дзыппæй систа абази, радта сæ хицауæн, портрет йæ дæларм бакодта æмæ йæ ахаста. Фæндагыл йæ зæрдыл æрлæууыди, уыцы абази йæ фæстаг æхца кæй уыд, уый. Уайтагъд æрæнкъард ис: маст æмæ йыл, зæрдæ уазал цæмæй кæны, ахæм хъуыдытæ æртыхстысты уыцы минут. «Хæйрæджы амæттаг фæуинаг! дунейы æлгъаг у!» загъта уый ахæм уырыссаджы зæрдæйы уагæй, кæцыйæн йæ хъуыддæгтæ æвзæр цæуынц. Æмæ, нæ йæ æмбæрста, афтæмæй тагъд-тагъд цыд, йæ зæрдæ ницæмæй ради, афтæмæй. Изæры сæуæхсидты сырх тæлмытæ ма арвы æмбисыл уыдысты; уыцырдæм арæзт хæдзæрттæ ма рухс уыдысты йæ хъарм тынтæй; уæдмæ мæйы уазал цъæхгомау æхсидгæ тыхджындæр кодта. Хæдзæрттæй æмæ цæуджытæй æрдæг фæлурс рог аууæттæ къæдзилтау зæхмæ хаудысты. Нывгæнæг чысылгай арвмæ кæсын райдыдта, уый рухс уыди цавæрдæр рæсугъд, тæнæг зæрдæхсайгæ рухс, æмæ уыцы иу рæстæг йæ дзыхæй хаудысты дзырдтæ: «цавæр диссаджы рог тон у», æмæ ноджыдæр дзырдтæ «мæстаг у, хæйрæджыты амæттаг!» Æмæ, портрет йæ дæлармы дзæбæх кæнгæйæ, йæ цыд тагъддæр кодта. Фæлладæй æмæ йæ хид акæлгæйæ, тыххæйты бахæццæ ис кæм цард, Васильевскы Сакъадахы фынддæсæм уынджы, уырдæм. Тыххæйты æмæ тых улæфт кæнгæ ссыд æхсæнтæ калд кæуыл уыд æмæ гæдытæ æмæ куыйтæ сæ фæдтæ кæуыл ныууагътой, уыцы асинтыл. Дуар куы бахоста, уæд ын дзуапп ничи радта: йæ кусæг хæдзары нæ уыдис. Уæд рудзынгыл банцой кодта æмæ йæхи бацæттæ кодта æнцад æнхъæлмæ кæсынмæ, цалынмæ, фæстагмæ, йæ фæстæ не рбайхъуысти цъæххæдонджын, йемæ цæрæг, натурщик чи уыд, ахорæнтæ йын чи сæрфта æмæ йын йæ уат чи марзта æмæ йæ фæстæмæ цырыхъхъытæй чи чъизи кодта, уыцы лæппу. Лæппуйæн йæ ном хуындис Никитæ, æмæ-иу барин хæдзары куы нæ уыд, уæд йæ рæстæг æрвыст кæрты дуары æдде. Никитæ бирæ фæцархайдта дæгъæл гуыдыры батъыссыныл, фæлæ талынг уыд æмæ йæ къухы не фтыд. Æппынфæстаг дуар байгом. Чартков бацыд фыццаг уатмæ, уым уыд, нывгæнджытæм куыд вæййы, афтæ уазал, фæлæ йæ ницæмæ дарынц. Никитæмæ цинел нæ ратгæйæ, йемæ бацыдис йе студимæ, цыппæрдигъон, стыр, фæлæ ныллæг, салд рудзынгджын уатмæ, алыхуызон бырæттæй дзаг: гипсæй конд къухтæй, кæттаг тыгъд кæуыл уыд, ахæм фæлгæттæй, æрдæгконд эскизтæй, бандæттыл тыд драпировкæйæ. Уый тынг бафæллад, йæ цинел раласта, дыууæ чысыл кæттаджы æхсæн куыд фæндыйы æвæрд æркодта, цы портрет æрбахаста, уый æмæ йæхи нарæг диваныл баппæрста. Диванæн ма æрмæст йæ ном баззад, йе сгæллад зæгæлтæй фæхицæн æмæ йын уый тыххæй Никитæ йæ быны тъыста сау цъындатæ, хæдæттæ æмæ æнæхсад мидæггаг дзаумæттæ. Куы абадти æмæ куы ахуыссыди, уыцы нарæг диваныл цас ахуыссæн уыд, уыйас, уæд, фæстагмæ бафарста сойын цырагъы тыххæй:
«Сойын цырагъ нæй», загъта Никитæ.
«Куыд нæ ис?»
«Æмæ нæм знон дæр куы нæ уыд», загъта Никитæ. Нывгæнæгæн йæ зæрдыл æрлæууыд æцæг сæм знон дæр кæй нæ уыд сойын цырагъ уый, басабыр æмæ ницыуал сдзырдта. Йæ дзаумæттæ раласын кодта æмæ йæ уæлæ скодта йæ фидар, фæлæ зæронд халат.
«Хæдæгай, хæдзары хицау æрбацыд», загъта Никитæ.
«Æмæ æхцамæ æрбацыди? Зонын æй», загъта йæ къух ауигъгæйæ нывгæнæг.
«Æмæ иунæгæй не рбацыд», загъта Никитæ. «Уæдæ кæимæ?»
«Нæ зонын, кæимæ... цавæрдæр пъæлицæйагимæ».
«Пъæлицæйаг та цæмæн?»
«Нæ зонын, цæмæн: зæгъгæ, дам, фатеры мызд фыст не рцыд».
«Æмæ уымæй цы рауайдзæн?»
«Нæ зонын цы дзы рауайдзæн; дзырдта, зæгъгæ, дам æй кæд нæ фæнды, уæд фатерæй ацæуæд; райсом дæр дыууæйæ æрбацæуынмæ хъавынц».
«Уадз æмæ æрбацæуæнт», загъта æнкъард æвæлмас хъæлæсы уагæй Чартков. Æмæ зæрдæ уазал кæмæй кæны, ахæм хъуыдыты бын фæци.
Æрыгон Чартков уыд курдиатджын нывгæнæг, æнхъæлцау: хатгай йæ конд нывтæй бæрæг уыдис, цардмæ йæ цæст тынг кæй дары, æрхъуыдыдзинад æм кæй ис, æрдзмæ хæстæг кæй лæууы, уый. «Кæс, лæппу», дзырдта йын арæх йæ профессор: «Курдиат дæм ис; тæригъæд дын уыдзæн, куы йæ фесафай, уæд. Фæлæ быхсаг нæ дæ. Истæуыл куы фæцалх вæййыс, исты куы бауарзыс уæд æндæр ницæуыл кусыс, иннæтæ та дын ницæйаг, ницыуал вæййынц, кæсын дæр дæм сæм нал фæцæуы. Дæхимæ кæс, модæйы нывгæнæг дæ ма рауайæд. Ныридæгæн дæр дæм æгæр хъæргæнаг ахорæнтæ фæзыны. Дæ ныв йæ бынаты нæма ис, хатгай бынтон лæмæгъ разыны, æцæг нывгæнæджы къухы фæд дзы нæ зыны; ныридæгæн тырныс модæйы рухсмæ, фыццаг цæстытæм чи хæццæ кæна, уымæ дæхимæ кæс, раст фæндагыл нæ ацæудзынæ. Дæхи хъахъхъæн; рухс дæ йæхимæ лвасы; хатгай дын дæ хъуырыл фенын къудиппы кæлмæрзæн, æрттиваг шляпæ... Уыдон сайаг сты, æхцайы тыххæй райдайæн ис модæйы нывтæ, портреттæ кæнын. Фæлæ уый курдиат рæзын нæ, фæлæ маргæ кæны. Быхс. Алы куыстыл дæр хъуыды кæн къуыдипдзинад ныууадз уадз æмæ иннæтæ исой æхцатæ. Дæхион дæуæй нæ ацæудзæн».
Профессор иуæрдыгæй раст уыди. Æцæгæй, хатгай нæ нывгæнæджы фæндыд кеф кæнын, къуыдипп уæвын, иудзырдæй, искуыдты йе взонгдзинад равдисын. Фæлæ йæхи йæ къухты дарын дæр зыдта. Рæстæггай, нывкæнгæйæ, йæ бон уыд алцыдæр ферох кæнын æмæ-иу йæ куыстæй ахицæн хорз фынæй ахицæнау.
Йæ дæсныдзинад зынгæ рæзыд. Рафæлы1 æппæт дæсныдзинад нæма æмбæрста, фæлæ Гвиды2 тагъддзинад æмæ арæхсындзинадмæ йæ зæрдæ лæвæрдта, Тицианы3 портретты раз иу æрлæууыдис, фламандæгтæ йæ дисы æфтыдтой. Зæронд нывтыл цы фæтаргонд цæсгом уыд, уый йæ разы нæма ссыд, фæлæ сæ уый уæддæр цыдæр уыдта, кæд йæхи мидæг профессоримæ разы нæ уыд, уæддæр, ома рагон мастертæ махæй тынг дард ацыдысты; уымæ суанг афтæ каст, зæгъгæ, нудæсæм æнус цæмæйдæрты уыдонæй фæраздæр, зæгъгæ, æрдзы фæзмын ныр ссис тыхджындæр, цардæгасдæр, хæстæгдæр; иудзырдæй, уый хъуыды кодта, цыдæртæ йæ къухы кæмæн бафты æмæ йæхи мидæг сæрæстыр æмбарындзинады уый чи нкъары, уыцы æвзонгдзинадау. Хатгай йæм хардзау касти, æрцæуæггаг нывгæнæг, францаг кæнæ немыцаг, арæх йæ курдиатмæ гæсгæ нывгæнæг дæр нæ уæвгæйæ, æрмæст йæ фæлтæрддзинады руаджы, цæрдæг къухæй, хъулон-мулон ахорæнты руаджы йæ ном куыд хъуысын кодта æмæ цæсты фæныкъуылдмæ бирæ æхцатæ куыд æмбырд кодта, уый. Уыцы хъуыды-иу æм æрцыд, куысты сæраппонд-иу æй хæрын дæр, нуазын дæр, æмæ æппæт дуне дæр куы ферох, уæд, нæ, фæлæ-иу, æппынфæстаг, хъуагдзинад куы рбалæууыд, нывгæнæн дзаумæттæ æмæ ахорæнтæ цæмæй балхæдтаид, уый йæм куы нæ уыд, цæстытæ кæмæй фæрыстысты, уыцы хæдзары хицау-иу бон иу дæс хатты фатеры мызд агурæг куы рбацыд, уæд. Уæд-иу хæлæггагæй йæ æххормаг хъуыдыты фæзынди хъæздыг нывгæнæджы амонд; йæ сæры та уырыссаг лæджы сæры арæх цы хъуыды фæзыны, уый: ныууадзын алцыдæр æмæ мæстæй цæл кæнын райдайын, алцы ппæты фыддæрагæн. Ныр дæр уыдис ахæм уавæры.
«О! быхс, быхс!» мæстыйæ загъта, уый. «Быхсынæн дæр æппынфæстаг кæрон вæййы. Быхс! Æмæ райсом та сихор цæмæй скæндзынæн? Æфстау мын ничи ратдзæн. Æмæ ме ппæт нывтæ дæр уæй кæнынмæ куы ахæссон, уæд мын се ппæтæн абази ратдзысты. Уыдон пайда сты, кæй зæгъын æй хъæуы, уый æз æмбарын: сæ алкæцыйы дæр æз исты базыдтон. Æмæ уымæй цы пайда ис? Этюдтæ, фæлварæнтæ æмæ иууылдæр уыдзысты этюдтæ, фæлварæнтæ, æмæ сын кæрон нæ уыдзæн. Æмæ сæ чи балхæндзæн, мæ ном мын нæ зонгæйæ; стæй кæй хъæуынц натурон къласæй æмæ антиктæй4 конд нывтæ, кæнæ кæй нæма фæдæн, Психейы5 уыцы уарзондзинад, кæнæ мæ уаты перспективæ, кæнæ мæ Никитæйы портрет, кæд искæцы модæйы нывгæнæджы портреттæй хуыздæр у, уæддæр? Уый цы у? Цæмæн хъизæмар кæнын æмæ, ахуыргæнинаджы хуызæн, абетыл мæ хъис цæуыл калын кæд æмæ иннæтæй æвзæрдæр нæ сарæхсдзынæн æмæ мæм, уыдоны хуызон, æхца уыдзæн». Уый куыд загъта нывгæнæг, афтæ ныззыр-зыр кодта æмæ ныффæлурс, тыд кæттаджы фæстейæ йæм касти кæйдæр æнцъылд бандæрхуызон цæсгом. Дыууæ тæрсæн цæсты йæм æдзынæг кастысты, цыма йæ аныхъуырынмæ хъавыдысты уыйау; йæ цæсгомыл фыст уыди тызмæг бардзырд ныхъхъус у, зæгъгæ. Фæтарст, хъавыди ныхъхъæр кæнын æмæ фæдзурын Никитæмæ, уый уæдмæ æддаг уаты богалы хуыр-хуыр кодта; фæлæ уайтагъд ныллæууыд æмæ ныххудти. Tac цæсты фæныкъуылдмæ æрбайсæфт. Уый цы портрет балхæдта æмæ йæ бынтондæр чи ферох, уыцы портрет уыд. Уат кæмæй ныррухс, уыцы мæйы тынтæ йыл æртыхстысты æмæ йæм æнахуыр цæрдæгдзинад февзæрд. Кæсыныл æм фæци æмæ йæ сыгъдæг кæнын райдыдта. Губкæ донæй схуылыдз кодта, цалдæр сæрфты йæ æркодта, цы рыг æмæ йыл чъизи ныхъхъæбæр, уыдон ын сæхсадта, йæ разы йæ къулыл бакодта æмæ диссаджы куыстыл ноджы фылдæр дис кæнын райдыдта: йæ цæсгом æгасæй дæр цардхуыз сси, йæ цæстытæй та афтæ ракаст æмæ фæстагмæ йæ мидбынаты фесхъиудта æмæ фæстæмæ ацыд, тарст хъæлæсы уагæй зæгъгæйæ: «кæсы, кæсы адæймаджы цæстытæй!» Йæ зæрдыл æрбалæууыди, раджы йæ профессорæй цы хабар фехъуыста, зындгонд Леонардо да Винчийы6 иу портреты тыххæй, уый. Ууыл фæкуыста цалдæр азы æмæ йæ уæддæр æххæст кондыл нæ нымадта, афтæмæй та йæ, Вазари7 куыд загъта уымæ гæсгæ, иууылдæр хуыдтой аивады æххæст æмæ тынг хорз уацмыс. Æппæтæй æххæстдæр уыдысты йæ цæстытæ, адæм кæуыл дис кодтой, уыдон, суанг ма зына-нæзына сæ хæрз чысыл тугдадзинтæ дæр бæрæг уыдысты нывы. Æмæ ныр йæ разы цы портрет уыди, уым дæр уыдис цыдæр æнахуырдзинад. Уый аивад нал уыди: хæлдта портретæн йæ иудзинад. Уыдон уыдысты цардæгас, уыдон уыдысты адæймаджы цæстытæ! Афтæ зындис, цыма сæ æгас адæймагæй ралыг чындæуыди æмæ нывыл конд æрцыдысты. Уым нæ уыдис уыцы стыр æхсызгондзинад, кæцы фæдæтты адæймаджы удæн ныв, цыфæнды тæрсæн куы вæййы йæ темæ, уæддæр; уым уыдис цавæрдæр риссаг, зынфæразæн æнкъарындзинад. «Цы y уый?» æнæбары йæхи бафарста нывгæнæг. «Уæдæ ай натурæ куы у, цардæгас натурæ: уæд кæцæй фæзындис ахæм æнахуырхъыгаг æнкъарындзинад? Æви цагъарон, бæлвырдæй натурæ фæзмын y аххосджын хъуыддаг æмæ зыны æрттиваг, фыдуынд хуызы? Æви, дзаума куы райсай æнæбары æмæ дæ зæрдæмæ куы нæ хиза, уæд дæ разы æрлæудзæн йæ ницæйаг æцæгдзинадимæ, æнæ диссаджы, сусæггонд рухсæй мæнæ рæсугъд адæймаг базоныны тыххæй адæймаджы куы акъæртт кæнай, уæд уый куыд æлгъаг вæййы, афтæ хуызы. Мæгуыр хуымæтæджы æрдз иу нывгæнæгмæ куыддæр срухс вæййы æмæ дæм ницæйаг хъуыдытæ нæ фæзындзæн, нæ, фæлæ ма афтæ фæкæсы, цыма æхсызгондзинад райстай æмæ уый фæстæ дæ алыфарс алцы дæр цæуы сабырдæр æмæ растдæр. Æмæ уæд раст уыцы æрдз иннæ нывгæнæгмæ цæмæн фæзыны ницæйаг, чъизи, афтæмæй уый дæр æрдзы афтæ фæныв кæны. Фæлæ нæ, нæй дзы цавæрдæр рухсгæнæг тых. Мæнæ æрдз, кæд цыфæнды дзæбæх вæййы, уæддæр дзы цыдæр нæ фаг кæны, арвыл хур куы нæ уа, уæд». Фæстæмæ та портретмæ бацыд цæмæй хуыздæр фена уыцы æмбисонды цæстытæ, æмæ йæ уд ауайгæйæ бафиппайдта цыма уыдон комкоммæ уымæ кæсынц. Уый натурæйæ къопи нæ уыд, уый уыдис мæнæ ингæнæй цы мард сыстид, уый цæсгом цы æнахуыр цардæгасдзинад барухс кæнид, уый. Алыхуызон сæнттæ чи хæссы æмæ алцыдæр боны рухсæй æндæрхуызон цы мæйы рухс кæны, уый æви æндæр истæйы аххос уыди, æрмæст æвиппайды уаты иунæгæй бадын йæ бон нал уыд фыр тæссæй. Уый сындæггай портретæй иу фарс ацыд, иинæрдæм каст æмæ йæхи хъардта, цæмæй йæм мауал бакæса ууыл. Фæлæ уæддæр цæст йæхи гъдауæй портреты рдæм азылд. Æппынфæстаг уаты цæуын дæр нал уæндыд, афтæ йæм каст, цыма æндæр исчи йæ фæстæ ацæудзæн, æмæ арæх тæрсгæ-ризгæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта. Уый тæрсаг никуы уыди, йе рхъуыдыдзинад æмæ нервытæ уыдысты кæрцхъус, æмæ уыцы изæр йæхæдæг дæр не мбæрста, цæмæн афтæ тарсти, уый. Уый сбадти къуымы, фæлæ йæм уым дæр афтæ каст, цыма йын ныртæккæ исчи йе уæхсчыты сæрты йæ цæсгоммæ бакæсдзæн. Æддаг уатæй Никитæйы хуыр-хуыр ын йæ тарст къаддæр нæ кодта. Уый æппынфæстаг, йæ цæстытæй зæхмæ кæсгæйæ, йæ бынатæй сыстад æмæ аууоны фæстæмæ йæ хуыссæнуатмæ бацыд. Аууоны фæстейæ дæр зынди мæйы тынтæй рухс уат æмæ къулыл ауыгъд портрет. Йæ цæстытæ йæм ноджы тæссагдæр, тынгдæр ныкомкоммæ сты æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма сæ æндæр æппындæр ницæмæ кæсын фæнды, уыйау. Уæззау хъуыдытимæ хуыссæнуатæй сыстад, гобанæмбæрзæн раскъæфта æмæ портреты æгасæй дæр батыхта. Афтæ куы бакодта, уæд фæстæмæ йæ хуыссæнуатыл æрхуыссыд æдæрсгæ æмæ хъуыды кæнын райдыдта нывгæнæджы мæгуыр æмæ тæригъæддаг хъысмæтыл, цы зын фæндагыл æй цæуын хъæуы ацы дунейы, ууыл; æмæ уыцы иу рæстæг йæ цæстытæ æнæбары аууоны зыхъхъыртæй кастысты гобанæмбæрзæнæй тыхт портретмæ. Мæйы рухсæй гобанæмбæрзæн ноджы фæурсдæр æмæ йæм афтæ фæкасти, цыма уыцы тæссаг цæстытæ хъуымацы иннæрдæмдæр хизынц. Æдзынæгдæр ныккасти тыхт портретмæ, цыма йæ базонын фæндыд уый мæнгдзинад кæй у, уый! Фæлæ фæстагмæ æцæгæй дæр... уый уыдта, уыдта бæлвырд: гобанæмбæрзæн нал ис... портрет y гом æмæ, æппындæр, йæ алы фарс цы ис, уыдонмæ не здæхгæйæ, комкоммæ касти уымæ, суанг йæ удмæ... Йæ зæрдæ бауазал ис. Æмæ уыны: зæронд фезмæлыдис æмæ æвиппайды дыууæ къухæй ныххæцыди фæлгæтыл. Фæстагмæ йæхиуыл схæцыд æмæ, йæ къæхтæ æрбайсгæйæ фæлгæтæй рагæпп кодта... Аууоны зыхъхъыртæй зынди афтид фæлгæт. Уаты хъуысти къæхты хъæр æмæ аууонмæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Мæгуыр нывгæнæджы зæрдæ йæхи къултыл тынгæй-тынгдæр хоста. Фыр тæссæй йæ хъуыр хус кодта æмæ æнхъæлмæ касти, зæгъгæ, мæнæ йæм ныр зæронд аууоны фæстæмæ бакæсдзæн. Æмæ æцæгдæр бакасти, уыцы бронзæхуыз цæсгомимæ æмæ йæ дынджыр цæстытæ зилгæйæ. Чартков хъавыдис ныхъхъæр кæнынмæ æмæ банкъардта, хъæлæс ын кæй нæй, уый, хъавыдис исты хуызы сызмæлын æмæ йе уæнгтæ не змæлынц. Хæлиудзыхæй æмæ тыхулæфтгæнгæйæ уый касти цавæрдæр азиаг дингæнæджы уæрæх дарæсы чи уыди уыцы тæссаг даргъ æндæргмæ, æмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдта цы йын бакæндзæн, уымæ. Зæронд йæ тæккæ раз сбадти æмæ йæ уæрæх уæлæдарæсы дыдагъæй цыдæр систа. Уый уыдис голлаг. Зæронд голладжы ком райхæлдта æмæ йæ, йæ дыууæ къуымыл ын фæхæцгæйæ, стылдта: уæззау гуыппимæ пъолмæ æрхаудысты даргъгомау уæззау тыхтæттæ; сæ алкæцыдæр тыхт уыди цъæх гæххæтты æма сæ алкæцыйыл дæр фыст уыди: 1000 туманы. Йæ уæрæх дыстæй йæ даргъ мæллæг къухтæ радаргæйæ, зæронд тыхтæттæ халын райдыдта. Сыгъзæрин ферттывта. Кæд цыфæнды уæззау хъуыдытимæ æмæ тынг тарст уыдис нывгæнæг, уæддæр нымдзаст ис сыгъзæринмæ, æдзынæг касти, мæллæг къухтæ йæ куыд гом кодтой, куыд æрттывта, куыд зæлланг кодта æмæ фæстæмæ куыд тыхт цыд, уымæ. Уыцы заман уый федта тыхтæттæй иу иннæтæй дарддæр куыд атылд йæ сынтæджы къæхтæм, йæ сæры цурмæ. Æвиппайды фæлæбурдта тыхтонмæ æмæ, тæрсгæ-ризгæйæ, фæкасти зæрондмæ, федта йæ æви нæ, уый тыххæй. Фæлæ зæронды уымæ не вдæлд. Уый æрæмбырд кодта йæ тыхтæттæ, фæстæмæ сæ голладжы цæвæрдта æмæ, йæм кæсгæ дæр нæ фæкодта, афтæмæй аууонæн иннæ рдæм ацыд. Чартковы зæрдæ æнкъуысти уатæй къæхты уынæр дарддæр куыд кæны, уый куы хъуыста, уæд. Йæ тыхтоныл тынгдæр ныххæцыдис, йæ уд ыл уади, афтæмæй æмæ уалынмæ йæ хъустыл ауад къæхты уынæр та йæм куыд æрбахæстæг кæны æвæццæгæн зæронд бафиппайдта, тыхтæттæ иу хъуаг кæй фесты, уый. Æмæ та йæм ногæй бакасти аууоны фæстæмæ. Фыр адæргæй йæ тых, йæ бонæй ныххæцыди йæ тыхтоныл, йе ппæт хъаруйы руаджы ныхъхъæр кодта æмæ райхъал ис. Йæ сур хид акалди; йæ зæрдæ афтæ гуыпп-гуыпп кодта æмæ зæгъæн дæр нæй: йæ риу афтæ æлхъывд уыд, цыма дзы фæстаг улæфт атæхынмæ хъавыд, уыйау. «Цымæ уый фын уыди?» загъта уый, йæ къухтæй йæ сæрыл ныххæцгæйæ; фæлæ цы федта, уыдон фыны хуызæн нæ уыдысты. Куы райхъал, уæд федта, зæронд фæлгæтмæ куыд бахызти, суанг йæ уæрæх уæлæдарæсы фæдджи дæр ма фæзынди æмæ бамбæрста, йæ къухæй минут раздæр цыдæр уæзыл кæй хæцыд, уый. Мæйы рухс уатмæ бакасти æмæ йын йæ талынг къуымтæй разынын кодта кæм кæттаг, кæм гипсæй къух, кæм бандæттыл цы драпировкæ баззад, уый, кæм хæлæфтæ æмæ чъизи цырыхъхъытæ. Æрмæст уæд бамбæрста йæ хуыссæны кæй нæ хуыссы, фæлæ портреты тæккæ раз кæй лæууы. Уырдæм куыд бацыд, хæйрæг æй базонæд. Тынгдæр та фæдис кодта портрет гобанæмбæрзæнæй тыхт кæй нæ уыдис, гом кæй уыд, ууыл. Тæрсгæ-ризгæйæ йæм кастис æмæ уыдта, уый йæм æдзынæг цардæгас адæймаджы цæстытæй кæй кæсы, уый. Йæ сур хид акалд; фæндыди йæ иуварс ацæуын, фæлæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæ къæхтæ зæххыл баныхæстысты. Æмæ уыны, уый фын кæй нæу; зæронды цæсгом фезмæлыдис, æмæ йæ былтæ уыйырдæм рацъупп сты, цыма йæ бацъирынмæ хъавыд, уыйау... тарст хъæр фæкæнгæйæ, иуварсæрдæм агæпп кодта æмæ фехъал ис.
«Цымæ уый дæр фын уыдаид?» Йæ зæрдæ фæцæйскъуыд афтæмæй йæ алыфарс аскæрста. О, уый хуыссыди хуыссæнуатыл куыддæриддæр ыл бафынæй, афтæ. Йæ разы аууон: мæйы рухсæй уат байдзаг. Аууоны зыхъхъыртæй зынди портрет, гобанæмбæрзæнæй куыд æмбæлд, афтæмæй тыхтæй йæхæдæг æй куыд батыхта, афтæмæй. Уæдæ уый дæр фын уыди! Фæлæ армы тъæпæны уæддæр ма цыдæр уыди. Зæрдæ тынг цавта, тæрсынгæнгæ; риуы цыдæр æнæкæрон уæззау уыди. Зыхъхъыртæй ныккасти гобанæмбæрзæнмæ. Æмæ бæлвырдæй уыны гобанæмбæрзæн кæй райхæлы уый, цыма йæ быны къухтæ тæлфыдысты æмæ йæ аппарынмæ хъавыдысты, уыйау. «Мæ хуыцауы хай, цы y уый!» загъта уый, тагъд-тагъд йæхиуыл дзуар æфтаугæйæ, æмæ райхъал. Æмæ та уый дæр разынд фын. Хуыссæнæй фестади, æррайау, суртæгæнæгау æмæ йæ бон нал уыди бамбарын цы йыл цæуы, уый: пъæззы йыл ныббадти, æви йæ бынатыхицау къуымы бакодта, низ æй сæнттæ цæгъдын кæны, æви æцæгдзинæдтæ уыны. Зæрдæйы тыхст фæкъаддæр æмæ йе уæнгты цы рафыцгæ туг хъазыд, уый фæсабырдæр кæныны тыххæй бацыд рудзынджы размæ æмæ форточкæ байгом кодта. Æхсызгон уазал дымгæ йын йæ уавæр фенцондæр кодта. Мæйы тынтæй рухс уыдысты агъуыстыты сæртæ æмæ сæ урс къултæ, кæд мигъы чысыл цъуппытæ арвыл арæхдæр зындысты уæддæр. Алцыдæр уыдис сабыр: хатгай дардæй хъуыстис, кæмдæр фæсвæд ран уынджы цы æххуырсгæ бæхыл кусæг æнафоны цæуæгмæ рæдзæмæдзæгæнгæ æнхъæлмæ касти, уый уæрдоны уынæр. Бирæ фæкасти уый, йæ сæр форточкæйæ радаргæйæ. Уæдмæ арвыл фæзындысты сæуæхсидты фыццаг бæрæггæнæнтæ; фæстагмæ йæ хуыссæг ахсын райдыдта, форточкæ сæхгæдта, иуварс ацыд, стæй йæ хуыссæнуатыл æрхуыссыд æмæ уайтагъд мардау тарф фынæй баци.
Райхъал ис тынг æрæгмæ æмæ цыма сыгъдхъæстæ фæци, афтæ уæззау уыди: сæр æвзæр рысти. Уат уыдис æнкъард: сæлфынæгау кодта æмæ, алыхуызон дзаумæттæ æвæрд цы рудзгуытыл уыд, уыдоны зыхъхъыртæй уатмæ лæсыд. Тарæй, цардæй разы нæ уæвгæйæ, хуылыдз уасæджы хуызæн йе скъуыдтæ диваныл сбадти, йæхæдæг æй нæ зыдта цæмæ бавнала æмæ цы чындæуа, уый, афтæмæй æмæ, æппынфæстаг, йæ зæрдыл æрлæууыд йæ фын æгасæй дæр. Цас фылдæр йæ зæрдыл лæууыд, уыйас тынгдæр гуырысхо кæнын райдыдта, фын уыдис æви сæнттæ цагъта, кæд æндæр исты йæ цæстытыл ауад. Гобанæмбæрзæн райсгæйæ боны рухсмæ федта уыцы æнамонды портрет. Цæстытæ сæ цардæгасдзинадæй адæймаджы дисыл æфтыдтой, фæлæ дзы уыйас тæссагæй ницы ардта; æрмæст цавæрдæр æнæзонгæдзинад, хъыгдзинад задис зæрдæйы. Ноджы йæ нæ уырныдта уый фын кæй уыди, уый. Афтæ йæм касти, цыма фыны заман уыди æцæгдзинады тæссаг чысыл хай дæр. Афтæ зынди, цыма йын зæронды цæстæнгас йæ зæрдыл лæууын кодта, дысон æм кæй уыди, уый; йæ къухæй цыма чысыл раздæр цыдæр уæзыл кæй хæцыд, æмæ йын æй чысыл раздæр исчи аскъæфта. Афтæ йæм касти, цыма тыхтоныл фидардæр куы хæцыдаид, уæд йæ къухы кæй баззадаид райхъал уæвгæйæ дæр.
«Мæ хуыцауы хай, уæд та мæ уыцы æхцатæн сæ иу хай куы уаид!» загъта уый, арф ныуулæфгæйæ æмæ йæ цæстытыл ауад голлагæй куыд хаудысты цы тыхтæттæ федта, уыдон бæллиццаг фыстимæ: 1000 туманы. Тыхтæттæ хæлдысты, сыгъзæрин æрттывта, ногæй тыхт цыдысты, æмæ уый бадти афтид ранмæ æнæзмæлгæ æмæ æнæхъуаджы ныккæсгæйæ, йæ бон нæ уыди æндæрæрдæм фæкæсын цыма сывæллон йæ комыдæттæ уайгæйæ иннæтæ адджинаг куыд хæрынц, уымæ касти, уыйау кæсгæйæ. Фæстагмæ, дуары æддейæ хъæр фæцыд æмæ æнæбары фесхъиудта. Уатмæ бацыдис хæдзары хицау пъæлицæйагимæ, йæ фенд мæгуыртæн хъыгдæр y бонджынтæн мæгуыргурты уындæй. Чартков цы чысыл хæдзары цард, уый хицау ахæм адæймæгтæй уыди, кæцытæ вæййынц хæдзары хицау искуы Васильевскы Сакъадахы фынддæсæм уынджы, Петербурджы рдыгæй, кæнæ Коломнæйы дæрддаг къуымы ахæм адæймæгтæй, кæцытæ Уæрæсейы сты арæх æмæ сæ зæрдæйы конд, сæ ихсыд сюртучы хуыз сбæрæг кæнынау, зын у. Лæппуйæ капитан уыди, хъæргæнаг, æнæхæстон хъуыддаджы дæр бæззыд, нæмынмæ æмбисонд уыд, цæрдæг дæр, къуыдипп дæр, æмæ æнæзонд дæр уыди; фæлæ куы фæзæронд ис, уæд уыцы сонт миниуджытæ иууылдæр баиу сты æмæ сæ рауад цавæрдæр æнтъыснæг æнæбæрæгдзинад. Уæдмæ йын бинонтæ нал уыд, æфсады дæр нал уыд, къуыдипп митæ нал кодта, йæхицæй нал æппæлыд, хыл нал кодта, уарзта æрмæстдæр цай цымын æмæ уыцы рæстæг æнæсæр ныхæстæ кæнын; уаты рацу-бацу кодта, сойын цырагъ раст кодта; биноныг алы мæйы кæрон дæр бæрæг кодта йæ цæрджыты æхцайы тыххæй, уынгмæ цыди дæгъæлимæ, хæдзары сæрмæ скæсынмæ; цалдæр хатты дуаргæсы, хуыссынмæ иу кæм баууон кодта йæхи, уыцы ранæй ратардта; иудзырдæй, æфсадæй чи суæгъд уыцы адæймаг, кæцымæ ратæх-батæх царды фæстæ баззадысты æнæгъдау митæ.
«Уæ хорзæхæй уæхæдæг фенут, Варух Кузьмич», загъта хæдзары хицау, пъæлицæйагмæ аздæхгæйæ æмæ йæ къухтæ фæйнæрдæм фæкодта: «Мæнæ нæ фиды фатеры тыххæй, нæ фиды».
«Æмæ цы, кæд мæм æхца нæй, уæд? Фæлæуут, æз уын бафиддзынæн».
«Мæнæн, мæ хур, æнхъæлмæ кæсæн нæй», загъта хæдзары хицау зæрдиагæй, йæ къухы дæгъæл тилгæйæ; «мæнмæ мæнæ Потогонкин, дæлбулкъон, цæры, ныр авд азы цæры; Аннæ Петровнæ Бухмистеровæ сара дæр æмæ бæхдон дæр дыууæ кæвдæсимæ айста, æртæ кусæджы ис йемæ, гъе ахæм адæм цæры мæнмæ. Мæнмæ, раст уын куы зæгъон, уæд ахæм хъуыддаг нæй, æмæ фатерæн мызд фыст ма цæуа. Гъе ныртæккæ бафидут æхца æмæ ардыгæй алидзут.»
«О, кæд фатер райстат, уæд бафидут», загъта пъæлицæйаг йæ сæр чысылгай тилгæйæ æмæ йе нгуылдз йæ мундиры цæппузыры фæстæ акæнгæйæ.
«Æмæ цæмæй фидон? Мæнмæ ныртæккæ капек дæр нæй».
«Кæд æхца нæй, уæд Иван Ивановичæн дæ нывтæй искæцыйы ратт», загъта пъæлицæйаг: «уый, чи зоны, сразы уыдзæн фатеры мыздмæ нывтæ айсыныл».
«Нæ, мæ хур, нывты тыххæй бузныг. Исты хорз нывтæ ма куы уаиккой, уæд сæ къулыл бакæнæн дæр ис, зæгъæм искæцы инæлар стъалыимæ, кæнæ кънйаз Кутузовы портрет, уый та хуымæтæг лæджы сныв кодта, хæдоны мидæг, ахорæнтæ чи сæрфы, уыцы æхууырсты. Уыцы хуыйы сныв кæн; æз ын йæ къæбут фæнæмдзынæн: æвдузæнтæй зæгæлтæ фæласта, цæстфæлдахæг. Кæсут ма ацы дзаумæттæм: уат ныв кæны. Хорз, æфснайд уат ма куы сныв кæнид, уæддæр ницы кæны, ай та йæ чъизитимæ æмæ бырæттимæ сныв кодта. Кæсут ма уат куыд фесæфта, уæхæдæг æй уынут. Мæнмæ адæм æвдгай азтæ цæрынц, булкъонтæ, Бухмистеровæ Аннæ Петровнæ... Нæ, æз афтæ зæгъын: нывгæнæгæй æвзæрдæр цæрæг нæй хуыйы хуызæн цæры, хуыцау ма раттæд».
Æмæ уыцы ныхæстæм мæгуыр нывгæнæг хъуамæ быхсгæ фæхъуыстаид. Уыцы рæстæг пъæлицæйаг нывтæ æмæ этюдтæм кæсын райдыдта æмæ бæрæг уыди йæ зæрдæ хæдзары хицауы зæрдæйæ фæлмæндæр кæй у, стæй ма суанг аивад дæр æнæуарзгæ кæй нæ у, уый.
«Хе», загъта уый, бæгънæг сылгоймаг кæм уыди, ахæм нывмæ амонгæйæ, «дзаума, о... хъазы. Амæн та йæ фындзы бын сау цæмæн у, тамако дзы ныккалдта æви?»
«Аууон», тызмæгæй æмæ йæм кæсгæ дæр нæ бакæнгæйæ, дзуапп радта Чартков.
«Уымæн æндæр ран уыди бынат ссарæн, фындзы бын æгæр бæрæг ран у», загъта пъæлицæйаг; «æмæ ай та кæй портрет у?» дарддæр дзырдта уый, зæронды портретмæ бацæугæйæ, «æгæр тæрсæн у. Цыма æцæгæй дæр афтæ тæрсæн уыд, уыйау. Æмæ уый æцæгæй кæсгæ куы кæны. Эх, цы Громобой у! Кæмæй йæ скодтай?»
«Уый иу...» загъта Чартков, æмæ нæ фæцис йæ дзырд: фехъуысти къæрц. Пъæлицæйаг æвæццæгæн портреты фæлгæтыл æгæр æрхæцыд, йе нарæхст пъæлицæйаг къухтæй; фæрсаг фæйнæджытæ мидæджы рдæм фæтасыдысты, сæ иу æрхауд æмæ йемæ ноджы æрхауд, уæззау сдзыгъал-мыгъул кæнгæ, цъæх гæххæтты тыхтон. Чартков федта фыст: 1000 туманы. Æррайау йæхи ныццавта тыхтоныл, аскъæфта йæ, йæ къухы йæ бакодта, æмæ къух тыхтоны уæзæй зæхмæ æрзæбул.
«Цыма æхцайы дзыгъал-мыгъуыл ссыд», загъта пъæлицæйаг, цыдæр æрхауд уый куы фехъуыста, уæд, фæлæ ницы фенын йæ къухы бафтыд, Чартков тыхтон тагъд кæй амбæхста, уый тыххæй.
«Æмæ уæ цы хъуыддаг ис, мæнмæ цы ис, уыимæ?»
«Ахæм хъуыддаг, æмæ ды хъуамæ æртæккæ хæдзары хицауæн фатеры мызд бафидай; æхца дæм ис, фæлæ дæ фидын нæ фæнды, гъе уыцы хъуыддаг мæ ис».
«Хорз, æз ын абон бафиддзынæн».
«Уæдæ ныры онг цæуылнæ фыстай, хæдзары хицауы тыхсын кæныс, суанг ма пъæлицæйы дæр йæ къæхтыл слæууын кодтай?»
«Уымæн æмæ ацы æхцамæ æвналынмæ нæ хъавыдтæн; æз ын абон изæрæй мызд æххæстæй бафиддзынæн æмæ райсом фатерæй цæугæ кæнын, ахæм хæдзары хицаумæ нал цæрын».
«Цæй, Иван Иванович, бафиддзæн дын», загъта пъæлицæйаг хæдзары хицауæн. «Æмæ кæд разы нæ уай, куыд æмбæлы афтæ, абон изæрæй, уæд хъæууай кæн, господин нывгæнæг». Афтæ зæгъгæйæ, уый ныккодта йе ртæтигъон шляпæ æмæ тыргъмæ ацыд, йæ фæстæ та хæдзары хицау, йæ сæр æркъул кæнгæйæ æмæ зындис, цыма цæуылдæр хъуыды кæны, уыйау.
«Хуыцауæй разы, хæйрæг сæ ахаста!» загъта Чартков, æддаг дуары хъæр куы фехъуыста, уæд. Уый ракасти æддаг уатмæ, Никитæйы цæмæдæр арвыста, цæмæй иунæгæй баззайа уый тыххæй, йæ фæстæ йын дуар сæхгæдта æмæ, фæстæмæ йæ уатмæ раздæхгæйæ, йæ зæрдæ гуыпп-гуыпп кодта, афтæмæй райдыдта тыхтон халын. Уым уыдис тумантæ, иууылдæр иухуызон ногтæ, артау тæвд. Æррайау бадти сыгъзæрин кæрийы цур æмæ йæхи фарста фын y уый, æви цы у, уымæй. Тыхтоны уыдис мин туманы, æддейы бакæсгæйæ фыны кæй федта, уыдоны хуызæн уыдысты. Цалдæр минуты сæ ракал-бакал фæкодта, касти сæм æмæ уæддæр йæ уд йе муд нæма æрцыд. Йæ хъуыдыты фæзындысты ссаргæ хæзнаты æмæ алыхуызон æвæрæнты хабæрттæ, фыдæлтæ иу сæ байзæттагæн цы ныууагътой куы смæгуыр уой, уæдмæ, ахæмты хабæрттæ. Уый хъуыды кодта: кæд искæцы фыды фыд йæ фырты фырттæн лæвар ныууадзыны фæнд скодта протреты фæлгæты йæ цæвæргæйæ. Алыхуызон сæнттæй дзаг уæвгæйæ, уый хъуыды кæнын райдыдта, зæгъгæ, уым цымæ нæй сусæг бастдзинад йæ хъысмæтимæ, портрет кæй ис, уый цымæ баст нæу йæхи уæвындзинадимæ, æмæ йæ кæй балхæдта, уый цымæ ницы амоны. Райдыдта цымыдис каст кæнын портреты фæлгæтмæ. Иу фарсæрдыгæй йыл уыди нукгонд, фæйнæджы гæбазæй афтæ арæхсгæ æмбæрзт уыд æмæ йæ пъæлицæйаджы къух нæ асаста, зæгъгæ, уæд тумантæ сæ мыггагмæ уым баззадаиккой. Портретмæ кæсгæйæ йын ногæй дис кодта йæ хорз кондыл, цæстытыл: ныр æм тæрсæн нал кастысты; фæлæ уæддæр зæрдæйы алы хатт дæр задис цæмæндæр хъыгдзинад. «Нæ», загъта уый йæхи мидæг: «кæй фæнды дæр дæ, зæронд, уæддæр дыл æз авг сæвæрдзынæн æмæ дын уый тыххæй сыгъзæрин фæлгæт скæндзынæн». Афтæ зæгъгæйæ йæ къух æрæвæрдта йæ разы сыгъзæрины кæрийыл æмæ йæ æндзæвдæй зæрдæ ныгуыпп-гуыпп кодта. Æдзынæг сæм каст æмæ хъуыды кодта: «ныр сын цы кæнон? Ныр æдыхст дæн æппынкъаддæр æртæ азы, мæ бон y мæхиуыл дуар сæхгæнын, кусын. Ахорæнты фаг мæм ис, сихорæн, цайæн, фатерæн æмæ алцæмæн дæр мæм æхца ис; ничиуал мæ хъыгдардзæн: мæхицæн хорз манкен балхæндзынæн, гипсæй торсик заказ скæндзынæн, Венерæйы8 сæвæрдзынæн, фыццаг нывтæй гравюрæтæ балхæндзынæн. Æмæ æртæ азы мæхицæн куы бакусон, тагъд нæ кæнгæйæ, уæйгæнынæн нæ зæгъгæ, уæд сæ иууылдæр ауадздзынæн æмæ суыдзынæн номдзыд нывгæнæг».
Афтæ дзырдта уый йæхицæн, фæлæ йæм мидæгæй хъуысти æндæр хъæлæс хъæрдæрæй æмæ зæллангдæрæй. Æмæ ма иу хатт сыгъзæринмæ куы фæкаст, уæд афтæ-нæ загътой йæ 22 азы æмæ æвзонг сонтдзинад. Ныр йæ бар цыдис, ныронг хæлæггæнгæ цæмæ каст йæ цæстытæй, дардмæ йæ зæрдæ цæмæй рухс кодта, йæ комы дæттæ цæмæ уадысты, уыдоныл. Ух, куыд сцæрдæг ис, ууыл куы ахъуыды кодта, уæд! Модæйы фрак скæнын, хи хорз фенын, хорз фатер баххуырсын, театрмæ ацæуын, адджинæгты дуканимæ,... æмæ афтæ дарддæр, æмæ уый, æхцатæ раскъæфгæйæ, разгъордта уынгмæ. Æппæты фыццаг бацыди хуыйæгмæ, йæ сæрæй йæ къæхтæм ног дзаумæттæ скодта æмæ, сывæллонау, æнæкæрон йæхимæ касти; балхæдта духитæ, помадæтæ, Невский проспекты баххуырста фатер, айдæнтимæ æмæ стыр æвгтимæ; сонтæй дуканийы балхæдта зынаргъ лорнет, сонтæй мa балхæдта бирæ алыхуызон галстуктæ, цас æй хъуыд, уымæй фылдæр, хилдасæгмæ йæ дадалитæ скъæбæлдзыг кодта, хуыцауы ницæуыл дыууæ хатты горæты къареты мидæг атезгъо кодта; æнæхъуаджы бирæ бахордта къафеттæ адджинæгты дуканийы æмæ францаджы ресторанмæ бацыд, уый тыххæй фехъуыста æнæбæрæг цыдæртæ, китайаг паддзахады тыххæй куыд фехъуыста, афтæ. Уым сихор хордта йæ сины сæртыл хæцгæйæ, æмæ иннæтæм сæрæстырæй кæсгæйæ, æдзухдæр айдæнмæ йæ къæбæлдзыг дадалитæ дзæбæх кодта. Уым банызта иу авг шампайнаг сæн, ныры онг та йын æрмæст йæ кой хъуыста. Сæн сæры бацыди, æмæ уынгмæ рацыд тæвдæй, хъæддыхæй, иудзырдæй, зæххыл дæр нал хæцыд, афтæмæй. Тротуарыл хъал цыд акодта йæ алыфарс адæммæ йæ лорнет аразгæйæ. Хидыл бафиппайдта йæ раздæры профессоры æмæ цæрдæг йæ рæзты асыффыт кодта, цыма йæ æппындæр нæ федта, йæхи афтæ фæкæнгæйæ æмæ профессор сагъдæй лæугæйæ баззад хидыл. Йæ дзаумæттæ иууылдæр: станок, кæттаг, нывтæ уыцы изæр ласт æрцыдысты хорз фатермæ. Рæсугъддæр æм цы уыд, уыдон зынгæ дæр ран сæвæрдта, фыдуынддæрты та къуыммæ баппæрста, æмæ дзæбæх уæтты рацу-бацу кодта, æдзухдæр айдæнтæм бакæсбакæсгæнгæйæ. Фæзындис æм æнæкæрон бæллиц кады уыцы минут йæ къæдзилæй ацахсын æмæ йæхи адæммæ равдисынмæ. Йæ хъустыл хъæртæ уайын райдыдтой: «Чартков, Чартков! Федтат! Куыд тыхджын курдиат ис Чартковмæ!» Уый йæ уаты рацу-бацу кодта стыр разыйæ кæдæмдæр тахти. Дыккаг бон, дæс туманы йемæ айсгæйæ, уый ацыдис иу газет уадзæгмæ æмæ дзы куырдта хæларзæрдæ æххуыс; журналист æм байхъуыста зæрдиагæй, уыцы минут æй «кадджындæр» схонгæйæ, йæ дыууæ къухы дæр ын райсгæйæ, йæ ном, фыды ном, кæм цæры уымæй йæ бæлвырд бафæрсгæйæ, æмæ дыккаг бон газеты, ног сойын цырæгъты тыххæй хъусинаг кæм уыдис, уый фæстæ фæзынд статья ахæм сæргондимæ: Чартковы æвæджиау курдиаты тыххæй: «тагъд кæнæм столицæйы ахуыргонд цæрджытæн, зæгъæн ис, алы æгъдауæй дæр стыр æхсызгондзинад фехъусын кæнынмæ. Алчидæр зоны, махмæ кæй ис бирæ тынг хорз цæсгомы хаттытæ æмæ цæсгæмттæ, фæлæ ныры онг нæ уыдис ахæм фадат, цæмæй уыдон æвдыст æрцыдаиккой диссаджы нывты, цæмæй фæстæдæр фæлтæртæн баззайой, уый тыххæй; ныр уыцы хъæндзинад æххæстгонд æрцыд: разындис нæм ахæм нывгæнæг, кæцымæ ис цы хъæуы, уыдон иууылдæр. Ныр рæсугъд сылгоймæгтæн сæ зæрдæ фидар уыдзæн уымæй, æмæ сæ рæсугъддзинад нывгонд кæй æрцæудзæн æххæст грациимæ, мæнæ уалдзыгон дидинджытыл цы гæлæбу ратæх-батæх фæкæны, уыйау рог, зæрдæсыгъдæг диссаджы хуызы. Бинонты кадджын фыд йæхи фендзæн йæ бинонты астæу. Къупецаг, æфсæддон, гражданин, паддзахадон зынгæ архайæг сæ алчи дæр ног тыхтимæ дарддæр кæндзæн йæ хъуыддаг. Тагъд кæнут, тагъд, тезгъо кæнынæй, æрдхордæй, хæстæгæй, хорз дуканийæ цæуат, кæцæй фæнды куы уа, уæддæр тагъд кæнут. Нывгæнæджы фыр рæсугъд æрмадз (Невский проспект, ахæм æмæ ахæм номыр) дзаг у, раст, Вандикты9 æмæ Тицианты аккаг, йæхи конд нывтæй. Адæймаг цæуыл дис кæна, уый зын равзарæн у, нывтæ оригиналтæм тынг хæстæг кæй сты, ууыл æви сæ диссаджы кондыл. Кад уын, нывгæнæг: лотерейæ амондджын билет раластат. Виват, Андрей Петрович (журналист, куыд уынæм, афтæмæй уарзта фамилярдзинад) ! Ном кæнут уæхицæн дæр æмæ махæн дæр. Max зонæм сымахæн аргъ скæнын. Бирæ куыст æмæ уыимæ бирæ æхцатæ, кæд иуæй-иутæ нæ журналисттæй уыдоны ныхмæ сты, уæддæр, уыдзысты уый аккаг хæрзиуæг».
Сусæг райындзинадимæ касти уыцы хъусынгæнинаг нывгæнæг; йæ цæсгом ныррухс ис. Йæ кой скодтой мыхуыры уый фыццаг хатт уыд; цалдæр хатты бакасти хъусынгæнинаг. Вандикимæ æмæ йæ Тицианимæ кæй сбарстой, уый йын йæ зæрдæ тынг балхæдта. «Виват, Андрей Петрович!» зæгъгæ, уыцы дзырдтæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты; мыхуыры йын йæ ном æмæ йæ фыды ном загътой уый уыди ныронг ын æппындæр зындгонд цы кад нæ уыд, уый. Уайтагъд уаты рацу-бацу кæныныл фæци, йæ сæрыхъуынтæ спыхцыл кодта, афтæмæй, куы та иу цъæтджын бандоныл æрбадт, куы та иу фестад æмæ диваныл абадт æмæ æдзухдæр йæ цæстытыл уади нæлгоймагæй æмæ йæм сылгоймагæй чи цæуа уыдоныл куыд æмбæлдзæн, уый, тыгъд кæттагмæ иу бацыд æмæ цырд змæлæнтæ кодта йæ цуры, цыма тынг рæсугъд грациимæ ныв кæны, уыйау. Дыккаг бон йæ дуары æддейæ дзæнгæрæджы хъæр фæцыд; уый азгъордта дуар байгом кæнынмæ, æрбацыдис сылгоймаг йæ 18 аздзыд дзæбæх чызгимæ, семæ ма уыдис зынаргъ цæрмтты цинелы мидæг сæ лæггадгæнæг.
«Сымах стут мсье Чартков?» бафарста сылгоймаг. Нывгæнæг йæ сæрæй акуывта.
«Сымах тыххæй афтæ бирæ фыссынц, уæ портреттæ, дам, æппæт портреттæй дæр хуыздæр сты». Уыцы дзырдтæ дзургæйæ, сылгоймаг лорнет йæ цæстмæ схаста æмæ тагъд-тагъд ауад афтид къултæ уынынмæ. «Æмæ уæ портреттæ та кæм сты?»
«Ахастам сæ», загъта нывгæнæг æмæ хорзау нал фæци. «Æз нырма æрæджы æрбалыгъдтæн ацы фатермæ æмæ портреттæ нырма фæндагыл сты... нæма æрбахæццæ сты».
«Сымах Италийы уыдыстут?». загъта сылгоймаг лорнет æм саразгæйæ æндæр цæмæ кастаид, уый кæй нæ ссардта, уый тыххæй.
«Нæ, нæ уыдтæн, фæлæ мæ фæнды... уыцы хъуыддаг уал фæстæдæрмæ аргъæвтон... Мæнæ бадæнтæ; сымах бафæлладаиккат...»
«Бузныг æз къареты бирæ фæбадтæн. А, уæртæ, æппынфæстаг, уынын уæ куыст!» загъта сылгоймаг, иннæ къулмæ базгъоргæйæ, æмæ лорнет, пъолыл цы этюдтæ, программæтæ, перспективтæ æмæ портреттæ уыд, уыдонмæ сарæзта. Cest charmant, Lise, Lise, venez ici10! Теньеры11 æнкъарæнмæ гæсгæ уат, кæсыс: æнæфснайд, æнæфснайд стъол, йæ уæлæ бюст, къух, палитра; уæртæ рыг, кæсыс, рыг куыд нывгонд y! cest charmant. Мæнæ иннæ кæттагыл йæхи æхсæг сылгоймаг quelle jolie figure!12 Ax, музуккаг! Lise, Lise, музуккаг уырыссаг хæдоны! кæс ма: музуккаг! Сымах уæдæ æрмæсг портреттæ нæ кæнут?»
«О, уый ницы у... Афтæ, хынджыллæг кодтон... Этюдтæ»...
«Зæгъут ма, цы хъуыды кæнут нырыккон портретистты тыххæй? Раст нæу, ныртæккæ Тицианы хуызæттæ кæй нал ис, уый? Колориты уыцы тых нæй, нæй ахæм... хъыгаг y мæ бон уын мæ хъуыды уырыссагау зæгъын кæй нæ фæразын, уый (сылгоймаг уарзта нывкæнындзинад æмæ Италийы галлерейтæ се ппæтдæр лорнетимæ федта). Фæлæ, мсье Ноль... ах, куыд ныв кæны! Цы диссаджы дæсны у. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма йæ конд цæсгæмттæ Тицианы конд цæсгæмттæй цардхуыздæр сты. Сымах нæ зонут мсье Нолы?»
«Чи y уыцы Ноль?» бафарста нывгæнæг.
«Мсье Ноль. Ах, цы курдиат æм ис! мæ чызгæн йæ портрет скодта, 12 азы йыл куы сæххæст, уæд. Хъуамæ сымах махмæ æрбацæуат. Lise, дæ альбом ын равдис. Зонут, мах æрбацыдыстæм, цæмæй йын тагъддæр йæ портрет скæнат».
«Цæуылнæ, æз ныртæккæ дæр цæттæ дæн». Æмæ цæсты фæныкъуылдмæ йе станок цæттæ тыгъд кæттагимæ æрбахæстæг кодта, палитрæ йæ къухмæ райста, чызджы фæлурс цæсгоммæ ныккасти. Адæймаджы удыхъæд куы зыдтаид, уæд уыцы цæсгомы бакастаид кафтизæртæм бæллындзинады райдиан, рæстæг сихоры размæ æмæ йæ фæстæ даргъ кæй у, уый зæрдæмæ нæ цæуыны æмæ ууыл æнкъард кæныны райдиан, тезгъо кæнынмæ ног къабайы ацæуынмæ бæллын, йæ удыхъæд æмæ æнкъарæнтæ фæбæрзонддæр кæныны тыххæй йын йæ мад кæй хатыдта, уыцы алыхуызон аивæдтæм куыд фæндыйы цæстæй кæсыны уæззау фæдтæ. Фæлæ нывгæнæг уыцы буц цæсгомыл уыдта æрмæстдæр нывкæнынæн буары хорз цы рæсугъддзинад ис, уый, зæрдæмæдзæугæ рог диссаджы цæстæнгас, мæллæг урс дæллагхъуыртæ æмæ астæуы аристократон рогдзинад. Æмæ рагацау цингæнгæ йæхи цæттæ кодта, ныронг æрмæст гуырымыхъ дзаумæтты дæрзæгдзинадыл, антиктыл æмæ искæцы дæсны нывгæнджыты къопитыл ахуыр цы дæсныдзинад уыд, уый равдисынмæ. Ныридæгæн йæ цæстытыл уади уыцы дзæбæх цæсгом куыд рауайдзæн, уый.
«Зонут», загъта сылгоймаг цавæрдæр зæрдæагайгæ цæстæнгасимæ: «мæн фæнды... ныр ыл къаба ис, мæн, сæттын ыл, нæ фæнды цæмæй йæ уæлæ, цы къабайыл ын сахуыр стæм, уый уа: мæн фæнды, цæмæй уа æнцон арæзт æмæ бæлæсты бын аууоны бада, быдыртæм зынгæйæ, цæмæй йæм дардæй зына къох... цæмæй бæрæг уа цыма искæдæм кафтизæрмæ, кæнæ модæйы изæрмæ цæуы, уый. Нæ хъазтизæртæ, сæттын ыл, удæн низ сты, афтæ марынц цы æнкъарæнтæ ма баззад уыдон... Æнцондзинад, æнцондзинад хъуамæ уа фылдæр». (Уæууа! мад æмæ чызджы цæсгæмттыл фыст уыди, зæгъгæ уыйас бирæ фæкафыдысты кафтизæрты æмæ сæ дыууæ дæр чысыл ма бахъæуа мыдадзæй кондау ма суой).
Чартков йæ куыст райдыдта, чызджы сбадын кодта, йæ хъуыдыты алцыдæр сныв кодта; цъылинæг уæлдæфы æрзылдта, хинымæр пункттæ сбæрæг кæнгæйæ, йæ цæст чысыл фæцъынд кодта, фæстæмæ алæууыд, дарддæрæй бакаст æмæ иу сахатмæ райдыдта æмæ фæци фыццаг ахуырст. Уымæй йæ зæрдæ райгæйæ, райдыдта кæнын портрет, куыстмæ йæ зæрдæ радта. Алцыдæр дзы ферох, ферох дзы суанг аристократон сылгоймæгты раз кæй ис, уый, суанг ма йæм нывгæнджыты иуæй-иу фезмæлдтытæ дæр фæзындис, хъæрæй алыхуызон мыртæ дзургæйæ, рæстæггай-иу заргæ дæр бакодта, нывгæнæг æгасæй дæр йæ куысты куы аныгъуылы, уæд куыд фæкæны, афтæ. Æнæ уæздан митæй цъылинæгæй амонгæйæ чызгæн йæ сæрыл уæлæмæ хæцын кодта, уый та фæстагмæ тынг змæлын райдыдта, тынг кæй бафæллад, уый бæрæг уыди.
«Æгъгъæд, фыццаг хатт уал æгъгъæд фæуæд», загъта чызджы мад.
«Иу чысыл ма», дзырдта нывгæнæг.
«Нæ, æгъгъæд y! Lise, æртæ сахаты у!» загъта мад, йæ роны сыгъзæрин босыл цы чысыл сахат уыд, уый сисгæйæ, æмæ сдзырдта: «Ах, куыд бирæ рæстæг рацыд!»
«Иу чысыл ма», дзырдта Чартков, сывæллоны зæрдæхæлар æмæ хатæг хъæлæсы уагæй.
Фæлæ йын сылгоймаг, æвæццæгæн, нæ хъавыдис йæ аивадон домæнтæн ахъаз кæнын æмæ йын зæрдæ æвæрдта, æндæр хатт фылдæр фæбадыны тыххæй.
«Уый уæддæр хъыгаг у», йæхинымæр ахъуыды кодта Чартков: «мæ къух куыддæр фæцарæхст, афтæ».
Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, Васильевскы Сакъадахы йæ æрмадзы куы куыста, уæд æй куыд ничи хъыгдардта æмæ урæдта, уый; Никитæ-иу æнæ фезмæлгæйæ иу ран бадтис цас дæ фæнды уыйас ыл нывтæ кæн; цы хуызы йын иу загъта, уыцы хуызы иу фынæй дæр баци. Æмæ, разы нæ уæвгæйæ, йæ цъылинæг, палитрæ бандоныл æрæвæрдта, æмæ тарæй йæ куысты уæлхъус æрлæууыд. Уыцы сылгоймаг ын цы æппæлæн ныхас загъта, уый йæ йæ фынæйæ райхъал кодта. Уый фæтагъд кодта дуары рдæм сæ фæдыл акæсыны тыххæй; асинтыл æй сæхимæ хонын радыдтой, иннæ къуыри сæм сихор хæрынмæ куыд æрбацыдаид, афтæ, æмæ фæстæмæ йæ уатмæ хъæлдзæгæй æрбаздæхт.
Аристократон сылгоймаг йæ зæрдæмæ бынтондæр фæцыд. Уæды онг ахæм адæймæгтæм касти, кæй никуы сæм баххæсдзæн, ахæм цæстæнгасæй, цыма уыдон райгуырдысты æрмæстдæр уымæн, цæмæй рæсугъд къареты дзæбæх дарæсджын лæггадгæнджытимæ тезгъо кæной æмæ уазал цæстæй кæсой фистæгæй аслам пæлæзы цæуæг адæймагмæ. Æмæ æвиппайды ныр уыцы адæймæгтæй иу æрбацыдис йæ уатмæ; кæны йын йæ портрет, аристократон хæдзармæ сихор хæрынмæ хуынд у. Диссаджы разыдзинадæй байдзаг; йæ мондæгтæ бафсæста æмæ уый тыххæй хорз сихор бахордта, изæры театрмæ ацыд æмæ та горæты уынгты къареты атезгъо кодта.
Уыцы бонты йæ сæрмæ æндæр куыст хæстæг нæ цыд. Уый æрмæст цæттæ уыд æмæ æнхъæлмæ каст дзæнгæрæджы хъæрмæ. Фæстагмæ аристократон сылгоймаг йæ фæлурс чызгимæ æрбацыдис. Уый сæ сбадын кодта, цæрдæг йæхимæ тагъд кæттаг æрбахæстæг кодта æмæ хъал митæ фæзмгæйæ, ныв кæнын райдыдта. Хур кæй касти æмæ хорз рухс кæй уыди, уый йын тынг æххуыс фæци. Чызджы цæсгомы уый федта ахæм хорздзинад æмæ уый сныв кæнын къухы бафтыд, зæгъгæ, уæд портрет диссаджы хорз рауадаид. йæ зæрдæ чысылгай ризын райдыдта, куы бамбæрста зæгъгæ, иннæтæ цы нæ бафиппайдтой, уый равдисдзæн, уæд. Куыстыты æгасæй дæр аныгъуылди æмæ та дзы ферох кæй портрет кæны, уый аристократ кæй у, уый. Йæ улæфт къуыхцы кодта, афтæмæй уыдта, æстдæсаздзыд чызджы рæсугъд буары рог æууæлтæ йын нывы куыд цыдысты, уый. Уый фиппайдта зына-нæзына цы уыд, уый дæр, цæстыты бын фенæн кæмæн нæ уыд, ахæм дзыхъгонд дæр æмæ, чысыл ма бахъæуа, йæ ныхыл цы чысыл цъутхал рауад, уый дæр ма скæна, фæлæ фехъуыста мады хъæлæс: «ах, уый та цæмæн хъæуы? Уый нæ хъæуы», дзырдта сылгоймаг. «Сымах мæ дæр... мæнæ, иуæй иу рæтты... цыма чысыл бургомау y æмæ мæнæ ам та раст сау стъæлфæнтау». Нывгæнæг дзурын райдыдта, зæгъгæ уыцы стъæлфæнтæ æмæ бур иумæ хорз бадынц, уыдон иумæ цæсгомы æууæлтæ фидауцджын кæнынц. Фæлæ йын дзуапп лæвæрдтой, зæгъгæ, уыдон ницавæр æууæлтæ сты æмæ нæ фидауынц; æрмæст уымæ афтæ кæсы. «Бар раттут мæнæ æрмæст иунæг ран бавналон бур ахорæнтæй», загъта зæрдæхæларæй нывгæнæг. Фæлæ йын уыцы бар нæ радтой. Фехъусын ын кодтой, зæгъгæ, Lise абон чысыл йæ сæрæн нæу æмæ бур никуы вæййы, нæ, фæлæ ма йæ цæсгом атæр цардхуыз дæр вæййы. Æнкъардæй бавнæлдта цы ахорæнтæй ахуырста, уыдоны фæд сисынмæ. Æрбайсæфтысты зына-нæзына цы æууæлтæ зындысты уыдон æмæ уыдонимæ хуызæндзинадæй дæр иу хай. Дурзæрдæйæ райдыдта портрет дарддæр кæнын. оригиналмæ ма кæс, афтæмæй дæр куыд гæнæн ис, афтæ. Фæлæ сылгоймаг уыди разы, цы йæ нæ фæндыд, уый кæй нал ис, уымæй. Æрмæст фæдис кодта æрæгмæ йæ кæй кодта, ууыл æмæ ма бафтыдта, зæгъгæ, фехъуыста, цыма, дам, иу портрет дыууæ сеансмæ æххæст конд фæвæййы, афтæ. Нывгæнæг цы загътаид, уый нæ базыдта. Сылгоймæгтæ сыстадысты æмæ цæуын фæнд скодтой. Йæ цъылинæг æрæвæрдта, дуармæ сæ ахæццæ кодта æмæ уый фæстæ бирæ рæстæг сагъдауæй фæлæууыдис портреты цур.. Æнæзонды каст æм кодта, афтæмæй та йæ хъуыдыты фæзындысты кæй бафиппайдта æмæ йæ цъылинæг æгъатырæй кæй фесæфта чызджы цæсгомы уыцы дзæбæхдзинæдтæ. Уыцы хъуыдытæй дзаг уæвгæйæ, портрет, иуварс сæвæрдта æмæ кæддæр эскизон æгъдауæй кæттагыл кæй скодта æмæ кæй аппæрста уыцы Психеяйы сæр ссардта. Уый уыдис дзæбæх нывгонд цæсгом, фæлæ бынтондæр идеалон, æдзард, æрмæст иумæйаг æууæлтæй арæзт, удæгас адæймаджы чи нæ уыд, ахæмтæй. Æвдæлонæй йæ дарддæр кæнын райдыдта, чызджы цæсгомæй ма цы хъуыды кодта, уыдон ыл æфтаугæйæ. Цы бахъуыды кодта, уыдон та афтæ сыгъдæг хуызы уадысты, цыма мæнæ нывгæнæг, æрдзмæ бирæ фæкæсыны фæстæ, æрдзæй адард ис æмæ йын йæ хуызæн ныв скодта, уыйау. Психея æгас кæнын райдыдта, чысылгай æцæг адæймаджы хуыз иста. Æрыгон чызджы цæсгомы æууæлтæ Психеямæ бахызтысты æмæ уый руаджы æрмæст йæхи нгæс сси, цыма æцæг адæймагæй сконд портрет у, уыйау. Афтæ рауад æмæ нывгæнæг хайгай æмæ æгасæй райста, йæ оригинал æм цы æвдыста, уый æмæ йæ куыстыл сиузæрдион ис. Цалдæр боны æрмæст уый куыст кодта. Æмæ йæ уыцы куыстгæнгæ баййæфтой йæ зонгæ сылгоймæгтæ. Станокæй ныв райсын йæ къухы нал бафтыд. Дыууæ сылгоймаджы дæр тынг цины дистæ фæ кодтой.
„Lise. Lise! ax, куыд дæхи хуызæн y! Superbe, Superbe!13 Куыд хорз æрхъуыды кодтат грекъаг костюм ыл кæй скодтат, уымæй. Ах, цы сюрприз у!» Нывгæнæг нæ зыдта сылгоймæгтæ кæй рæдийынц, уый сын куыд бамбарын кæна, уый. Æфсæрмыйæ æмæ йæ сæр æруадзгæйæ уый загъта: «Уый Психея у».
«Психеяйы хуызы? Cest charmant!» загъта мад, мидбыл бахудгæйæ; уыимæ ма суанг чызг дæр бахудтис. «Æццæй, Lise, ды, Психеяйы хуызæй хуыздæр никæйы рауайдзынæ? Quelle idee delicieuse!14 Æмæ куыд диссаджы куыст у! Уый Корредж15 у. Сæттын ыл, сымах тыххæй кастæн æмæ фехъуыстон, фæлæ ахæм курдиатджын стут, уый нæ зыдтон. Нæ, сымах æнæмæнг хъуамæ мæ портрет дæр скæнат». Уымæн дæр, æвæццæгæн, йæ зæрды уыди исты Психеяйы хуыз райсын.
«Цы чындæуа адонимæ?» ахъуыды кодта нывгæнæг: «Кæд сæхи афтæ фæнды, уæд уадз æм Психея чи фæнды уæд», æмæ æргом загъта: «Уæхицæн ма иу чысыл сзын кæнут, æз ма дзы иу чысыл цыдæртæ ацаразон».
«Ах, тæрсын, сымах ын исты куы кæ... афтæмæй бынтон йæхи хуызæн у». Фæлæ нывгæнæг бамбæрста, сылгоймаг бур ахорæнæй кæй тарсти, уый æмæ сæ басабыр кодта, зæгъгæ, æрмæст цæстыты фæирддæр æмæ фæхуыздæр кæндзæн. Раст зæгъгæйæ та æфсæрмы кодта æмæ йæ фæндыдис цæмæй портрет чызджы хуызæн тынгдæр уа, цæмæй йæ исчи ма бафхæра йæ комкоммæ æнæфсармдзинады тыххæй. Æмæ æцæгдæр Психея тынгдæр фæхуызæн ис фæлурс чызгимæ. «Æгъгъæд у», загъта мад, уый тарсти портрет бынтондæр чызджы хуызæн куы суа, уымæй. Нывгæнæгæн лæваргонд æрцыд алцыдæр: зæрдæхæлар бахудт, æхцатæ, æппæлæн дзырдтæ, къухрайст, сихор хæрынмæ хуынд; иудзырдæй мин зæрдæлхæнæн лæвары. Портреты кой горæты айхъуыст. Сылгоймаг æй йæ лымæнтæм равдыста, иууылдæр дис кодтой, нывгæнæг оригиналы йæхи хуызæн скæнгæйæ, йæ куыд срæсугъд кодта, уыцы дæсныдзинадыл. Уый загъд æрцыд, кæй зæгъын æй хъæуы, хæлæггæнгæ. Æмæ нывгæнæг уайтагъд куыстыты бын фæци. Цыма æнæхъæн горæты дæр фæндыди, цæмæй йын йæ ныв скодтаид, уыйау. Дуарæй æдзухдæр хъуысти дзæнгæрæджы хъæр. Иуæрдыгæй уый хорз уыд, бирæ алыхуызон цæсгæмттæ ныв кæныныл ахуыр кодтаид. Фæлæ йе намондæн уыдон зындзурæн адæм уыдысты, тагъд-тагъд кодтой, æппындæр быхсын нæ фæрæзтой. Алырдыгæй домдтой цæмæй хорз æмæ тагъд уыдаид. Нывгæнæг федта куыст фæуын æй кæй нæ уагътой, арæхсгæ æмæ тагъд æвналын кæй хъæуы, уый. Райсын хъуыдис æрмæстдæр иу æнæхъæн, æрмæст иумæйаг æууæлтæ æмæ арф ма цу, иудзырдæй кæй ныв кодта, уымæ бирæ кæсынæн ницы хуызы уыд амал. Уыимæ ма алкæмæ дæр алыхуызон домæнтæ уыди. Сылгоймæгтæ домдтой, цæмæй портретты тынгдæр æвдыст цыдаиккой уд æмæ адæймаджы ахаст, иннæтæ та дзы хъуамæ хатгай æппындæр уæвгæ дæр ма уой, къуымгæндтæ сраст кæнын, хъæндзинæдтæ фæрогдæр кæнын æмæ кæд гæнæн уа, уæд та сæ бынтондæр фесафын. Иудзырдæй, цæмæй цæсгоммæ кæсынæй адæймаг ма фсæда, бынтон æй куы нæ бауарза, уæддæр. Уымæ гæсгæ, нывгæныны тыххæй æрбадгæйæ-иу, уыдон хатгай ахæм хуыз æвдыстой, æмæ-иу нывгæнæджы дисы бафтыдтой: иу дзы равдыста æрхæндæг хуыз, иннæ бæллицдарæг цæсгом, æртыккаджы та цыфæндыйæ дæр фæндыди-иу йæ дзых фæкъаддæр кæнын æмæ-иу фыр æрбанцъылдæй хæрз чысыл сси. Фæлæ дзы уæддæр домдтой, цæмæй портретты сæхи хуызæн æмæ куыд æмбæлы, афтæ уой. Нæлгоймæгтæ дæр сылгоймæгтæй хуыздæр нæ уыдысты. Иутæ домдтой сæхи сæры тыхджын фæзылдимæ сныв кæнын; иннæ курдиатджын хæрдмæ кæсгæ цæстытимæ; гвардиаг поручик домдта, цæмæй йæ цæстыты æнæмæнг зындаид Марс16; граждайнаг стыр хицау хъардта, цæмæй йæ цæсгомыл фылдæр зындаид, æргом æмæ уæздандзинад æмæ цæмæй йæ къухæй æнцой кодтаид чиныгыл, уыцы чиныгыл та хъуамæ бæрæг фыст уыдаид «æдзухдæр хæцыд рæстдзинадыл». Раздæр-иу ахæм домæнтæй нывгæнæгæн йæ хид акалд: æппæтыл дæр-иу ахъуыды, асагъæс хъуыди, афтæмæй йын рæстæг та тынг чысыл уыди. Фæстагмæ хъуыддаг цæй мидæг ис, уый бамбæрста, æмæ йæ ницыуал къуылымпы кодта. Суанг-иу дыууæ, æртæ дзырдæй дæр бамбæрста, йæхи кæй куыд сныв кæнын фæндыд, уый. Марс кæй хъуыди, уый цæсгомыл кодта Марсы; Байронмæ чи хъавыд, уымæн Байроны æууæлтæ æмæ фæзылд кодта. Сылгоймæгты Коринæ, Ундинæ, Аспазия17 уæвын фæндыди, зæгъгæ, уæд стыр æхсызгондзинадимæ алцæуыл дæр разы кодта æмæ сыл-иу йæхицæй исты рæсугъд æууæлтæ афтыдта, кæцытæ хуыздæр йедтæмæ ныв æвзæрдæр нæ фæкæндзысты, æмæ уый руаджы адæймаг йæхи хуызæн куы нæ рауайа, уæддæр нывгæнæгæн ныппардзæн. Тагъд уый йæхи æнахуыр цæрдæгдзинад æмæ æдæрсгæдзинадыл дис кæнын райдыдта. Йæ портреттæ кæмæн кодта, уыдон та, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг цин кодтой æмæ йæ хуыдтой гений.
Чартков æххæстæй сси модæйы нывгæнæг. Зындгонд бинонтæм сихор хæрынмæ цыд, уæздан сылгоймæгтимæ галлерейтæм æмæ суанг тезгъо кæнынмæ дæр цæуын райдыдта, къуыдипп дзаумæттæ кодта йæ уæлæ æмæ æргомæй дзырдта, зæгъгæ, нывгæнæг хъуамæ уа уæлдæр æхсæнадæй, йæ номыл ын хæцын хъæуы, зæгъгæ, нывгæнджытæ дзаума къахыдарæсгæнджыты хуызæн кæнынц, сæхи хорз дарын нæ зонынц, уæздан адæмы митæ сæм нæй æмæ сты æнахуыргонд. Йæ хæдзары, йе рмадзы уыди тынг сыгъдæг, дыууæ хæрзконд лæггадгæнæджы баххуырста, къуыдипп ахуыргæнинæгтæ йæм фæзындис, иу бон-иу йæ дзаумæттæ цалдæр ивды акодта, йæ сæрыхъуынтæ къæбæлдзыг кодта, йæхи адæмы хсæн хорз дарыныл ахуыр кодта, йæхимæ стыр зæрдиагæй зылди, цæмæй сылгоймæгты зæрдæмæ цæуа, уый тыххæй, иудзырдæй раздæр Васильевскы Сакъадахы мæгуыр хæдзары чи цард, уыцы нывгæнæгæй йæм ницыуал баззад. Нывгæнджыты æмæ аивады тыххæй ныр дзырдта цæхгæрæй: уый дзырдта, зæгъгæ, раджы заман цы нывгæнджытæ цардис, уыдоныл æгæр бирæ хорздзинæдтæ бафтыдтой, зæгъгæ, уыдон иууылдæр Рафаелы размæ фигурæтæ нæ, фæлæ силодкæтæ ныв кодтой; зæгъгæ, æрмæстдæр ракæсбакæсгæнджытæ хъуыды кодтой, цыма уыдонимæ ис уæларвон сыгъдæгдзинад; зæгъгæ суанг мa Рафаель дæр алцы хорз нæ ныв кодта æмæ йæ куыстытæй бирæтæ номджын сты æрмæстдæр адæмы таурæгъты руаджы; зæгъгæ Микель-Анджел18 y æппæлой, уымæн æмæ йæ раппæлын фæндыд, анатоми кæй зоны, уымæй; нæй йæм йæ куысты грацидзинад, æмæ, зæгъгæ, æрмæстдæр ныр, нырыккон дуджы, агурын хъæуы нывгæнæджы рæсугъддзинад, тых æмæ колорит. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи тыххæй дæр-иу загъта. «Нæ, æз не мбарын», дзырдта уый, «иннæтæ куыстыл сæхи куыд марынц, уый. Мæнмæ гæсгæ иу ныв цалдæр мæйы чи кæны, уый нывгæнæг нæ, фæлæ хуымæтæджы фæллойгæнæг у. Нæ мæ бауырндзæн, курдиатджын у, уый. Гений тагъд æмæ æдæрсгæ ныв кæны. Мæнæ æз», дзырдта-иу уый, чи-иу æм бацыд, уыдонæн: «ацы портрет скодтон дыууæ бонмæ, ацы сæры ныв иу бонмæ, ай та цалдæр сахатмæ, уæртæ уый сахатæй чысыл фылдæрмæ. Нæ, æз... æз, сæттын ыл, аивадыл нæ нымайын, хахгай кæй аразой, уый; уый æрмгуыст у, аивад нæ фæлæ». Афтæ дзырдта уый, чи йæм цыдис, уыдонæн, æмæ уыдон дæр дис кодтой аивады тых æмæ йæ æдæрсгæдзинадыл, хъæрæй дæр-иу сдис кодтой, куы-иу фехъуыстой, уыцы нывтæ куыд тагъд конд цыдысты, уый, уæд æмæ сæ-иу уый фæстæ кæрæдзийæн дзырдтой: «уый курдиат у, æцæг курдиат! Кæсут-ма йæм, куыд дзуры, йæ цæстытæ куыд æрттивынц! Il y a quelque chose dextraordinaire dans toute sa figure!»19 Нывгæнæгæн ахæм ныхæстæ йæ зæрдæ æлхæдтой. Журналты дзы-иу куы æппæлыдысты, уæд-иу сывæллонау цин кодта, кæд-иу уыцы раппæлд йæхæдæг йæхи æхцайæ балхæдта, уæддæр. Ахæм æппæлæн мыхуыргонд сыф-иу йемæ рахæс-бахæс кодта, стæй-иу æй æнæбары хуызы йæ зонгæтæм æмæ хæлæрттæм æвдыста, æмæ йын уыцы хъуыддаг йæхицæн стыр æхсызгон уыд. Йæ кад рæзыди, куыст æмæ заказтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Уыцы иу портреттæ æмæ цæсгæмттæй йæ цæстытæ фæрыстысты, сæ бадт æмæ фæзилæнтæ йын бынтон зындгонд систы. Стыр æнæбары сæ ныв кодта ныр, æрмæст-иу куыд фæндыйæ сæр акодтаид, иннæ куыст-иу йæ ахуыргæнинæгтæн бабар кодта. Раздæр-иу агуырдта исты ногдзинад, архайдта йæ дæсныдзинадæй дисы бафтауыныл. Ныр уыцы хъуыддагæй дæр хъыг кæнын райдыдта. Хъуыды æмæ сагъæс кæнынæй йæ сæры зонд фæллайын райдыдта. Йæ бон нал уыдис, стæй йын рæстæг дæр нæ уыд: æнæмæт цард æмæ, йæхи уæзданæй æвдисынмæ кæм тырныдта, уыцы æхсæнад, гъе уыдон æй дард хастой фæллой æмæ хъуыдытæй. Йæ курдиатдзинад лæмæгъ æмæ къуымых кодта, æдзухдæр уыцы иухуызон чи у, ахæм ихсыд хъузджы аныгъуылд. Чиновникты, хæстонты æмæ æнæхæстонты иухуызон уазал æмæ æхгæд цæсгæмттæ нывгæнæгæн ницы лæвæрдтой: рох дзы кодтой хорз драпировкæтæ, тыхджын фезмæлдтытæ, бæллицдзинæдтæ. Къордтæ аивадон драмæ, кæнæ стыр райдианы тыххæй йын дзурын дæр нæ хъуыд. Йæ разы уыдысты æрмæстдæр мундир æмæ корсет, стæй ма фрак, æрмæст сæ уындæй дæр нывгæнæджы зæрдæ уазал кæны æмæ йæ цыфæнды хъуыдытæ дæр айсæфынц. Йæ конд нывты хуымæтæджы дзæбæхдзинад дæр нал уыдис, афтæмæй ма уæддæр сæ кой хъуысти, кæд-иу исты чи мбары æмæ æцæг нывгæнджытæ, йæ фæстаг нывтæ йын фенгæйæ-иу; се уæхсчытыл схæцыдысты, уæддæр. Чартковы раздæр чи зыдта, уыдонæн та сæ бон бамбарын нæ уыд, йæ райдиан æм хорз цы курдиатæн разынди, уый кæм фæтары ис, зæгъгæ, æмæ адæймаг йæ тæккæ тыхы куы бацыди, уæд йæ курдиат куыд ахуыссыди, уый бамбарыныл сæ сæртæ дзæгъæлы риссын кодтой.
Фæлæ уыцы ныхæстæ нæ фехъуыста йæхиуыл фервæссæг нывгæнæг. Зондæй дæр æмæ азтæй дæр æххæст кармæ фæцæйхæццæ кодта: зынгæ феставддæр ис. Газетты æмæ журналты кæсын райдыдта миногонтæ: нæ кадджын Андрей Петрович, не сгуыхт Андрей Петрович. Службæйы йын дæттын райдыдтой кадджын бынæттæ, экзаментæ, комитеттæм æй хонын райдыдтой. Ахæм кары куыд фæкæнынц, афтæ Рафаелы æмæ зæронд нывгæнджыты фарс хæцын тынг райдыдта, сæ бæрзонд аивад сын бамбæрста уый тыххæй нæ, фæлæ цæмæй уыдоны руаджы æрыгон нывгæнджыты къуымы бакæна. Ахæм кары иууылдæр куыд фæкæнынц, афтæ фæсивæдæн уайдзæфтæ кодта æнæфсæрмдзинад æмæ сæ уды хъæд хорз кæй нæу, уый тыххæй. Уырнын æй райдыдта, дунейы алцыдæр æнцон кæнæн кæй у, курдиат кæй нæ ис, æмæ алцыппæт дæр иухуызондзинады æмæ иу æгъдаумæ гæсгæ конд куыд хъуамæ уа, афтæ. Иудзырдæй, йæ цард бахæццæ ис; æвзонгдзинад адæймаджы мидæг куы банцъылы æмæ царды дзæбæхдзинад зæрдæмæ куы нал фæхæццæ кæны, рæсугъддзинадыл сæмбæлд æвзонг тыхты арт æмæ пиллон куы нал фестын кæны, фæлæ цы æнкъарæнтæ фесты, уыдон ма æрмæст сыгъзæрины куы фембарынц, йæхимæ скъæфгæ музыкæмæ йын лæмбынæгдæр куы фæхъусынц æмæ уымæ чысылгай куы бафынæй вæййынц, уыцы азтæм. Кад, йæ аккаг нæ уæвгæйæ йæ давгæ чи акæна, уымæн æнцойдзинад никуы ратдзæн; йæ аккаг чи у, æрмæстдæр уый зæрдæ барухс кæндзæн. Æмæ уымæ гæсгæ йæ æнкъарæнтæ æмæ бæллиц дæр аздæхта сыгъзæрины рдæм. Сыгъзæрин сси йæ бæллиц, йæ идеал, йæ тас, йæ цин, йæ нысан. Ассигнациты бæстытæ йæ чырынты фылдæр кодтой, æмæ, уыцы æнамонд дзаумайыл чи фæхæст вæййы, уыдонау æрхæндæгхуыз сси, ницыуал æм хъардта, сыгъзæрин йедтæмæ, сси æлгъин, цæуыл æмбæлд, уыдон тъыссæн кодта æмæ, нæ мæнг дунейы арæх сæмбæлæн кæуыл ис, цардуарзаг адæймаг тæрсгæйæ кæмæ амыдта æмæ цæугæ дурын чырын æд дурзæрдæ кæй хуыдта, ахæм цæрæгойты хуызæн суæвынмæ цæттæ уыд. Фæлæ йæ иу цау тынг банкъуыста æмæ йын йæ æппæт царды уаг дæр райхъал кодта.
Иу бон йе стъолыл федта фыстæг, кæцыйы фыст уыди Аивæдты Академи йæ кæй хуыдта, цæмæй, куыд йæ кадджын уæнг, æрцæуа æмæ йæ фæндон зæгъа, Италийы чи сдæсны ис, ахæм уырыссаг нывгæнæджы конд нывы тыххæй. Уыцы нывгæнæг уыдис йæ рагон æмбæлттæй иу, йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ аивад бирæ чи уарзта, йæ ныв скæныны тыххæй æгасæй дæр куысты чи аныгъуылд, йæ хæлæртты, йæ хæстæджыты, цæуыл сахуыр, уыдон ныууадзгæйæ, аивад дидинæг кæм калы æмæ, æцæг нывгæнæджы зæрдæ цы диссаджы Римы койæ нырризы, уырдæм ацыди. Хидæгдзæрæгау куысты æмæ зæрдæ кæмæ нæ рад, ахæм хъуыддæгты аныгъуылд. Æппындæр æй ницы хъыгдардта, адæм дзы цы дзырдтой уый, зæгъгæ, адæмимæ цæрын нæ зоны, уæздан митæ нæ кæны, къуыдипп кæй нæ уыд, уый нывгæнджыты номæн кад кæй нæ уыд, уыдæттæ иууылдæр. Ницæмæ дардта, иннæ нывгæнджытæ йæм мæсты кæнынц æви нæ, уый дæр. Алцæмæн фæрæзта æмæ алцыдæр лæвæрдта аивадæн. Æвæллайгæ цыди галлерейтæм, сахатгай иу фæлæууыди зындгонд нывгæнджыты нывты цур, сæ диссаджы дæсныдзинадмæ сын кæсгæйæ. Ницы иу кæронмæ конд фæци, цалынмæ иу йæхи уыцы нывгæнджытæй цалдæр хатты нæ бафæлвæрдта, уæдмæ, цалынмæ сын иу сæ куыстыты йæхицæн исты уынаффæ нæ бакаст, уæдмæ. Алыхуызон ныхæстæм йæ хъус нæ дардта, пуристтæн сæ фарс дæр æмæ сæ ныхмæ дæр нæ лæууыд. Алцæмæн дæр йæ аккаг аргъ лæвæрдта, рæсугъддзинадæй дзы иу цы уыдис, уый иу йæхимæ æрбайсгæйæ æмæ, фæстагмæ, йæхицæн ахуыргæнæгæй ныууагъта алæмæты Рафаелы. Алыхуызон хорздзинæдтæй æмæ рæсугъддзинæдтæй ce дзаг, ахæм уацмыстæ бирæ чи бакаст, уыцы цытджын поэт æмæ нывгæнæгау, фæстагмæ ныууагъта æрмæстдæр Гомеры Илиадæ, чи дæ хъæуы, уыдонæй дзы алцы дæр ис, зæгъгæ, алцы дзы йæхи арф æмæ æрмæст бынтон æххæстæй æвдисы. Уый хыгъд йе скъолайы райста сфæлдыстады егъау идейæ, хъуыдыты домбай рæсугъддзинад æмæ алæмæты дæсныдзинады бæрзонд аивдзинад.
Залмæ бацæугæйæ, Чартков федта, нывы цур бирæ адæм кæй æрæмбырд ис, уый. Бирæ адæмы æхсæн стæм хатт цы сабырдзинад вæййы, уый ацы хатт æлдариуæг кодта. Уайтагъд уый бирæ чи зоны, ахæм цæсгомы хаттимæ хæстæгдæр бацыди нывмæ; фæлæ, хуыцау, цы федта!
Чындзау сыгъдæг, æнæ исты азым, хæрз рæсугъдæй йæ разы лæууыдис ныв. Хæдæфсармæй, алæмæтау, æнæтæригъæдæй æмæ генийау алцæмæй дæр уæлдæр уыди. Афтæ зындис, цыма алæмæты фигурæтæ, бирæ цæстытæ сæм кæй кастысты, уымæй цæфсæрмы сты. Æнæбары дисимæ нывгæнынад зонæг адæм кастысты, кæй никуыма федтой, ахæм нывмæ. Цыма уыцы нывы иууылдæр баиу сты: Рафæлы æмæ Корреджияйы дæсныдзинæдтæ дæр. Фæлæ æппæтæй тыхджындæр зындис нывгæнæгæн йæхи уды мидæг нырид цы тых уыди, уый. Нывы фæстаг предмет æм бахъардта; алцыдæр уыдис æгъдауыл æмæ тыхджын. Æрмæст æцæг нывгæнæг æрдзы цы æууæлтæ уыны, уыдон хорз бæрæг уыдысты нывы. Бæрæг уыди, нывгæнæг дунейæ цы райста, уыдон фыццаг йæ зæрдæмæ кæй бахаста, стæй сæ уым скодта иу, хорз чи бады, ахæм æмбисонды зарæг. Æмæ ахæм хъуыддаджы чи ницы æмбæрста, уыдонæн дæр æмбæрстгонд уыд цас быдыртæ уыд уыцы ныв æмæ æрдзæй конд хуымæтæджы къопийы æхсæн. Нывмæ чи ныккомкоммæ ис, уыдоны сабырдзинад диссаг уыди сыбыртт дæр æмæ уынæр дæр ничи кодта; ныв та минутæй-минутмæ бæрзонддæр кодта; алцыппæтæй рухсдæр æмæ рæсугъддæргæнгæ цыди, цалынмæ фæстагмæ не сси иу цæсты фæныкъуылд, адæймагад йæ æппæт царды йæхи кæмæ фæцæттæ кæны, ахæм цæсты фæныкъуылд. Æнæнхъæлæджы цæстысыгтæ нывмæ кæсджыты рустыл æруайын æввонг уыдысты. Бæрæг уыдис сæ хъуыдытæ æппæтæн дæр кæй сиу сты алæмæты нывæй æппæлынмæ. Æнæфезмæлгæ хæлиудзыхæй Чартков лæууыдис нывы цур, æмæ фæстагмæ, чысылгай адæм куы базмæлыдысты æмæ нывы хорздзинадыл дзурын куы райдыдтой æмæ йæм фæстагмæ куы бахатыдысты, цæмæй йæ хъуыдытæ зæгъа, уый тыххæй, уæд æрчъицыдта; фæндыд æй æвæлмаст, æдзухдæр куыд вæййы, ахæм хуыз равдисын, фæндыд æй хъæбæрзæрдæ нывгæнæгау хуымæтæджы, æнаив дзырдтæ зæгъын, зæгъгæ: «о, кæй зæгъын æй хъæуы, нывгæнæгмæ курдиат ис; цыдæр æм ис, фæлæ сæйраг цы у...» стæй уый фæстæ нывгæнæгæн æхсызгон цы æппæлыны дзырдтæ нæ вæййынц, уыдон дæр бафтауын. Фæндыд æй афтæ бакæнын, фæлæ йæ дзыхы дзырд не сбадт, дзуаппы бæсты йæ цæстысыгтæ æркалдысты æмæ йæ богъ-богъ ссыд, стæй æррайау залæй алыгъди.
Иу чысыл æнæзмæлгæ æмæ уадзыгæй алæууыдис йæ рæсугъд уаты астæу. йæ æппæт цард цæстыфæныкъуылдмæ райхъал ис, цыма фæстæмæ сæвзонг ис, цыма йæ ахуысгæ курдиат фæстæмæ ссыгъди, уыйау. Уайтагъд йæ цæстытæ байгом сты. Хуыцау! Афтæ фесаф де взонджы хуыздæр азтæ! Фесаф, ахуыссын кæн, чи зоны, риуы чи уыдис, чи зоны, афонмæ диссаджы цыт æмæ кад кæмæн уыдаид, чи зоны, афтæ тынг дис кæуыл кодтаиккой, уыцы арты стъæлфæн! Æмæ æппæт уыдон фесаф, æнæтæригъæдæй фесаф! Афтæ зындис, цыма уыцы минут йæ зæрдæйы райгас сты, кæддæр ын зонгæ цы хорздзинæдтæ уыдысты, уыдон. Раскъæфта цъылинæг, бацыд тагъд кæттагмæ. йæ сур хид акалд, бæллыдис æмæ йæ тынг фæндыдис иу хъуыддаг: фæндыдис æй ахаугæ зæды сныв кæнын. Уыцы хъуыды æппæтæй хæстæгдæр уыди йæ зæрдæйы ахастмæ. Фæлæ, уæууау! йæ фигурæтæ, позæтæ, къордтæ, хъуыдытæ уадысты тыхгæнгæйæ æмæ æвидауц. йæ дæсныдзинад æмæ йæ хъуыды иу барæнæй барст цыдысты, цы æдых фæлварæнтæ ма кодта уыцы арæнтæй æмæ хъадамантæй йæхи атонынæн, уыдон æй зылынтæ æмæ рæдийын кодтой. Уый ницæмæ æрдардта дæсныдзинадмæ цы фæлмæцынгæнæг, даргъ асинтæ ис, уыдон æмæ фидæны стырдзинады фыццаг сæйраг æгъдæутты. Фæсмон дзы бахъардта. Йæ уатæй ахæссын кодта йæ фæстаг нывты, æдзард модæйы нывты, гусарты, уæздан сылгоймæгты æмæ стыр хицæутты æппæт нывтæ. Иу уаты йæхиуыл дуар сæхгæдта, йæхимæ никæйы уагъта æмæ куысты аныгъуылд. Быхсæг лæппуйау, ахуыргæнинагау йæ куысты уæлхъус бадти. Фæлæ цы кодта, уый афтæ æгъатыр, æбузн уыди! Алы къахдзæфы дæр æй урæдта хуымæтæджы хъуыддæгтæ нæзонындзинад; æппын ницы дæр ын йæ зæрдæ уазал кодта æмæ-иу йæ разæй, ахизæн кæуыл нæй ахæм арæнау æрлæууыд. Цы аслам хъуыддæгтыл ахуыр уыд, уыдонмæ здæхти, къухтæ дæр сæ раздæры куыст кодтой, йæ сæр исты цæхгæр фæзилынмæ нæ арæхсти, суанг ма уæлæдарæсы æнцъылдтæ дæр коммæ нæ кастысты æмæ ног хуызы нæ бадтысты. Æмæ уый æмбæрста, æмбæрста æмæ уыдта йæхæдæг!
«Цымæ мæм курдиат æцæг уыд?» фæстагмæ загъта уый: «нæ фæсайд дæн цымæ?» Æмæ уыцы дзырдтæ зæгъгæйæ, уый бацыд йæ раздæр сконд нывтæм, Васильевскы Сакъадахы, йæ мæгуыр уаты сыгъдæгзæрдæимæ кæй скодта, уыдонмæ. Уый ныр сæ цурмæ бацыди æмæ се ппæтмæ дæр лыстæг кæсын райдыдта, æмæ уыдонимæ йæ цæстытыл уайын райдыдта йæ раздæры мæгуыр цард. «О» загъта уый ныккæрзгæйæ, «мæнмæ курдиат уыдис. Æппæт ран, алцæуыл дæр зындысты йе ууæлтæ, йæ фæдтæ...»
Уый æрлæууыдис æмæ æвиппайды ныррызти: йæ цæстытæ сæмбæлдысты æнæфезмæлгæ æдзынæг æм цы цæстытæ ныккастысты уыдонимæ. Уый уыдис Щукины хæдзары цы æнахуыр портрет балхæдта, уый.. Раздæр никуы зынди, иннæ нывты фæстæ фæци æмæ йæ хъуыдыйы дæр нал уыд. Ныр, цыма барæй уыд, уыйау, модæйы портреттæ æмæ нывтæ уатæй куы ахастой, уæд йæ иннæ раздæр конд нывтимæ уæлæмæ скасти. Куыддæр йе нахуыр хабæрттæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты, æрхъуыды кодта уыцы портрет цыдæр хуызы куыддæр аххосджын y иннæрдæм кæй фæци уымæн, зæгъгæ æнахуыр ист цы æхцатæ ракодта, уыдон æй ахæм фæндагмæ ракодтой æмæ йæ курдиат фесæфт уæд чысыл ма бахъæуа ма сæрра уа. Уыцы минут йе нæуынон портрет уатæй ахæссын кодта. Фæлæ уæддæр йæ зæрдæ не рсабыр: бындзарæй нынкъуысыди æмæ йын уыди афтæ зын, мæнæ мæллæг курдиат йæхи фылдæрæй равдисынмæ куы фæхъавы, фæлæ йæ бон куы нæ вæййы, афтæ зын, мæнæ æвзонг уды стырдзинад чи рæзын кæны, фæлæ, бæллицы сæрты ахизгæйæ ницы чи свæййы, ахæм зын, кæцы адæймагæн цыфæнды бæллæхтæ дæр бакæнын кæны. Тынг хæлæг кæнын райдыдта, раст фыр хæлæгæй чысыл ма бахъæуа ма сæрра уа. Курдиатджын ныв иу куы федта, уæд иу фыр мæстæй йæ цæсгом асау. Йæ дæндæгты хъыс-хъыс иу ссыд æмæ-иу æй василискы20 цæстытæй зыд ныхъуырд кодта, Адæймаг цы æбуалгъдæр хъуыддагмæ сарæхса, ахæм æм фæзынд æмæ йæ æнæгъдауæй æххæст кæнын райдыдта. Уый æлхæнын райдыдта æппæтæй хуыздæр нывтæ. Нывты, зынаргъæй балхæнгæйæ сæ, йæ уатмæ хаста, æрра тиграу сыл иу йæхи ныццавта, скъуыдта сæ, пырх сæ кодта, ныггæппæлтæ сæ иу кодта æмæ иу сæ, сæрхъæн худт кæнгæйæ, йæ къæхты бын ныккодта. Цы бирæ хъæздыгдзинæдтæ æрæмбырд кодта, уыдон ын йæ уыцы æбуалгъы ми кæнынæн фадат лæвæрдтой. Райхæлдта йæ æппæт сыгъзæрины голджытæ æмæ байгом кодта йæ чырынтæ. Уыцы æгъатыр тугисæг цас хорздзинæдтæ фесæфта, уыйас иу гуырымыхъхъ кæфхъуындар дæр нæ фесæфта. Цы аукционы иу фæзындис, уым иу рагацау ныфс никæйы уал уыдис ныв ссардзæн, зæгъгæ. Цыма хуыцау смæсты ис æмæ дунемæ ахæм азар барæй рарвыста, цæмæй йын уый йæ цард фехала. Уыцы æбуалгъ хъуыддагæй куыддæр тæссаг хуыз сси: йæ цæсгом æдзухдæр мастæй хъулæттæ уыд. Дунейыл цъыф калын æмæ ницæуыл æууæндын систы йæ куыст. Пушкин цы тæрсæн иблисы тыххæй фыста, раст уый хуызæн уыдис. Маргджын дзырдтæ æмæ загъд кæнын йедтæмæ йæ дзыхæй дзырд дæр нал хауди. Цавæрдæр Гарпийы21 хуызæн иу уынджы куы фæзынди, уæд дзы иу суанг йæ зонгæтæ дæр сæхи æмбæхстой, цæмæй йыл ма сæмбæлой, уымæн æмæ уæд æнæхъæн бон дæр сæфт уыдайыд.
Дуне æмæ аивæдты амондæн, ахæм тынггонд æмæ тых цард бирæ нæ ахæссынц: йæ фыдми æгæр егъау уыд ахæм лæмæгъ царды тыхтæн. Йæ маст æмæ æррадзинадæй бонæй-бонмæ арæхдæр сурау кодта æмæ фæстагмæ тынг æвзæр фæрынчын и. Уæззау тæвд низ, стæй ма ноджы чехоткæ йыл афтæ стыхджын сты æмæ ма дзы æртæ бонмæ æрмæст аууон баззади. Кæй сæрра уыдзæн, уый дæр бæлвырд уыди. Хатгай йæ иуцалдæр адæймаджы бауромын нæ фæрæзтой. Йæ цæстытыл уайын райдыдтой раджы кæй ферох кодта, уыцы æнахуыр портреты цардæгас цæстытæ, æмæ иу уæд йе ррадзинадæн кæрон нал уыди. Йæ хуыссæны алыфарс цы адæм лæууыдысты, уыдон дæр æм тæрсæн портреттæ кастысты. Уый йæ цæстыты дыгæйттæй, цыппæргæйттæй зындис; афтæ йæм касти цыма къултæ се ппæт дæр портреттæй ce дзаг сты æмæ йæм уыдон æнæзмæлгæ цардæгас цæстытæй ныккомкоммæ сты. Тæрсæн портреттæ кастысты царæй, пъолæй, уат стырдæр æмæ æнæкæрон кодта, цæмæй дзы æнæфезмæлгæ цæстытæ фылдæр бацæуа, уый тыххæй. Чи йæм касти æмæ йын йæ æнахуыр æмбисæндтæ чи фехъуыста, уыцы дохтыр хъавыдис, йæ цæстытыл цы уайа уыдон æмæ йæ царды цы цаутæ цыд, уыдон æхсæн цы бастдзинад ис, уый бамбарын, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд. Рынчын ницы æмбæрста æмæ ницы æнкъардта, æрмæстдæр йæхи хъизæмæрттæ, æбуалгъ хъæрзын æмæ æнæмбаргæ дзæнгæда йедтæмæ. Фæстагмæ йæ цард аскъуыди, иу æнæмыр хъизæмарыл. Йæ мард уыди тæрсæн. Йæ бирæ хъæздыгдзинæдтæй йын ницы ссардтой; фæлæ йæм, сæ аргъ милуантæй фылдæр кæмæн уыд, ахæм пырхытæ зынаргъ нывтæ куы ссардтой, уæд бамбæрстой цы æбуалгъ хъуыддагæн сæ æлхæдта, уый.
Ахæм адæймæгтæ уыдис æмæ сæ цард-цæрæнбонтæ амуртæ22 æмæ зефиртимæ23 арвыстой, аивад уарзæгæй сæхи æвдыстой æмæ йыл, сæ фыдæлтæ, кæнæ сæхæдæг цы милуантæ æрæмбырд кодтой, уыдон хардз кодтой. Иу ахæм аивадуарзæг хъæздыг лæджы, йæ царды бонтæ æнæмæтæй чи арвыста, уый дзаумæттæ фылдæр чи бафиддзæнийы æгъдауæй цы хæдзары уæй кодтой, уый дуармæ лæууыдис бирæ къареттæ, рог уæрдæттæ æмæ къаласкæтæ. Ныр, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм адæймæгтæ нал ис, æмæ нæ XIX æнусы æрмæст банкиртæ ис, уыдонæн сæ зæрдæтæ рухс сты фыст цы цифрæтæ цæуынц, уыдонæй. Даргъ зал алыхуызон адæмæй уыди йе дзаг, цыма халæттæ холыйыл æрæмбырд сты, уыйау. Уый уыдис Гостиный дворæй æмæ ма суанг зæронд дзауматæ уæйгæнæн базарæй цъæх немыцаг сюртукджын къупецæгтæй æнæхъæн æфсад. Ам сæ уынд æмæ сæ цæстæнгас уыди уæндондæр æмæ сæрибардæр æмæ, уырыссаг къупецаг йæ дуканийы æлхæнджыты раз куыд лæгъзтæхуыз вæййы, уый хуызæн нæ уыдысты. Кæд дзы, æндæр ран сæ сæртæй зæхмæ кæмæн куывтаиккой, ахæм аристократтæ бирæ уыдис, уæддæр уыдон ам æппындæр æфсæрмы нæ кодтой. Ам уыдысты бынтон къæйных, куыд сæ фæндыд, афтæ чингуыты æмæ нывты скæрстой, товары хæрзхъæддзинад сæ базонын фæндгæйæ æмæ, аивад чи æмбæрста, уыцы графты æргътæй фылдæр нысан кодтой. Уым уыдысты аукционы æнæмæнг чи хъæуы, ахæм адæймæгтæ, алы бон дæр аходæны бæсты уырдæм чи цыди; аристократтæй йæ коллекцийæн хорз ныв балхæнын йæхицæн хæсыл чи нымадта æмæ 12-æй 1 сахатмæ æндæр куыст йæхицæн чи нæ ардта, уыдон; æппынфæстаг уыцы уæздан господа, кæцытæн сæ уæлæдарæс мæгуыр, сæ дзыппытæ та афтид сты, кæцытæ алы бон сæ кæрæфдзинады тыххæй нæ, фæлæ, æрмæстдæр феной хъуыддæгтæ куыд алыг уыдзысты, фылдæр, кæнæ къаддæр чи бафиддзæн, чи кæй амбулдзæн æмæ фæстагмæ кæмæ цы баззайдзæн, уыдæттæ базоныны тыххæй. Нывтæй бирæтæ æппæрст уыдысты куыд фæндыйæ; æмæ схæццæ сты хæдзары дзаумæттæ, чингуытæ, сæ раздæры хицæутты ном æмæ мыггаджы фыццаг дамгъæтæ сыл фыст афтæмæй, чи зоны æмæ бакæсыны аккаг дæр нæ уыдысты. Китайаг вазæтæ, стъолтæн мрамор къæйтæ, ног æмæ зæронд хæдзары дзаумæттæ алыхуызон нывтæ сыл угардæй конд, афтæмæй, сыгъзæрин доны тылдæй æмæ æнæуый дæр, люстрæтæ, кенкеттæ, уыдон иууылдæр калд уыдысты æнæфснайдæй, дуканийы куыд нæ вæййынц, афтæмæй. Уыдис аивæдты цавæрдæр æмтъерыдзинад. Æнæуый дæр аукционæн æрмæст йæ уындæй дæр зæрдæ риссы: цæмæндæр мард уæлмæрдтæм куы фæхæссынц, уæд уый хуызæн у. Цы залы фæцæуы, уый вæййы куыддæр æнтъыснæг; дзаумæттæ æмæ нывтæй дзаг рудзгуытæй ма рухс фæхъары чысыл, цæсгæмттæ вæййынц æнæфезмæлгæ, аукционистæн ингæнæй фæдзурæгау фæхъуысы йæ хъæр æмæ йæ хъæдын дзæбугæй фæкъуырццытæ кæны, цыма, уыцы ран æнæнхъæлæджы цы мæгуыр аивæдтæ сæмбæлд, уыдоныл марды аргъуыд кæны, уыйау. Уыдæттæ йæм ноджы тыхджындæр кæнынц фыдæхдзинад.
Бæрæг уыди, аукцион йæ тæккæ тынгмæ кæй бахæццæ, уый. Адæмæй æгъдауджындæр чи уыд, уыдон къордæй кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ цæуылдæр дзырдтой. Алы рдыгæй «сом, сом, сом», зæгъгæ кæй хъæр кодтой, уый тыххæй аукционистæн аргъ цас æфтыдтой, уый дзурын йæ къухы не фтыд, аргъ та цас загъта, уымæй цыппар хатты фæфылдæр. Адæм сæхи хъардтой иу портретмæ, уымæ та, аивад чи æмбары, уыдонæй иу дæр нæ фæлæууыдаид. Бæрæг уыди йе скæнæг æмбисонды дæсны кæй уыд, уый. Портрет, æвæццæгæн, цалдæр хатты реставраци æмæ ноггонд фæци, уым конд уыди цавæрдæр саулагъз азиаг уæрæх уæлæдарæсы, цавæрдæр æнахуыр цæсгомы ахастимæ, фæлæ æппæтæй фылдæр адæм дис кодтой йæ цæстыты диссаджы цардæгасдзинадыл. Цас сæм фылдæр кастысты, уыйас цыма адæймаджы тынгдæр хызтысты, афтæ кастис. Уыцы æнахуырдзинад, нывгæнæджы уыцы диссаджы фокус æппæты цæстæнгас дæр сæхимæ здæхтой. Чи йыл дзырдта, уыдонæй бирæтæ ныхъхъус сты, уымæн æмæ йын йæ аргъ суæлиау кодтой. Æрмæст ма баззадысты дыууæ аристократы, аивад уарзджытæ, æмæ сæ алкæйы дæр фæндыди, уыцы ныв балхæнын. Уыдон тæвд кодтой, æмæ æвæццæгæн портретæн йæ аргъ хæрз уæлиау стардтаиккой, сæ разы лæуджытæй сæм иу куы нæ сдзырдтаид, зæгъгæ: «бахатыр кæнут, уæ хъаугъа уын рæстæгмæ бауромон. Мæнмæ, чи зоны, æмæ сымахæй фылдæр бартæ ис ацы портрет балхæнынмæ». Уыцы дзырдтæ куы загъта, уæд æм иууылдæр фæкастысты. Уый уыдис хæрзконд нæлгоймаг, иу фынддæс æмæ ссæдз аздзыд, даргъ сау дзыккутимæ. Зæрдæмæдзæугæ, куыддæр рухс æнæмæтхуыз цæсгом ын йæ уды хъæд æвдыста, фыддзинæдтæй рыст кæй нæ у, уый; йæ дзаумæттæй модæйæ конд ницы уыд: алцæмæй дæр артисты хуызæн уыдис. Уый æцæгæй уыди нывгæнæг Б., йæ разы чи лæууыд, уыдонæй йæ бирæтæ зыдтой.
Кæд уæм мæ ныхæстæ цыфæнды диссаг фæкæсдзысты, дзырдта дарддæр куы федта, зæгъгæ, йæм иууылдæр кæсынц, уæддæр уын, кæд уæ бон y байхъусын, уæд иу хабар радзурдзынæн æмæ, чи зоны, бамбардзыстут æз уыцы дзырдтæ раст кæй загътон, уый. Алцыдæр мæ æууæндын кæны, уый æз цы портрет агурын, уый кæй у, уый.
Адæм се ппæтдæр хъусын мондаг сысты, суанг ма аукционистæн дæр, йæ дзых хæлиуæй, афтæмæй йæ къух æддзæбуг хæрдмæ хъилæй баззад. Лæг дзурын куы райдыдта, уæд бирæтæ æнæбары портретмæ фæкæс-фæкæс кодтой, фæлæ уый фæстæ иууылдæр сæ цæстытæ дзурæджы ныццавтой, цы дзырдта, уый диссагдæр куыд кодта, афтæ.
«Горæты Коломнæ, зæгъгæ, цы хай хуыйны, уый зонут». Афтæ райдыдта йæ ныхас уый. «Уым ницы ис Петербурджы иннæ хæйтты хуызæнæй; столицæ дæр нæу æмæ провинци дæр, коломнæйаг уынгтæм куы бахæццæ уай, уæд афтæ фæкæсы цыма æрыгон бæллицтæ æмæ мондæгтæй ахицæн дæ. Ардæм фидæн нæ цæуы, уым ис æрмæстдæр сабырдзинад æмæ цардæй цы ацыд, уый, столицæйы змæлды бынтæ уым æрбадынц. Уырдæм цæрынмæ балидзынц службæ чи нæ уал кæны, уыцы чиновниктæ, идæдз устытæ, хъæздыг чи нæ у, уыцы адæм, сенатимæ зонгæ чи y æмæ мыггагмæ уым цæрыны фæнд чи скодта, уыдон; хæринаггæнæджы куыстæй чысыл бынтæ чи скодта, бон-изæрмæ базары сыффыттытæ чи кæны, алы хæррæгътæ уæйгæнæгимæ дзæгъæл дзæнгæда чи цæгъды æмæ алы бон дæр суарийы аргъ къофе, цыппар капеччы аргъ та сæкæр чи æлхæны, уыцы сылгоймæгтæ. Ноджы ма дзы цæры ахæм адæймæгтæ, кæцыты схонæн ис: фæныкхуыз, ахæм адæймæгтæ, кæцытæн сæ уæлæдарæс, сæ цæсгæмттæ, сæрыхъуынтæ, цæстытæ сты куыддæр змæстхуыз, фæныкхуыз, мæнæ иуæй-иу бон арвыл хур дæр куы нæ вæййы æмæ уад дæр куы нæ вæййы, афтæ, мигъ фæлæсы æмæ алцыппæт дæр иухуызон фæкæны. Ахæм адæймæгтæм ахæссæн ис театры капельдинерæй чи куыста, титулярон советник чи уыди, æфсады чи нæ уал уыди, ахæм сохъхъыр æмæ скъуыдбыл хæстонтæ. Уыцы адæймæгтæм ницы æнкъарæндзинæдтæ ис: ницæмæ фæкæсдзысты, афтæмæй цæуынц, ницы хъуыды кæнгæйæ мадзура сты. Сæ уæтты бирæ мулк нæй; хатгай сæм вæййы æрмæст уырыссаг арахъхъы къус æмæ йæ бон изæрмæ чысылгай уыцы иухуызон æнцъухынц, фæлæ дзы хуыцаубон Мещанты уынджы хъæбатыр, 12 сахаты фæстæ уынг йæхи кæмæн бавæййы, уыцы æрыгон немыцаг æрмгуыстгæнæджы, хуызæн не срасыг вæййынц.
Коломнæйы цард y тынг хибар: искуы-иу хатт дзы фæзыны къаретт, æрмæст дзы актертæ цы къаретты цæуынц, уыдон хъæрæмахст халы æппæт сабырдзинад дæр. Уым иууылдæр фистæгæй цæуынц; æххуырсгæ бæхыл кусæг æнæ искæйы ласгæйæ арæх фæцæуы, æрмæст æм йæ пыхцыл бырынкъ бæхæн вæййы хос. Мæй фондз сомæй ссарæн ис фатер дæр, суанг аходæнæн къофиимæ. Пенсион цы идæдз сылгоймæгтæ исы, уыдон уым æппæтæй аристократондæр бинонтæ сты; сæхи хорз дарынц, арæх сæ уæттæ мæрзынц, дзидза æмæ къабуска зынаргъ кæй сты, уый тыххæй фæдзурынц сæ хæлар сылгоймæгтимæ; сæ цуры арæх вæййы хатгай зæрдæмæдзæугæ чызг, мадзурайæ, стæй ма фыдуынд куыдз æмæ æнкъард цъыкцъыкгæнæг къулыл ауындзгæ сахат. Идæдз устыты фæстæ цæуынц актертæ, уыдоны сæ мызд Коломнæйæ нæ уадзы, сты сæрибар, артистты хуызæн, æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн цæрынц. Уыдон, халатты бадгæйæ, зилынц дамбацатæм, хъæбæр гæххæттæй, хæдзары чи хъæуы, ахæм алыхуызон дзаумæттæ ныхасынц, чи сæм æрбацæуы, уыцы хæлæрттимæ шашкæтæй æмæ къамтæй хъазынц, æмæ афтæ арвитынц сæ райсом, афтæ фæкæнынц изæр дæр, ноджы ма дзы исты нозт дæр фæзыны. Коломнæйы уыцы тъузты æмæ аристократты фæстæ цæуынц цыдæр лыстæг адæймæгтæ. Уыдонæн сæ банымайын, зæронд дзымарийы цы бирæ бындзытæ равзæры, уыдон банымайынæй æнцондæр нæ уыд. Уым ис кувгæ чи кæны, ахæм зæронд устытæ, расыггæнаг чи у, ахæм зæронд устытæ; кувгæ дæр æмæ расыггæнаг дæр чи у, ахæм зæронд устытæ; цæмæй цæрынц, уый бæрæг нæу, ахæм зæронд устытæ, раст мæлдзыджытау сæ фæстæ ласынц зæронд бырæгътæ æмæ мидæггаг дарæс Калинкины хидæй зæронд дзаумæттæ уæйгæнæн базармæ, цæмæй уым уæйгонд æрцæуой æртæ суарийыл; иудзырдæй, арæх ахæм цардæй рох адæймаг, æмæ цыфæнды политикон эконом дæр ын йæ уавæр фæхуыздæр кæнынæн ницы хос ссардзæн. Æз уыдæтты тыххæй сымахæн уымæн фæдзырдтон, æмæ мæ фæндыдис равдисын, адæм арæх кæй вæййынц ахæм уавæры, æмæ æххуысхъуаг вæййынц, æфстæуттæ фæисынц æмæ уый тыххæй се хсæн фæзынынц сæрмагонд пайдайыл æхца æфстау дæтджытæ ростовщиктæ, уыдон чысыл æхца лæвæрдтой цъындыйы æмæ стыр проценттыл. Уыцы къаннæг ростовщиктæ иннæ хъæздыг ростовщиктæй æнæхатырдæр уыдысты, уымæн æмæ мæгуырдзинад æмæ мæгуыры бырæгъты хсæн сырæзынц, хъæздыг ростовщик та ахæмтæй ницы уыны, уымæн йæ хъуыддаг вæййы къаретты чи рацу-бацу фæкæны, уыдонимæ. Уый тыххæй сæ зæрдæты раджы амæлы адæймагдзинад. Ахæм ростовщикты хсæн уыди иу... Фæлæ уын хъуамæ зæгъон, цы хабар уын радзурынмæ хъавын, уый æрцыд ивгъуыд æнусы, мард ус-паддзах Екатеринæ Дыккаджы заман. Уæхæдæг æй бамбардзыстут, Коломнæйы хуыз æмæ йæ мидæг цард тынг æндæрхуызон кæй фесты, уый. Уæдæ, ростовщикты хсæн уыдис иу алцæмæй дæр æнахуыр, уый горæтæн йæ уыцы хайы цардис рагæй. Уый дардта уæрæх азиаг уæлæдарæс; саулагъз цæсгомæй бæрæгуыд, хуссайраг кæй уыдис, уый, фæлæ цавæр адæмæй уыд: индиаг, грекъаг, персайнаг, уымæн ничи ницы зыдта. Йæ æмбисонды даргъ ас, саулагъз мæллæг мидæмæ хауд рустимæ тæрсæнхуыз цæсгом, стыр æнахуыр судзаг цæстытæ, хъуынджын æрфгуытæ хицæн йæ кодтой столицæйы фæныкхуыз цæрджытæй. Йæ хæдзар дæр иннæ чысыл хъæдкъул хæдзæрттау нæ уыд. Уый уыди дурæй, кæддæр генуйаг къупецæгтæ бирæ кæй сарæзтой, уыдоны хуызæн, алыхуызон, раст чи нæу, ахæм рудзгуытимæ, æфсæйнаг æмбæрзæнтæ æмæ æхгæнæнтæ сыл, афтæмæй. Уыцы ростовщикæн, иннæтæй хъауджыдæр, йæ бон уыдис æхца раттын суанг райдай мæгуыргур зæронд усæй бухъзæрдæ вельможæты онг. Йæ хæдзары дуармæ иу арæх фæзындысты дзæбæх къареттæ, уыдонæн иу сæ рудзгуытæй хатгай кастис рæсугъд сылгоймæгтæ. Хъус-хъус дзырд цыди, зæгъгæ, дам, йæ чырынтæ сæ тæккæ дзаг сты æнæнымæц æхцатæй, хæзнатæй, брильянттæй æмæ цъынды уагъд алы дзаумæттæй, фæлæ уымæ иннæ ростовщикты йас зыддзинад нæ уыд. Уый æхца лæвæрдта æнæзивæгæй, афтæ зынди, цыма хæс фидыны æмгъуыд хорз нысан кодта, афтæ. Фæлæ цавæрдæр æнахуыр арифметикон æгъдауæй сæ æнæхъуаджы бæрзонд проценттæм хæццæ кодта. Афтæ дзырдтой хъус-хъус. Фæлæ æппæтæй диссагдæр алкæмæ дæр касти уый, æмæ иу дзы æхца чи райста, уыдоны хъысмæт иу тынг æнахуыр уыд: се ппæт дæр сæ цард фесты æнамонд хуызы. Уый æрмæст адæмы ныхæстæм гæсгæ афтæ уыд, æви æнæхъола мæнгуырнындзинады койтæ, кæнæ та барæй ахæлиугонд дам-думтæ уый нæ рабæрæг ис. Фæлæ цыбыр рæстæгмæ чи рцыд æмæ адæм се ппæтдæр кæй федтой, уыцы хабæрттæ зæрдыл хорз лæууыдысты æмæ диссаг уыдысты. Уæды аристократты хсæн тагъд рæстæджы хорз мыггагæй иу æрыгон лæппу йæхимæ æркæсын кодта, суанг йæ æвзонджы азты паддзахадон хъуыддаджы йæхи хорзæй равдыста, æцæгдзинадыл æмæ хорздзинадыл уыдис æнувыд, аивад æмæ адæймаджы зонд цы радтой, уыдон бирæ уарзта æмæ йыл фидæнмæ дæр зæрдæдарæн уыди. Тагъд æй ус-паддзах дæр æрхъуыды кодта, йæхи куыд фæндыд, ахæм бынат ын радта æмæ йæ бон уыдис наукæтæн æмæ хорздзинадæн бирæ æххуыс фæуын. Æрыгон стыр хицауы алыфарс уыдысты нывгæнджытæ, поэттæ, ахуыргæндтæ. Фæндыдис æй алкæмæн æххуыс кæнын, алцы разæнгард кæнын. Йæхи хардзæй балхæдта бирæ рауагъд чингуытæ, бирæ заказтæ скодта, бирæ призтæ снысан кодта, бирæ æхца схардз кодта æмæ фæстагмæ фæмæгуыр ис. Фæлæ йæ зæрды хорздзинæдтæ бакæнын кæй уыди, уый тыххæй йæ йæ хъуыддаг ныууадзын нæ фæндыди, алы ран дæр хæс исыныл архайдта æмæ, фæстагмæ уыцы ростовщикмæ бацыд.
Бирæ æхца æфстау куы райста, уæд уыцы адæймаг цыбыр рæстæгмæ бынтондæр æндæрхуызон фæци: зонд æмæ курдиат йе нæуынон сысты æмæ сæ йæ удхæссæг уыдта. Алы хуыддаджы дæр уыдта æвзæрдзинад, цыфæнды дзырд дæр галиу кодта. Фыдбылызæн уæд ралæууыди францаг революци. Уый йын йæ чъизи хъуыддæгтæн фæндаг радта. Алцы хъуыддаджы дæр революци уыдта, алцæуыл дæр гуырысхо кодта. Афтæ сæнæууæнк ис æмæ, фæстагмæ, йæхиуыл дæр нал æууæндыд, бынтон дзæгъæлы раст адæмыл дзырдтæ хæссын райдыдта æмæ бирæты фенамонд кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы ахæм митæн уыди аккаг кæрон. Зæрдæхæлар ус-паддзах тынг фæдис кодта æмæ, йæ хорз зæрдæйы руаджы, загъта ахæм ныхæстæ, кæцытæ, ныртæккæ кæд куыд сæ загъта, афтæмæй нæ баззадысты, уæддæр сæ арф хъуыды бирæты зæрдæты баззад. Ус-паддзах загъта, зæгъгæ монархи нæ сафы адæймаджы уды бæллиц, зæгъгæ, зонды сфæлдыст хъуыддæгтæ уым нæ сæфынц; зæгъгæ, æрмæст монархтæ уарзынц уыдоны, зæгъгæ, Шекспиртæ, Мольертæ уыдон дæлбазыр срæзыдысты, афтæмæй Дантæн та йæ райгуырæн бæстæйы иу къуым ссарын йæ бон нæ уыд; зæгъгæ, æцæг генитæ сæвзæрынц, ныры онг иу поэт чи нæма радта, уыцы æнæгъдау политикон цауты æмæ республикон терроризмы заман нæ, фæлæ паддзæхты æмæ паддзахæдты хъæздыг æмæ домбайдзинады заман, зæгъгæ дæсны поэтты иннæтæй иртасын хъæуы, уымæн æмæ уыдон удæн низы хос нæ, фæлæ диссаджы хорз сабырдзинады хос сты; зæгъгæ, ахуыргæндтæ, поэттæ æмæ аивæдты æппæт архайджытæ сты паддзахы худы дзындз æмæ брильянттæ; уыдонæй дзæбæх æмæ ноджы рæсугъддæр кæны цытджын паддзахы дуг. Иудзырдæй, ус-паддзах афтæ куы загъта, уæд уыдис уæларвон рæсугъд. Æз ма йæ хъуыды кæнын, зæрæдтæ-иу уыцы хабары кой æнæ цæссыг æруадзгæ нæ кодтой. Хъуыддаджы иууылдæр бацыдысты. Нæ адæммæ иу хорздзинад ис, уырыссаджы зæрдæ æдзухдæр æфхæрд адæймаджы фарс хæцы. Йе ууæнк чи фесæфта, уыцы стыр хицау куыд æмбæлд, афтæ æфхæрд æрцыд æмæ йæ йæ бынатæй фæсырдтой. Фæлæ фыддæр æфхæрддзинад та уыдта йе мбæстонты цæсгæмттыл. Уый уыдис æппæтон æмæ карз æнæуынондзинад. Нæй зæгъæн уыцы кадуарзаг адæймагæн уый куыд зын уыд, уый; сæрæстырдзинад, кадуарзындзинад кæй фæсыкк æмæ йæ зæрдæ цæуыл дардта, уый кæй æрбайсæфт, гъе уыдæттæ баиу сты æмæ æнахуыр æрра æмæ æнæзонддзинадæй суртæ кæнгæйæ йæ цард фæци. Æндæр æнахуыр æмбисонды хабар дæр æрцыд адæмы цæстыты раз: нæ цæгатаг столицæйы цы бирæ рæсугъд сылгоймæгтæ уыд, уыдонæй иу се ппæты дæр амбылдта йæ рæсугъддзинадæй. Уый уыдис стыр диссаджы рæсугъд, мæнæ стæм цы брильянт вæййы, раст уый хуызæн. Мæ фыд-иу дзырдта, зæгъгæ, ахæм рæсугъд адæймаг йæ цæргæ-цæрæнбонты дæр никуыма федта. Хорздзинæдтæ цыма се ппæтдæр баиу сты: уыдис хъæздыг, зондджын æмæ хæларзæрдæ. Курджытæ йæ æнæкæрон бирæ уыдис, се ппæтæй дзæбæхдæр уыдис кънйаз P., уæздан, фæсивæды хуыздæр, уындæй дæр, йæ алы фæзылдæй дæр бабæллын аккаг, романты æмæ сылгоймæгты бæрзонд идеал, иудзырдæй Грандиссон. Кънйаз уарзта тынг æмæ æнæкæрон, ахæм уарзтæй йæ уарзта чызг дæр. Фæлæ хæстæджытæм кæрæдзийы аккаг нæ фæкастысты. Лæппуйæн бынтæн цы фыдæлты зæххытæ баззад, уыдон йæхи рагæй нал уыдысты; йæ бинонтæ фыдæх ссардтой, æмæ йæ хъуыддæгты æвзæр уавæр æппæтæн дæр зындгонд уыди. Æвиппайды кънйаз ныууагъта столицæ, цыма йæ хъуыддæгтæ дзæбæх кæны, уыцы хуызы æмæ, иу чысыл рæстæджы фæстæ, фæзындис тынг хъæздыгæй. Йæ диссаджы кафтизæртæ æмæ бæрæгбонты руаджы паддзахы хæдзармæ йæ кой байхъуыст. Чызджы фыд йæ фарс фæци æмæ горæты æмбисонды чындзæхсæв уыди. Кънйаз афтæ куыд схъæздыг ис, уый æвæццæгæн ничи зыдта; фæлæ хъус-хъус дзырдтой, цыма уыцы æнæхайыры ростовщикимæ цыдæр хъуыддаджы бацыд, æмæ дзы æфстау æхца райста. Кæд цыфæнды уыди, уæддæр горæты уыцы чындзæхсæвы кой йедтæмæ ницыуал кодтой. Дыууæ къаймæ иууылдæр хæлæг кодтой. Алчи дæр зыдта куыд тынг уарзтой кæрæдзийы, кæрæдзийыл куыд æнувыд уыдысты, куыд зæрдæйæ æнхъæлмæ кастысты кæрæдзимæ, куыд уæздан уыдысты сæ дыууæ дæр, уый. Бирæ сылгоймæгтæн иу сæ цæстытыл уади, дыууæ къайы куыд хорз цæрдзысты, уый. Фæлæ хъуыддаг иннæрдæм рауади. Иу азмæ лæг бынтон æндæрхуызон фæци. Æнæууæнчы марг, æнæхъуаджы æмæ æнæкæрон тæргæйттæ йын йæ раздæры уæздан æмæ рæсугъд зæрдæйы уаг æрбайхæлдтой. Йæ усæн залиаг калм æмæ хурхæймарæг сси, æмæ, æнхъæл дæр цы нæ уыдысты, ахæм сырдтон митæ райдыдта, суанг ма йæ нæмгæ дæр кодта. Афæдзмæ сылгоймаджы ничиуал базыдта, афтæмæй æрæджы дæр ма афтæ рæсугъд уыд, æмæ йын бирæтæ коммæгæсæй табутæ кодтой. Фæстагмæ, йæ бон куы нал уыдис ахæм уæззау хъысмæтæй, уæд фыццагдæр уый ахицæн уæвыны кой бакодта. Лæг æррайау фæсонт и уый тыххæй. Йæ фыццагдæр знæтдзинады заман æм йæ уатмæ балæбурдта кардимæ æмæ йæ сæргæвстаид, нæ йæ баиргъæвтой, зæгъгæ, уæд. Йе ррадзинады æмæ адæрджы минут кард йæхимæ фæцарæзта æмæ утæхсæн кæнгæ йæ цард фæци. Уыцы дыууæ хабарæй дарддæр ма дзырдтой бирæ æндæр хабæрттæ, дæлдæр къласты чи рцыд, уыдон æмæ уыдон дæр афтæ, æнамонд хуызы фесты. Кæм цæсгомджын, æмбаргæ адæймаг расыггæнаг сси; кæм къупецы приказчик йæ хицауы бастыгъта; кæм æххуырсгæ бæхыл кусæг, цалдæр азы æууæнкджынæй адæмы чи фæласта, уый капеччы тыххæй, кæй ласта, ахæмы аргæвста. Уыцы хъуыддæгтæ, кæд сыл-иу æфтаугæ акодтой, уæддæр Коломнæйы цæрджыты тас уагътой. Алкæйы дæр уырныдта уыцы адæймагмæ дæлимонты тæваг кæй хæццæ кæны, уый. Дзырдтой, зæгъгæ дам уый æхца ахæм дзырдимæ лæвæрдта æмæ-иу лæджы сæрыхъуынтæ уырдыг сыстадысты æмæ-иу уый фæстæ æнамонд нæ уæндыдис йæ хъуыддаг æндæр адæймагмæ раттын; зæгъгæ, йæ æхцатæ, дам, судзгæ кæнынц, сæхи уагæй сзынг вæййынц æмæ сыл цавæрдæр æнахуыр нысантæ вæййы... иудзырдæй бирæ æнæхъола ныхæстæ кодтой. Ноджы диссагдæр та уый уыдис, æмæ Коломнæйы цæрджытæ, уыцы мæгуыр зæронд адæм, лыстæг чиновниктæ æмæ артисттæ, иудзырдæй цы адæмы кой кодтам, уыдон разы уыдысты цыфæнды мæгуыр цардыл дæр, уыцы тæссаг ростовщикмæ цæуыны бæсты; æххормагæй чи амарди, ахæм зæронд устыты дæр иу ссардтой, кæцытæ-иу сæ буар амарыныл дæр сразы сты, сæ уд тæригъæдмæ раттыны бæсты. Йемæ иу уынджы куы сæмбæлдысты, уæддæр дзы иу тæрсгæ кодтой. Фистæг цæуæг дзы дардмæ лыгъд æмæ ма-иу йæ фæдыл бирæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта. Йæ конды уыйас æнахуырдзинад уыдис æмæ иу алчи дæр хъуыды кодта цыдæр дæлимон у, зæгъгæ. Йæ цæсгом иу адæймаджы цæсгомы хуызæн дæр нæ уыд; йæ судзгæ бронзæхуыз цæсгом, йæ æрфгуытæ куыд æбуалгъ хъуынджын уыдысты, йæ æнæбафæразгæ тасуадзæг цæстытæ, суанг ма йæ азиаг уæлæдарæсы уæрæх дыдæгътæ дæр, уыдон иууылдæр, афтæ зынд, цыма дзырдтой зæгъгæ уыцы адæймаджы æнкъарæнты цур иннæ адæймæгты æнкъарæнтæ ницы сты. Мæ фыд-иу сагъдауæй баззадис, æвæдза, уыцы адæймагыл сæмбæлди, зæгъгæ, уæд-иу алы хатт дæр йæхи нæ баурæдта æмæ-иу æнæзæгъгæ нæ фæци: дæлимон, æцæг дæлимон. Фæлæ уæ хъуамæ мæ фыдимæ базонгæ кæнон, мæ фыд, цы хабар уын радзурон, уым сæйраг у. Мæ фыд хорз адæймаг уыди. Уый уыд хорз нывгæнæг, æрмæст Уырысы чи вæййы, ахæм хæдахуыр нывгæнæг, æнæ ахуыргæнджытæ мæ скъола йæхимæ ссардта уагæвæрдтæ æмæ закъонтæ, æрмæстдæр йæ дæсныдзинад хуыздæр кæныныл архайдта æмæ, цæмæн уый йæхæдæг дæр нæ зыдта, афтæмæй цыди æрмæстдæр ын йæ уд цы фæндаг амыдта, ууыл; уый уыдис ахæм хæдгуыргæ диссаг, кæцыты сæ рæстæджы чи фæцæры уыдон фæхонынц æфхæрæн номæй «æнæхсæст», зæгъгæ, кæцытæ цъыфкалæн сыл кæй фæкæнынц æмæ кæй нæ фæцарæхсынц, уый тыххæй сæ хъуыддаг нæ ныууадзынц, нæ фæлæ ма æнувыддæрæй бавналынц, æмæ æфхæрд цы куыстыты тыххæй райсынц, уыдонæй дард размæ ацæуынц. Бæрзонд химидæг инстинкты руаджы уый банкъардта, алы дзаумайы дæр æмбарындзинад кæй ис, уый; йæхи уды руаджы бамбæрста ахæм дзырдты æцæг ахадындзинад: историон нывкæнынад; бамбæрста Рафаелы, Леонардо да Винчийы, Тицианы, Корреджиойы конд хуымæтæг сæр, хуымæтæг портреты дæр историон нывкæнынад цæмæн ис схонæн, уый, æмæ историон мидисимæ егъау ныв уæддæр tableau de genre24 цæмæн уыдзæн, уый, кæй æй нывгæнæг историон нывкæнынад хона, уæддæр. Æмæ йын йæхи æнкъарындзинад, йæхи уырнындзинад йæ дæсныдзинад аздæхтой чырыстон хъуыддæгтæм, ома бæрзонддзинады бæрзонддæр æмæ фæстагдæр къæпхæнмæ. Нæ йæм уыди кадуарзондзинад æмæ мæстыгæрдзинад, уыдон та нывгæнæджы удыхъæды миниуджытæ сты. Уымæн уыдис фидар зæрдæйы конд, уыд цæсгомджын, комкоммæ дзырд, суанг ма гуырымыхъгонд дæр, æддейы бакæсгæйæ æнæцæстуарзон хуыз, йæ уды сæрæстырдзинадимæ, адæймæгты тыххæй дзырдта хатыргæнæгау дæр æмæ æнауæрдонæй дæр. «Цы сæм кæсон», арæх-иу дзырдта уый: «æз уыдоны тыххæй нæ кусын. Æз мæ нывтæ, мыййаг, галуантæм куы мæ ахæсдзынæн. Чи мæ бамбара, уый мын раарфæ кæндзæн. Адæймаджы зылынгæнæн нæй, зæгъгæ, нывкæнынад не мбары; уый хыгъд зоны къамтæ, хорз сæн, бæхтæ барины уымæй фылдæр цы хъæуы? Нæ фæлæ ма сгарын куы райдайа, зондджын ныхæстыл куы схæца, уæд адæймаджы цæрын дæр нал ныууадздзæн! Алкæмæн йæхион йæхицæн, алчи дæр йæхи куыст кæнæд. Мæнмæ гæсгæ, хуыздæр y уыцы адæймаг, æмæ комкоммæ чи дзура, зæгъгæ, ницы æмбары, дзысæгом митæ чи кæны, ницы зонгæйæ афтæ чи зæгъы, зæгъгæ, алцыдæр зоны æмæ æрмæст чъизи кæны æмæ халы». Мæ фыд зынаргъыл нæ куыста, цæмæй æрмæстдæр йæ бинонты фæдардтаид æмæ фæллой кодтаид, уымæй дарддæр ма æххуыс кодта иннæтæн дæр, мæгуыр нывгæнæгæн-иу йæ бон цы уыди, уый фæци; йæ фыдæлты хуызæн раст дин кодта æмæ уымæ гæсгæ йæ нывты ахæм бæрзонд ахадындзинад уыдис, кæцы иннæ æмбисонды курдиатджын нывгæнджыты къухы не фтыд. Фæстагмæ йæ иузæрдион фæллойы æмæ йæ равзæрст фæндагыл æнæфæцудгæйæ кæй цыди, уый тыххæй йын кад кæнын райдыдтой, суанг ма йæ æнæхсæст æмæ зæронд хæдахуыр чи хуыдта, уыдонæй дæр бирæтæ. Аргъуантæ йын æдзухдæр заказтæ лæвæрдтой æмæ йын æдзухдæр куыст уыди. Йæ сюжет цы уыд уый нал хъуыды кæнын, фæлæ йæ иу хатт йæ нывы скæнын хъуыд тардзинады хуыз. Бирæ фæхъуыды кодта, куыд æй скæна, ууыл: фæндыди йæ цæмæй йын йæ хуызы равдиса адæймагæн зын цы у, ссæндгæ йæ цы кæны, уыдæттæ. Ахæм хъуыдыты заман-иу йæ цæстытыл ауади уыцы æнахуыр ростовщик æмæ иу æнæбары хъуыды кодта: «уымæй хъуамæ сныв кæнин дæлимоны». Æмæ ахъуыды кæнут куыд фæдис кодтаид уый, иу хатт æм кусгæйæ дуар куы æрбахостæуыд æмæ йæм комкоммæ уыцы тæссаг ростовщик куы басыд, уæд. Æгасæй дæр куыд ныззыр-зыр кодта, уый бамбæрста.
«Ды нывгæнæг дæ?» æнæгъдау фарст бакодта уый мæ фыды.
«Нывгæнæг», гуызавæгæнгæ загъта мæ фыд, дарддæр цы уыдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.
«Хорз. Мæ ныв мын скæн. Æз, чи зоны, тагъд амæлдзынæн, цот мын нæй; фæлæ мæм бынтон амæлын нæ цæуы, цæрын мæ фæнды. Дæ бон y ахæм портрет скæнын æмæ бынтондæр цардæгасы хуызæн куыд уон?»
Мæ фыд ахъуыды кодта: «хуыздæр ма цы уа, йæхи фæнды мæ нывмæ дæлимоны хуызы». Дзырд радта. Бадзырдтой кæд райдайдзысты уый æмæ мыздыл, æмæ дыккаг бон, йæ дзаумæттæ йемæ айсгæйæ, мæ фыд йæ хæдзары скуыси. Бæрзонд систæ, куыйтæ, æфсæйнаг дуæрттæ æмæ æхгæнæнтæ, къæлæты хуызæн рудзгуытæ, æнахуыр гауызтæй æмбæрзт чырынтæ æмæ, фæстагмæ, йæхæдæг хæдзары æнахуыр хицау, йæ разы æнæфезмæлгæйæ бадгæйæ, уыдон иууылдæр мæ фыдмæ æнахуыр фæкастысты. Рудзгуытæ бынырдыгæй дзаг уыдысты алы дзаумæттæй æмæ рухс цыди æрмæстдæр уæлейæ. «Хæйрæг дæ ахæсса, йæ цæсгом куыд хорз срухс ис», загъта йæхинымæр мæ фыд æмæ зыдæй ныв кæнын райдыдта, цыма хорз рухсæн æрбайсæфынæй тарсти, уыйау. «Куыд тыхджын у!», загъта та уый йæхинымæр: «кæд æй ныр куыд у, уымæй æмбисы хуызæн дæр сныв кæнон, уæд мын мæ сыгъдæг удты æмæ зæдты фæбынæй кæндзæн: йæ разы ницы ахаддзысты. Цы дæлимонты тых æм ис! Раст кæттагæй рагæпп кæндзæн, куыддæр мын йæхи хуызæн рауайа, афтæ.. Цы диссаджы цæсгом ын ис!» Æнæкæронскъуыдæй йæхинымæр дзырдта уый, куыстмæ хъазуатдæрæй æвналгæйæ æмæ йæхæдæг уыдта кæттагмæ йæ хуызæй цыдæртæ куыд хизы, уый. Фæлæ йæм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæм цыдæр уæззау, катайаг, йæхæдæг дæр кæй нæ æмбæрста, ахæм æнкъарддзинад гуырдис. Фæлæ йын уæддæр, уыдæттæ ницæмæ даргæйæ, ныв кодта йæ алы зына-нæзына фæзилæн дæр. Æппæты фыццагдæр бавнæлдта цæстытæ æххæстæй скæнынмæ. Уыцы цæстыты уыйас тых уыдис æмæ цыма сын æппындæр сæхи хуызæн скæнæн нæ уыд. Фæлæ уæддæр, цыфæнды куы фæуа уæддæр, сфæнд кодта сбæлвырд кæнын сæ алкæцы миниуæг дæр, сæ сусæгдзинад... æмæ сæ куыддæр æмбарын райдыдта, афтæ йæ зæрдæйы ахæм æнахуыр æлгъдзинад, ахæм уæззаудзинад сæвзæрдис, æмæ цасдæр рæстæг йæ куыст ныууагъта, стæй та йæ фæстæмæ райдыдта. Фæстагмæ йæ бон нал уыди, æмæ æнкъардта уыцы цæстытæ йæ уды кæй бахызтысты æмæ йын дзы катай бауагътой. Дыккаг, æртыккаг бон уый уыдис тынгдæр. Тынг фæтарсти. Йæ куыст ныууагъта æмæ цæхгæр загъта, зæгъгæ, уый ныв кæнын йæ бон нæу. Уыцы дзырдты фæстæ æнахуыр ростовщик бынтон æндæрхуызон фæци. Йæ разы йæ зонгуытыл æрхауд æмæ йын лæгъзтæ кæнын райдыдта, цæмæй йын йæ портрет конд фæуа, уый тыххæй, зæгъгæ, уымæй аразгæ уыдзæн йæ хъысмæт æмæ а дунейыл цæра, уый, зæгъгæ нырид æй йæ халдих ныв кæны æмæ кæд бынтон йæхи хуызæн рауайа, уæд æнæзæххон тыхы руаджы портреты баззайдзæн æмæ уый руаджы бынтондæр нæ амæлдзæн, уымæн æмæ йæ а дунейы цæрын хъæуы. Мæ фыд тынг фæтарсти уыцы дзырдтæй: уыйас æнахуыр æмæ йæм тæссаг фæкастысты æмæ аппæрста йæ нывгæнæн дзаумæттæ æмæ удаистæй хæдзарæй алыгъди. Уыцы хъуыды йæ цух нæ уагъта æнæхъæн бон æмæ æнæхъæн æхсæв дæр, райсомы та ростовщикæй райста портрет, æрбахаста йæ, æххуырстæй йæм цы иунæг сылгоймаг уыд, уый æмæ йын загъта, зæгъгæ, ростовщикы ныв нæ хъæуы, ницы йын фиды æмæ йæ фæстæмæ æрвиты. Уыцы бон изæрæй фехъуыста, зæгъгæ, ростовщик амард æмæ йæ йæхи дины æгъдæуттæм гæсгæ ныгæнынц. Уыдæттæ йæм стыр диссаг кастысты. Уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæйы конд бынтондæр фендæрхуызон ис: æнæрынцойæ, катайтæ кодта, цæмæн уый та йæхæдæг дæр не мбæрста, æмæ рæхсджы æнхъæл дæр цы нæ уыдысты ахæм ми бакодта: фæстаг заманты йæ ахуыргæнинæгтæй иуы куыстытæ кæйдæрты зæрдæмæ цæуын райдыдтой. Мæ фыд æй курдиатджын хуыдта æмæ йæм иннæтæй хуыздæр цæстæй касти. Адæм æм хорз цæстæй кæсын кæй райдыдтой æмæ йæ кой кæй кодтой, уый йын ныр йæ тъæнгтæ цагъта. Фæстагмæ, йæ мастыл ноджы дæр бафтыд: йæ ахуыргæнинагæн бахæс кодтой ног хъæздыг аргъуанæн ныв скæнын. Уыцы хъуыддаг ын тынг хъыг уыди. «Нæ ратдзынæн дзидзидайæн мæхиуыл фæуæлахиз кæныны бар», дзырдта уый: «æгæр раджы сфæнд кодтай зæрæдты цъыфы сбадын кæнынæн! Хуыцауæй разы, нырма мæм хъару ис. Æмæ фендзыстæм цымæ раздæр чи кæй сбадын кæнид цъыфы». Æмæ растзæрдæ цæсгомджын чи уыди, раздæр йе сæфт кæмæй уыдта, уыцы хахуыр митæ æмæ цъыфкалæн райдыдта: йæ къухы бафтыд æмæ фæстагмæ ныв кæныны тыххæй расидтысты конкурс æмæ иннæ нывгæнджытæн сæ бон бацис сæ нывтæ равдисын. Уый фæстæ йæхиуыл дуæрттæ сæхгæдта æмæ æнувыдæй райдыдта кусын. Афтæ зындис, цыма йе ппæт тыхтæ дæр, йæхи æгасæй дæр уыцы куыстæн раттынмæ хъавыд. Æмæ æцæгæй дæр, уыцы ныв йæ нывтæн сæ тæккæ хуыздæр уыд. Иууылдæр æнхъæл уыдысты зæгъгæ уый фыццаг бынат æрцахсдзæн. Нывты иумæ куы æрæвæрдтой, уæд иннæ нывтæ иууылдæр йæ разы уыдысты æхсæв боны раз куыд уа, афтæ. Фæлæ уæдмæ нывтæм чи касти уыдонæй иу адæймаг, кæд исты зонын, уæд дины куыст кæнæг уыд, загъта æмæ иууылдæр фæдис кодтой. «Нывы æцæгæй дæр бирæ ис курдиат», загъта уый: «фæлæ цæсгæмтты нæй уæларвон сыгъдæг уды нгас; нæ фæлæ ма сæ цæстыты ис цавæрдæр иблисдзинад, цыма нывгæнæджы къухы дæлимонты тых ракæ-бакæ кодта, уыйау». Иууылдæр æркастысты æмæ бамбæрстой уыцы ныхæстæ раст кæй уыдысты, уый. Мæ фыд нывмæ йæхи баппæрста ныхæсты растад сбæрæг кæнынмæ æмæ федта йæ нывы цы адæм уыди, уыдонæн се ппæтæн дæр ростовщикы цæстытæ кæй скодта, уый. Уыдон афтæ хуызы кастысты, цыма иблисы цæстытæ уыдысты, æмæ суанг йæхæдæг дæр фесхъиудта. Ныв нæ райстой æмæ мæ фыд фыддæрагæнау фехъуыста фыццаг бынат йæ ахуыргæнинаг кæй райста, уый. Хæдзармæ æрбацыди мæстæй мæлгæ. Чысыл ма бахъæуа мæ мады ма æрнæма, сывæллæтты ныххæлиу кодта, йæ нывгæнæн дзаумæттæ ныппырх кодта, къулæй ростовщикы ныв раскъæфта, кард райста æмæ пецы арт скæнын кодта, цæмæй нывы ныллыгтæ кæна æмæ йæ басудза, уый тыххæй. Уыцы куыст кæнгæ йæ баййæфта йæ хæлар, мæ фыдау, æдзухдæр йæхицæй разы чи уыд, ахæм хъæлдзæг адæймаг, дард фидæны уынаффæтæ кæмæ нæ уыд, хъæлдзæгæй алцыдæр куыста, ноджы хъæлдзæгдæрæй та бадти сихор кæныныл æмæ куывды.
«Цы кусыс уый, цы басудзынмæ хъавыс?» загъта уый æмæ портретмæ бацыд. «Хъус-ма, ай дæ нывтæн сæ тæккæ хуыздæртæй у. Æрæджы цы ростовщик амард уый ныв; ай диссаджы куыст у. Йе рфыг нæ, фæлæ йын йæ цæстыты бабырыдтæ раст. Дæ нывы куыд кæсынц, афтæ цардмæ никуыма кастысты цæстытæ».
«Мæнæ фендзыстæм арты куыд кæсдзысты, уый», загъта мæ фыд æмæ портрет артмæ фæцæйæппæрста.
«Фæлæу-ма, хуыцауы тыххæй!» загъта йын йæ хæлар, бауромгæйæ; «фæлтау æй мæнæн ратт, кæд дзы дæ цæстытæ афтæ тынг фæрыстысты, уæд». Мæ фыд раздæр ницы ком лæвæрдта, фæстагмæ сразы æмæ хъæлдзæг лæг йæ лæварæй разы уæвгæйæ, портрет йемæ ахаста.
Куыддæр уый портрет ахаста, афтæ мæ фыдæн фенцондæр. Цыма уыцы портретимæ йæ зæрдæйæ стыр уæз ахаудта, уыйау. Йе рра митыл, йæ хæлæгдзинадыл æмæ йæ зæрдæйы конды фендæрхуызоныл йæхæдæг фæдис кодта. Цы бакодта, уымæ куы ркаст, уæд æрынкъард ис æмæ хъынцъымгæнгæ загъта: «Нæ, уый мæ хуыцау бафхæрдта; мæ нывæн куыд æмбæлд, афтæ бакодтой. Уый конд æрцыд, цæмæй æндæр нывгæнæджы бабын кæна. Иблисдзинад мæ ардыдта æмæ дзы иблис рауади». Уайтагъддæр йæ ахуыргæнинаджы агурæг ацыд, тынг æй ныхъхъæбыс кодта, хатыр дзы куырдта æмæ йæ бон цы уыди, уымæй дзы йæхи раст кодта. Йæ куыстытæ та фыццагау æнæмастæй цыдысты, фæлæ йæ цæсгомыл арæхдæр зындысты сагъæстæ. Фылдæр кувгæ кодта, арæхдæр уыди æнæдзургæ æмæ адæймæгты тыххæй афтæ комкоммæ нал дзырдта; æддейæ бакæсгæйæ дæр фæфæлмæндæр. Тагъд ма йæ иу хъуыддаг ноджыдæр тынг бафхæрдта. Портрет дзы цы хæлар ракуырдта, уый рагæй нал федта. Бабæрæг кæнынмæ йæ куыддæр хъавыди, афтæ уый йæхæдæг фæзынд. Цалдæр дзырды фæстæ, уый загъта: «ме фсымæры хай, дзæгъæлы нæ сыгътай портрет. Хæйрæг æй бахæрæд, цыдæр æнахуыр у... Кæлæнгæнæг устытыл не ууæндын, фæлæ куыд дæ фæнды афтæ: дæлимонты тых æм ис...»
«Куыд?» загъта мæ фыд.
«Афтæ, æмæ йæ мæ уаты къулыл куы бакодтон, уæд мыл æрхæндæг ныххæцыд... Цыма мæ искæйы сæргæвдын фæндыд, уыйау. Æнæхуыссæг цы у, уый никуы зыдтон, ныр та æнæхуыссæгæй дæр сфæлмæцыдтæн, стæй ахæм фынтæ уынын æмæ... мæхæдæг дæр æй нæ зонын фынтæ сты, æви æндæр исты; цыма мæ бынатыхицау хурх кæны æмæ уыцы æлгъыст зæронд мæ разы лæууы. Ахæм ми мыл никуыма æрцыд. Æррайау ралли-балли кодтон уыцы бонты: цæмæйдæр тарстæн, цыдæр бæллæхмæ æнхъæлмæ кастæн. Мæхæдæг æй æмбарын, мæ бон никæмæн y хъæлдзæг, зæрдæхæлар ныхас зæгъын, цыма мæ фæстæ исты дзырдхæссæг бады, афтæ. Фæлæ портрет мæ хæстæгæн йæ курдиаты фæстæ куы радтон, æрмæст уæдæй фæстæмæ банкъардтон цыма ме ккойæ уæззау дур ахаудта: схъæлдзæг та дæн, куыд уыныс, афтæ. Хорз дæлимон сныв кодтай, ме фсымæры хай».
Мæ фыд ын йæ радзырдмæ хъуыста тынг æдзынæгæй æмæ фæстагмæ бафарста: «æмæ портрет ныр дæ хæстæгмæ ис?»
«Куыннæ стæй! Нæ бафæрæзта», загъта хъæлдзæг лæг: «æвæццæгæн дзы ростовщикæн йæ уд бацыд: фæлгæтæй рахизы, уаты рацы-бацы кæны, æмæ, мæ хæстæг цытæ дзуры, уыдонæн бамбарæн дæр нæй. Æррайыл æй банымадтаин, мæхæдæг дзы цыдæртæ куы нæ федтаин, уæд. Ауæй йæ кодта нывтæ чи æмбырд кæны иу ахæм адæймагæн, фæлæ уый дæр нæ бафæрæзта æмæ йæ кæмæндæр ауæй кодта».
Уыцы радзырд мæ фыды стыр дисыл бафтыдта. Дзæгъæлы не рсагъæс кодта, тынг æрæнкъард и æмæ йæ фæстагмæ бауырныдта йæ къух дæлимонты коммæ кæй бакаст æмæ ростовщикы цардæн йæ иу хай æцæгæй дæр портретмæ кæй бацыд æмæ ныр адæмы кæй тыхсын кæны, хæйрæдджын сæ кæй кæны, нывгæнджыты сæ фæндагæй кæй хауын кæны, хæлæгдзинад æмæ сæм алы фыдбылызы хъуыддæгтæ кæй гуырын кæны, уый. Уый фæстæ йыл цы ртæ æнамонд хъуыддаджы сæмбæлд, йæ ус, йæ чызг æмæ йæ гыццыл лæппу кæй амардысты, уый банымадта хуыцауы тæрхоныл æмæ сфæнд кодта адæмæй ацæуын. Куыддæр мыл фараст азы сæххæст, афтæ мæ аивæдты академимæ радта, стæй йæ хæстæ бафыста æмæ иу моладзандонмæ ацыд æмæ моладзан сси. Уым йæ бынатыл иузæрдиондзинадæй иннæты дисыл бафтыдта. Моладзандоны хистæр куы базыдта хорз нывгæнæг кæй у, уый, уæд дзы домдта, цæмæй аргъуанæн зæды сæйраг ныв скæна. Фæлæ коммæгæс æфсымæр, ома моладзан, цæхгæр загъта, зæгъгæ, уый ахæм ныв кæнын аккаг нæу; зæгъгæ, йæ дæсныдзинадæй тæригъæдджын y æмæ цалынмæ йæ уд ссыгъдæг уа, уæдмæ ахæм хъуыддагмæ нæ бавналдзæн. Тых ын нæ кодтой. Моладзандоны цард йæхицæн зынæй-зындæр кодта. Фæстагмæ йын уый зындзинæдтæ дæр фаг нал кодтой. Уæд уый ацыдис æдзæрæг бæстæмæ, цæмæй бынтондæр иунæг уа, уый тыххæй. Къалиутæй йæхицæн халагъуд сарæзта, æрмæст бындзæфхæдтæ хордта, йе ккой дуртæ иу ранæй иннæ ранмæ хаста, хурскастæй хур аныгуылынмæ иу ран, йæ къухтæ хæрдмæ хъилæй, лæууыдис æмæ æнæкæронскъуыдæй куывта. Иудзырдæй, йæхицæн ахæм фыдмитæ агуырдта æмæ диссаг уыдысты. Афтæ хуызы цалдæр азы йæ буары тухæнæй мардта, кувынæй йæ дзæбæх кæнгæйæ. Фæстагмæ моладзандонмæ æрбацыд æмæ хистæрæн загъта: «ныр цæттæ дæн. Кæд хуыцауы фæнды, уæд фæллой бакæндзынæн». Ныв кодта Чырыстийы райгуырд. Æнæхъæн афæдз ыл фæкуыста, йæ бынатæй дæр нæ рацыд, афтæмæй, æфсоны хæринæгтæ хæргæйæ æмæ кувгæйæ. Афæдзмæ ныв уыди цæттæ. Уый уыди диссаджы ныв. Зæгъын хъæуы уый æмæ моладзандоны чи уыд, уыдонæй аивады уыйас тынг ничи æмбæрста, фæлæ се ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд йæ адæймæгты сыгъдæгдзинады цæстæнгас. Сыгъдæг мады цæсгомы уæларвон сабырдзинад æмæ фæлмастдзинад йæ сывæллоны уæлхъус æргуыбыр кæнгæйæ, уæларвон сывæллоны арф зондджын æнгас цыма дардмæ цыдæр æмбары уыйау, уыцы диссаджы раз чи ныхъхъус ис, уыдоны уæлбойнон æгомыгдзинад, æмæ, фæстагмæ, æппæт нывы сыгъдæгдзинад уыдон се ппæтдæр афтæ тыхджын уыдысты æмæ сæм адæймаг кæсынæй не фсæст. Моладзандоны уæвджытæ ног нывы раз сæ уæрджытыл æрлæууыдысты, сæ хистæр та зæрдæфæлмæнæй загъта: «нæ, адæймагæн æрмæст дæсныдзинады руаджы ахæм ныв скæнæн нæй: сыгъдæг уæларвон тых дын æххуыс кодта æмæ йыл æрвон тыхы хъару фæзынди». Уыцы рæстæг æз мæ ахуыр академийы фæдæн, райстон сыгъзæрин майдан æмæ Италимæ ацæуынмæ цинаг ныфс ссæдзаздзыд нывгæнæджы хуыздæр бæллиц. Хъуыдис ма мæ æрмæст 12-аздзыдæй кæмæй ахицæн дæн, уыцы фыдæн хæрзбон зæгъын. Сæттын ыл, цы хуызæн уыд, уый дæр мæ зæрдыл нал лæууыд. Æз бирæ фехъуыстон йæ æнахуыр царды тыххæй æмæ рагацау мæхи бацæттæ кодтон хъæбæрзæрдæ хидæгдзæрæг адæймаг фенынмæ, йæ къуым йедтæмæ дунейыл кæй ницы хъæуы, тыхсаст æмæ æххормагæй чи бахус, ахæмы. Фæлæ йæ куы федтон, уæд тынг фæдис кодтон, мæ разы лæууыди æмбисонды, зæды хуызæн зæронд лæг! Тыхсасты æнгæс нæ уыд йæ цæсгомыл: уæларвон рухсæй дзаг уыдис. Миты хуызæн боцъотæ æмæ тæнæг æвзистау хъуынтæ рæсугъд ахæлиу сты йæ риуыл æмæ йæ сау дарæсы дыдæгътыл æмæ суанг йæ ронбастмæ хæццæ кодтой; фæлæ æппæтæй диссагдæр мæнмæ фæкасти аивадæй цы загъта, уый; йæ ныхæстæ, сæттын ыл, æз æдзухдæр мæ зæрдыл дардзынæн æмæ мæ зæрдæйæ фæнды, цæмæй алы нывгæнæг дæр афтæ бакæна.
«Æз дæм æнхъæлмæ кастæн, мæ лæппу», загъта уый æз æм куы бацыдтæн арфæмæ, уæд. «Дæ размæ ис, дæ цард кæуылты ацæудзæн, уыцы фæндаг. Дæ фæндаг сыгъдæг у, ма дзы ахиз. Курдиат дæм ис; курдиат хуыцауы зынаргъдæр лæвар y ма йæ фесаф. Цыдæриддæр уыныс уый раиртас, сахуыр кæн, дæ дæсныдзинад ыл фæтых уæд, фæлæ алы хъуыддаджы дæр агур йæ мидхъуыды æмæ æппæтæй тынгдæр дæхи бахъар цæмæй сфæлдыстадæн бамбарай йе стыр сусæгдзинад. Уый чи базона, уый тæхудиаг у. Уымæн æрдзы ницæйаг дзаумæттæ нæй. Ницыйы дæр æцæг нывгæнæг y бæрзонд, егъау хъуыддаджы куыд бæрзонд у, афтæ. Æлгъаджы уымæн æлгъагдзинад нæй, уымæн æмæ уым иннæрдæм ацæуы чи йæ скодта, уый æмбисонды уд æмæ æлгъаг свæййы бынтон æндæр, уымæн æмæ йæ уды ссыгъдæг вæййы. Уæларвон дзæнæт адæймагæн аивады ис æмæ æрмæст уый тыххæй дæр æппæтæй бæрзонддæр у. Æмæ уæлбойнон сабырдзинад царды алы знæтдзинадæй цас бæрзонддæр уа, уыйас бæрзонддæр y сфæлдыстад дæрæн кæнынæй; зæд æрмæст йæ уды æнæтæригъæд æмæ сыгъдæгдзинадæй хæйрæгæй цас бæрзонддæр у, уый бæрц бæрзонддæр y дунейы цы ис, уыдонæй аивад. Алцыдæр ын нывондæн æрхæсс, дæ æппæт æнкъарæнтæй дæр æй бауарз, зæххон нæ, фæлæ уæларвон æнкъарæнтæй; æнæ уый адæймаг зæххæй нæ фæбæрзонддæр уыдзæн æмæ зæрдæ æрсабыр кæнынæн ницы зæгъын бафæраздзæн. Уыдæтты тыххæй фæзындис зæххыл аивад. Уый зæрдæмæ катай нæ бауадздзæн, фæлæ дзы сæвзæрдзæн хуыцаумæ кувындзинад. Фæлæ вæййы ахæм минуттæ, тар минуттæ...» Уый банцад æмæ æз бафиппайдтон йæ рухс цæсгом куыд фæтар, уый, цыма йæ мигъ амбæрста, уыйау. «Мæ царды иу хабар æрцыд», загъта уый. «Ныронг дæр æй мæ бон нæу бамбарын, кæй сныв кодтон, уый цавæр адæймаг уыд, уый. Уый цыдæр дæлимон уыд. Æз зонын, дæлимон кæй ис, ууыл кæй не ууæндынц, æмæ уымæ гæсгæ ницыуал зæгъдзынæн уый тыххæй. Фæлæ йыл сæттын, æлгъгæнгæ йæ ныв кодтон, æппындæр нæ уарзтон уæд мæ куыст. Тыххæй йæ кодтон, алцыдæр ферох кæныныл архайгæйæ, йæхи хуызæн скæныныл. Уый аивады уацмыс нæ уыд æмæ уымæ гæсгæ чи йæ уыдта, уыдоны катай кæнын кодта, нывгæнæджы æнкъарæнтæ нæ уыдысты, уымæн æмæ нывгæнæг катайы заман дæр хъуамæ сабырдзинадæй улæфа. Мæнæн дзырдтой, зæгъгæ, уыцы портрет къухæй-къухмæ цæуы æмæ адæмы фæлмæцын кæны, нывгæнджытæм хæлæгдзинад гуырын кодта, æнæуынондзинад, иннæты æфхæрын æмæ ссæндынмæ бæллындзинад. Хуыцау дæ бахъахъæнæд ахæм хъуыддæгтæй. Дæ уды сыгъдæгдзииад бахъахъæн. Курдиат кæмæ ис, уымæн хъуамæ йæ уд иннæтæй сыгъдæгдæр уа. Æндæрæн бирæ цыдæртæ хатыргонд æрцæудзæн, уымæн та ницы. Хæдзарæй рухс сыгъдæг уæлæдарæсы чи рацæуа, фæлæ-иу цъыфы мур кæуыл абада, уый алыфарс адæм æрæмбырд вæййынц æмæ йæм къухæй фæцамонынц, куыд æнæфснайд у, зæгъгæ, афтæмæй та уыдон нæ фæуынынц иннæтæй бирæтæн сæ иударон дзаумæттыл бирæ цъыфы стъæлфæнтæ кæй ис, уый. Уымæн æмæ иударон дарæсыл цъыфы стъæлфæнтæ нæ зынынц». Арфæ мын ракодта æмæ мæ ахъæбыс кодта. Афтæ бæрзонд царды мæхимæ никуыма фæкастæн. Табугæнæгау, фырт цас уарза, уымæй фылдæр уарзондзинадæй дзаг уæвгæйæ, мæ фыдмæ мæхи баппæрстон æмæ йын йæ æвзистхуыз хъуынтæн ныпъпъа кодтон. Йæ цæстысыг ферттывта. «Мæ фырт, сæххæст кæн мæ иунæг курдиат», загъта мын уый, куы хицæн кодтам, уæд. «Чи зоны æмæ искуы сæмбæлдзынæ кæй тыххæй дын дзырдтон уыцы портретыл. Базондзынæ йæ йæ æнахуыр цæстытæй æмæ сæ ахастæй цыфæнды куы фæуа, уæддæр иу æй фесаф»... Уæхæдæг æртæрхон кæнут, мæ бон уыдис ард нæ бахæрын йæ курдиат ын кæй сæххæст кæндзынæн ууыл. Фынддæс азы фæцагуырдтон æмæ йæ хуызæнæй дæр ницы ссардтон, æмæ ныр æвиппайды аукционы»...
Нывгæнæг йæ ныхас нæ фæци, афтæмæй фæкасти къуыммæ, цæмæй ма иу хатт фена портреты. Афтæ бакодтой чи йæм хъуыста, уыдон се ппæт дæр, æнахуыр портрет агургæйæ. Фæлæ, стыр диссаг, уый уæдмæ къулыл нал уыд. Дзолгъо-молгъо æмæ уынæр райхъуысти адæмæй стæй бæлвырдæй загътой «адавдæуыд æй». Чидæр æй адавта, адæм хъусынмæ куы фесты уæд. Æмæ иууылдæр бирæ рæстæг дис кодтой, æцæг федтой уыцы æнахуыр цæстытæ æви сæм æрмæст афтæ фæкасти, зæронд нывтæм кæсынæй куы бафæлладысты, уæд уый фæстæ.
(уацау)
(Тæлмацгæнæг Калоты Г.)
Горæт Б. тынг фæхъæлдзæгдæр, бæхæфсæддон полкъ дзы куы рлæууыд, уæдæй фæстæмæ. Уый размæ та дзы бынтон æнкъард уыди. Адæймаг-иу дзы куы фæцæйцыд æмæ-иу ын, уынгмæ уыцы æнкъард хуыз чи дардта, уыцы ныллæг, сыджытæй сæрст хæдзæрдтæм куы бакаст, уæд-иу... зæгъæн дæр ын нæй, куыд-иу нырхæндæг адæймаджы зæрдæ, цыма æмбылды фæци, кæнæ та йæ дзыхæй исты æнæууылд æдылы ныхас сирвæзт, иудзырдæй, йæ нывыл-иу нал уыд адæймаджы зæрдæ. Хæдзæртты къултыл æлыг къæвдайæ æрлæбырыд, æмæ къултæ урс нал уыдысты, фæлæ схъулæттæ сты, хæдзæрттæ фылдæр æмбæрзт сты цъæнудæй, нæ хуссайраг горæтты куыд вæййы, афтæ; бæласдæттæ, рæсугъддæры тыххæй, городничий раджы ныццæгъдын кодта. Уынгты иу адæймагыл нæ амбæлдзынæ, кæд уасæг цæхгæрмæ æрбазгъора бæзджын рыгæй базау фæлмæн уынджы; чысыл къæвдайæ дæр уыцы рыг свæййы бæзджын цъыф æмæ уæд Б. горæты уынгтæ семыдзаг свæййынц, городничий французæгтæ кæй хоны, уыцы цæрæгойтæй. Сæ бырынчъытæ цъыфæй хæрдмæ даргæйæ, ахæм хъох-хъох сисынц, æмæ ма бæлццон æрмæст йæ бæхтæ размæ тагъддæр скъæрыныл свæййы. Б. горæтыл арæх нæ цæуы бæлццон. Стæм, хæрз стæм хатт иу исты пъамещик, иу 11 зæхкусæджы кæмæ ис, ахæм, дæрдджын суртучы, йæ бричкæйы гыбар-гыбур гæнгæ фæцæйцæуы дойнаг дурæй арæзт уынгты, ссадæйдзаг голлæгты хсæнæй кæсгæйæ æмæ, йæ фæдыл байраг кæмæн згъоры, уыцы сырх бæхмæ ехсæй æвзидгæйæ. Базары фæз y тынг æнкъард хуыз: хуыйæджы хæдзар уыцы æдылы хуызæй йæ фисын сарæзта уынгмæ, йæ комкоммæ ныр иу фынддæс азы аразынц, дыууæ рудзынджы кæм ис, ахæм цавæрдæр дурын хæдзар, уымæй дарддæр нывыл арæзт фæйнæгæй конд кæрт, чъизи хуыз цъæх ахорæнæй ахуырст, городничий ма æрыгон куы уыд, сихоры хæд фæстæ-иу хуыссыныл куы нæма фæци, æхсæв кæрдæджытæй арæзт хостæ хъалгъæнимæ куы нæма нуæзта, уæд кæй сарæзта, уыцы кæрт. Иннæ рæтты, стæмтæй фæстæмæ, æрмæст каутæ; фæзы астæу бынтон къаннæг дуканитæ; æдзух дæр сæ фендзынæ къренделиты баст, сылгоймаг сырх кæлмæрзæны мидæг, сапоны пут, маст æхсæртæ цалдæр джиранкайы, топп æхсыны сабантъы, хуымæтæджы хъуымацы тыхтон æмæ къупецы дыууæ уæйгæнæджы, æдзухдæр дуары цур мысанæй хъазгæйæ.
Фæлæ уездон горæт Б-йы бæхæфсæддон полкъ куы рлæууыд, уæд йæ хуыз бынтон аивта. Уынгтæ сæрттывтой, змæлæг сæ сарæх, иудзырдæй, бынтон фендæрхуызон сты. Ныллæг хæдзæрттæ арæх уыдтой сæ рæзты хæрзконд афицер, йæ сæрыл бæрзонд султан, афтæмæй цæрдæг цæугæ йе мбалмæ кондады тыххæй, хорз тамакойы тыххæй аныхас кæнынмæ, кæнæ та цæмæй инæлары сусæгæй къамæй хъазты æрæвæра, полкъыл нымад чи уыди, уымæн æмæ полкъæй æддæмæ нæ цæугæйæ, алкæйы къухмæ дæр хаудта: абон ыл тезгъо кодта майор, райсом фæзындзæн поручикы бæхдоны, къуырийы фæстæ та кæс æмæ йæ майоры фæсдзæуин сæрды салæйæ, уыцы бричкæ. Хæдзæртты хсæн фæйнæг быруйыл кæрæй-кæронмæ салдæтты худтæ хурмæ хус кодтой: кулдуарыл æдзухдæр ауыгъдæй лæууы цъæх цинел; уынгты фæзилæнты фембæлдаис дзабырсæрфæн щеткæйы хуызæн хъæбæр-хъис рихиджын салдæттимæ. Уыцы рихитæн фенæн уыдис алы ран дæр. Сылгоймæгтæ æд куыситæ базары куы æрæмбырд вæййынц, уæддæр ce уæхсчы сæрты кæсынц уыцы рихитæ. Горæты уæлдæр адæм уыдысты, диакъоны усимæ иу хæдзары чи цард, æрмæст уыцы суды лæг æмæ æд-зонд, фæлæ æгас бон, сихорæй изæрмæ æмæ изæрæй сихормæ хуысгæ чи кодта, уыцы городничий. Ныр уыдоныл бафтыд æмæ сæ бахъæлдзæг кодтой афицертæ. Ноджы фæфылдæр æмæ фæхъæлдзæгдæр сты, бригады инæлар йæ фатер ардæм куы рбаивта, уæд. Окруджы пъамещиктæ, уый размæ сæ койдæр кæмæн нæ хъуыст, арæхдæр цæуын байдыдтой уездон горæтмæ, цæмæй афицертимæ фембæлой кæнæ та къамæй ахъазой, уый тыххæй; къамæй хъазт та кæд сæ зæрдæйы арф бынат рагæйдæр ахста, уæддæр сæ не вдæлд зæхкуыстæй, сæ устыты фæдзæхстытæ æххæст кæнынæй æмæ тæрхъусты фæдыл цуан кæнынæй. Тынг хъыг мын у, бригады инæлар стыр сихор цæй фæдыл арæзта, уый мæ зæрдыл кæй нал лæууы, уый; тынг бацæттæ кодтой уыцы сихормæ: инæлары цæлгæнæны кæрдты хъæр хъуысти суанг горæты кæронмæ. Базары хæринагæй цыдæриддæр уыди, уыдон хаст æрцыдысты уыцы сихормæ, æмæ ма суды лæг æмæ диакъоны усы къухы бафтыд æрмæст сауфагон ссадæй лауызтæ æмæ крахмалы кисель бахæрын. Инæлары къаннæг кæрт байдзаг уазджыты файтæдтæ æмæ къаласкæтæй. Хуынды уыдысты нæлгоймæгтæ: афицертæ æмæ окруджы пъамещиктæй чидæртæ. Пъамещиктæн се ппæтæй бæрæгдæр уыд Пифагор Пифагорович Чёртокуцкий, Б... уезды зындгонддæр аристократтæй иу, дворянты æвзæрстытæм-иу цæхæртæкалæг экипажы чи æрбацыд æмæ-иу æппæты фылдæр чи хъæлæба кодта. Уый раздæр службæ кодта бæхæфсæддон полчъытæй иуы, уыдис зынгæдæр афицертæй иуыл нымад. Сæ полкъ-иу кæм æрлæууыд, уым-иу æй арæх фендæуыдаид кафтизæрты æмæ æмбырдты; уæвгæ уый тыххæй бæлвырд зæгъиккой Тамбовы æмæ Симбирскы губернæйы чызджытæ. Чи зоны, æмæ иннæ губернитыл дæр айхъуыстаид йæ хорзы кой, иу хъуыддаджы тыххæй йæ службæ куы нæ ныууагътаид, уæд: бæлвырд нæ хъуыды кæнын, кæддæр йæхæдæг кæйдæр ныццавта, æви йын йæхи ныццавдæуыд, уый, фæлæ бæлвырд y уый, æмæ йын йæ службæ кæй ныууадзын кодтой. Уæвгæ уыцы хъуыддагæй уый йæхи дæлдæр не руагъта: дардта æфсæддон мундиры хуызæн даргъгуыр фрак, йæ цырыхъхъытыл шпорæтæ, йæ фындзы бын рихитæ, уымæн æмæ æнæ уыдон дворянтæ афтæ фенхъæлдтаиккой, цыма уый фистæг æфсады службæ кодта, фистæг æфсады та уый æнæрвæссон нæмттæй хуыдта куы пехтурæ, куы та пехонтари. Æппæт Уæрæсейы сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, чызджытæ æмæ гуыбынджын пъамещиктæ бричкæты æмæ рæсугъд къаретты хъæлдзæг кæнынмæ цы бирæ армукъатæм цыдысты, уыдоны-иу се ппæты дæр уыдис Пифагор Пифагорович. Уайтагъд-иу базыдта, бæхæфсады полкъ кæм лæууы, уый æмæ-иу уырдæм бацыд афицерты фенынмæ. Цæрдæг-иу рагæпп кодта сæ разы йæ рог къаласкæйæ æмæ-иу уайтагъд базонгæ ис семæ. Фæстаг æвзæрстыты дворянтæн сарæзта ивгъуыд хорз сихор æмæ сын фехъусын кодта, сæхицæн æй разамонæгæй куы равзарой, уæд дворянты сæ къахыл фидар кæй слæууын кæндзæн. Йæхи дардта æцæг стыр барины хуызæн, ракуырдта дзæбæх чызджы, йемæ ма йын райста ноджы 200 зæхкусæджы æмæ цалдæр мины æхца. Æхцатæй уайтагъд æлхæд æрцыд æхсæз хорз бæхы, сыгъзæрин донытылд гуыдыртæ, æрмахуыр маймули æмæ францусаг лæггадгæнæг. 200 зæхкусæджы та йæхиуæттимæ æвæрд æрцыдысты ломбарды цавæрдæр пайдайы хъуыддаджы тыххæй. Иудзырдæй, уый уыдис, куыд æмбæлы, ахæм пъамещик... Бæрæг пъамещик. Инæлары сихоры ма уыдис æндæр пъамещиктæ дæр, фæлæ уыдон ныхас аккаг не сты. Иннæ хуынд адæм иууылдæр уыдысты уыцы полчъы æфсæддонтæ æмæ дыууæ штаб-афицеры: булкъон æмæ ставдгомау майор. Инæлар йæхæдæг уыди нард æмæ ставд, афицертæ дзы куыд дзырдтой, афтæмæй хорз начальник. Дзырдта бæзджын хъæлæсæй. Сихор уыдис хорз æмæ бæркадджын: осетринæ, кæф, стерлядтæ, дудахъхъытæ, спаржæ, уæрццытæ, хуыргæрчытæ, зокъотæ; уыцы хæринæгтæй бæрæг уыдис, хæринаггæнæг знонæй нырмæ йæ дзыхы хъарм комдзаг кæй нæма акодта, ноджы йын цыппар салдаты æхсæвбонмæ æххуыс кодтой, мæргъты æргæвстой, лыгтæ сæ кодтой. Æнæкæрон бирæ алыхуызон ност даргъхъуыр æмæ цыбырхъуыр æвгты, диссаджы сæрдыгон бон, гом рудзгуытæ, стъолыл тæбæгъты мидæг их, инæлары ныхас рæстæгæй-рæстæгмæ кæй сæрты айхъуысы æмæ шампайнаг сæн кæй бауымæл кæны, ахæм хъæлдзæг ныхас, алцыдæр уыдис нывыл. Сихоры фæстæ иууылдæр сыстадысты, сæ хæрд сæ ахсæнты æхсызгон уæз кодта, фæйнæ лулæйы бадымдтой, стæй сæ къофийы къустæ сæ къухты, афтæмæй уатæй райдзаст тыргъмæ рацыдысты.
«Гъеныр ын ис фенæн», загъта инæлар. «Марадз, мæ хæлар», бадзырдта рæвдз æмæ зæрдæмæдзæугæ æрыгон адъютантмæ, «æрбакæнын кæн ардæм сырх ефсы! Фендзыстут æй уæхæдæг». Ам инæлар сцъырдта лулæ æмæ йæ дзыхæй ауагъта тамакойы фæздæг. «Аккаг зылд æм нæма уыд: æвзæр горæты нывыл скъæт нæй. Бæх, пуф, пуф, ивгъуыд хорз у!»
«Æмæ дæм, дæ бæрзонддзинад, пуф, пуф, рагæй ис?» загъта Чертокуцкий.
«Пуф, пуф, пуф... пуф, уый бæрц рагæй нæ. Æрмæст дыууæ азы размæ йæ ракодтон заводæй!»
«Æмæ ивтыгъд уыди, афтæмæй йæ райстай, æви. йæ ам дæхæдæг сивтыгътай?»
«Пуф, пуф, пу, пу ... ... ... ф, ам, мæхæдæг», афтæ зæгъгæйæ, инæлар бынтондæр тамакойы фæздæджы бын фæци.
Уалынджы бæхдонæй рагæпп кодта салдат, райхъуысти бæхы къæхты хъæр, стæй фæзынд æндæр салдат, стыр сау рихиджын, йæ фæдыл уидонæй ласта бæх, бæх тарсти, схъиудтытæ кодта, йæ сæр æвиппайды хæрдмæ афтæ тыхджын фелвæста, æмæ салдаты æд рихитæ зæххæй уæлæмæ фæцæй иста. «Æнцад, æнцад, Аграфенæ Ивановнæ!» дзырдта салдат, бæх тыргъы размæ ласгæйæ.
Ефс хуынди Аграфенæ Ивановнæ: фидар арæзтытæ æмæ фыдуаг, хуссар бæстаг рæсугъд сылгоймаджы хуызæн, хъæдын тыргъыл йæ къах скъуырдта æмæ æвиппайды æрлæууыд.
Инæлар йæ лулæ æруагъта æмæ стыр разыйæ кæсын райдыдта Аграфенæ Ивановнæмæ. Булкъон йæхæдæг тыргъæй æрхызти æмæ бавнæлдта бæхы бырынкъмæ. Майор йæхæдæг æрхоста Аграфенæ Ивановнæйы уæрджытæ, иннæтæ та се взæгтæй дисы цъыччытæ кодтой.
Чертокуцкий æрхызти тыргъæй æмæ фæстæрдыгæй бацыд бæхмæ. Салдат схъæл лæугæйæ, хæцыд уидоныл æмæ комкоммæ касти уазджыты цæстытæм, цыма сæ багæпп ласынмæ хъавыд. «Тынг хорз, иттæг хорз!», загъта Чертокуцкий, «хæрзконд бæх! Æмæ, дæ бæрзонддзинад, цæугæ та куыд кæны?»
«Йæ цыд хорз у: æрмæст... хæйрæг йæ зонæг; уыцы æдылы ферсыл ын бадардта цыдæр хостæ æмæ ныр дыууæ боны æнæнцойæ æхснырсы.»
«Тынг, тынг хорз у. Фæлæ ма йын йæ аккаг экипаж дæр ис?»
«Экипаж? Æмæ саргъы бæх куы у.»
«Уый зонын, фæлæ мæ фæнды базонын, дæ иннæ бæхтæн дæр ис нывыл экипаж?»
«Раст зæгъгæйæ, экипажтæ мæм фаг нæй. Æз рагæй бæллын нырыккон къаласкæ балхæнынмæ. Me фсымæрмæ фыстон Бетырбухмæ, фæлæ нæ зонын, сæрвитдзæн мын æви нæ.»
«Мæнмæ гæсгæ, дæ бæрзонддзинад», загъта булкъон: «венæйаг къаласкæйæ хуыздæр нæй.»
«Раст зæгъыс, пуф, пуф, пуф.»
«Мæнмæ, дæ бæрзонддзинад, ис æцæг венæйаг иттæг хорз къаласкæ.»
«Кæцы? Кæм æрбацыдтæ, уый?»
«Нæ. Уый афтæ мæхæдæг хуымæтæджы рацу-бацу кæм кæнын, ахæм у, фæлæ дын кæмæй зæгъын, уый... уый ивгъуыд хорз у, бумбулиау рог, стæй дзы куы сбадай, уæд, бахатыр кæн, цыма дæ авдæны узыдæуы, раст дæм афтæ кæсдзæн».
«Ома æнцад æмæ фæлмæн у?»
«Тынг, тынг æнцад, базтæ, хъандзалтæ цыма нывы арæзт сты, афтæ».
«Уый хорз.»
«Æмæ дзы цæугæ та цас кæны, ахæм дзы уынгæ дæр никуыма фæкодтон æз. Æз службæ куы кодтон, уæд мæ асыччы цыдис 10 авджы ром æмæ 20 джиранкайы тамако, уымæй уæлдай ма мæм уыд æхсæзмæ ввахс мундиртæ, мидæггаг дзауматæ æмæ дыууæ лулæйы, дзыппыты та æнæхъæн гал цæвæрæн уыдис.»
«Уый хорз у.»
«Æз ыл, дæ бæрзонддзинад, бафыстон 4000 сомы.»
«Йæ аргъмæ гæсгæ хорз хъуамæ уа, æмæ йæ дæхæдæг балхæдтай?»
«Нæ, дæ бæрзонддзинад, æнæнхъæлæджы мæ къухы бафтыд. Балхæдта йæ мæ рагон хæлар, хорз адæймаг, ды дæр тынг схæлар уаис йемæ, не, хсæн дæу у-мæн y нæй. Йæ къаласкæ йын æз къамæй рамбылдтон. Фæнды мæ, дæ бæрзонддзинад, кад мын куы скæнис æмæ мæм райсом сихор хæрынмæ куы рбацæуис, къаласкæ дæр фендзынæ.»
«Нæ зонын, цы дын зæгъон. Иунæгæй æрбалæууын мæм куыддæр кæсы... Кæд афицертæн дæр бар ис мемæ æрбацæуынæн, уæд...»
«Афицертæй дæр курын зæрдиагæй. Господа, стыр кадыл æй банымайдзынæн, райсом уæ мæ хæдзары куы фенон, уæд!»
Булкъон, майор æмæ иннæ афицертæ сæртæй акувгæйæ раарфæ кодтой.
«Æз, дæ бæрзонддзинад, афтæ хъуыды кæнын, æмæ дзаума куы лхæнай, уæд æнæмæнг хорз æлхæнын хъæуы, æвзæр дзаума æлхæнын аккаг дæр нæу. Райсом мæм куы саккаг кæнат, уæд уын æз равдисдзынæн, æз мæхæдæг мæ хæдзарады цы ног хъуыддæгтæ бакодтон, уыдон.»
Инæлар æм бакаст æмæ тамакойы фæздæг рауагъта йæ дзыхæй.
Чертокуцкий йæхицæй тынг разы уыд, афицерты йæхимæ æрбахонын кæй сфæнд кодта, уымæй, йæ сæры рагацау закъаз кодта фыдджынтæ æмæ лывзæтæ, хъæлдзæгæй каст афицертæм, уыдон дæр æм дыууæ хатты хæлардæр фесты, уый бæрæг уыд сæ цæстæнгасыл æмæ-иу ын сæ сæрæй куыд акуывтой, уымæй. Чертокуцкий фæкъæйныхдæр, йæ хъæлæс æхсызгон лæгъздæр фæци.
«Уым, дæ бæрзонддзинад, базонгæ уыдзынæ хæдзары æфсинимæ.»
«Тынг æхсызгон мын у», загъта инæлар, йæ рихитæ даугæйæ.
Уый фæстæ Чертокуцкийы фæндыд æвæстиатæй сæхимæ ацæуын, цæмæй райсом уазджыты суазæг кæнынмæ йæхи рагацау бацæттæ кæна, уый тыххæй, йæ худ дæр райста йæ къухмæ, фæлæ афтæ рауад, æмæ ма бафæстиат цасдæр рæстæджы. Уæдмæ уаты æрæвæрдтой хъазæн стъолтæ. Уайтагъд адæм фæдихтæ сты æмæ инæлары къомнæтты райдыдтой къамæй хъазын. Цырæгътæ æрбахастой. Чертокуцкий бирæ фæхъуыды кодта, хъаза æви ма хъаза. Фæлæ йын афицертæ дзурын куы байдыдтой, уæд йæ сæрмæ нал бахаста æмæ æрбадти. Уайтагъд йæ разы февзæрд нозт агуывзæйы æмæ йæ, æнæ ахъуыды кæнгæйæ, æвиппайды. анызта. Дыууæ хъазты куы акодта Чертокуцкий, уæд та йæ къухы февзæрд агуывзæ æмæ та йæ æнæрхъуыдыйæ анызта, «мæнæн нæхимæ цæуын афон у», зæгъгæйæ. Фæлæ та æрбадти иннæ хъазтмæ дæр. Уыцы рæстæджы уаты алы къуымты бадæг адæм ныхæстæ кодтой сæхицæн. Хъазгæ чи кодта, уыдонæй ныхас уый бæрц нæ хъуыст, фæлæ чи нæ хъазыд, уыдон фæсвæд фæхсбандонтыл бадгæйæ сæхицæн ныхæстæ кодтой. Иу къуымы штаб-ротмистр, баз йæ фæсонты бын æркæнгæйæ, йæ дзыхы лулæ, афтæмæй æргомæй дзырдта, сылгоймæгтимæ йын цы цаутæ æрцыд, уыдон æмæ йæм йæ алфæмблай адæм æнæ сыбырттæй хъуыстой. Иу фыд ставд æмæ стыр картофты хуызæн цыбыр къух пъамещик стыр зæрдиагæй хъуыста æмæ йæ цæсгомыл бæрæг уыд, æхсызгон ын кæй сты, уыцы ныхæстæ, уый, æрмæст-иу хаттæй-хатт архайдта йæ цыбыр къухтæй йæ фæтæн чъылдымы фæстæйæ тамакодон райсыныл. Иннæ къуымы стынг ис ныхас баталионы ахуыры тыххæй æмæ-иу Чертокуцкий, дамæйы бæсты дыууæ хатты валет æрæппаргæйæ, æвиппайды йæ ныхас баппæрста куы иутæм, куы иннæтæм æмæ-иу къуымæй фæхъæр кодта: кæцы азы? Кæнæ кæцы полчъы? йæ фарста ныхасмæ хæстæг нæ цыд, уый дæр не мбæрста, афтæмæй.
Æхсæвæр сцæттæмæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй фæци хъазт, фæлæ ма йæ кой кодтой. Бæрæг уыдис, хъазт сæ сæры фидар кæй уыди, уый. Чертокуцкийы зæрдыл бæлвырд лæууыди, бирæ кæй рамбылдта, фæлæ йæ къухæй кæй ницы райста, уый æмæ стъолы цурæй сыстгæйæ, бирæ фæлæууыд, йæ дзыппы фындзы кæлмæрзæн кæмæн нæй, ахæм адæймаджы лæудæй. Уалынмæ æхсæвæр æрæвæрдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, нозт дзы уыди фаг æмæ-иу Чертокуцкий рæстæгæй рæстæгмæ æнæрхъуыдыйæ йæхицæн агуывзæйы æркодта нозт, уымæн æмæ йæ фæйнæ фарс лæууыдысты æвгтæ.
Стъолы уæлхъус ныхас ныддаргъ ис. Иу пъамещик, 1812 азы хæсты чи уыд, ахæм радзырдта ахæм хабæрттæ, хæстыты мидæг æппындæр чи никуы уыди, стæй графины къæрмæг систа æмæ йæ пирожныйы фæцавта, цæмæн афтæ бакодта, уымæн бæрæг нæ уыд. Иудзырдæй, сæ хæдзæрттæм цæуын куы райдыдтой, уæд уыди æртæ сахаты æмæ бæхтæрджыты бахъуыд кæйдæрты дзы сæ хъæбысы рахæссын, æмæ Чертокуцкий, къаласкæйы бадгæйæ, кæд йæхи сæрæстырæй дарыныл архайдта, уæддæр йæ сæрæй афтæ ныллæг акув-акув кодта, æмæ йæ рихиты сæхимæ баласта дыууæ ичъийы.
Чертокуцкийы бацыдмæ хæдзары иууылдæр хуыссыдысты; бæхтæрæг тыххæй ссардта, фæсдзæуины æмæ уый йæ господины хæссæгау бакодта хæдзармæ æмæ йæ бакодта лæггадгæнæг чызджы бар, æмæ уый фæдыл Чертокуцкий тыхтæй-мадзæлттæй бахæццæ йæ уатмæ æмæ æрхуыссыд йæ æрыгон рæсугъд усы фарсмæ. Лæг сынтæгыл куы бахаудта, уæд фынæй ус райхъал. Ус йæхи аивæзта, йæ цæсты хаутæ уæлæмæ сивæзта, стæй йæ цæстытæй чысыл мæсты каст скодта æмæ мæсты худт бакодта, фæлæ куы федта, йæ лæг æй ацы хатт рæвдауын фæнд нæ кæны, уæд мæсты здæхт акодта иннæрдæм æмæ, йæ лæгъз рус йæ къухыл æруадзгæйæ, уайтагъд афынæй.
Уыди, хъæуты раджы кæй нæ хонынц, уыцы афон, æрыгон ус йæ фынæй лæджы фарсмæ куы райхъал, уæд. Дысон йæ лæг цыппæрæм сахатыл æрбацыди, уый йæ зæрдыл куы рбалæууыд, уæд ын фæтæригъæд кодта æмæ йæ нæ райхъал кодта, йæхæдæг, йæ лæг ын Бетырбухæй кæй сласын кодта, уыцы уатон басмахъытæ скодта æмæ йæ урс кофтæйы рацыд æхсæндонмæ, йæхи хуызæн сатæг донæй ныхсадта йæхи, стæй бацыд айдæны размæ. Йæхимæ иу дыууæ хатты бакаст айдæнмæ æмæ федта, йæ хуыз абон тынг хорз кæй у. Уыцы чысыл хъуыддаджы фæдыл айдæны раз фæбадт дыууæ сахатæй фылдæр. Стæй иттæг дзæбæх сарæзта йæхи æмæ рацыд хæдзары цур цæхæрадонмæ йæхи ауазал кæнынмæ. Цыма барæй афтæ уыд, уыйау уыд, хуссайраг сæрдыгон бон йæхицæй цæмæй раппæла, ахæм хорз рæстæг. Хур схæццæ арвы астæумæ æмæ тынг æндæвта; фæлæ бæлæсты аууоны уазалы тезгъо кæнгæйæ тæвд нæ уыд, стæй дидинджыты хур куы ртавта, уæд сæ рæсугъд тæф æртæ хатты фæтыхджындæр. Хорз æфсинæй бынтон ферох, 12 сахаты кæй сси æмæ ма йæ лæг фынæй кæй у, уый. йæ хъустыл цыди, дыууæ бæхтæрæджы æмæ иу форейтор фæссихор цæхæрадоны фæстæ бæхдоны куыд хуыр-хуыр кодтой, уый. Фæлæ сылгоймаг бадти бæзджын бæлæсты бын æмæ касти стыр фæндагмæ. Иу заманы уыцы фæндагыл æрбазынди рыджы мигъ. Æдзынæг дæр æм куы ныккасти, уæд федта цалдæр экипажы. Сæ разæй цыди дыууæбынатон рог гом къаласкæ; уым булкъонимæ бадти инæлар, йæ бæзджын эполеттæ хурмæ цæхæр калдтой. Уый фæстæ згъордта цыппарбынатон къаласкæ, уым бадти майор, инæлары адъютант дыууæ афицеримæ; къаласкæйы фæстæ згъордта полчъы зындгонд дрог, ацы хатт дзы бадти нард майор; уый фæстæ цыди цыппарбынатон рагон экипаж, бадти дзы цыппар афицеры, фæндзæмыл та сæ къухтæй хæцыдысты; уыцы экипажы фæстæ зындысты æртæ афицеры рæсугъд сырх бæхтыл.
«Махмæ, мыййаг, ма цæуой?» ахъуыды кодта хæдзары æфсин. «Æллæх, æллæх, æцæгæй хидыл фæзылдысты!» сылгоймаг фæхъæр кодта, йæ къухтæ сцагъта æмæ дидинджыты сæрты уыцы згъордæй смидæг ис йæ лæджы уаты. Лæг уыдис карз фынæй.
«Сыст, сыст! Сыст уæлæмæ тагъддæр!» хъæр кодта ус, лæгæн йæ къухтæ ивазгæйæ.
«И?» æнæбары сдзырдта Чертокуцкий, йæ цæстытæй нæ ракæсгæйæ.
«Сыст, Пульпультик! Нæ хъусыс? Уазджытæ!»
«Уазджытæ? Цавæр уазджытæ?» Уый зæгъгæйæ, Чертокуцкий багуым-гуым кодта, род йæ мады фæдджитæ агургæйæ куыд багуым-гуым кæны, афтæ. «Мм..» хъуыр-хъуыр кодта: «дæ дæллагхъуыр мæм æрбадар, Моньмуня! апъа дын кæнон.»
«Мæ уды гага, курын дæ, æмæ тагъддæр фест.
Инæлар нæм æрбацæуы афицертимæ! Æллæх, уый дæ рихиты ичъитæ куы ис.»
«Инæлар? Æмæ æрбацæуы? Ау, æмæ мæ куыд ничи райхъал кодта. Æмæ сихор цæттæ у, куыд æмбæлы афтæ рæвдз y алцы дæр?»
«Цæй сихор?»
«Æмæ дын дысон нæ загътон?»
«Ды мæнæн загътай? Дысон ды æрбацыдтæ 4 сахатыл, æмæ дæ æз цас фæфарстон, фæлæ мын ды ницы загътай. Æз дæ, Пульпультик, уымæн нæ райхъал кодтон, æмæ дын тæригъæд кодтон: ницы бафынæй дæ...» Фæстаг ныхæстæ сылгоймаг загъта стыр лæгъстæйы хуызы.
Чертокуцкий йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта, афтæмæй æрвдзæфау баззад йæ хуыссæны. Стæй йæ хуыссæнæй рагæпп кодта айдагъ мидæггаг хæдоны, афтæ кæй не мбæлы, уый дæр дзы æрбайрох.
«Мæнæ цы бакодтон!» фæхъæр кодта, тымбыл къухæй йæ сæр ныццæвгæйæ. «Абонмæ сæ сихор хæрынмæ куы хуыдтон! Цы бачындæуа? дард ма сты?»
«Нæ зонын, цы чындæуа... ныртæккæ сæ ардæм хъæуы».
«Мæ уды гага, бамбæхс искуы!.. Эй, уым ничи ис, æдылы къоппа чызг, цæмæй тæрсыс, рæвдз згъоргæ, ныртæккæ æрбацæудзысты афицертæ. Зæгъ сын, барин ам нæй, зæгъгæ. Зæгъ сын, райсомæй раджы кæдæмдæр ацыд æмæ абон æппындæр нæ уыдзæн ам, хъусыс! Æххуырстытæн се ппæтæн дæр бамбарын кæн, згъоргæ тагъд!»
Афтæ дзургæйæ Чертокуцкий йæ халат тагъд-тагъд раскъæфта æмæ азгъордта экипаждон сарамæ æмбæхсынмæ, уым бынтон æдас уыдзынæн, зæгъгæ, æнхъæлæй. Фæлæ сарайы къуымы куы слæууыд, уæд бамбæрста, уым дæр æнцон фенæн кæй уыд, уый. «А, уым хуыздæр уыдзæн», февзæрд йæ сæры хъуыды, æмæ тагъдгæнгæ хæстæгдæр къаласкæйы асинтæ иуæрдæм аппæрста, къаласкæйы мидæмæ багæпп кодта æмæ йын йæ дуар йæхиуыл æрбахгæдта, ноджы ма йæхи æрбамбæрзта фартук æмæ бозийæ æмæ къуымы тымбылтæй ныхъхъус ис. Уæдмæ экипажтæ æрбахæццæ сты тыргъы размæ.
Инæлар рахызт æмæ йæ рыгтæ ацагъта, йæ фæдыл булкъон, йæ къухы йæ худы султан дзæбæхтæ кæнгæйæ. Уый фæстæ рахызти ставд майор, йæ фарсыл æхсаргард. Стæй рагæппытæ кодтой къæсхуыр подпоручиктæ, сæ къухтæй кæуыл хæцыдысты, уыцы прапорщикимæ, æппынфæстаг сæ бæхтæй æргæппытæ кодтой, саргъыбæхæй чи уыд, уыцы афицертæ.
«Барин ам нæй», тыргъмæ рахизгæйæ, загъта фæсдзæуин.
«Куыд нæй? Æмæ сихормæ дæр хъуамæ ма уа?»
«Нæ уыдзæн. Абон æппындæр нæ уыдзæн. Райсом ацафон кæд æрбаздæха, уымæй раздæр нæ уыдзæн».
«Уый дын гъе!» бадис кодта инæлар: «уый та куыд?»
«Уый хъуыддаг у, гъе!» худгæйæ загъта булкъон.
«Нæ, афтæ куыд хъуамæ бакодтаид», мæстыгæнгæйæ дарддæр дзырдта инæлар: «пуй, æнæгъдау... Дæ бон нæу, уæд дæ чи хонæг кæны?»
«Æз, дæ бæрзонддзинад, не мбарын, адæймаг куыд хъуамæ бакæна афтæ», загъта иу æрыгон афицер.
«Цы?», загъта инæлар: æдзухдæр афтæ афæрсы инæлар, обер-афицеримæ куы фæныхас кæны, уæд.
«Ома, зæгъын, не мбæлы афтæ кæнын, дæ бæрзонддзинад.»
«Кæй зæгъын æй хъæуы... Дæ къухы нæ бафтыд, уæд хъусын уæддæр фæкæнын кæн, кæннод та хонгæ ма кæн.»
«Цæй, дæ бæрзонддзинад, ницы гæнæн ис, цæуæм фæстæмæ!» загъта булкъон.
«Æмæ ма уæдæ цы ми кæнæм. Уæвгæ къаласкæ æнæуый дæр нæ бон y фенын. Йемæ йæ нæ ахастаид. Эй, уым чи ис, рауай ма ардæм!»
«Цы зæгъдзынæ?»
«Ды бæхгæс дæ?»
«Бæхгæс, дæ бæрзонддзинад»
«Барин æрæджы кæй балхæдта, уыцы ног къаласкæ ма нын фенын кæн.»
«Рацæут мæ фæдыл сарамæ!»
Инæлар араст и афицертимæ сарамæ.
«Мæнæ, фенут æй, æз æй æддæдæр раласон, ам талынг у.»
«Æгъæд, æгъæд, хорз у.»
Инæлар æмæ афицертæ æрзылдысты къаласкæйы алыфарс æмæ йын бæстон федтой йæ цæлхытæ æмæ йæ хъандзæлттæ.
«Ахæм диссагæй дзы ницы ис», загъта инæлар, «бынтон хуымæтæджы къаласкæ.»
«Бынтон хуымæтæджы», загъта булкъон: «æппындæр æм ницы ис хорзæй.»
«Мæнмæ гæсгæ, дæ бæрзонддзинад, цыппар мины аргъ нæу.»
«Цæй цыппар мины! дыууæйы аргъ дæр нæу. Мурдæр дзы ницы ис хорзæй. Кæд дзы мидæгæй исты ис ахæм диссагæй. Бæхгæс, райгом ма йын кæн йе мбæрзæн.»
Æмæ дын уæртæ Чертокуцкий къаласкæйы къуымы æнахуыр тымбылтæй бады...
«А, ам дæ!». дисгæнгæ загъта инæлар.
Афтæ зæгъгæйæ инæлар фæстæмæ бакъæрцц кодта къаласкæйы дуар, Чертокуцкийы фæстæмæ æрæмбæрзта фартукæй æмæ афардæг ис афицертимæ.
(Тæлмацгæнæг Цæлыккаты М.)
Æнкъард кæнын хæдзары æз.
Ой, тагъддæр алас, тагъддæр мæн,
Бæстæ рвнæрæгау кæм кæны,
Чызджыты кафтæй зæхх кæм нæры,
Кæм зарынц лæппутæ фæрнæй!
Куыд бæллиццаг, куыд æмбисонд вæййы сæрдыгон бон Малороссийы! Куыд ныддаргъ вæййынц æмбисбоны сахæттæ, хур йæ тынджы куы бацæуы æмæ цъæх арвы астæуæй æрттивын куы байдайы, уæд. Бæстæ багуыппæг вæййы æмæ фыр æнтæф, фыр æнудæй сулæфæн нал вæййы. Æнæкæрон уæларвон цъæх денджыз йæ къабæзтæ фæйнæрдæм фæхæссы, стæй сæ уырдыгмæ рауадзы, цыма зæххы йæ хъæбысы æрбанордынмæ фæхъавы æмæ цыма, уый дæр адджын фынæй бавæййы, уыцы диссаджы уæлдæфон хъæбысы, афтæ зынын байдайы! Арвыл къæмы мур нал вæййы. Быдыртæй сыбыртт нал фæцæуы. Цыма дуне мæлгæ акæны; æрмæстдæр ма бæрзонд арвы хъæбысы зыр-зыр кæны уаддым цъиу æмæ йæ зарæджы æвзист зæлтæ уæлдæфон асины къæхтыл бынмæ тæхынц уарзæгой зæхмæ, стæй-ма рæстæгæй-рæстæгмæ хуыргарк, кæнæ уæрццы уасын дæр азæлы быдыры. Æнæрхъуыды, джихæй, æнæхъуаджы тезгъогæнджытау лæууынц, сæ цъуппытæ æврæгътæм кæмæн хæццæ кæнынц, уыцы тулдз бæлæстæ. Æмæ сыл хур йе рттиваг тынтæ куы ныккалы, уæд та æнæкæрон бирæ цæхæркалгæ сыгъзæрин цæппузыртау сæрттивынц сыфтæртæ, иннæтыл мæйдар æхсæвау сæ тар аууон æрытаугæйæ, æмæ уыдон дæр æнцад лæууынц дæлвæзты, цалынмæ дымгæ рацæуа æмæ уый руаджы феной хуры сыгъзæрин цæст, уæдмæ. Хæрзконд æхсынæны бур худтæ кæй сæрты фæлгæсынц, уыцы хъулæттæ цæхæрадæттыл алыхуызон зынаргъ дуртæ, æрттиваг хæрдоджытæ, æмæ налхъуыт-налмас цæппузыртæ гæр-гæр кæнынц уырдыгмæ. Хосы цъæх цъынатæ, æмæ мæнæуы сыгъзæрин куыристæ гуырвидауцæй, æнæкæрон тыгъд быдырты фæйлауæнтæ кæнынц. Балтæ, фæткъуытæ, чылауитæ æмæ кæрдо бæлæстæн сæ къабузтæ дардыл ныззилгæйæ æрзæбултæ сты фыр задæй; йæ арв сыгъдæг айдæн, йæ дæттæ згъорынц кæрдæгхуыз сæрыстыр бæрзонд фæлгуырты...Куыд хъæздыг у, куыд, Малороссийаг сæрд! Адæймаджы цард мондаг чи кæны, йæ зæрдæ йын чи ссудзын кæны, ахæм адджын уызæлæнтæй!
Гъе ахæм диссаджы тæмæнтæ калдта августы æнтæф бонтæй иу мин аст сæдæ... аст сæдæ...Ныр ыл иу дæс æмæ ссæдз азы цæудзæн, уæд Сорочинскы фæндаг, дæс версты бæрц гæрзæй-гæрзмæ цæдджинагау фыхтис, алы хæстæг æмæ дард хъæутæй армукъамæ чи тагъд кодта, уыцы адæмæй. Боны цъæхæй фæстæмæ фæндагыл тыны хал хæссæгау кæнын байдыдтой цæхх æмæ кæсаг чи ласта, уыцы чумактæ25. Хосы тыхт дурыны рæгътæ, фæндагыл сабыргай размæ цыдысты, цыма æнуд тыхт æмæ талынджы кæй уыдысты, ууыл æнкъард кодтой. Æрмæст дæр иу уæрдоны цъуппмæ амад кауын гуыффæйы сæрæй, искуы иу ранæй хъулæттæ ахуырст дурын къус кæнæ гоцъоби, йæхицæй æппæлæгау фæзындис, æмæ рæсугъд дзаума уарзджыты рæвдауæн мондаг цæстæнгас йæхимæ здæхта. Цæуджытæй бирæтæ хæлæг цæстæй бакæс-бакæс кодтой бæрзонд дурынгæнæгмæ, уыцы зынаргъ хæзнаты хицаумæ, уый дæр уæззау къахдзæфтæй цыдис йæ базайрæгты фæдыл æмæ йæ къленц хъал папылæйтты, ce сæфт кæмæй уыдтой, уыцы хосы бæлвырд тыхтытæ кодта.
Фæллад галтæ кæй ластой, иу ахæм галуæрдон, голджытæ, гæны рæгътæ, кæттаг æмæ алыхуызон хæдзары дзаумайæ, цармæ амадæй фæсвæдты хъеллау кодта иунæгæй, æмæ йæ фæдыл сыгъдæг кæттаг хæдон æмæ чъизи кæттаг хæлафы сабыргай хылдис йæ хицау. Зивæггæнаг къухæй асæрфы йæ саулагъз цæсгомыл лæсæнтæ чи кæны, уыцы хид, алкæмæдæр: рæсугъдæй, фыдуындæй æнæ бафæрсгæйæ чи фæзыны, уыцы æнæбасæтгæ хилдасæг, ныр цалдæр мин азы тыххæй цы пудрæй цæгъды, уымæй цагъд ын чи у, уыцы даргъ рихитыл дæр дæлæмæ цыхцырджытæй чи згъоры, уыцы хиды зæйтæ. Йæ фарсмæ, уæрдоны сæрхъæдыл бастæй цыдис ефс бæх. Ацæргæ кæй у, уый тыххæй йæ сабыр бакаст комдзог кæуыл цыдис, ахæм ефс. Йæ фæрсты чи цыдис, уыцы адæмæй-иу бирæтæ сæ худтæ систой нæ фæндаггоны размæ-иу куы рбахæццæ сты, уæд, уæлдайдæр та æрыгон лæппутæ. Æрмæст сæ нæдæр йæ урс рихитæ, нæдæр йæ уæздан къахдзæф кæнын кодтой афтæ. Æрмæстдæр дæ цæстытæ чысыл уæлдæр куы систаис, уæд федтаис, ахæм стыр кад ын цæмæн кодтой, уый: уæрдоны сæр бадтис тымбылдзæсгом, йе рттиваг рухс цæстыты сæрмæ æмхуызон, аив сау къæлæт æрфгуытæ бæрзонд кæмæн æрзылдысты, ахæм рæсугъд чызг. Йæ чысыл фæлмæн сырх былтæ, æнæмæт мидбылты худтысты. Алыхуызон сырх æмæ цъæх лентытæ, йæ даргъ дзыккутæ быдырон дидинджытимæ бæлвырд быдæй, айв, сæхи æрбатыхтой чызджы æмбисонды рæсугъд сæрыл. Афтæ зындис, цыма алцæмæ дæр йæ зæрдæ æхсайдта, алцы дæр ын уыдис диссаг, ног... æмæ йæ дзæбæх цæстытæ æнæрынцойæ иу диссагæй иннæмæ гæпп кодтой. Йæ цæстытæ, йæ хъуыдытæ куыннæ фæдзæгъæл уой лæгæн! Армукъайы фыццаг хатт куы уа, уæд! Æстдæсаздзыд чызг фыццаг хатт сæмбæлд армукъайы...Фæлæ иу цæуæг, иу фæндаггон дæр нæ зыдта цас лæгъзтæ кæнын бахъуыди чызджы йæ фыдæн, йемæ йæ цæмæй ауагътаид, уый тыххæй; уæвгæ фыдæн йæхи дæр бæргæ зæрдиагæй фæндыдис йæ акæнын, йæ налат фыды ус куынæ уыдаид, уæд, йæ бирæ азты куысты тыххæй ныр уæймæ кæй ласы, уыцы зæронд ефсы рохтыл куыд арæхстджынæй хæцыд фыд, йæхи рохтыл дæр ын афтæ чи хæцыд, уыцы фыды ус. Æнæнцой ус. Фæлæ мах ферох ус йæхæдæг дæр ам, уæрдоны цъуппыл кæй бадтис, уый, йæ уæлæ мыстулæгдзæрмтты хуызæн æрмæст дæр сырх уаццæгтæ хуыд кæмæн уыдис, ахæм кæрдæгхуыз, зынаргъ тæбын кофтæ, шахмæтты фæйнæгау хъулæттæ чи дардта, ахæм зынаргъ къаба æмæ джиппæйфыст хъуымацæй конд худ, æмæ йын уый йæ нард сырх цæсгомæн цыдæр уæлдай сæрыстырдæр хуыз лæвæрдта. Йæ бакасты уыдис цыдæр фыдæнгæс, цыдæр хъæддагдзинад æмæ йæм-иу чи фæкомкоммæ, уый та-иу æвæстиатæй йæ тарст цæстæнгас чызджы рдæм фездæхта.
Нæ бæлццæттæм бæлвырд зынын байдыдта цæугæдон Псел; дардæй уазал уддзæф хаста æмæ уыцы фæлмæцынгæнæн фыд æнтæфы фæстæ уæлдай хуыздæр хъардта зæрдæмæ. Уыгæрдæнты, æдзæлгъæд хæлиугонд чи у, уыцы тар æмæ фæлурс-кæрдæгхуыз сыфтæрты, бæрз æмæ гæдыбæлæсты æхсæнæй сæрдтывтой уазал æндæвд зынг стъæлфæнтæ æмæ рæсугъд цæугæдон æрттивгæ байгом кодта йæ фæтæн риу, бæлæсты кæрдæгхуыз дадалитæ кæй сæрмæ зæу-зæу кодтой, уыцы æвзист риу. Хивæнд хъалдон, йе нæсайгæ айдæныл, йæ тæмæнтæ калгæ æрттиваг тæрныхыл куыд æмбисоны бæллиццаг свæййынц, уыцы мондагуадзæн сахæтты, сæрыстыр, хъалдзинад, бурхил сæрæй чи æрхауы, уыцы тар уылæнтæй фæлгонцгонд фидауцджын уæхсчытæ, æмæ мрамæр дæллагхъуыртæ: æмæ куыд æлгъгæнгæ, куыд ницæмæ даргæйæ фехсы йæ иу зынаргъ фæлыст иннæйы фæдыл, ногæй сæ цæмæй раива, уый тыххæй. Йæ тæргæйттæн та æппын кæрон нæй: йæ былгæрæттæ азæн ивд кæны, йæхицæн ног фæндаг æвзары, æмæ йæ алыфарс алыхуызон бынæттæ, рæсугъд æрдзы нывтæ цæмæй уа, ууыл архайы. Куырæйтты рæнхъытæ уæззау цæлхытыл хæрдмæ истой сæ фæтæн доны уылæнты, стæй сæ æхсарджынæй бынмæ зыввытт кодтой, уыдон дæр лыстæг пырхгæнгæйæ сæ алыфарс рыг тауæгау кæнгæйæ, сæ уынæр дардмæ хъуысти. Уыцы рæстæджы æрбахызт хидмæ нæ зонгæ бæлццæттимæ уæрдон æмæ сæм æввæтæнæг авджы хуызæн æххæстæй разындис диссаджы рæсугъд æмæ егъауæй дон. Арв, цъæх æмæ кæрдæгхуыз хъæдтæ, адæм, æддурын уæрдæттæ, куырæйттæ иууылдæр сфæлдæхтысты, сæ сæртыл хъен ныллæууыдысты. Лæугæ дæр æмæ цæугæ дæр кодтой сæ сæртыл, афтæмæй æнæкæрон æмбисонды рæсугъд æнæбын æрвхуыз сæрсæфæнмæ дæр нæ хаудтой. Нæ рæсугъд чызг, уыцы диссаджы æрдзы нывтæм кæсгæйæ хъуыдыты аныгъуылдис, суанг ма дзы æгас фæндаджы дæргъы афтæ зæрдиагæй кæй фехсыдта, уыцы æхсынæнтæ дæр æрбайрох сты. Уалынмæ диссаг, æваст йæ хъустыл ауад: «гъе уый дын чызг, гъе!»зæгъгæ, кæйдæр ныхас. Фæстæмæ куы фæкаст, уæд хидыл ауыдта къорд лæппуйы лæугæ, сæ иу, иннæтæй хъалдæр дарæсы, урс къандзол æмæ цъæх уæлдзарм худ йæ уæлæ, йæ къухтæ сины сæртыл, афтæмæй цæуджытæм цæхæрцæст каст кодта. Нæ рæсугъд чызг куыд нæ рхъуыды кодтаид лæппуйæн йæ хурсыгъд, фæлæ зæрдæдзуаг цæсгом æмæ цæхæрцæстыты. Цыма уыцы цæстытæ чызгæн йæ зæрдæйы цы ис, уыдон базонынмæ тырныдтой, уыйау æм фæкаст. Стæй ма кæд уыцы ныхас дæр уыцы лæппу загъта, зæгъгæ, куы ахъуыды кодта чызг, уæд фефсæрмы æмæ йæ цæстытæ æруагъта. «Æмбисонды чызг!»дзырдта ноджыдæр цъæх уæлдзарм худджын лæппу, йæ цæстытæ дзы иуварс нал иста, афтæмæй: «Æз. ме ппæт бынтæ дæр раттин уыцы чызгæн иунæг пъа акæныны тыххæй. Уæртæ дзы разæй та хæйрæг бады!» Алырдыгæй бæстæ худт ссис; фæлæ сабыр къахдзæфæй чи цыдис уæрдоны фæстæ, уыцы сæры хицауы хæрзарæст æмдзæринмæ мæнæ хорз нæ фæкастис, уыцы арфæ: йæ сырх уадултæ цæхæр фестадысты, æмæ амæй ай хуыздæр ныхæсты къæр-къæр ихуарæгау ныккодта уыцы хъæлдзæг, æнæфсæрм лæппуйы сæрыл.
«Æгуыппæг бау, дæ ахсæн дæ хъуыры фæбадæд, æвзæр бурлак. Дæ фыды сæрыл дурын ныппырх уæд! Ихыл дын бæрзæйсаст фæуæд, æнæхуыцау, æлгъыстаг! Дæ фыдæн мæрдты хæйрæг йæ зачъетæ сарауæд!»
«Бакæс ма уымæ, куыд æлгъиты!»загъта лæппу, усмæ дис цæстæй скæсгæйæ, стæй цыма уыцы арфæйы тыхджын æнæнхъæлæджы гæр-гæрæй бакатай кодта, уыйау: «Цы взаг ын ис, уыцы сæдæазыккон кæлæнгæнæгæн, рисгæ дæр ын нæ фæкæндзæн, уыцы ныхæстæ дзургæйæ.»
«Сæдæазыккон!..зæгъгæ ныхас аскъæфта зæронд «бæстырæсугъд» Чъизи уды хицау! Цæугæ æмæ уал дæхи цæхс раздæр! Æвзæр æгæнон! Æз дын дæ мады никуы федтон, фæлæ уæддæр ницæйаг, æлгъаг кæй у, уый зонын! Сæдæазыккон! Уымæн та йæ хъуымыз нырма йæ былтыл кæй ис...» Уæдмæ уæрдон хиды кæронмæ рахæццæ æмæ йын йæ фæстаг ныхæстæн фехъусæн нал уыд; фæлæ лæппуйы нæ фæндыд, æввæццæгæн, хъуыддаг ууыл аскъуынын: бирæ рахъуыды-бахъуыды нал акодта, фæлæ цъыфы тула фелвæста æмæ йæ усы фæдыл ныззылдта. Æхст куыд æнхъæл уыди, уымæй хуыздæр рауад: джиппæйфыст худ цы уыди, уымæй цъыфæй нал зынд æмæ лæппуты къæл-къæл дыууæ хатты тыхджындæрæй бæстæ ныццарыдта. Фыдæлтыккон къленц усæн йæ маст рафыхт: фæлæ уæдмæ сæ уæрдон адардис æмæ йæ мастисæн цæхæртæ ныккалдысты æнæ азым чызг, æмæ йæ сабыр æмдзæрæгыл, фæлæ уый рагæй y ахуыр уыцы митыл æмæ фидарæй йæхи урæдта, ницы дзырдта æмæ йæ мæстæлгъæд усы масты цæхæртæ йæ сæрыл куыд кæлынц, уый хъуыды дæр нæ кодта. Фæлæ уæддæр усæн йе вæлмæцгæ æвзаг къæр-къæр æмæ цоппай кодта йæ дзыхы, цалынмæ горæты кæрон сæ рагон хъазахъхъаг зонгæ, се мдзуарджын Цыбулы хæдзармæ бахæццæ сты, уæдмæ. Рагæй кæй нæ уал федтой, уыцы æмдзуаржынтимæ фембæлд ын уыцы масты хабары фæсырдта рæстæгмæ йæ сæрæй, уымæн æмæ армукъайы хабæрттыл ныхас кæнын æмæ сæ дард фæндаджы фæстæ иу чысыл сæ фæллад уадзыныл фесты.
О, хуыцау, ме сфæлдисæг хуыцау! Цынæ ис, уыцы армукъайы! Цалхæй, авгæй, дохтæй, тамакойæ, гæрзытæй, хъæдындз æмæ алыхуызон халсарæй... Иу ныхасæй дæ чыссæйы æнæхъæн æртæ туманы куы уа, уæддæр нæ балхæнис уыцы армукъайы иууылдæр.
Сымах æвæццæгæн искуы фехъуыстаиккат дард фæсвæд искуы чи кæлы, ахæм æхсæрдзæны, (донхауæны) хъæр, уымæн йæ алфамблай бæстæ тарст хуызæй нæрæгау кæнын байдайы æмæ æнæбæрæг æмбисонды рæсугъд мыртæ зилгæ дымгæйау адæймаджы размæ сыстынц æмæ сæмхæццæ вæййынц. Цыма раст гъе уыцы зæрдæйы уаг, уыцы хъуыдытæ нæ фæзынынц, æвиппайды лæгмæ, хъæууон армукъайы зилгæдымгæмæ куы бахауы, æгас дзыллæтæ куы сиу вæййынц æмæ сæ цавæрдæр æбуалгъ стыр цыдæр куы рауайы, æмæ йе гас гуырæй дæр куы банкъуысы фæзы дæр æмæ нарæг уынгты дæр хъæр, гуыв-гуыв, æмæ нæрын куы байдайы, уæд? Уынæр, загъд, хъæлæба, уасын, ниуын, богъ-богъ, абухын иууылдæр сиу вæййынц æмæ сæ рауайы алыхъæлæсон æмбу. Галтæ, голджытæ, хос, цигантæ, дурынтæ, сылтæ, прийаниччытæ, худтææппæт дæр алыхуызон тæмæнтæ калы, хъулон-мулон, хæццæтæ, къордгæйттæй ивылынц, къæхты бын тыхсынц, æмæ цæстыты раз тыбар-тыбур кæнынц. Алы хъæлæсон ныхæстæ сæ кæрæдзи нордынц, æмæ дзы иу ныхасæн дæр нæй равзарæн, иу ныхас дæр дзы нæ раирвæздзæн уыцы хъаймæтæй, иу хъæр дæр дзы бæлвырдæй нæ райхъуысдзæн. Æрмæст дæр армукъайы алы къуымтæй хъуысы сæудæджерты къухы цъыччытæ. Уæрдон асаст; æфсæйнаджы зыланг райхъуыст, уæрдонæй кæй раппæрсти, уыцы фæйнæг гыбар-гыбур кæны; сæр дзы разилы æмæ цы акæна, уый нал фæзоны. Не рцæуæггаг хъæууон лæг дæр йæ сауæрфыг чызгимæ рагæй йæ фæрстæ хафы адæмы хсæн. Иу уæрдонмæ бацыд, иннæйы асгæрста, æргътæ базоныныл архайдта; фæлæ йæ хъуыдытæ æнæрынцойæ уæймæ кæй сласта, уыцы ефс æмæ мæнæуы дæс голладжимæ архайдтой. Йæ чызгæн та йæ цæстæнгасыл бæрæг уыдис, ссад æмæ мæнæуы голджытæ амад кæм уыдис, уыцы уæрдæтты астæуты рабыр-бабыр кæнын æй мæнæ тынг кæй нæ фæндыдис, уый. Уымæн æхсызгондæр уыдаид, сырх лентытæ, хъуссæджытæ, къала æмæ æрхуыйæ конд крестытæ æмæ хъыбыллæтæ, рæсугъд ауыгъдæй кæм зæу-зæу кодтой, уыцы кæттаг цатыры размæ бауайын. Уæвгæ уый ам дæр ардта йæхи цæмæй аирхæфстаид, ахæм хъуыддæгтæ: худæгæй-иу бакъæцæл хъæууон лæг æмæ цигайнаг сæ кæрæдзи къухтæ куыд ныдздзæхст ластой æмæ сын-иу куы фæрыстысты, уæд-иу куыд фæхъæр кодтой, уымæ кæсгæйæ; кæнæ-иу дзуттаг сылгоймагæн туаг цымгæ26 куыд авæрдта; кæнæ сæудæджер устытæ кæрдзийæн алывыд куыд акалдтой; кæнæ москаль27 йæ иу къухæй йæ сæгъы боцъо куыд лæгъз кодта, иннæмæй та .....фæлæ æвиппайды фембæрста, чидæр ын йæ хæдоны рæтыд дыс куыд аивæзта, уый. Фæстæмæ фæкаст æмæ йæ уæлхъус лæууы цъæх уæлдзарм худ кæуыл уыдис, уыцы цæхæрцæст лæппу. Чызгæн йæ нордтæ барыстысты, йæ зæрдæ цыфæнды цины сахат, цыфæнды зианы бон дæр куыд иикуы сгуыпп-гуыпп кодта, афтæ йæхи къултыл ныххоста: диссаг дæр æм фæкастис, лæппуйы фæзынд, æхсызгон дæр ын уыди, иу ныхасæй йыл цы рцыдис, уымæн йæхæдæг дæр ницы æмбæрста.
«Ma тæрс, мæ зæрдæ, ма тæрс!» Зæгъгæ йын дзырдта лæппу сабыргай, чызджы къух райсгæйæ: «Æвзæрæй дын ницы зæгъдзынæн!»
«Чи зоны, æвзæрæй мын кæй ницы зæгъдзынæ, уый æцæг дæр уыдзæн, ахъуыды кодта йæхи нымæры рæсугъд чызг: «Æрмæст мæнæн æхсызгон циндзинадæй мæ зæрдæ байдзаг... Æнхъæлдæн, ай цыдæр хæйрæг у! Дæхæдæг æй зоныс, æнхъæлдæн, афтæ кæй нæ бæззы, кæй нæ фидауы... фæлæ тых фаг нæй йæ къух лæппуйæ райсынмæ».
Фыд ракастис æмæ йæ чызгæн цыдæр зæгъынмæ хъавыдис, фæлæ иннæрдыгæй йæ хъусыл ауад иу ныхас: мæнæу. Уыцы кæлæнæй дзаг ныхас æй гъе уыцы тæккæ минутыл, хъæрæй чи ныхас кодта, уыцы дыууæ сæудæджергæнæгмæ хъусыныл бафтыдта, йæ хъуыдытæ уыдонырдæм сарæзта æмæ йæ никæцы уал тых ратыдтаид уыдонæй.
Ды зоныс цавæр лæппу у, уый?
Дунейыл ахæмтæ нæй бирæ.
Арахъ къуымæлау уый анцъухы!
«Уæдæ ды афтæ æнхъæл дæ, ме мбæстаг, æмæ нæ мæнæу æвзæр ацæудзæн?» Йæ бакастмæ гæсгæ цавæрдæр фæсвæдчысыл горæтæй æрцæуæг, лыстæг хъуыддæгты чи аныгъуылд, æмæ йæ уæлæ дохтæй чи схъулæттæ, фыр чъизийæ спичкæ хафæны хуызæн чи ссис, ахæм хæлаф кæмæн уыдис, иу ахæм лæг дзырдта иннæмæн æмпъыстытæ цъæх къандзол кæуыл уыдис æмæ йæ ныхыл стыр сыкъайы хуызæн къуызыр кæмæн уыдис, уымæн.
«Ам æнхъæлтæй ницы; иунæг меркъа дæр куы ауæй кæнæм, уæд мын-иу мæ къубалыл уæрдæх баппар æмæ-иу мæ уартæ уыцы бæласыл æрцауындз, Цыппурсы размæ тахынæг куыд ауыгъд вæййы хæдзары, афтæ».
«Кæй сæр зилын кæныс, ды, ме мбæстаг? Max йедтæмæ мæнæу ласæг куынæ ис ардæм», ных лæууыд дохтæйдзаг хæлафджын.«Сымах, цы уæ фæнды, уый дзурут уæхицæн», хъуыды кодта йæхинымæр нæ зонгæ бæлццон, уыцы сæудæджергæнæджы ныхæстæй иу дæр æнæфехъусгæ нæ уагъта, афтæмæй: «уæддæр ма мæнмæ дæс голладжы ис мæнæу æфснайд».
«Гъе уый у, гъе, уæдæ, иугæр хæйрæг куы фæтъысса йæхи хъуыддаджы, уæд ма дзы бирæ пайда райсдзынæ, æнхъæлмæ кæс, раст мæгуыр маскалæй цы ратонæн ис, уый бæрц пайда.» Фидарæй загъта йæ ныхыл сыкъа кæмæн уыдис, уый.
«Цавæр хæйрæг?»зæгъгæ йæм фæцырдис дохтæйдзаг хæлафджын.
«Фехъуыстай, адæмы астæу цы ныхас фæзынд, уый?»йæ ныхас дарддæр кодта йæ ныхыл сыкъа кæмæн уыд, уый æмæ та йæм-иу йæ тар цæсты зулæй бакаст.
«Цæй, цы!»
«Гъе уый дын, цы. Нæ тæрхоны лæг, паны наливкæйы фæстæ йæ былтæ мауал ныссæрфа бавдæлд æмæ армукъайæн ахæм бынат снысан кодта æмæ дæхи куы амарай, уæддæр дзы иу гага дæр нæ ауæй кæндзынæ. Уæртæуæртæ, уыныс хохы рæбын, цы зæронд хæлд сарагонд ис, уый?» Ацы ран нæ рæсугъд чызджы цымыдис фыд ноджы хæстæгдæр балæууыд ныхасгæнджытæм, цыма, раст цы уыдис, уымæй иууылдæр хъус фестадис, уыйау. «Гъе уыцы сарайы дам, кæд бады хæйрæджытæ; æмæ дзы иу армукъа дæр æнæ фыдбылызæй никуы ахицæн уыцы бынаты. Знон зылды писыр гъе уыуылты фæцæйцыди, кæсы æмæ сарайы рудзынгæй хуы йæ сæр радардта, стæй ахæм хъох-хъох скодта æмæ писырæн йæ сæрыхъуын арц абадтис, йæ буар ауазал; афтæ ма-иу фæкæс кæддæра та сырх хуы!»
«Цавæр сырх хуы у, уый та?»
Ацы ран нæ бæлвырд хъусæгæн фыр тæссæй йæ сæрыхъуынтæ хъен слæууыдысты, фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта йæ чызг æмæ уыцы лæппу дæлхъуыр-уæлхъуырæй куыд лæууынц æмæ дунейыл хуытæ цыдæриддæр ис, уыдон ферохгæнгæйæ кæрæдзийæн цавæрдæр уарзондзинады аргъæуттæ кæй кæнынц. Уый фенгæйæ фыдæн йæ тарст фæлыгъдис æмæ та йæм фæстæмæ раздæхт йæ фыццаджы æнæмæтдзинад.
«Э-гъе-гъей, ме мбæстаг, куыд кæсын, афтæмæй хъæбыстæ кæнынмæ дæсны дæ ды! Уæд дæлдзæх фон, æз та, рухсаг уæд, мæ бинойнаг Хвесткæ, уыимæ чындзæхсæв куы сарæзтон, уымæй цыппар боны куы рацыд, æрмæстдæр уæд базыдтон хъæбыс кæнын, уый дæр, бузныг, не мдзуарджыны фæрцы: мæ хорз хæлар уыд æмæ мын бацамыдта».
Лæппу уайтагъддæр фембæрста, йæ уарзоны фыд мæнæ стыр зонды хицау кæй нæу, уый æмæ йæхинымæр хъуыды кæныныл фæцис йæхи рдæм æй куыд æртасын кæна, ууыл.
«Ды халæрзæрдæ лæг кæй дæ, уый бæлвырд у, мæн нæ зоныс, æз дæ уайтагъддæр базыдтон». «Чи зоны, базыдтай.»
«Кæд дæ фæнды, уæд дын æз радзурон: дæ ном дæр, дæ мыггаг дæр æмæ алцы дæр, алцы: дæ ном Солопий, дæ мыггаг Черевик». «Афтæ, Солопий Черевик».
«Гъеныр ма мæм дзæбæхдæр æрбакæс, нæ мæ зоныс?»
«Нæ, нæ зонын. Хъыг дын ма уæд, фæлæ мæ цæрæнбонты уый бæрц хæмхуттæ федтон æмæ се ппæты хæйрæг дæр нал æрхъуыды кæндзæн».
«Хъыгаг у, Голопупенкойы лæппуйы кæй нæ уал базыдтай, уый!»
«Æмæ ды Охримы фырт дæ?» «Уæдæ чи дæн? Кæд уый нæ дæн, уæд ма мæ кæд цæгæрсæр дидько схонай, уый йедтæмæ нæ зонын». Ацы ран хæлæрттæ сæ худтæм фæлæбурдтой, æмæ цинтæн кæрон нал уыдис; a Голопупены-фырт æвиппайды, рæстæг куыннæ фесæфа, афтæмæй сфæнд кодта, æвæстиатæй йæ ног зонгæйы бынтондæр басæттын.
«Цæй, Солопий, куыд уыныс, афтæмæй мах дæ чызгимæ кæрæдзи афтæ бауарзтам æмæ æнусмæ цæрыныл дæр разы стæм иумæ».
«Гъы, куыд, Параскæ»,загъта фыд худгæйæ, йæ чызджы рдæм аздæхт, афтæмæй: «уæд та, чи зоны, æцæгдæр саразиккам афтæ, куыд фæзæгъынц, дыууæйæ дæр иумæ...иу кæрдæгыл куыд хизат! И? Радтæм къухтæ? Цæй-ма, нæ ног уарзон сиахс, нæ ног æвзæрст сиахс, хуынды хъуыддаг бакæн!»
Æмæ æртæйæ дæр армукъайы номдзыд хæрæндоны балæууыдысты, дзуттаг ус хицау кæмæн уыдис, æмæ алыхуызон æвгтæ, алыхуызон æмæ алы азыггон носты мигæнæнтæй къах бавæрæн кæм нæ уыдис, уыцы кæттаг сæр хæрæндоны.
«Эх, гъе уый хъуыддаг у, гъе! Гъе уый тыххæй дæ фылдæр уарзын»загъта Черевик, чысыл куы бакъæбæлдзыг... æмæ йæ уарзон сиахс æнæхъæн къварты æрдæгуат кружкæйы дзаг арахъхъ куыд рауагъта, стæй йæ цæст дæр нæ фæцъынд кодта, афтæмæй йæ йæ тæккæ бынæй куыд акъахта, уымæ кæсгæйæ; кæд дзы уый фæстæ фыдрасыг ссис, уæддæр.
«Цы зæгъдзынæ, Параскæ? Хорз къайаг дын не ссардтон? Кæс-ма йæм кæс: куыд арæхстджынæй цъиры фынккалгæ ност!..»
Йæхæдæг худгæ æмæ цуттытæгæнгæ арастис йæхи уæрдоны цурмæ; нæ лæппу та рæсугъд базайрæгтæ кæм уæй кодтой, суанг ма Полтавы губернийы номдзыддæр горæттæ: Годяч æмæ Миргородаг сæудæджертæ дæр кæм базар кодтой, уыцы рæнхъытыл ацыд зилгæ, кæд чызджы фыд æмæ ма кæмæн æмбæлы, уыдонæн се ппæтæм дæр чындзæхсæвы лæвæрдтæн, йæ былтыл рæсугъд æрхуы тæлм кæмæн уа, ахæм хорз хъæдын лулæ, стæй йæ бын сырх уæвгæйæ дидинджытæ нывæфтыд кæлмæрзæн æмæ худ уæййаг кæд ссарин, зæгъгæ.
Мойæн кæд йæ зæрдæ нæ тавы,
Сылгоймаджы та рæвдауы,
Уæд уый зæрдæ балхæн...
«Цæй, не фсин! Æз уал нæ чызгæн къайаг ссардтон!»
«Уæдæ, гъеныртæккæ раст къайæгтæ агурыныл куы стæм. Сæрхъæн дæ, сæрхъæн! Дæуæн, æвæццæгæн дæ ныхфысты ис, раст куыд дæ, афтæмæй баззайын! Кæм федтай, кæм фехъуыстай, йæ зонд йæхимæ кæмæн ис, ахæм лæг, ахæм сахат йæ чызгæн къайаг агуры, зæгъгæ? Фæлтау мæнæ нæ мæнæу цæмæй федте уа, ууыл куы ахъуыды кæнис: æниу хорз къайаг уыдзæн, уæ курæг дæр! Æвæццæгæн исты гомгуыбын гæвзыкк у».
«Э, куыннæ стæд, куы йæ федтаис цы хуызæн лæппу у, уый! Æрмæст йæ худ дæр, дæ кæрдæгхуыз кофтæ æмæ дæ сырх цырыхъхъыты аргъ у. Æниу арахъхъ куыд арæхстджынæй нуазы, уый та... Уæд мæ хæйрæг фæхæссæд ды дæр мемæ, афтæмæй, кæд æз мæ цæрæнбонты искуы федтон ахæм лæппуйы æнæхъæн къварты æрдæг æппын æнæцæст фæныкъулгæйæ, уыцы иу улæфтæн баназгæ».
«Æмæ цы диссаг у, кæд расыггæнаг, æнæхæдзар æмæ дзæгъæл хæтаг исты у, уæд. Хæснаг кæнын, кæд уый мах хидыл чи мæстæй мардта, уыцы æгæнон æмæ цæстфæлдахæг нæу. Йæ амонд у, æмæ ныронг мæ къухтæм нæма æрбахауд: æз ын лæг цы у, уый фенын кодтаин».
«Æмæ уый куы уа, уæд цы, Хивря: Цæмæй æгæнон æмæ цæстфæлдахæг у?»
«Агъ-гъа! Цæмæй цæстфæлдахæг у! Æнæ сæрымагъз къоппа! Хъусыс! Цæмæй цæстфæлдахæг у! Кæм уыдысты де дылы цæстытæ, куырæйтты раз, хидыл куы æрбацæйхызтыстæм, уæд; амæн тамакойы сæгæй чи бамбыдис, уыцы чъизи фындзы бын йæ усы исчи куы фæхудинаг кæна, уæддæр æй не рхъуыды кæндзæн».
«Фæлæ йæм æз уæддæр æвзæрæй ницы уынын; хуыздæр лæппуйæн скæнæн нæй! Кæд мæнæ дæуæн иу цæсты фæныкъуылды бæрц дæ хæмхуттæ фаджысы бын кæй фæкодта, уымæй, зæгъæм.»
«Æгъ-гъа! ды, куыд кæсын, афтæмæй мæн иу ныхас скæнын дæр не суадздзынæ! Цы амонæг у, уый? Цы кодтай, кæд-ма уыдтæ, афтæ? Æнхъæлдæн æмæ дзы анцъыхтай, уæй ницы ма акодтам, афтæмæй».
Ацы ран Черевик йæхæдæг дæр фембæрста, æгæр ныхасыл кæй фæцис, уый æмæ æвиппайды йæ сæр йæ къухты астæу æмбæхсынмæ фæцис, ныртæккæ йын йæ мæстæлгъæд æмдзæрин йæ арсы дзæмбытæй æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ йæ сæрыхъуынтæ тонынмæ куы фæлæбура, уымæй тæрсгæйæ.
«Цæй чындзæхсæв æмæ цæй цыдæр! Хæйрæджы амæттаг фæуинаг!» хъуыды кодта фыд йæхинымæр, хъазуаты бырст æм чи кодта, уыцы æфсинæй хи иуварс ласгæйæ. «Нæ», зæгъын бахъæудзæн, уыцы замманай хæларзæрдæ лæппуйæн, æппын æнæаххосæй. О, хуыцау, ацы бæллæх нын цæмæн сæвæрдтай нæ тæригъæдджын удтыл! Æнæуый дæр чысыл æвзæр митæ куынæ ис дунейылды та ма нын ацы устыты дæр рауагътай!
Ma тæрс, ма, цъæх дæ нырма,
О, æвзонг бæрз тала;
Ma хъынцъым кæн, сахъ лæппу,
Саби дæ нырма уал!
Рохст зæрдæйæ кастис цъæхудджын лæппу, йæ алфæмблай чи гуыв-гуыв кодта, уыцы адæммæ, йæ уæрдоны бадгæйæ. Фæллад хур йæ бонæмбис, йæ райсом æмæ чи фæцæйцъынд кодта, уыцы боныл сабыргай куы фæленк кодта, уæд дунейæн хæрзбон зæгъгæйæ йæ фæндаг адардта æмæ зæрдæйы йæхимæ ласгæйæ, æнкъардæй, сырх тæмæнтæ калдта, низы рæсугъд, æмбисонды хъалоны уадултæ, уæларвмæ атæхыны кадджын минутты куыд сырх тæмæнтæ фæкалынц, афтæ. Цавæрдæр зына-нæзына зынг-розæхуыз рухс йæхи кæуыл æрытыдта, уыцы кæттаг цатыртæ æмæ мусæнгты цъуппытæ ахæм диссаджы æрттывд кодтой æмæ сæм цæстытæ нæ лæууыдысты. Рудзынджы æвгты цæндтæ артау сыгъдысты; нуазæн стъолтыл чи сарвистон ис, уыцы кæрдæгхуыз фляжкæтæ, æмæ авджын нуазæнтæ цæхæр фестадысты; харбызтæ, неситæ æмæ насты рæгътæ цыма сыгъзæрин æмæ тар æрхуыйæ уагъд уыдысты, уыйау зындысты. Адæмы ныхас бæлвырд къаддæр, стæй сабырæй сабырдæр кодта, æмæ сæудæджергæнæг устытæ, хъæууон лæгтæ æмæ цигайнæгты фæллад æвзæгтæ зивæг кæнын байдыдтой æмæ сæ кæмтты хорз нал хаттысты. Кæмдæрты рухс дæр æрттивын байдыдта æмæ фыцгæ хæлтъамæты бæркадджын тæф фæйнæрдæм хаста чи ныссабыр, уыцы хъæууынгты.
«Цæуыл ныссагъæс кодтай, Грицко?» фæхъæр кодта хурсыгъд цигайнаг, нæ лæппуйæн йæ уæхск æркъуыргæйæ. «Цы гæнæн ис, ратт мын дæ галтæ дыууæ туманыл!»
«Дæуæн та æрмæст дæр галтæ æмæ галтæ, æндæр дын мацы радт. Сымах мыггаг афтæ сты, зыд æмæ кæрæф, æрмæст дæр уæхи мæт кæнут. Хæларзæрдæ лæджы алхыскъ кæнын æмæ асайын».
«Тфу, дæлимон! Æнхъæлдæн æмæ дзы бынтондæр бахаудтай. Дæхæдæг кæй æрцауыгътай дæхиуыл, уыцы къайаджы мæстæй ма катайтæ кæн, мыййаг?»
«Нæ, уый мердыгонау нæу; æз мæ ныхасыл фидар хæцын; иугæр хъуыддаг бакодтон, уæд уымæн æнусмæ дæр фехалæн нал ис. Фæлæ мæнæ зæронд чъебре Черевикæн æппындæр цæсгом нæй, йе фсарм капеччы æрдæджы аргъ дæр нæу: ныхас загъта, стæй та нал... Æмæ йæ азымы дæттæн дæр нæй, къодах y æмæ къодах, æндæр ницы. Адон иууылдæр абон лæппутимæ хидыл цы кæлæнгæнæгыл саргъуыдтам, уый митæ сты. Хорз ын фестæм, бæргæ! Эх, æз паддзах, кæнæ стыр номдзыд пан куы уаин, уæд æз æппæты фыццаг йæ усы йе ккой бадын чи уадзы, уыцы сæрхъæнты се ппæты дæр æрцауындзин...»
«Æмæ мах Черевикы куы сразы кæнæм йæ чызг Параскæйы дæуæн раттыныл, уæд мын дæ галтæ дыууæ туманыл ратдзынæ?»
Грицко йæм ницы мбаргæйæ, гуырысхо каст бакодта. Цигайнаджы саулагъз цæсгомы кондыл зындис: Цыдæр фыд-зæрдæ, налат, цъаммар æмæ ма ноджы цавæрдæр сæрæстыр-зынæрвæссондзинад: уымæ чидæриддæр бакастаид, сæ алкæмæ дæр æвиппайды фæзындаид иунæг хъуыды: уыцы æмбисонды зæрдæйы ахæм стыр хорздзинæдтæ æхсиды æмæ сын зæххыл æрмæстдæр иунæг арфæ, иунæг лæвар ис ауындзæн. Йæ дзых, фындз æмæ роцъойы астæу бынтондæр мидæмæ бахауд, зæрдæ рæхойæн мидбылты худт æнæ рынцойæ йæ былтыл хъазыд чысыл, фæлæ цæхæр цæстытæ æмæ йæ цæсгомыл арвы ферттывдау тагъд чи раив-баив кодта, уыцы хъуыддæгтæ æмæ фæндтæ иууылдæр, цыма, ныртæккæ йæ уæлæ цы дарæс уыд, домгæ дæр ахæм уæлдай æнахуырдæр дарæс кодтой сæхицæн. Чысыл бандзæвгæйæ дæр цыма фæнык фестдзæн, уый хуызæн чи зындис, уыцы тар морæ кафтан; йæ уæхсчытæм чи хæццæ кодта æмæ чи ныффæскъæуттæ ис, уыцы сау дзыккутæ; басмахъытæ бæгъæввад, хурсыгъд къæхтыл кондæй, æмæ цыма гъе уыдон иууылдæр æрдзæй рахаста йемæ æмæ йын йæ зонд, йæ зæрдæйы уаг æвдисæг сты.
«Дыууæ туманыл нæ, фæлæ дын сæ фынддæс сомыл дæр раттдзынæн, æрмæст куыннæ фæсайай, уæд!» дзуапп ын радта лæппу, йæ фæлварæн цæхæр цæстытæ дзы иуварс нæ аздæхта, афтæмæй.
«Фынддæс сомыл! Хорз! Хъахъхъæн, дæ зæрдыл дар: фынддæс сомыл! Мæнæ уал дын развæлгъау дзывылдар дæр!»
«О, фæлæ куы фæсайай, уæд та?»
«Куы фæсайон развæлгъау лæвæрд æхца дæхи!»
«Хорз! Цæй, кæрæдзимæ къухтæ раттæм!» «Раттæм!»
Бæллæх, Роман æрбацæуы,
Ныртæккæ мын мæ игæртæ
Баппардзæн, фæлæ дзы, ды дæр,
Панхомо, æнæ фыдбылыз нæ уыдзынæ.
«Ардæм Афанасий Иванович! Мæнæ ам ныллæгдæр y кау, дæ къах уæлдæр сис, тæрсгæ ма кæн, мæ сæрхъæн лæг йе мдзуарджынимæ æхсæвæдтæ ацыдысты уæрдæтты размæ, куынничи дзы ницы айса, афтæ».
Гъе афтæ рæвдаугæйæ, ныфсытæ æвæрдта Черевикы налат æмæ тызмæг æмдзæрин ус сауджыны тæппуд фыртæн, уымæй дæр йæ тарст æрбайрох ис æмæ фыр тæссæй цы быруйы рæбын ныккука ис, уырдыгæй сбырыд тагъд-тагъд кауы сæрмæ, схызтис æмæ йыл бирæ фæлæууыд, цы кæна, уый нæ зонгæйæ, цыма цавæрдæр æбуалгъ сæрсæфæны был лæууыд, уыйау, йæ цæстытæй йæ барста хуыздæр кæдæм агæпп кæнон, зæгъгæ, стæй æппынфæстаг йæ цæстытæ фæцъынд кодта æмæ бæстæ уынæрæй йæ сæрыл сисгæйæ хæмпæлты ныффæлдæхтис.
«Гъе уый дын бæллæх, гъе! дæхи нæ ныццавтай, хуыцау бахизæд, фæлæ дæ бæрзæй нæ асасти, мыййаг?» Катайтæ кодта, рæвдауаг Хивря.
«С-с! ницы кодтон, ницы, хæларзæрдæ Хивронья Никифоровнæ!» Хъæрзгæ, нæткæйæ, сусæгæй дзырдта сауджыны фырт, йæ къахыл слæугæйæ: «пысыраты рдыгæй цы фхæрд баййæфтон, нæ мард сауджыны загъдау, уыцы калмæвзаг халсар мæ кæй сарыдта, уый куынæ нымайон, уæд мын ницы уыди».
«Цом уæдæ ныр агъуыстмæ, уым ничи ис. Æз та ма дын тæрсгæ фæкодтон, Афанасий Иванович, куынæ уал зындтæ, уæд, кæд зæгъын исты низы хай фæдæ, кæнæ дыл зæгъын артæнниз бафтыд. Фесæфт æмæ фесæфт. Цæй-ма уæдæ куыддæтæ цæрут? Æз афтæ фехъуыстон, цыма, пан дæ фыдмæ бирæ цыдæр лæвæрдтæ æрцыдис, ацы бонты!»
«Ницы, бынтон ницы, Хивронья Никифоровнæ; мæ фыд æгас мархойы дæргъы, æдæппæтæй райста мæнæу фынддæс холладжы, еуу цыппар голладжы бæрц, æхца фынддæсы онг, а кæрчытæ та, куы сæ банымайæм, уæд фынддæс сæры дæр нæ уыдзысты, æйчытæн та сæ фылдæр кæд сты лæхъуг. Фæлæ æцæг адджын хуынтæм та, раст куы зæгъæм, уæд æрмæстдæр иунæг дæумæ нхъæлмæ кæсæм, Хивронья Никифоровнæ», йæ ныхас кодта сауджыны фырт, усмæ фæлмæн цæстæнгасæй кæсгæйæ æмæ йæм йæхи хæстæгдæр ласгæйæ.
«Мæнæ дын уыдон та хуынтæ, Афанасий Иванович!» загъта ус, стъолыл къустæ авæргæйæ, æмæ йын цыма æнæбары суæгъд сты, уыйау барæй кæй сæвтыдта, уыцы кофтæйы æгънæджытæ, гæды ратас-батасгæнгæйæ æвæрдта, афтæмæй дзырдта: «хъæбынтæ» дзуллагæй конд хæлтъамæтæ, дзуакатæ, æхсыры сæртæ!»
«Хæснаг кæнын, ацы минас Евæйы байзæдтæгтæн сæ тæккæ хиндæр, сæ тæккæ дæсныдæры къухтæ кæй скодтой, ууыл», загъта сауджыны фырт æмæ йæ иу къухæй хъæбынтæм бавнæлдта, иннæ къухæй та дзуакатæ æрбахафта йæхимæ хæстæгдæр. «Фæлæ уæддæр, Хивронья Никифоровнæ, дæ дзуакатæ æмæ дæ хъæбынтæн се ппæтæй адджындæр чи у, мæ зæрдæ дæуæй ахæм хæринаг райсын мондагæй сгæпп ласы».
«Нæ зонын, нæ зонын, цавæр хæринаг ма дæ хъæуы, Афанасий Иванович, уымæн æз зонгæ дæр ницуал кæнын!» дзуапп ын лæвæрдта фыдæлтыккон бæсты рæсугъд, цыма йæ не мбары, йæхи афтæ даргæйæ.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, дæ уарзондзинад, æмбал кæмæн нæй, уыцы æмбисонды Хивронья Никифоровнæ!» сдзырдта сусæгæй сауджыны фырт, йæ иу къухы хъæбын, иннæмæй та усы фæтæн астæу æрбахъæбыс кæнгæйæ.
«Хуыцау зоны, цынæ æрæмысдзынæ ды, Афанасий Иванович!» загъта Хивря, йæ цæстытæ бынмæ æфсæрмы уагъд æркæнгæйæ. «Ды ма хъуамæ! пъа кæныны фæнд дæр скæндзынæ, чи зоны!»
«Уый тыххæй зæгъдзынæн æз, мæхи тыххæй», йæ ныхас кодта дарддæр сауджыны фырт: «дзырдæн зæгъæм, бурсы ма куы уыдтæн, уæд раст абоны хуызæн мæ зæрдыл лæууы...»
Ацы ран кæртæй æрбайхъуысти куыдзы рæйын æмæ чидæр кулдуар куыд æрбахоста, уый. Хивря тагъдгомау разгъордта æмæ уайтагъд фæстæмæ митау фæлурсæй фездæхтис.
«Цæй, Афанасий Иванович, бахаудтам дзы дыууæйæ дæр демæ; дунейы лæгты рæгъау мидæмæ хойынц, æмæ дзы не мдзуарджыны ныхас мæ хъустыл ауад...»
Сауджыны фыртæн хъæбын йæ хурхы ныццæхгæрмæ ис... йæ цæстытæ рабырыдысты, цыма йæм ныртæккæ ацы бæллæхы размæ цавæрдæр мæрдтæй рацæуæг дуарæй æрбакаст, уыйау.
«Уæлæ уырдæм схиз!» хъæр кодта удаистæй Хивря, тæккæ цары æмбуар, дыууæ æхсæнхъæдыл цы фæйнæджытæ æвæрд уыд æмæ алы хæдзары папылæйттæ калд кæуыл уыдис, уыдонмæ амонгæйæ.
Тасдзинад ын ныфс радта нæ хъæбатырæн. Чысыл йæ зæрдæ йе муд куы рцыдис, уæд тъахтинмæ сгæпп кодта, уырдыгæй та сабыргай фæйнæджытæм схылдис. Хивря та кулдуармæ ныййарц ис удайстæй, уымæн æмæ дуары хост тыхджынæй-тыхджындæр æмæ карздæр кодта.
Ам худæджы диссæгтæ куы-ис, рæсугъд чызг!
Диссаджы хабар æрцыдис армукъайы: бæстæ хъус-хъусæй байдзаг, кæмдæр, дам, базайрæгты астæу сырх къандзол фæзындис, зæгъгæ. Къренделитæ уæйгæнæг зæронд усæн йæ цæстытыл ауади дæлимон, йæ уæлæ æвирхъау хуыйы дарæс, афтæмæй уæрдæттыл зылдис æмæ цыма кæйдæр агуырдта, уыйау уæрдæттæ скæрста. Уыцы хабар уайтагъд айхъуыстис чи ныссабыр ис, уыцы табæрæн йæ алы къуымтыл дæр; æмæ . уыцы хъуыддагыл не ууæндын алчи дæр нымадта фыдракæндыл: кæд уыцы къренделитæ уæйгæнæгæн йæ цæугæ дукани, нуазæндоны цатырæн йæ хæд фарсмæ уыдис æмæ бон-изæрмæ бынтон æнæхъуаджы йæ сæрæй акув-акув кодта æмæ йæ къæхтæй зæххыл, раст цы адджын базайрæгтæ уæй кодта, уыдоны халдих зиллаччытæ фыста, уæддæр. Ууыл ма ноджы бафтыдис зылды писыр хæлд сарайы раз цы æбуалгъ диссаг федта, уый хабæрттæ дæр карздæргондæй; уымæ гæсгæ, куыд изæр кодта, афтæ сæ кæрæдзимæ æввахсæй-æввахсдæр ластой адæм сæхи; се нцойдзинад фехæлд æмæ сæ фыр тæссæй хуыссæг æмгæрон никæмæ уал цыдис; фæлæ ма сæ мæнæ хъæбатыртæй чи нæ уыдис, æмæ хæдзæртты сæр фæцæвæн кæмæн уыдис, уыдон сæ хæдзæрттæм ахæлиу сты. Черевик, йæ чызг æмæ йе мдзуарджын дæр хаудтой хæдзармæ цæуджыты нымæцмæ; кулдуар дæр ахæм зæрдиаг хост уыдон кодтой, уæ хæдзармæ нæ бауадзут, зæгъгæ, чи ныллæууыд, уыцы уазджытæ дæр семæ уæвгæйæ. Дуар афтæ ныххостой æмæ нын нæ Хивряйæн йæ уд ауайын кодтой. Æмдзуарджын уал дзæбæх бакъæбæлдзыг! Уый бæрæг уыдис, цалынмæ хæдзар агуырдта, уæдмæ кæрты къуымты йæ уæрдонимæ дыууæ зылды кæй æркодта, уымæй. Уазджытæ дæр хъæлдзæг уыдысты æмæ хæдзары хицаумæ дæр нал фæкастысты, афтæмæй æнæ уæлдай митæй бафардæг сты хæдзармæ. Черевикы ус нын сындзытыл бадæгау кодта, иннæтæ хæдзары къуымты скарын куы байдыдтой, уæд.
«Цæй, куыд, мæ хо», фæхъæр кодта æмдзуарджын, дуарæй куы рбахызт, уæд: «Тæфсæгæй ма ризыс ныр дæр?»
«О, нæ фæразын», дзуапп ын радта Хивря, цары хæд æмбуар цы фæйнæджытæ амад ис, уыдоныл аивæй, йе нæнцой цæст ахæсгæйæ.
«Марадз-ма, усай, баклажкæ æрбадав уæрдонæй!» дзырдта æмдзуарджын йæ бинойнагмæ уый дæр йемæ æрбацыд: «Ацы хæларзæрдæ адæмимæ йын йæ бынæй рухс суадзæм мах; кæннод нæ уыцы æлгъыстаг устытæ афтæ фæтæрсын кодтой, æмæ йæ зæгъын дæр цæсгом нал хъæцы. Гъеныр мах, хуыцауæй уын ард хæрын, æфсымæртæ, бынтон дзæгъæлы æрбацыдыстæм ардæм!» зæгъгæ йæ ныхас кодта дарддæр, дурынкъусæй æнцъухгæйæ. «Мæ сæр уын лыгмæ æвæрын, кæд нæ сылтæ хъазын вæнд не скодтой. Æмæ æниу уæд та, æцæг дæлимон дæр фæуæд! Дæлимон цы у? Нытту ма йын кæнут йæ тæккæ сæрыл! Æниу æй ныртæккæ мæнæ ацы ран февзæрын куы бафæндид, мæнæ ацы тæккæ ран, мæ цуры: уæд куыдзы фырт фестон æз, кæд ын мæ тымбыл къух йæ фындзмæ нæ бахæссин æз!»
«Уæдæ, уæд цикъæйау цæмæн афæлурс дæ!» уазджытæй иу фæхъæр кодта, иннæтæн се ппæты сæрты чи кастис æмæ йæхи хъæбатыр дарыныл чи архайдта, уый.
«Æз... Цытæ дзурыс! Дæ фыны федтай?» Уазджытæ бахудтысты. Разыйы мидбылты худт йæ цæсгомыл ахъазыдис, нæ даргъ хъæбатырæн.
«Ныр ма йын фæлурс гæнæнтæ ис?!» ныхас айста иннæ уазæг: «йæ уадултæ сырх фарс фæткъуыйау æрттивын куы байдыдтой; ныр ын хъæдындз хонæн нал ис, фæлæ сырх цæхæра-кæнæ та фæлтау адæмы афтæ тынг чи фæтæрсын кодта, уыцы сырх къандзолы хуызæн».
Баклажкæ стъолыл æрзылдис æмæ адæм раздæр куыд уыдысты, уымæй сæ ноджы фæхъæлдзæгдæр кодта. Ацы ран Черевик йæхи нал баурæдта, уыцы сырх къандзолы хабар æй рагæй удхарæй мардта, йæ цымыдис зæрдæйæн ын иу минут дæр æнцой нæ лæвæрдта æмæ ныр йе мдзуарджыны баййардта.
«Зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, ме мдзуарджын! уыцы æлгъыстаг къандзолы хабарæй фæрсын, фæрсын, фæлæ дзуапп ссарынæн ницы фæразын».
«Э, ме мдзуарджын! уыцы хъуыддагæн æхсæвыгон дзурæн бæргæ нæй, нæ фæччы; фæлæ йæ кæд æрмæст дæр дæу æмæ мæнæ ацы хæларзæрдæ адæмы зæрдæ балхæныны тыххæй радзурон (ацы ран уазджытыл йæ цæст ахаста), уымæн æмæ куыд кæсын, афтæмæй уыдон дæр дæ хуызæн фæнды базонын, уыцы алæмæты хабар. Цæй, афтæ фæуæд. Хъусут уæдæ!»
Ацы ран ныхасгæнæг йæ уæхск аныхта, йæ фындз фæдджийæ амарзта, йæ дыууæ къухы дæр стъолыл æрæвæрдта æмæ райдыдта:
«Иу хатт, цавæр фыдракæнды тыххæй, хуыцауы стæн, уый нæ зонын, фæлæ иу хæйрæджы цæхæрæй (зындонæй) фæдуарæдде кодтон».
«Уый та куыд, ме мдзуарджын!» йæ ныхас ын фескъуыдта Черевик: «Искуы дæр ма хæйрæджы цæхæрæй ратардæуыдис?»
«Цы чындæуа, ме мдзуарджын, ратардтай-йæ, æмæ ратардтай, лæг куыдзы куыд ратæра йæ хæдзарæй, афтæ. Чи зоны, кæд исты хорз хъуыддаг саразыны зонд йæ сæрмæ æрцыдис, базыдтой йæ æмæ йæ фæдуарæдде кодтой. Гъемæ мæгуыр хæйрæг афтæ æнкъард кодта, афтæ, цæхæр афтæ мысыд æмæ дам йæхи æрцауындзыны онг ссис. Ныр цы кæна? Гъемæ гъæйда-гъа, нуазыныл фæцис фыр зæрдæрыстæй. Йæхицæн ахстон скодта уартæ хохрæбын цы хæлд сара ис,уым, дæхæдæг дæр æй куы федтай, уыцы сарайы рæзты ныр иу адæймаджы хуызæн адæймаг дæр нал ацæудзæн, цалынмæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтауа æмæ афтæмæй рагацау йæ удæн æдасдзинад радта, уæдмæ. Æмæ ахæм хæтаг ссис хæйрæг, ахæм æмæ уый хуызæн лæппуты æхсæн дæр не ссардзынæ. Боны цъæхæй суанг изæрмæ, йæ хъуыддаг гъе уый ссис æмæ нуазæндонæй æддæмæ нал цыд!»
Ацы ран та нæ карз Черевик йæхи нал баурæдта æмæ дзурæджы ныхас айста.
«Хуыцау зоны, цытæ дзурыс, ме мдзуарджын! Искуыдæр ма уый æрцыдис, искуы-ма исчи хæйрæджы нуазæндонмæ бауагъта: йæ сæрыл, хуыцауæй разы, сыкъатæ куы ис, йæ къухтыл ныхтæ, дзæмбытæ».
«Хъуыддаг дæр уый мидæг уыдис, уый æмæ йыл худ æмæ æрмыкъухтæ уыдис. Чи йæ базыдтаид? Минас кодта, кодта æмæ æппынфæстаг гъе уый онг ссис æмæ йæм йемæ цыдæриддæр уыд, уыдон иууылдæр банозта. Нуазæндоны хицау ыл дзæвгар рæстæг феууæндыд, стæй йын кæрон скодта. Хæйрæгæн дæр гæнæн куынæ уал уыд, уæд йæ сырх къандзол цъынды цæвæрдта, уыцы рæстæджы армукъайы нуазæндон чи байгом кодта, иу ахæм дзуттагмæ, æмбис аргъæй дæр къаддæрыл: къандзол радта æмæ йын загъта: хъахъхъæн, дзуттаг, мæ къандзолмæ дæм æрбацæудзынæн раст афæдзы фæстæ: хъахъхъæн æй! ууыл фесæфтис хæйрæг, цыма доны бын ныххауд. Дзуттаг къандзолмæ дзæбæх æркæстытæ кодта; йе сгæллад ахæм разынд, ахæм æмæ уый хуызæн Миргороды дæр не ссардтаис! йæ сырх хуыз та раст цæхæрау сыгъдис, афтæ тæмæнтæ калдта æмæ йæм лæг кæсынæй не фсæстис! Уæд дзуттагмæ афтæ фæкастис, цыма, æмгъуыды кæронмæ æнхъæлмæ кæсын æнкъард хъуыддаг у, уыйау. Йæ дадали зачъе аныхта æмæ йæ цавæрдæр æрцæуггаг лæгæн æрбасатар кодта, æнæхъæн фондз туманы дзы астыгъта. Æмгъуыды хъуыддаг бынтондæр ферох кодта дзуттаг. Уалынмæ йæм иу изæр цавæрдæр лæг фæзындис: цæй, дзуттаг, æри мын мæ къандзол! Дзуттаг æй райдианы зонгæ дæр нал бакодта, стæй йæм дзæбæх куы бакаст, уæд æй цыма йæ цæсты кæронæй дæр никуы федта, йæхи афтæ скодта хинæй: цавæр къандзол? Мæнмæ иу къандзол дæр нæй! æз дын зонгæ дæр нæ кæнын дæ къандзолы! Уый дæр ыл ницы уал бафтыдта, афтæмæй ацыд; æрмæст дæр куы фæизæр, дзуттаг йæ куыдзсайæн куы сæхгæдта æмæ йæ чырынты æхца куы банымадта, стæй йæ уæлæ урс гобанæмбæрзæн æрбаппаргæйæ дзуттагау хуыцауæн кувын куы байдыдта, уæд хъусы хыбар-хыбур... Кæсы æмæ рудзгуытæй, алы рудзынгæй дæр мидæмæ кæсы хуыйы бырынкъ».
Ацы ран æцæг фехъуыстис, цавæрдæр æнæбæрæг уынæр, хуыйы хъох-хъохы хуызæн тынг чи уыдис, ахæм уынæр; иууылдæр ныффæлурс сты... Ныхасгæнæджы цæсгомыл хиды цæппузыртæ згъорын байдыдта.
«Цы?» сдзырдта фыр тæссæй Черевик.
«Ницы!..» дзуапп лæвæрдта æмдзуарджын, гæдыхъæдау рйзгæйæ.
«И?» райхъуыстис уазджытæй кæйдæр ныхас.
«Ды загътай...»
«Нæ!»
«Чи схъох-хъох кодта уæдæ?»
«Хуыцау зоны, цæмæй фæтарстыстæм! Ничи дзы ис!»
Се ппæтдæр фыр тæссæй сæ алывæрстæм кæсын æмæ алы къуым дæр сгарын байдыдтой. Хивря нал æгас уыд, нал мард: «эх, гъеныр сымах сылтæ не стут! Сылтæ!» загъта ус хъæрæй: «сымах лæгты ном хæссын аккаг дæр не стут æмæ мойтæ уат, уый аккаг дæр! Сымахæн уæ къухты æлхуитад ратт, æмæ уæ æлвисыныл бафтау! Чи зоны, искæмæй уæ исты, хуыцау бахатыр кæн... Кæйдæр бын уæ бандон фæхъыррист кодта, сымах та уе ппæт дæр удайст фестут, сæнтдзæфтау!»
Уыцы ныхæстæ сæхиуыл æрхудын кодтой нæ хъæбатырты æмæ сæ чысыл ныфс бауагъта; æмдзуарджын кружкæйæ-иу йæ бындзарæй акъахта æмæ дарддæр ныхас кæнын байдыдта: «дзуттаг æрбамард; фæлæ хуытæ сæ даргъ, годзыкъæхты хуызæн даргъ къæхтимæ рудзгуытæй æрбахызтысты æмæ йæ уайтагъддæр райгас кодтой лыстæг быд ехсытæй, ахæм кафт ын скæнын кодтой æмæ уалæ уыцы уæлвæйнæджы28 онг хаудис хæрдмæ. Дзуттаг къæхты бын йæхи аппæрста æмæ басаст æппæтыл дæр... Фæлæ къандзолæн тагъд раздæхæн нал уыдис. Цы лæг æй балхæдта, уымæн фæндагыл цавæрдæр цигайнаг йæ дзаумæттæ адавта, æмæ къандзолы сæудæджергæнæг усæн æрбауæй кодта: уый та йæ фæстæмæ Сорочинскы армукъамæ сласта, фæлæ уæдæй фæстæмæ уыцы усæй ничи уал ницы æлхæдта. Сæудæджергæнæг ус дисæй мардис, дис кодта, стæй йæ æппынфæстаг æрхъуыды кодта: æппæт дæр уыцы сырх къандзолы аххос кæй у. Хуымæтæджы-иу не сæрра йæ зæрдæ, скæнынмæ-иу æй куы хъавыд, уæд. Цыдæр дистыл-иу дзæгъæлы нæ бафтыд. Хъуыды дæр ыл нал акодта, кæсгæ дæр æм нал фæкодта, афтæмæй йæ арты баппæрста нæ судзы хæйрæджы дарæс! Э, ай хæйрæджы лæвар куы у! Сæудæджергæнæг ус бавдæлд æмæ йæ царв уæймæ чи æрбаласта, иу ахæмы уæрдоны баппæрста. Уыцы æдылы дæр цинæй амарди; æрмæст ын йæ царвмæ кæсгæ дæр ничиуал кæны. Эх, цыдæр фыдбылызы къухтæ мæм æрбаппæрстой ацы къандзолы! Кард фелвæста лæг æмæ йæ лыстæг кæрдæнтæ скодта; кæсыæмæ йæ иу гæбаз иннæмæ фæбыры æмæ та къандзол ногæй агæпп ласта. Лæг йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, кард фелвæста, дыккаг хатт та йæ скарста; йæ гæбæзтæ йын алы рæтты ныппалуан кодта æмæ йæхæдæг афардæг. Гъе уæдæй нырмæ алы аз дæр хæйрæг хуыйы хæмхуттимæ, раст армукъайы заманы, гъе уыцы фæзы хъох-хъохгæнгæ зилы æмæ йæ къандзолы гæбæзтæ æмбырд кæны. Ныр куыд дзурын, афтæмæй ма йын æрмæст дæр йæ галиу дыс нæ фаг кæны. Гъе уæдæй фæстæмæ уыцы бынатыл адæм хъоды бакодтой æмæ дзы ныр иу дæс азы бæрц никуыуал сарæзтой армукъа. Фæлæ ныр цыдæр фыдбылыз æрбарра кодта нæ тæрхоны лæджы æмæ уыцы...»
Ныхасы дыккаг æрдæг зæгъын нал бафæрæзта ныхасгæнæг, афтæмæй цавддурауæй баззад...
Рудзынджы гыбар-губыр ссыдис, æвгтæ дзыгъал-мыгъул кæнгæ базгъæлæнтæ сты, фæйнæрдæм фæтахтысты æмæ цыдæр æвирхъау хуыйы хæмхуттæ рудзынгæй æрбазындысты, йæ цæстытæ къуымты ахаста, цыма хæдзары бадджыты фарста: ам та цы ми кæнут, хорз адæм?
...йæ дымæг бамбæхста куыдзау,
Каннау зыр-зыр кæны, æрхауд:
Æмæ фындзæй тамако æркалд.
Агъуысты чидæриддæр уыдис, уыдон иууылдæр фыр тæссæй сагъдауæй баззадысты. Æмдзуарджын ком хæлиуæй цавддур фестадис. Йæ цæстытæ рабырыдысты, цыма ныртæккæ нытътъупытæ ласдзысты, уыйау. Йæ даргъ æнгуылдзтæ, цыма хускъ баисты, уыйау уæлдæфы ауыгъдæй баззадысты. Даргъ хъæбатыр уазæг, æппын æнæ басæтгæ тарстæй цармæ фесхъиудта æмæ йæ сæрæй, æхсæнхъæдтыл æвæрд фæйнæджытæ скъуырдта; фæйнæджытæ фæбырыдысты æмæ сауджыны фырт гыбар-гыбургæнгæ ратахтис уырдыгæй зæхмæ. «Уæу! Уæу! Уæу!» хъæр кодта уазджытæй иу бандоныл ныффæлдæхгæйæ, æмæ фыр тæссæй йæ къæхтæ мæ йæ къухтæ тылдта. «Фервæзын мæ кæнут!» Цъæхахст кодта иннæ, æррайау ссис, афтæмæй, йæхи кæрцы ныттухгæйæ.
Æмдзуарджыны, уыцы дыккаг тарст йæ цавддуры дзæмбытæй феуæгъд кодта æмæ зыр-зыргæнгæйæ, йæ усы фæдджийы бынмæ бабырыд. Бæрзонд хъæбатыр пецы хуылфмæ бырыныл фæцис æмæ кæд пецы дуар нарæг уыдис, уæддæр дзы бабырыд æмæ йæхæдæг йæхиуыл æмбæрзæн рахгæдта. Черевик та, цыма йыл фыцгæ дон æркалдис, уыйау йæ сæрыл худы бæсты дурын кæхц æрфæлдæхта, дуарыл йæхи ныццавта æмæ æррайау, уынгты ныййарц ис, йæ развæндаг нæ уынгæйæ; æрмæст дæр куы бафæллад, уæд фæсабыр кодта йæ тахт. Йæ зæрдæ гуыпп-гуыпп кодта, йæ дæндæгтæ куыройы кæхцау, кæрæдзи хостой æмæ хидæй гæдыйы лæппыны хуызæн фестадис. Фыр фæлладæй йæхи зæххыл дæлгоммæ аппарыны фæнд куыддæр скодта, афтæ дын æваст йæ хъустыл ауадис, цыма йæ фæстейы чидæр æрбасуры... Улæфт æм нал уыд, йæ ныфс басаст...
«Хæйрæг! хæйрæг!» зæгъгæ ма хъæр кодта, ницы уал æмбаргæйæ, æмæ иу минут фæстæдæр уадзыгæй ахаудис, афæлдæхтис зæххыл.
«Хæйрæг! хæйрæг!» хъæр кодта чидæр йæ фæстæ, æмæ ма æрмæстдæр бамбæрста, æбуалгъ цыдæр æм уынæргæнгæ куыд æрбабырсы, уый. Æмæ йæ зонд фæцыдæр, ницыуал бамбæрста æмæ уынгæг мæрдон чырыны æбуалгъ цæрæджы хуызæнæй, баззадис æгомыг æмæ æнæ змæлгæйæ фæндаджы астæу.
Разæй ма уæддæргъе, бæздзæн;
Фæлæ фæстейы ничердæм!
«Хъусыс, Влас!» дзырдта уынджы чи хуыссыдис, уыцы адæмæй иу, рабадгæйæ: «Нæ фарсмæ чидæр хæйрæджы кой скодта!»
«Æмæ дзы мæн цы хъуыддаг ис!» бахъуыр-хъуыр кодта йæ фарсмæ чи хуыссыд, уыцы цигайнаг, йæхи ивазгæйæ: «йæхи хæстæджытæн се ппæты кой дæр скæнæд!»
«О, фæлæ йæ цыма цъист ныччындис, афтæ хъæр кодта!»
«Чысыл цъиувæдистæ ныккæны адæймаг хуыссæгхъæлдзæгæй!»
«Бар дæхи, бакæсын æм уæддæр хъæуы; æрцæгъд ма зынг!»
Иннæ цигайнаг йæхинымæр хъуыр-хъуыргæнгæ сыстад; дыууæ хатты йæ раз барухс кодта, арвы ферттывдау, йерцъыкксхоны стъæлфæнтæй, фугæнгæйæ зныгъ ссыгъта æмæ йæ къухы цырагъдарæн айста, хуымæтæджы малороссийаг цырагъимæ, саст сæры къæхцæй арæст чи у, æмæ фысы сой конд кæм ис, ахæм цырагъ æмæ арастис, фæндаг рухс кæнгæ.
«Фæлæу; ам цыдæр лæууы дæргъæй; ардæм æрбадар рухс!»
Уæдмæ ма сыл ноджыдæр цалдæр лæджы æрбафтыд.
« Цы лæууы, зæгъыс, Влас?»
«Æмæ-гъа, цыма дыууæ адæймаджы сты: сæ иу уæлейы, иннæ та бынæй; фæлæ сæ хæйрæг кæцы у, уый равзарынæн ницы фæразын!»
«Æмæ сæ уæлейы чи ис?»
«Сыл!»
«Уæдæ ма уæд цы, хæйрæг дæр гъе уый у!»
Иууылдæр æмхудт ныккодтой æмæ æгас уынджы адæмы дæр райхъал кодтой.
«Ус лæджы рагъмæ схызтис; уынут, æвæццæгæн ацы ус хорз зоны, лæджы æккой куыд бадын хæуы, уый», зæгъгæ дзырдта сæ алыфарс цы адæм æрæмбырд, уыдонæй иу.
«Кæсут ма, æфсымæртæ!» дзырдта иннæ, йæ иу æнæхъæн æрдæг ма Черевикы сæрыл кæмæн баззадис, уыцы дурын кæхцы састæй лæджы сæр уæгъдгæнгæйæ: «цы худ ныккодта йæ сæрыл ацы хæларзæрдæ сахъгуырд!»
Тыхджынæй-тыхджындæр чи кодта, уыцы уынæр æмæ худтмæ нæ мæрдтæ, Черевик æмæ йæ бинойнаг æрчъицыдтой æмæ цы тæрстытæ баййæфтой, уыдоны уаргъы бын уæвгæйæ циганты саулагъз цæсгæмттæм бирæ фæкастысты, æбуалгъ тасдзинадæй дзаг цæстытæй: æмæ æмхуызон рухс чи нæ лæвæрдта, мæнг сыгъд чи кодта, уыцы цырагъы рухсмæ куы фæзындысты адæм, уæд сæм афтæ кастис, цыма, адæм нæ, фæлæ уæззау дæлдзæхон фæздæг æмæ æнæ рыхъалгæнгæ æхсæвы тар æврæгъты тахт чи у, ахæм æнахъинон дæлимонты бал уыдысты, уыйау.
Ту, ту, дæлдзæх фæу,
Сау дæлимоны æндæрг!
Сорочинцк райхъал ис æмæ йæ сæрты райсомы сæууон дымгæ йæхи раскъæрдта рæвдаугæ. Хур йæ был сдардта æмæ хæдзæрттæн се ппæты тохынатæй дæр цы фæздæджы æврæгътæ калдис хæрдмæ, уыдон йæ размæ ныййарц сты. Фыстæ мæ бæхты уасын; хъазтæ мæ сæудæджер устыты хъæр та ногæй ахæлиу ис æгас таборыл æмæ мæйдар æхсæвы тары, адæмы зæрдæты ахæм тасдзинад чи бауагъта, уыцы сырх къандзолы тæссаг койтæ дæр æрбайсæфтысты, æгас дунейыл рухс чи байтыдта, уыцы боны æрбацъæхимæ.
Йæ ком æмæ йе уæнгтæ ивазгæйæ рæдзæ-мæдзæ кодта йе мдзуарджыны хъæмпынсæр сарайы Черевик галтимæ, ссад æмæ мæнæуы голджыты астæу, æмæ йæ æнхъæлдæн, йæ рæсугъд сæнттæй фæхицæн фæндгæ дæр нæ кодта, фæлæ æваст; йæ къæсæрæй дæс къахдзæфы йедтæмæ кæмæ нæй, уыцы дард хæстæджыты чысыл нуазæндоныл куыд фæцахуыр, афтæ хорз кæуыл сахуыр, йæ хæдзары пецы уыцы зивæджы мады куыд хорз зыдта, афтæ хорз кæй зоны, уыцы хъæлæс йæ хъустыл ауад.
«Уæлæмæ сыст, уæлæмæ сыст!» зæгъгæ йын йæ хъусы дзæгъ-дзæгъ кодта йæ рæвдауаг ус, йæ тых, йæ бонæй йæ ратил-батил кодта, афтæмæй.
Черевик дзуапп раттыны бæсты йæ рустæ ныддымдта, ныттыппыр сæ кодта æмæ цыма барабан хоста, уыйау йæ къухтæ тилын байдыдта.
«Æрра!» ныхъæр кодта ус, лæджы къухæй йыл цæф куыннæ ауайа, уый тыххæй йæ сæр иуварс акæнгæйæ, кæннод æй бирæ нал бахъуыд йæ уадул ын фæцæйцавта.
Черевик рахъил, иу чысыл йæ цæстытæ асæрфга æмæ йæ алфамблай йæ цæст ахаста:
«Уæд знаджы амæттаг фæуон, кæд мæм, мæ бæлон, дæ хæмхуттæ барабаны хуызæн нæ фæкастысты æмæ мæ уыцы барабаныл, цыма москаль уыдтæн, уыйау райсомы цагъд нæ кæнын кодтой уыцы хуыты хæмхуттæ. Не мдзуарджын афтæ кæмæй дзырдта..»
«Æгъгъæд, æгъгъæд дзæнгæда цæгъд. Цæугæ æмæ тагъддæр алас ефсы уæймæ! Худинаджы хос адæмæн: армукъамæ æрбацу æмæ иу уырзыдзаг мацы ауæй кæн...»
«Мæнг зæгъыс, цы, не фсин», фæцырд ис Солопий дæр: «адæм ныл худæгæй мæлдзысты ныр».
«Цæугæ! цæугæ! дæуыл æнæуый дæр худынц!» «Мæхи нæма цæхсадтон, уый нæ уыныс», дарддæр йæ ныхас кодта Черевик, йæ ком ивазгæйæ æмæ йæ фæсонтæ ныхгæйæ, афтæмæй ма йæ зивæджы адæргæй хъæрзгæ-хъæрзгæ иу чысыл цæмæй ахуысса ууыл архайгæйæ.
«Цы æнафоны дæм фæзындис сыгъдæгдзинады сæнттæ! Кæд мын уыдтæ, ахæм сыгъдæг уарзаг, и? Гъа, мæнæ дын сæрфæн! Ныххаф дзы дæ мукъутæ...»
Ацы ран ус цыдæр тымбылтыхтытæ гуцъула фелвæста æмæ йæ удайстæй фехста йæхицæй дард... уый уыдис къандзолы сырх дысалгъ!
«Цæугæ æмæ дæ хъуыддаг кæн», загъта дыккаг хатт ус, йæхи фæныфсджын кæнгæйæ йæ мойæн, фыр тæссæй йæ къæхтæ йæхи кæй нал уыдысты лæгæн æмæ йæ дæндæгтæ кæрæдзиуыл хойын кæй байдыдта. уый уынгæйæ.
«Бирæ ауæй кæндзынæ ныр!» хъуыр-хъуыр кодта йæхи нымæры лæг, ефсы куы сыхæлдта æмæ йæ фæзмæ куы фæцæйласта, уæд. Хуымæтæджы нæ ныууæззау ис мæ зæрдæ, ацы æлгъыстаг армукъамæ куы раст кодтон, уæд, цыма мын исчи хæдмæл хъуджы мард ме рагъыл сæвæрдта, уыйау, мæ галтæ дæр дыууæ хатты аздæхтысты фæстæмæ нæхимæ! Ноджы ма, æнхъæлдæн, ныртæккæ мæ зæрдыл æрлæууыд, цæугæ та кæд ракодтам къуырисæры. Гъемæ ныл мæнæ фыдбылызтæ ныккалдысты!.. Æнæнцой æмæ хивæнд y уыцы æлгъыстаг хæйрæг дæр; иудысонæй дæр дæ къандзол, æндæр дыл цы цæуы; фæлæ нæ, хъуамæ сæ хъуырмæ скæна, æназым адæмы, æнцой сæ ма уадза. Мæнæ æз, дзырдæн зæгъæм, хæйрæг куы уаин, уæд хуыцау де уазæг, æхсæвыгæдты дын хæцъилы гæбæзтæ агурæг хæтин?»
Ацы ран нын Черевикæн йæ арф зонды хъуыдытæ æмæ йæ сæнттæ цавæрдæр бæзджын æмæ тызмæг хъæлæс фескъуыдта. Йæ разы лæууыдис бæрзонд цигайнаг: «Цы уæй кæныс, хорз лæг?»
Уæйгæнæг æм æнæ дзургæйæ бакасти, йæ сæрæй йæ къæхтæм æй сбарста æнцад цæстæнгасæй, йæ цыды куыст кæнгæйæ, йæ уидоны рохтæ не суагъта, афтæмæй:
«Дæхæдæг æй хорз куы уыныс, цы уæй кæнын, уый!»
«Гæрзытæ?» зæгъгæ йæ бафарста цигайнаг, лæджы къухты цы рохтæ уыдис, уыдонмæ бакæсгæйæ.
«О, гæрзытæ, кæд ефс бæхмæ гæрзы хуызæнæй исты ис, уæд».
«О, хæйрæг æй фæхæсса, куыд кæсын, афтæмæй йæ ды, ме мбæстаг, афтид хъæмпæй фæхастай!»
«Хъæмпæй?»
Ацы ран Черевик, бæхы иннæрдæм æрбазилон, зæгъгæ уидоны рохтæ йæхирдæм æрбариуыгъта æмæ йæ къух цыдæр диссаджы рогæй æрбахауд æмæ йæхи роцъойыл сæмбæлд. Æркаст æмæ йæ къухы лыг рохтæ æмæ рохтыл баст о, бæллæх! йæ сæрыхъуын арц абадтис! рохтыл баст сырх дысы гæппæл!.. Нытту кодта лæг, йæхиуыл дзуæрттæ афтыдта æмæ йæ къухтæ тилгæ лидзæг фæцис, уыцы æнæнхъæлæджы лæварæй дард æмæ æрыгон лæппуйæ рæвдздæр згъоргæйæ, уайтагъд адæмы астæу æрбайсæфт.
Гал марæггаг ма хъуг дæр:
«Хæцут ыл! Хæцут ыл!» Хъæр кодтой цалдæр лæппуйы уынджы нарæг кæронæй æмæ Черевик æвиппайды бамбæрста, дыууæ дыууадæс къухы йыл кæй æрхæцыдысты, уый.
«Раласут æй! гъе ай у, уыцы хæларзæрдæ лæджы ефс чи адавта, уый...»
«Хуыцау уыл рахатт, æви! Цæй тыххæй мæ бæттут?»
«Уæддæр ма нæ фæрсгæ кæны! Æмæ ды цæй тыххæй адавтай; æрцæуæггаг лæг Черевикы ефс?...»
«Бынтондæр уæ зонд фæцыди, лæппутæ! Искуыдæр ма исчи йæхицæй исты давы? Кæм федтат, ахæм æмбисонд?»
«Зæронд аргъæуттæ! зæронд аргъæуттæ! Дæ тых дæ бонæй цæмæн лыгъдтæ уæдæ, цыма дæ дæлимон фæстейы гурæй-гурмæ сырдта, уыйау?»
«Бар-æнæбары лидздзынæ, иугæр дæлимоны дарæс!..»
«Э, мæ хур! уыцы ныхæстæй æндæр искæйы сай; фæлæу, тæрхоны лæг дæр дын фенын кæндзæн, адæмы хæйрæджытæй кæй тæрсын кодтай, уый тыххæй...»
«Хæцут, хæцут ыл!..» кæйдæр хъæр æрбайхъуыстис, уынгæн йе ннæ кæронæй «мæнæ ис, мæнæ уыцы лидзæг!»
Æмæ нын Черевикы цæстыты раз февзæрдис йе мдзуарджын, æппæты æвирхъаудæр хуызы, йæ къухтæ фæстæмæ бастæй æмæ йæ сæ разæй тардтой цалдæр лæппуйы.
«Диссæгтæ нæм цæуын байдыдта!», зæгъгæ, дзырдта лæппутæй иу: «ацы цæстфæлдахæг цытæ дзуры, уымæ куы байхъусиккат, бакæсут ма йæм, æрмæст дæр ын йæ цæсгоммæ бакæс, уый йедтæмæ йæ базондзынæ, давæг кæй у, уый; фæрсын æй куы байдыдтам: сæнтдзæфы лыгъд цæмæн, цæй тыххæй кодтай, зæгъгæ, уæд нын афтæ,«тамако адымон, зæгъгæ», дам, «мæ дзыппмæ сæвнæлдтон æмæ, дам, дзы тамакодоны бæсты, хæйрæджы къандзолæй иу гæбаз сластон, уыцы гæбаз сырх пиллон арт суагъта æмæ уый дæр ныббындз ис уырдыгæй!»
«Кæс-ма, кæс, кæс, кæс! адон, дыууæ «цъиуы» дæр иу ахстонæй куы сты! дыууæйы дæр раласут иумæ!»
О, кадджын адæм, цæмæй фæдæн
æз, уый бæрц азымджын?
Цæмæн мæ хъазут?загъта
æргомæй нæ зынтæ_ взарæг,
Цæмæн мæ кæнут, афтæ хынджылæг,
зæгъут-ма курын?
Цæмæн, цæй тыххæй? загъта...
æмæ цыхцырæг,
Судзгæ цæссыгтæ ныллæууыдысты,
йæ фарсыл хæцгæ. Артемовский Гулак.
Уыцы куыдз Пан.
«Чи зоны, кæд мыййаг, æцæг истæмæ фæныхылдтай, ме мдзуарджын?» бафарста Черевик, йæ цуры чи хуыссыдис хъæмпын мусонджы бастæй, уыцы æмдзуарджыны.
«Ахæцыдтæ гъа, ды дæр! Уæд мæ къухтæ мæ мæ къæхтæ бахуыскъ уæнт, кæд æз искуы исты адавтон, æрмæст мыл дæс азы куы цыдис, уæд мæ мадæй кæй адавтон, уыцы æхсырыцъарджын хъæбынтæй фæстæмæ».
«Ацы бæллæх та нæм цæмæн æрхаудис, ме мдзуарджын? Кæцæй нæм кастис, ацы фыдбылыз? Дæуæн ма ницы у: дæу уæддæр та искæйы фосы кæй адавтай, уымæй зылын кæнынц: фæлæ ме намонд сæр та цы кодта, ахæм фыдбылызы мæнгдау ыл цæмæн кæнынц: цыма мæхи ефсы мæхæдæг амырхтон, уыйау? Нæ фæлæ, ме мдзуарджын, æвæццæгæн нæ дыууæйæн дæр, амонд ма фенут, зæгъгæ, нæ нывы фæцис!»
«Мæгуыр сидзæртæ стæм æмæ сагъæссаг фестæм!»
Ацы ран дыууæ хæлары дæр хæкъуырццæй кæуын байдыдтой.
«Цы кодтай, Солопий?» загъта уыцы рæстæджы мусонгмæ æрбацæугæйæ Грицко. «Чи дæ сбаста, уый?»
«А! Голопупенко! Голопупенко!» фæхъæр кодта цингæнгæйæ Солопий: «мæнæ дын кæй кой кодтон, уыцы лæппу йæхæдæг. Эх, цæй сахъгуырд у, цæ! уæд мæ мæнæ гъе ацы тæккæ ран хуыцау æрбамарæд, кæд мæхи цæстыты раз, раст дæ сæры йасмæ æввахс дурын кружкæйы дзаг, йæ тæккæ бынæй нæ акъахта. Æмæ марадз зæгъ кæд йæ цæст дæр фæныкъуылдта!»
«Ау, æмæ куыннæ саргъ кодтай, мæ хæлар, ахæм сахъгуырдæн?»
«Мæнæ куыд уыныс», йæ ныхас кодта Черевик дарддæр, Грицкомæ дзургæйæ: «афтæ мæ хуыцау ралгъыста, æвæццæгæн, дæ разы кæй фæзылын дæн, уый тыххæй. Бахатыр мын кæн, хæларзæрдæ адæймаг! Хуыцауæй дын ард хæрын, цингæнгæйæ бакæнин алцыдæр дæу тыххæй... Фæлæ мын цы кæнын кæныс? нæ зæронд усы зæрдæйы хæйрæг бады».
«Æз хæрамзæрдæ хæссаг нæ дæн, Солопий: кæд дæ фæнды, уæд дæ æз суæгъд кæндзынæн!»
Ацы ран Грицко лæппутæм йæ цæст фæныкъуылдта æмæ йæ хъахъхъæнгæ чи кодта, уыцы лæппутæ йæм багæппытæ ластой æмæ йæ сæхуыдтæг феуæгъд кодтой.
«Гъемæ ныр ды дæр куыд æмбæлы, афтæ бакæн, уый тыххæй: чындзæхсæв! Стæй ахæм минас, ахæм кафт фæкæндзыстæм æмæ æнæхъæн афæдз нæ къæхтæ куыд фæриссой».
«Хорз! Тынг хорз!» загъта Солопий, йæ къухтæ ныццæгъдгæйæ. «Мæнæн ныртæккæ мæ зæрдæ афтæ ныррухс и, цыма мын мæ зæронд усы москальтæ аластой. Иу рахъуыды-бахъуыды дæр нал: бæззы, æви нæ бæззы, уæддæр абон чындзæхсæв æмæ уын-иу уæд уæ фæдыл цæхх кæнæнт!»
«Рох дæ ма уæд, Солопий, сахаты фæстæ дæумæ уыдзынæн æз; ныр та цæугæ уæхимæ, уым дæм мæнæу æмæ ефс æлхæнджытæ æнхъæлмæ кæсынц!»
«Куыд, ау æмæ мæ ефс фæзындис?»
«Фæзындис!»
Черевикæн фырцинæй йæ бынатæй фезмæлын йæ бон нал уыд, æмæ Грицко куы араст, уæд йæ фæдыл кæсгæйæ баззад.
«Цæй, куыд, Грицко, æвзæр баххæст кодтам нæ хъуыддаг?» загъта бæрзонд цигайнаг, лæппу йæ цурты тагъд-тагъд куы фæцæйцыд, уæд. «Дæ галтæ мæн сты ныр, нæ?»
«Дæу! дæу!»
Ды ма тæрс, ма, мæ мад, мæнæн,
Дæ сырх цырыхъхъытæ дæр иу скæн,
Æууæрд знаджы
Хъаруйы руаджы;
Уадз дæ зæвæттæ кæной
зыланг! Уадз æмæ цавддурау фæуа
ызнаг!
Парася иунæгæй баззадис агъуысты, йæ рæмбыныкъæдзæй стъолыл æрæнцой кодта, йæ рæсугъд роцъойæармытъæпæнтыл æрæнцадис, афтæмæй сагъæстыл фæцис. Бирæ алыхуызон рæсугъд сæнттæ зылдис йæ бурдзыкку сæры алыфарс. Хаттæй-хатт-иу æвиппайды йæ сæнтсырх былтыл фæлмæн æмæ рог мидбылты худт ахъазыдис, йæ сау æрфгуыты-иу ын цавæрдæр цины хъуыдытæ бæрзонд систой. Стæй та-иу сæ ногæй рæсугъд сагъæсты æврæгътау фæстæмæ æруагътой йæ рухс морæ цæстытыл.
«Ныр куыд уыдзæн, кæй загъта, уымæй куы ницы рауайа, уæд!» Сабыргай сусу-бусу кодта Парася йæхинымæр, цыдæр дызæрдыг хуызæй. «Ныр куыд уыдзæн, мыййаг мæ куынæ раттой уæд? мыййаг... Нæ, нæ; уый нæ уыдзæн! Мæ фыды усы цыдæриддæр фæнды, уыдæттæ куы кæны; уæд мæнæн нæу, цы мæ фæнды, уый бакæнын мæ бон? Хивæнддзинад мæнмæ дæр разындзæн фаг. Æвæдза цы æмбисонды хорз лæппу у! Куыд диссаджы цæхæртæ калынц йæ сау цæстытæ! куыд æхсызгон ныхас кæны, куыд арф хъарынц зæрдæмæ йæ ныхæстæ: Парася, мæ бæлон! куыд хорз ыл фидауы йæ урс къандзол! рон ма йæ куы уаид рæсугъддæр! Цæй, ницы кæны, уадз æй, мæхæдæг дын бауафдзынæн, мæнæ ног хæдзармæ куы аивæм æмæ уым куы рцæрæм, уæд. Мæ цинæн кæрон нал вæййы, куы ахъуыды кæнын», йæхинымæры дзырдта чызг, йæ ронæй, æрæджы армукъайы кæй балхæдта, йæ кæрæттыл сырх гæххæтт ныхæст кæмæн ис, уыцы кæсæн сласгæйæ. Систа кæсæн æмæ йæм аивæй, йæхимæ кæсын ын æхсызгон кæй у, уый йæхицæй æмбæхсгæйæ кастис, афтæмæй хъуыды кодта дарддæр. «Искуы йыл куы сæмбæлон уый фæстæ мæ фыды усыл, уæд ын дæ бон хорз ницæйы тыххæй зæгъдзынæн, мæ разы йæ уд куы фелваса, уæддæр. Нæ, мæ фыды ус, æгъгъæд. дын у, дæ лæджы чызджы рагъ хойынæн! Къæйдурыл змис сæвæрдзæн, тулдз бæлас йæ сæр æркъул кæндзæн, хæрис талайы хуызæн донмæ, уæддæр æз нал æркъул кæндзынæн дæ разы мæ сæр! О, хæдæгай, куы мæ рбайрох... цæй æмæ мæ сæрыл худ абарон, кæд мæ фыды усы у, уæддæр, кæддæра мыл куыд фидауы!»
Ацы ран чызг сыстади, кæсæн йæ къухы уæлгоммæ фæлдæхтæй, ныггуыбыр кодта кæсæны сæрмæ, донмæ кæсæгау æм бынмæ кастис, афтæмæй йæ быны пъолы бæсты цар куы ауыдта кæсæнмæ, стæй ноджы æд дурынтæ уæлвæйнæг æмæ æрæджы сауджыны фырт кæцæй ратахтис, уыцы фæйнæджыты, уæд цыма йæхицæн ахауынæй тарстис, уыйау ризгæйæ рацу-бацу кодта агъуысты дыууæрдæм.
«Циу ай, цыма раст сывæллон дæн, уыйау», фæхъæр кодта чызг, худгæйæ: «акъахдзæф кæнын нал уæндын».
Æмæ йæ къæхтæ зæххыл хойын байдыдта, куыд фæстæмæ тынгæй-тынгдæр æмæ ныфсджындæр кæнгæйæ; æппынфæстаг йæ галиу къух дæлæмæ æруагъта, сины сæрыл дзы æрхæцыдис æмæ кæсæн йæ размæ даргæйæ кафын байдыдта. Йæ зæвæтæй зыхъ-зыхъ кодта йæ уарзоны зарæг заргæйæ:
Æвзонг кæрдет цъæхцъæхидæй
Цæхæртæ калы хурмæ,
Ды та, лæппу, мæ сау æрфыг,
Æрцу тагъд мæ цурмæ!
Æвзонг кæрдæг, тæмæн калгæ,
Айрæз ноджы тагъддæр,
Ды та, мæ хур, мæ сауæрфыг,
Æрцу ноджы, ввахсдæр.
Уыцы рæстæджы Черевик дуарæй æрбакаст æмæ йæ чызджы кæсæны размæ кафгæ куы ауыдта, уæд, ныллæууыд. Йæ чызджы æнæфенгæ диссаджы митыл худгæйæ бирæ фæлæууыдис. Уый та йæ хъуыдыты афтæ аныгъуылд æмæ цыма, æмбаргæ дæр æмæ уынгæ дæр ницыуал кодта, уый хуызæн зындис. Фæлæ йæ зонгæ зарæджы мыртæ куы айхъуыста фыд, уæд йæ зæрдæйы нордтæ базмæлыдысты, сæрæстыр, ракæнонхуызæй размæ ралæууыд æмæ бадгæ кафт кæнын байдыдта йе ппæт хъуыддæгтæ дæр дзы ферох сты, афтæмæй. Æмдзуарджыны тыхджын хъæрæй худтмæ дыууæйæ дæр фестъæлфыдысты.
«Гъе уый хорз, гъе, фыд æмæ чызг сæхуыдтæг сарæзтой ам чындзæхсæв! Цæугæут тагъддæр: усгур æрбацыд!»
Фæстаг ныхас фехъусгæйæ Парасяйы цæсгом, йæ сæрыл цы сырх лент баст уыдис, уымæй сырхдæр тæмæнтæ скалдта, йе нæмæт фыд дæр æрхъуыды кодта, цæмæ æрбацыд, уый.
«Цæй, мæ чызг! Цом тагъддæр! Хивря, нæ ефсы кæй ауæй кодтон, уый цинæй азгъордта», зæгъгæ, дзырдта фыд тарст хуызæй фæйнæрдæм кæсгæйæ: «азгъордта йæхицæн ибкæйæгтæ мæ алыхуызон кæттæгтæ æлхæнынмæ, гъемæ цалынмæ не рбахæццæ, уæдмæ ахицæн хъæуы хъуыддаг!»
Куыддæр хæдзары къæсæрæй йæ къах равæрдта чызг, афтæ йæм дунейы адæмы къордимæ чи æнхъæлмæ кастис уынджы, уыцы урс къандзолджын лæппуйы къухтæ февнæлдтой æмæ йæ айстой.
«Хуыцау, арфæ сын ракæн!» загъта Черевик, сæ къухтæ сын кæрæдзиуыл æвæргæйæ. «Сæ цард уæд зарæгау, дидинæг калæгау!»
Ацы ран адæмы астæуæй æрбайхъуыст хъæлæба.
«Æз фæлтау æрбамæлдзынæн, цæйнæфæлтау уыцы хъуыддаг æруадзон!» хъæр кодта Солопийы æмдзæрин ус, фæлæ йæ адæм худты бын фæкæнгæйæ размæ нæ уагътой.
«Ныууадз де рра кæнын, ныууадз, не фсин!» æнцадæй дзырдта Черевик, дыууæ домбай цигайнаджы йын йæ усы къухтыл кæй æрхæцыдысты, уый уынгæйæ:
«Арæст цы хъуыддаг æрцыд, уый æрцыд, æз мæ ныхас ивын нæ уарзын!»
«Нæ, нæ! Уый никуы уыдзæн!» хъæр кодта Хнвря, фæлæ йæм ничи хъуыста; цалдæр кафæг къайы сæ алыфарс æрæмбырд сты ног къæйттæн æмæ сын сæ алфæмблай æнæ басæтгæ фидар тæлм сарæзтой.
Æнæрцæугæ, диссаджы зæрдæйы уаг æмæ хъуыдытæ фæзындаид кæсæг дзыллæтæм, цыдæр æнæхуыз къандзол кæуыл уыдис, уыцы даргъ, здыхт рихи хъисын фæндырæйцæгъдæджы иунæг февзыстæй бæстæ куыд фæфæлдæхтис, æмæ адæм бар-æнæбары дæр иу фидыд, иу зондыл куыд ныллæууыдысты, уый фенгæйæ. Æвæццæгæн, цæрæнбонты дæр сæ хъуынтъыз тар цæсгæмттыл мидбылты худты фæд кæмæн нæ андзæвыдис, уыцы адæм сæ къæхтæ зæххыл æрхостой æмæ ce уæхсчытæ базмæлын кодтой. Бæстæ змæлд ссис æмæ уылæнгай хаста. Дуне иууылдæр кафыд. Фæлæ ноджы диссагдæр хъуыдытæ, ноджы æмбисонддæр зæрдæйы уаг та æнцъылдтæ цæсгæмттыл мæрдон сабыр æмæ æнæмæтдзинад кæмæн зындис, уыцы зæронд устытæ, ног цæрæццаг, хутт æфсæст адæмы астæу куыд цоппай кодтой, уымæ кæсгæйæ сæвзæрдаид сæ арф зæрдæты. Æнæмæт! нæ фæлæ ма сæ сывæллонау дæр ничи бацин кодта, иу мисхалы бæрц дæр сæ никæйы зæрдæ барадис, уыцы дыууæ адæймаджы цинæй. Æрмæст дæр сæ носты тæф размæ хаста, мæнæ механик йе нæуд автоматæн адæймаджы митæ куы фæзмын кæна, уый хуызæн сæ нуæзтджын сæртæ змæлын кодтой сабыргай æмæ хъæлдзæг адæмы фæстæ кафын фæлгъуыдтой, цы дыууæ адæймаджы амондыл цин кодтой адæм, уыдонмæ кæсгæ дæр нæ кодтой, афтæмæй.
Арвы нæрынау хъæлдзæг цины уынæр, худт, æмæ зарджытæ дардæй-дарддæр кодтой. Хъисын фæндырæй цæгъдæджы къухæн сабыргай йæ хъару сæттын байдыдта, æмæ йе нæбæрæг мыртæ лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæнгæйæ афтид уæлдæфы тадысты. Æрмæст дæр ма кæцæй дæр хъуыстис денджызы дард уылæнты нæрыны хуызæн чи уыд, ахæм къæхты хъæр, стæй уайтагъд бæстæ ныссабыр, афтид, багуыппæг.
Цымæ цнндзинад дæр афтæ нæу, æмбисонды хорз, фæлæ фæлдурæджын уазæгау нæм фæзыны, стæй атæхы махæй æмæ ма зыбыты иунæг мыр дзæгъæлы йæ удæй арт фæцæгъды хъæлдзæгдзинад равдисыныл. йæхи азæлдæй ма йæм фæхъуысы æнкъард сагъæс, æдзæрæг уддзæф æмæ сæм сырддзастæй фæхъусы. Гъе афтæ цæрдæг, æхсидгæ æвзонгады хæлæрттæ дæр, иугай, иу иннæйы фæстæ дунейыл ныппалуан вæййынц, æрмæстдæр ма, фæстагмæ, иунæгæй ныууадзынц сæ зæронд, фыдæлтыккон æфсымæры. Сагъæссаг y иунæгæй баззайæг! Адæймаджы зæрдæ йыл сагъæс кæны, риссы, афтæмæй йын цæмæй баххуыс кæнай, уый нæй.
(Тæлмацгæнæг Саламты А.)
Æз тынг бирæ уарзын, Малороссийы замайнаг пъамещиктæ, зæгъгæ, кæй фæхонынц, уыцы иугай дард хъæуты хицæутты хуымæтæг, æнцад-æнцой цард; ахæм раджызаманы пъамещикты хæдзæрттæ мæм, æркæлынæввонг тынг ныззæронд уæвгæйæ дæр, аив конд нывау, хорз кæсынц сæ хуымæтæгдзинадæй, нырма йæ къултæ уарын кæмæн не рыхсадта, йæ сæр цъæх хъуына кæмæн нæма сæвæрдта æмæ æнæщекатуркæгонд дæлбазыры сырх агуыридуртæ кæцæй нæ зыны, ахæм ног лæгъз агъуысты хуызæнæй сæм кæй ницы ис, уымæй. Æз уарзын иуæй-иу хатт уыцы æнахуыр æнцой, дунейы цардæй куыддæр иртæстхуыз царды арфмæ иу цъусдуг абалц кæнын; уыцы ран дæ иу фæндон дæр нæ ахиздзæн чысыл кæрты алыфарс быд кауы сæрты, фæткъуы æмæ чылауитæй æмыдзаг цæхæрадоны æдде, уый алыфарс цы тæссармæ къулгонд зæронд хъæууон хæдзæрттæ, аууонджын хæристæ, бæрæзетæ æмæ кæрз бæлæстæ ис, уыдоны æдде. Уыцы чысыл хæдзæртты цæрæг хуымæтæг адæмы цард ахæм æнцой, ахæм сабыр у, ахæм сабыр, æмæ адæймагæй исдугмæ айрох вæййы алцыппæт дæр æмæ фæхъуыды кæны, зæгъгæ, адæмы уæлмонцтæ, фæндæттæ æмæ дуне чи змæнты, дæлимойнаджы уыцы равзæрæггаг æнæнцой хъуыддæгтæ царды мидæг уæвгæ дæр не сты æппындæр, фæлæ сæ цыма адæймаг æрмæст йæ диссаджы тæмæнтæкалгæ фыны федта, уыйау. Æз ардыгæй уынын къада хæдзар, алырдыгæй дæр ын, чи фæсаумил ис, ахæм хъæдын цæджындзтæй галерей арæзт, цæмæй арв куы нæра æмæ их куы уара, уæд рудзгуыты ставнæтæ, уарынæй куыд нæ ныххуылыдз уой, афтæмæй сæхгæнæн уа, уый тыххæй. Хæдзары æдде адджын тæфгæнаг къæбырттæг, ныллæг дыргъбæлæстæ рæнхъытæ-рæнхъытæ сагъдæй. Бæлæстæ фыр задæй (зæу-зæу кæнынц) игæрхуыз цæттæ балтæй æмæ налхъуыт чылауитæй, здыхуыз фæлм сыл æрбадти, ссады рыгау; дарддæр дынджыр пæлæхсар кæрз бæлас, йæ быны аууоны гауыз тыд фæллад уадзынæн; хæдзары размæ уæрæх кæрт гауызау сфæлыста ныллæггомау цъæхгæрдæгæй, къахвæндæгтæ дзы хордонæй цæлгæнæнмæ æмæ цæлгæнæнæй æлдары цæрæн агъуыстмæ; даргъкъубал нæл хъаз дон нуазы ног уагъд хæмпус хъазы цъиутимæ; хæдзары алфæмбылай кау быд, æмæ кауы михтыл хус кæрдо æмæ фæткъуыйы хусты хæлттæ ауыгъд, стæй гауызтæ хур æмæ дымгæмæ бауадзыны тыххæй, хордоны цур неситы уæрдон, йæ цуры уыцы зивæг æмæ фæллад хуызæй хуыссы, уыцы уæрдонæй кæй суæгъд кодтой, ахæм гал, уыдæттæ иууылдæр мæнæн сты, зæгъæн кæмæн нæй, афтæ адджын; чи зоны, æмæ уый уымæн афтæ у, æмæ æз ахæм цард нал уынын æмæ нын адджын сты, цæмæй фæиртæст стæм, уыдон иууылдæр. Куыд фæнды уæд, фæлæ-иу уæддæр мæ бричкæ уыцы хæдзары дæлбазырмæ куы рбахæстæг, ис, уæддæр-иу мæ зæрдæйæн аци æнахуыр æнцон æмæ æнцой; мæ бæхтæ дæр-иу уыцы хъæлдзæг æмæ рог сæхи бахастой кулдуармæ, бæхтæрæг-иу æнцой, æнæмæтæй æрхызти йæ бадæнæй æмæ-иу йæ лулæйы тамако нæмын байдыдта, цыма-иу мæнæ йæхи хæдзармæ рбацыди, раст уыйау; кæрты-иу уæзбын барбостæ, бровкæтæ æмæ жучкæтæ æмхуызонæй куы сгъæу-гъæу кодтой, уæд мын-иу уыдоны рæйдмæ хъусын дæр æхсызгон уыди. Фæлæ æппæтæй тынгдæр та мæ зæрдæмæ цыдысты, сæрæй уыцы хуымæтæг æмæ æнцой цæрæн къуымтæ кæй уыдысты, уыцы адæм сæхæдæг, мæ размæ-иу афтæ æнувыдæй чи рауади, уыцы зæронд лæгтæ æмæ устытæ. Уыдоны цæсгæмттæ ма ныр дæр мæ цæстытыл ауайынц хаттæй-хатт модæ фракджынты æхсæн æмæ уыдоны уынæры, æмæ ахæм сахат æз уайтæккæ дæр æрдæгфынæйау авæййын æмæ мæ цæстытыл ауайы ивгъуыд заманы адæм. Уыдонæн сæ цæсгæмттыл кæддæриддæр фыст вæййы ахæм хæларзæрдæдзинад, ахæм æхсызгондзинад æмæ сыгъдæгзæрдæдзинад, æмæ бар-æнæбары дæр лæг айрох кæны, уæд та иу цъус рæстæгмæ, йæ къæйных æмæ уæндон бæллицтæ иууылдæр æмæ йæ адæймаг йæхæдæг дæр нæ бамбары, афтæмæй йе ппæт æнкъарæнтæй дæр бафты æнаккаг буколикон (хъæууон) царды арфмæ.
Ныронг дæр мæ нæ рох кæнынц ивгъуыд æнусы заманæй дыууæ зæронды; уыдон, мæгуыртæг, ныр нал сты а дунейыл, фæлæ ма сын гъе ныры онг дæр æз тынг тæригъæд кæнын, æмæ ма ныр дæр мæ зæрдæ æнахуыр тынг æрбауынгæг вæййы, мæ цæстытыл куы ауайы, ныр гæныстон чи баци, сæ уыцы хæдзармæ та искуы куы бафтон æмæ уыцы хæдзæрттæ хæлдæй кыу фенон, донмарæн хусæй, стæй уыцы ныллæг хæдзар кæм уыди, уым та хæмпæлгæрдæг æмæ бæрзонд пысыра кæм сзади, ахæм лæнкау, уæд. Æнкъард! Рагацау та мæ зæрдæ нырхæндæг ис! Фæлæ не ргом радзырдмæ аздахæм. Афанасий Иванович Товстогуб æмæ йæ ус Пульхери Ивановнæ Товстогубихæ, сæ зылды музуккæгты ныхæстæм гæсгæ уыдысты, æз ныхас кæнын кæуыл райдыдтон, гъе уыцы зæрæдтæ. Æвæдза, æз нывгæнæг куы фæцадаин æмæ мæ зæрды куы уыдаид кæттагыл Филемон æмæ Бавкидæйы сурæттæ сныв кæнын, уæд уый тыххæй ацы дыууæ зæронды йеддæмæ никуы никæйы равзæрстаин. Афанасий Ивановичыл цыди æртиссæдз азы, Пульхери Ивановнæйыл та фынддæс æмæ дыууиссæдз азы. Афанасий Иванович уыди бæрзонд, æдзухдæр-иу йæ уæлæ дардта камлот сгæлладцъарджын фысдзæрмтты кæрц, бадгæйæ йæхи дардта гуыбыр, уыимæ йæ мидбылты худти æппынæдзух дæр, дзургæ кодтаид, æви хъусгæ кодтаид, уæддæр. Пульхери Ивановнæ уыди уымæй иу цасдæры бæрц карздæр, худгæ никуы кодта, иу стæм хаттæй фæстæмæ; фæлæ йæ цæсгомыл æмæ йæ цæстытыл афтæ бирæ хæларзæрдæдзинад фыст уыди, хуыздæрæй сæм цы уыди бахæрынæн, уыдонæй суазæг кæнынмæ цæстытæ афтæ тынг цæттæдзинад æвдыстой, æмæ, бауырнæд уæ, уыцы хæларзæрдæ цæсгомыл ма бынтон уæлдай уыдаид мидбылты худт. Сæ цæсгæмттыл рог æнцъылдтæ афтæ дзæбæх æмæ аив æвæрд уыдысты, æмæ, гæнæн ис, зæгъгæ, уæд сæ иу нывгæнæг дæр æнæ адавгæ нæ фæуыдаид. Афтæ зынди, цыма уыцы æнцъылдтæм гæсгæ бакæсæн уыди уыдонæн се ппæт цард дæр, зæронд национ, хуымæтæгзæрдæ æмæ уыимæ хъæздыг мыггæгты рæсугъд, æнцой цард; уыдон бынтон æндæрхуызон сты, догъытгæнджытæй, базаргæнджытæй чи фесхъæл вæййы, палатæты æмæ паддзахадон кусæндæтты, мæтыхтау, чи байдзаг вæййы, суанг хи хъæуккæгты дæр сæ фæстаг капеччы онг бастигъыныл чи нæ ауæрды, Бетъырбухы хахуыр æмæ фыдгойгæнджытæ кæй руаджы ныббирæ сты, афтæмæйты æппынфæстаг исбис чи бамбырд кæны æмæ сæ мыггæгты кæройнаг мыртæ О кæмæн сты, афтæмæй ма сæм В чи бафтауы, уыцы æлгъаг малороссæгтæй. Нæ, а зæрæдтæ нæ уыдысты уыцы æнæуынон æмæ æлгъаг цæрæгойты хуызæн рагон малороссаг æмæ бындурон мыггæгтæ иууылдæр уыцы æлгъæгты хуызæн куыд нæ уыдысты, раст гъе афтæ. Хуымæтæджы æнцой зæрдæйæ кæсæн нæ уыди, уыдон кæрæдзийы куыд æнувыд уарзт кодтой, уымæ. Уыдон кæрæдзимæ никуы дзырдтой ды, зæгъгæ, фæлæ æдзухдæр кæрæдзийы хуыдтой сымах, зæгъгæ: сымах, Афанасий Иванович; сымах, Пульхери Ивановнæ. «Уый сымах бын ныссасти бандон, Афанасий Иванович?» «Ницы кæны, ма мæсты кæнут, Пульхери Ивановнæ, уый æз уыдтæн». Уыдонæн цот никуы уыди æмæ уымæ гæсгæ се нувыддзинад æгасæй дæр баиу ис дыууæйæн æрмæст сæхи хсæн, сæ кæрæдзимæ. Кæддæр ма Афанасий Иванович æрыгон куы уыдис, уæд службæ кодта компанейцæй, уый фæстæ уыди секунд-майор, фæлæ уый тынг раджы уыди, раджы аивгъуыдта уыцы дуг, суанг æй Афанасий Иванович йæхæдæг дæр никуыуал æрæмысыди. Мæнæ Афанасий Иванович ус ракуырдта дæс æмæ ссæдзаздзыдæй, æрыгон ма куы уыди æмæ хуыд къамдзон куы дардта, уæд; Пульхери Ивановнæйы йæ ныййарджытæ нæ лæвæрдтой уымæн, фæлæ Афанасий Иванович йæхи фæрæвдз кодта æмæ диссаджы хорз сарæхсти йæ ахæссынмæ; фæлæ уый дæр ныр йæ зæрдыл тынг нал лæууыди, рох дзы кæд нæ уыд, уæддæр йæ кой никуы кодта.
Уыцы рагон æмæ æнахуыр цауты раджы раивтой æнцой æмæ хибар цард, рæхцæн æмæ цавæрдæр æнахуыр сæнттæ, мæнæ адæймаг хъæууон хæдзары, дыргъдонырдæм, балкъоны куы фæбады æмæ куы фæхъусы, замманай тæрк къæвда рæсугъд сæр-сæр куы фæкæны, бæлæсты сыфтæртыл æмдзæгъд саразгæйæ, къæвдайы дон чысыл донгуырæнтæй хъæлдзæг сусу-бусугæнгæ куы фезгъоры æмæ æппæт уыцы уынæр адæймаджы уæнгты, авдæны зарæгау, æхсызгонæн æрдæг фынæйы тæваг куы бауадзы, фæлæ бæлæсты æдде та арвы æрдын, хъуызæгау, куы сцæйæвзæры æмæ арвыл æрдæгхæлд æрдынцарау фæлм рухс кæнын куы байдайы йæ алымыггаг авд хуызæй, ахæм сахат лæджы сæры чи сæвзæры, ахæм æрдæгбæрæг æмæ уыимæ рæсугъд сæнттæ. Кæнæ та дæ цъæтджын уæрдоны бадгæйæ, сæр куы разилы цъæх къудзиты æхсæнты фæцæйцæугæйæ, быдырон уæрцц та хæстæг искуы былдыхъхъæй куы фæзары, стæй дæм æхсызгон тæфгæнаг кæрдæджытæ мæнæуы æфсиртимæ æмæ быдырон дидинджытимæ иумæ дæ уæрдоны дуарæй мидæмæ сæ сæртæ бадар-бадар куы фæкæнынц, уæд дæ къухтæ мæ дын дæ цæсгомыл сæхи æхсызгон асæрф-асæрф кæнгæ, гъе ахæм сахат сæры чи сæвзæры, уыцы хъуыдытау.
Уый, йæ мидбылты æхсызгон худт кæнгæйæ, хъуыста æдзухдæр, чи йæм-иу æрбацыди, йæ уыцы уазджытæм, йæхæдæг дæр-иу дзырдта иуæй-иу хатт, фæлæ фылдæр фæрсгæ кодта алцæмæйты. Уый нæ уыди, мæнæ æдзух зæронд заманæй æппæлæн ныхасæй кæнæ ног заманы фыдкой кæнынæй йæ уазджыты чи схъыг кæны, уыцы зæронд лæгты хуызæн. Нæ, уый-иу дæ бæлвырд фæфарстаид, дæ хабæрттæй, йæхи-иу стыр цымыдисæй æмæ цæстуарзонæй равдыста, дæхæдæг куыд цæрыс, цы митæ кæныс, дæ царды хорз кæнæ æвзæр цы хъуыддæгтæ цæуынц, мæнæ æппæт хорззæрдæ зæронд лæгтæ адæймаджы цæмæйты фæфæрсынц уыдæттæй, кæд уыцы цымыдисдзинад у, демæ ныхасгæнгæйæ, дæ сахаты джипмæ лæмбынæг чи фæкæсы, ахæм сывæллоны хуымæтæг цымыдисдзинады хуызæн иу цасдæр, гъе уæддæр. Уæд-иу йæ цæсгом æвдыста хæларзæрдæдзинад.
Нæ зæронд лæг æмæ ус кæм цардысты, уыцы уæттæ уыдысты чысылтæ, ныллæгцар уæттæ, раст мæнæ зæрондзамайнаг адæмы уæтты халдих. Алы уаты дæр дзы уыди дынджыр пец, уатæн раст йе ртыццаг хайы бæрц чи ахста, ахæм. Уыцы уæттæ уыдысты æнæуаг хъарм, уымæн æмæ Афанасий Иванович æмæ Пульхери Ивановнæ тынг уарзтой хъарм. Пецтæн се ппæтæн дæр сæ æртгæнæнтæ уыдысты сенæты, æдзухдæр хъæмпæй суанг цары онг дзаг чи уыд, уым; сенæты та хъæмп уымæн уыди, æмæ Малороссийы хъæмп æндзарынц суджы бæсты. Судзгæ-судзын уыцы хъæмпы къæрццытæ æмæ рухс зымæгон изæр сенæты афтæ диссаджы дзæбæх фæфидауынц, æмæ йын зæгъæн дæр нæй, уæлдайдæр та иу иставæр бурдзалыджы фæдыл зилгæйæ адæймаг куы баргъæвсы æмæ йæ уазал къухтæ кæрæдзиуыл æууæрдгæ, куы рбазгъоры, уæд. Уаты къултыл уыди цалдæр стыр æмæ гыццыл нывы рагон нарæг фæлгæтты кондæй. Æз дызæрдыг нæ кæнын, уыцы нывты мидис a хæдзары хицæуттæй раджы кæй ферох ис, ууыл, æмæ дзы искæцыты уырдыгæй исчи куы ахæссид, уæд сæ уыдон æмбаргæ дæр нæ бакæниккой. Дыууæ портреты дзы уыди стыртæ, маслæ ахорæнтæй конд. Иу дзы уыди цавæрдæр архиерей, иннæ та Петр III. Нарæг рамæйæ касти герцогиня Лавальер, бындзыты фæдæй ма тыххæйты зынди, афтæмæй. Рудзгуыты алыфæрсты æмæ дуары сæрмæ уыди бирæ чысыл нывтæ, фæлæ уыдон уыдысты къулыл стъæлфыты хуызæн æмæ сæм уымæ гæсгæ адæймаг кæсгæ дæр нæ кæны. Уæттæ, æвæццæгæн, иууылдæр уыдысты сыджытбынтæ, фæлæ афтæ сæрст уыдысты, стæй афтæ аив æфснайд уыдысты, æмæ, æвæццæгæн, иу хъæздыг хæдзары дæр, хуыссæгхъæлдзæг господин ливрей дарæсы мидæг зивæггæнгæ кæй фæмæрзы, иу ахæм паркет пъол дæр афтæ сыгъдæг æфснайд нæ вæййы.
Пульхери Ивановнæйы уатмæ бацæуæн нæ уыди чырынтæй æмæ асыччытæй. Къулыл ауыгъд уыди бирæ дзæкъултæ æмæ хызынтæ, дидинджыты, алы халсарты мыггæгтæ, харбызы мыггæгтæ конд кæм уыди, ахæмтæ. Бирæ къуыбылæйттæ алыхуызон къуымбил æндахæй, иу дæс æмæ дыууиссæдз азы размæ хуыд чи рцыд, ахæм рагон къабаты хæцъилтæ, къуымты æвæрд уыдысты чырынты мидæг æмæ чырынты æхсæнты. Пульхери Ивановнæ уыди хорз хæдзардзин æфсин æмæ æмбырд кодта алцыдæр, кæд уæвгæ хаттæй-хатт йæхæдæг дæр нæ зыдта, фæстæдæр æй цæмæн бахъæудзысты, уый, уæддæр.
Фæлæ хæдзары æппæты æмбисонддæр уыдысты зараг дуæрттæ. Куыддæр-иу райсомæй æрбарухс и, афтæ-иу дуæртты зарын хъуысти æппæт хæдзары дæр. Æз æй нæ зонын, цæмæн зарыдысты, уый; кæд ce вдузæнтæ бынтон кæй сызгæ сты, мыййаг уый тыххæй афтæ у, æви сæ чи арæзта, уыцы механик дзы сусæгæй ахæм исты дзаума бавæрдта, уæддæр нæ зонын; фæлæ диссаг уый уыди, æмæ дзы алы дуар дæр хицæн хъæлæсæй зарыди, йæхи сæрмагонд хъæлæсæй: æхсæвхуыссæн уаты бацæуæны дуар уасыди æппæты лыстæгдæр дискантæй; хæргæ-иу кæм кодтой, уыцы уатмæ бацæуæн дуар та хъыс-хъыс кодта бæзджын хъæлæсæй, фæлæ сенæйы цы дуар уыди, уый та уасыд цавæрдæр æнахуыр зырзыргæнаг æмæ уыимæ хъæрзæгау, хъæлæсæй, иудзырдæй, уыцы дуары уастмæ лæмбынæг хъусыс, зæгъгæ, уæд-иу, æппынфæстаг адæймаджы хъустыл бæлвырд уади: о, мæ бон, æз баргъæвстæн! Æз зонын, уыцы мыр бирæты зæрдæмæ тынг кæй нæ цæуы, уый, фæлæ йæ æз тынг бирæ уарзын æмæ искуы иу хатт ам мæ хъустыл куы ауайы дуары хъыррыст, уæд мæ фындзыл уайтагъд сæмбæлы хъæууон тæваг, цæстытыл ауайы ныллæгцар чысыл уат зæронд цырагъдарæны æвæрд цырагъы рухсмæ, æхсæвæр уыцы цæттæйæ лæууы стъолыл, цæхæрадонæй гом рудзынгæй мидæмæ йæ цæст дары майы мæйдар æхсæв уатмæ, тæбæгъæй, уидыгæй, æндæрæй хæрын райдайын æввонг рæвдз стъолмæ, булæмæргъ къуыззиттæй зары цæхæрадоны, хæдзар, дард цæугæдон, хъустыл ауайы йæ гуылфæны сæр-сæр, цыдæр тæссагдзинад, бæлæсты къалиуты сæр-сæр... æмæ, уæ, ме сфæлдисæг хуыцау, цæй даргъ атъанг вæййынц уæд мæ сæры мæ хъæууон царды нывтæ!
Уаты бандæттæ уыдысты хъæдæй конд, уæззау, раджы заман-иу чи уыди, раст ахæмтæ; уыдонæн се ппæтæн дæр уыди зырнæй зылд бæрзонд къæлæттæ хи фæстæмæ ауадзынæн, фæлæ нæдæр лакæй ахуырст уыдысты, нæдæр æндæр истæмæй; æдде сыл суанг хъуымац хуыд дæр нæ уыди æмæ уыдысты, ныры онг дæр ма архиерейтæ кæуыл фæбадынц, ахæм бандæтты хуызæн. Æртæтигъон стъолтæ къуымты, цыппæртигъон стъолтæ диванты æмæ сыгъзæрин доны тылд лыстæг фæлгæты конд айдæнты размæ æвæрд, фæлгæты сыфтæры нывæфтыдтæ, бындзыты фæдæй сау дзыгъуыр дарынц; диваны размæ гауыз, йæ уæлæ дидинджыты æнгæс цъиуты нывтæ æмæ цъиуты æнгæс дидинджытæ, гъе уый уын, мæ зæрæдтæ кæм цардысты, уыцы хуымæтæг, рæудомæн цæрæн хæдзары фæлыст.
Чызджыты уат йæ тæккæ дзаг уыди, нырма æрыгон чи у, стæй æрыгон чи нал у, ахæм чызджытæй, сæ уæлæ дæргъытæ мидæггаг хæдæттæ; уыдонæн-иу Пульхери Ивановнæ хаттæй-хатт бабар кодта исты æнæхъуаджы дзаумæттæ хуыйын кæнæ дыргъгагатæ сыгъдæг кæнын, фæлæ фылдæр хатт та уыдон згъордтой цæлгæнæнмæ, кæнæ та фынæй кодтой. Пульхери Ивановнæ йæхицæн æнæмæнг хъæугæ хæсыл нымадта йæ хæдзары уыцы чызджыты уагмæ карз цæст дарын, æвзæр мийæ сæ бахъахъæнын. Фæлæ ма-иу уый дисæн кæрон кæм уыди, цалдæр мæйы фæстæ та-иу йæ чызджытæй искæйы гуыбын дызæрдыггаг тыппырæй куы федта, уæд; уыцы хъуыддаг ма йæм ноджы уæлдай диссагдæр та уымæн касти, æмæ йæ кæрты иу æнæус лæг дæр нæ уыди, йæ уаты цумайы лæппуйы куы нæ нымайæм, уæд; уыцы лæппу та цыди æрдæгфрачы, бæгъæввадæй æмæ-иу кæд хæргæ нæ кодта, уæд та-иу иудадзыг дæр фынæй уыди. Ахæм сахат-иу Пульхери Ивановнæ загъд кодта аххосджынмæ æмæ-иу æй карз бафхæрдта, цæмæй дарддæр иннæтыл ахæм хъуыддаг мауал æрцæуа, уый тыххæй. Рудзгуыты æвгтыл гуывгуыв кодтой æнæкæрон бирæ бындзытæ, фæлæ-иу се ппæты гуыв-гуывыл дæр уæлахиз кодта, се хсæн-иу цы галыбындз бафтыди; уый тыхджын æмæ ставд гуыв-гуыв, хатгай ма-иу ын йæ лæстæг уадындзхъæлæсæй æххуыс кодта, æнæнхъæлæджы-иу уым чи февзæрди, ахæм дыдын дæр; фæлæ-иу куыддæр цырæгътæ ссыгътой, афтæ-иу уыцы бындзыты æрдонг сæхи айстой хуыссынмæ æхсæвиуатмæ æмæ-иу, сау мигъау, сæхгæдтой аты цар æнæхъæнæй дæр.
Афанасий Иванович хæрз чысыл сагъæс кодта хæдзары хъуыддæгтыл, фæлæ-иу уæддæр искуы иу хатт уæрдон сифтыгъта æмæ-иу ацыди хосгæрдджытæм æмæ мæнæугæрдджытæм æмæ-иу тынг лæмбынæгæй фæкасти, уыдон куыд кусынц, уымæ; хæдзары мæт æгасæй дæр уыди Пульхери Ивановнæйы æккойы. Пульхери Ивановнæйы æфсинад æгасæй дæр уыди æппынæдзух къæбицы дуар гом кæнын æмæ æхгæнынæй, алы дыргътæ æмæ халсартæ цæхджын кæнын, хус кæнын æмæ фыцынæй. Уымæн йæ хæдзар уыди раст мæнæ химион лабораторийы хуызæн. Фæткъуы бæласы бын иудадзыг дæр арт уыди; æмæ суанцъæйæ, æвæццæгæн, æппындæр цух нæ кæны аг кæнæ æрхуы тас вареннæйæ, желейæ, пастилайæ, чи дзы мыдимæ конд у, чи сæкæримæ, чи та ферох мæ ис ноджы ма цæйтимæ конд у. Иннæ бæласы бын та кучыр æрхуы мигæнæны æппынæдзухæй дæр уырыссаг арахъхъ уагъта алтъамийы сыфтыл, къæбырттæджы дидинæгыл, æндæр кæрдæджы мыггæгтыл, балы ппытыл æмæ-иу фæстагмæ афтæ сси, æмæ-иу йе взаг æппындæр йæ дзыхы нал тасыди, цыдæр æнахуыр хъуым-хъуым ма-иу кодта æмæ йын ничи ницы мбæрста; уæд-иу æй Пульхери Ивановнæ дæр цæлгæнæнмæ арвыста фынæй кæнынмæ. Æппæт уыцы алымыггаг хъылмайæ-иу афтæ бирæ сфыхтой, сцæхджын кодтой, бахус кодтой, æмæ-иу æппынфæстаг, æвæццæгæн, æнæхъæн кæрты дæр нæ бацыдаиккой, уымæн æмæ-иу Пульхери Ивановнæ уарзта, хæрынæн-иу сæ цас бахъуыдаид, уымæй уæлдай æвæрæнтæ кæнын дæр, фæлæ-иу сын сæ фылдæр æмбис кæрты лæггадгæнæг чызджытæ бахордтой; уыдон-иу сусæгæй къæбицмæ бацыдысты æмæ-иу уым фырхæрдæй афтæ фесты, æмæ-иу бон изæрмæ сæ хъæрзын цыди, фæрыстысты-иу сæ гуыбынтæ. Хуымгæныны æмæ кæрты æдде иннæ хæдзарадон куыстытæм Пульхери Ивановнæ ницы уыйас бар дардта, уыдæттæм йæ цæст дарын йæ фадат кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ. Приказчик, хъæуы хицауимæ йæхи сбæтгæйæ, хæдзары исбон давтой æнауæрдонæй. Уыдон, сæхи сæрмагонд бæстыхæйттæм цæуæгау, æнæфсæрм цыдысты æлдары хъæдмæ, уым-иу бирæ дзоныгътæ скодтой æмæ сæ уæй кодтой хæстæгдæр армукъайы; уымæй уæлдай, хъæды цы ставд тулдзытæ уыди, уыдон та сыхаг хъазахъхъæн куырæйттæн уæй кодтой. Æрмæст иунæг хатт сфæнд кодта Пульхери Ивановнæ сæ хъæд бабæрæг кæнын. Уый тыххæй сифтыгътой дынджыр цæрмын агъудджын дрог; куыддæр-иу бæхтæрæг бозийæ февзыста æмæ-иу милицæйы дæр ма чи бакуыста, уыцы бæхтæ сæ бынатæй фенкъуысыдысты, афтæ-иу уыцы дрог уæрдоны æвирхъау хъинц-хъинц дардмæ айхъуысти, æвиппайды-иу дæ хъустыл ауадаид флейтæ дæр, бубнæ дæр, барабан дæр; алы зæгæл æмæ дзы æфсæйнаг цæг дæр афтæ хъинц-хъинц æмæ зæлланг кодтой, æмæ раст куырæйтты цурмæ хъуысти, æхсин-æлдар сæ кæртæй куыд рараст кодта, уый, кæд уырдыгæй уырдæм дыууæ верстæй къаддæр нæ уыди, уæддæр. Пульхери Ивановнæ æнæ бафиппайгæ нæ фæци, йæ хъæд æвирхъау тæнæг кæй сси, стæй ма сывæллон куы уыди, суанг уæд кæй зыдта, æнусон тулдзытæ, зæгъгæ, уыцы ставд тулдз бæлæстæ дæр уым кæй нал уыдысты, уый.
«Ничипор, уый дæм цæмæн афтæ у», загъта уый, йæ приказчикмæ дзургæйæ: «ам тулдзытæ цæмæн афтæ скуынæг сты? Хъахъхъæ дæхи, цæмæй дæ сæрыхъуынтæ дæр афтæ ма стæнæг уой, уымæй».
«Цæмæн афтæ скуынæг сты, зæгъыс?», дзырдта-иу уæд приказчик: «Фесæфтысты! Гъе, афтæ фесæфтысты бынтондæр: кæй дзы арв ныццавта, кæй дзы хъæдгалм скарста, фесæфтысты, æхсин, фесæфтысты». Пульхери Ивановнæ-иу бынтон баууæндыди уыцы дзуаппыл æмæ-иу, сæхимæ æрбаздæхгæйæ, дзырд радта цæхæрадоны æрмæст шпайнаг балтæ æмæ зымæгон дынджыр кæрдоты раз хъахъхъæнджыты нымæц дыууæ хатты фылдæр фæкæныны тыххæй. Уыцы аккаг хицæуттæ, приказчик æмæ хъæуы хицау, уæлдай хъуыддагыл банымадтой ссад æппæтæй дæр æлдары гонтæм ласын, æгъгъæд, дам, сын y ссадæн йе мбис дæр; фæстагмæ уыцы æмбис дæр ласын байдыдтой, ссад-иу куы схъуына ис, уæд, кæнæ та уымæлæй, армукъайы-иу сын æй нæбæззоныл куы банымадтой, уæд. Фæлæ кæд приказчик æмæ хъæуыхицау цыфæнды давд кодтой, кæд кæрты цæрджытæ алцыппæт дæр æнæуаг бирæ æфтъæрдтой, дæгъæлты хицауæй райдай æмæ суанг хуыты онг иууылдæр (а хуытæ цас чылауитæ æмæ фæткъуытæ хордтой, уымæн банымайæн дæр нæй, суанг ма сæхæдæг дæр сæ бырынчъытæй æнкъуысын кодтой бæлæсты, цæмæй сыл-иу дыргътæ ноджыдæр къæвдайау æрызгъæлдаиккой, уый тыххæй). кæд сæ сырддонцъиутæ æмæ халæттæ æдзух хордтой, кæрты дæлбар кусджытæ хæдзары хъаймагъ сæ хæстæджытæн æмæ хæлæрттæн æндæр хъæутæм дæр æнæвгъау хастой æмæ ма суанг къæбицæй зæронд кæттаг æмæ æндæр хъуымæцтæ дæр давтой æмæ сæ шиночы (нуазæндон дар) хай кодтой, кæд уазджытæ, уæзбын кучыртæ (бæхтæрджытæ) æмæ цумайы адæм (лакейтæ) цыфæнды давд кодтой, уæддæр сын сæ бæркадджын зæхх алцыппæт дæр афтæ бирæ лæвæрдта, афтæ бирæ, Афанасий Ивановичы æмæ Пульхери Ивановнæйы сæхи та афтæ чысыл хъуыди, æмæ утæппæт æвирхъау бирæ дæвдтытæ зынгæ дæр нæ кодтой сæ хæдзарадыл.
Дыууæ зæронды дæр, зæронд-замайнаг уæздæтты рагон æгъдаумæ гæсгæ, тынг бирæ уарзтой хæрын. Куыддæр-иу бон æрбацъæх и (уыдон кæддæриддæр раджы стаг уыдысты) æмæ-иу куыддæр дуæрттæ сæ алымыггаг хъæлæстæй сæ концерт бацайдагъ кодтой, афтæ-иу уыдон стъолы уæлхъус бадтысты æмæ къофи цымдтой. Къофи-иу куы бацымдтой, уæд-иу Афанасий Иванович сенæмæ рацыди æмæ-иу, йæ къухты кæлмæрзæн ацæгъдгæйæ, дзырдта: «Уыссиу, уыссиу! ацæут, хъазтæ, къæсæрæй!» Кæрты-иу алы хатт дæр йæ размæ фæци приказчик. Æмæ та-иу йемæ ныхасы бацыди, рафæрс-бафæрс-иу æй кодта куыстыты тыххæй, диссаджы бæлвырд хынц фæрстытæ, æмæ йын-иу ахæм уайдзæфтæ æмæ фæдзæхсæнтæ кодта, æмæ йæм байхъус, уæд стыр дисы бацыдаис, афтæ бæлвырд æмæ хорз кæцæй зоны æппæт хæдзары хъуыддæгтæ, зæгъгæ, ахæм сахат уымæ байхъусыны фæстæ-иу искæцы ног адæймаг ахъуыды кæнын дæр нæ бауæндыдаид ахæм къæрцхъус хицауæй чысыл истыдæр адавыны тыххæй. Фæлæ йæ приказчик фæлтæрд адæймаг уыди: уый зыдта, цавæр дзуапп дæттын хъæуы, ноджы хуыздæр та зыдта, куыд хицаудзинад кæнын хъæуы, уый.
Уый фæстæ-иу Афанасий Иванович агъуыстмæ æрбаздæхти æмæ дзырдта, Пульхери Ивановнæмæ æрбахæстæг уæвгæйæ:
Æвæдза, Пульхери Ивановнæ, чи зоны æмæ, афон y ныр исты ахæрынмæ дæр.
Æмæ цымæ ныр, Афанасий Иванович, цавæр хæринаг бахордæ уа? Кæд мыййаг коржиктæ æмæ салæ, кæнæ макджын хъæбынтæ, æви уæд та цæхджын бур къозотæ?...
Цæй, уæд та фæуæд къозотæ дæр, кæннод та хъæбынтæ, дзуапп лæвæрдта Афанасий Иванович, æмæ-иу уæд стъолыл уайтагъд фæзынди стъолæмбæрзæн, уый уæлæ та хъæбынтæ æмæ къозотæ.
Сихоры хæрдафонæй сахат раздæр та Афанасий Иванович хордта ногæй, банызта-иу тынг рагон æвзист нуазæны дзаг уырыссаг арахъхъ æмæ-иу ын йæ фæстæ ахордта къозотæ, алымыггаг хус лыстæг кæсæгтæ æмæ æндæр хæринæгтæ. Сихор хæрыныл-иу æрбадтысты дыууадæс сахатыл. Тæбæгътæ æмæ лывзæдонтæй фæстæмæ, стъолыл уыди бирæ алымыггаг дурынтæ сæ сæртæ уыцы нгом æхгæдæй, цæмæй комы дæттæ чи рауайын кæны уыцы рагон хæрзад къухынайы конд хæринæгтæн сæ тæф ма фæцæуа, сæ ад ма хæла, уый тыххæй. Сихор хæргæйæ-иу уыдон ныхас кодтой, сихоры хæринæгтæм æппæты хæстæгдæр чи лæууыди, ахæм истæйты тыххæй.
Мæнмæ афтæ кæсы, цыма ацы кас, дзырдта-иу Афанасий Иванович, чысыл йæ быныл асыгъди: цымæ сымахмæ афтæ нæ кæсы, Пульхери Ивановнæ?
Нæ, Афанасий Иванович, царв ма йыл фылдæр ныккæнут, æмæ уæм уæд йæ быныл сыгъд нал кæсдзæн, кæнæ та мæнæ ацы къозоты лывзæйы дон айсут æмæ йыл уымæй æркæнут.
Чи зоны, æцæг афтæ бакæнын хуыздæр уа, дзырдта Афанасий Иванович æмæ-иу йæ тæбæгъ бадардта, бафæлварæм æй, кæддара куыд уыдзæн.
Сихоры хæрды фæстæ-иу Афанасий Иванович ацыди иу сахат йæ фæллад суадзынмæ, стæй-иу æм уый фæстæ Пульхери Ивановнæ бахаста саст харбыз æмæ дзырдта:
Гъа-ма, фенут æй, Афанасий Иванович, куыд хорз харбыз у, уый.
Ma йыл æууæндут, Пульхери Ивановнæ, мидæгæй сырх кæй у, ууыл,дзырдта Афанасий Иванович, дынджыр харбызы карст йæ къухмæ исгæйæ: афтæ дæр рауайы, æмæ харбыз сырх вæййы, фæлæ уæддæр хорз нæ разыны.
Фæлæ-иу харбыз уайтагъд фæцыдæр ис. Уый фæстæ ма-иу Афанасий Иванович бахордта иу цалдæр кæрдойы æмæ-иу араст и цæхæрадонмæ Пульхери Ивановнæимæ иумæ атезгъо кæнынмæ. Сæхимæ-иу куы рбаздæхтысты, уæд-иу Пульхери Ивановнæ бавнæлдта йæ хъуыддæгтæ кæнынмæ, лæг та-иу дæлбазыр æрбадти кæртырдæм æмæ касти, къæбиц æм æппынæдзух йæ хуылф февдис-февдис куыд кодта, стæй чызджытæ, сæ иу иннæйы схойгæ, къæбицмæ æмæ уырдыгæй алы ницæйаг æрмæг куыд хастой хъæдын асыччыты мидæг, сыхырнаты, арынгты æмæ æндæр дыргъдарæнты мидæг, уымæ. Чысыл-иу куы абадти афтæ, уæд-иу уый фæстæ искæйы арвыста Пульхери Ивановнæмæ, кæннод та-иу æм йæхæдæг ацыди æмæ-иу дзырдта:
Цымæ цавæр хæринаг бахæрдæ уа, Пульхери Ивановнæ?
Цавæр хæринаг зæгъут? сдзырдта-иу Пульхери Ивановнæ: уæд та ауайон æмæ зæгъон, цæмæй уын рахæссой гага дыргътæй конд хъæбынтæ, æз абон сымахæн барæй кæй ныууадзын. кодтон, уыдон?
Уый дæр хорз, дзуапп лæвæрдта Афанасий Иванович.
Æви, чи зоны æмæ, кисел ахæриккат?
Уый дæр æвзæр нæу, дзуапп лæвæрдта Афанасий Иванович.
Уыцы ныхæсты фæстæ-иу уыдæттæ се ппæт дæр уайтагъд рахастой, кæй зæгъын æй хъæуы, æмæ-иу хæрд æрцыдысты.
Æхсæвæры агъоммæ ма-иу Афанасий Иванович ноджыдæр истытæ бахордта. Дæсæм сахат-иу æмбис куы уыди, уæд-иу æрбадтысты æхсæвæр хæрыныл. Æхсæвæры фæстæ та-иу уыцы сахат ацыдысты хуыссынмæ, æмæ-иу уæд ныссабыр ис уыцы хъуыддагджын æмæ уыимæ уыцы æнцад цæрæн къуым. Афанасий Иванович æмæ Пульхери Ивановнæ кæм хуыссыдысты, уыцы уат афтæ хъарм уыди, æмæ дзы æрмæст стæм адæймаг бафæрæзтаид уым иу цалдæр сахаты фæуын. Фæлæ ма Афанасий Ивановичæн уыйдæр æгъгъæд-нæ уыд, æмæ-иу пецы сæр хуыссыди, цæмæй йын хъармдæр уыдаид, уый тыххæй, кæд уым æгæр тæвд кæй уыди, уый тыххæй-иу æй æхсæв иу цалдæр хатты рахизын æмæ уаты рацу-бацу кæнын бахъуыди, уæддæр. Хаттæй-хатт-иу Афанасий Иванович, уаты рацу-бацу кæнгæйæ, хъæрзыди.
Уæд-иу æй Пульхери Ивановнæ фарста:
Цæмæн хъæрзут, Афанасий Иванович?
Хуыцау йæ зонæг, Пульхери Ивановнæ, цыма иу чысыл мæ гуыбын риссæгау кæны, дзырдта Афанасий Иванович.
Цымæ уын, мыййаг, хуыздæр нæ уаид исты ахæрын, Афанасий Иванович?
Нæ зонын, хуыздæр мын уыдзæн, æви нæ, Пульхери Ивановнæ! Цæй, уæд та бафæлварон, æмæ цы бахæрдæ уа, цымæ, ахæмæй?
Туаг æхсыр, гъе та тæнæггомау узвар, кæрдойы хустимæ.
Чи зоны, хуыздæр уыдзæн афтæ, уæд та бафæлварыны тыххæй, дзырдта Афанасий Иванович. Хуыссæнхъæлдзæг чызг-иу арасти скъаппыты зилынмæ, æмæ-иу Афанасий Иванович иу тæбæгъ куы бахордта, уый фæстæ-иу загъта:
Гъе ныр мын цыма куыддæр фенцондæр ис.
Иуæй-иу хатт, хур рæстæг-иу куы уыди æмæ-иу пецты артæй уæттæ зæрдæйы фаг хъарм куы уыдысты, уæд Афанасий Иванович уарзта Пульхери Ивановнæйæ ахъазын æмæ исты иппæрд хъуыддæгтыл аныхас кæнын.
Уæдæ куыд, Пульхери Ивановнæ, дзырдта уый: ныр æвиппайды нæ хæдзар куы ссудзид, уæд мах цы фæуаиккам?
Хуыцау нæ бахизæд ахæм хъуыддагæй! дзырдта Пульхери Ивановнæ, йæхиуыл дзуæрттæ æфтаугæйæ.
Гъемæ, уæддæр, зæгъæм, нæ хæдзар басыгъди, уæд кæдæм аивиккам мах?
Иунæг хуыцау зоны, сымах цытæ дзурут, уый (уæ зæрдæ та куыд комы ныр ахæм ныхæстæ кæнын), Афанасий Иванович! Max хуыцауы уазæг! Искуыдæр ма хæдзарæн афтæ ссудзæн и: уымæй нæ хуыцау бахъахъæндзæн.
Гъемæ, уæддæр зæгъæм басыгъди?
Гъе уæд уал баивиккам нæ цæлгæнæнмæ. Сымах уал рæстæгмæ бацахсиккат, дæгъæлты хицау кæм цæры, уыцы уат.
Æмæ цæлгæнæн дæр куы басудзид, уæд та?
Уый та дын ноджыдæр, гъе: æваст хæдзар дæр æмæ цæлгæнæн дæр басудзой! Max хуыцау бахиздзæн ахæм æвирхъауы æнамонддзинадæй! Фæлæ ахæм хъиамæт æрцыди, зæгъгæ, уæд уал балидзиккам къæбицмæ, цалынмæ ног хæдзар арæзт æрцæуид, уæдмæ.
Æмæ къæбиц дæр куы басудзид, уæд та?
Уый дын гъе! Уæ зæрдæ та куыд комы афтæ дзурын!? Æз уæм хъусгæ дæр нал кæнын! (Мæн нæ фæнды ахæм ныхæстæм хъусын!) Тæригъæд y афтæ дзурын, стæй хуыцау дæр нæ бары ахæм ныхæстæ.
Фæлæ Афанасий Иванович, йæ бинойнаг Пульхери Ивановнæйæ кæй ахъазыди, уымæй йæхицæй бузныг уæвгæйæ, йæ мидбылты худти, йæ бандоныл бадгæйæ.
Фæлæ ацы зæрæдтæ мæнмæ æппæтæй æмбисонддæр та кастысты, уазджытæ-иу сæм куы уыди, уæд. Ахæм заман-иу адоны хæдзары алцы дæр æндæрхуызон фестади. Афтæ зæгъæн ис, æмæ уыцы зæрдæхæлар адæм уазджыты тыххæй цардысты. Хуыздæрæй сæм цыдæриддæр уыди, уыдон-иу æрæвæрдтой уазджыты раз. Уыдон, кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ, сæ уд хъардтой уазæгæн ахæрын кæныныл, хæдзары цыдæриддæр конд цыди, уыдонæй. Фæлæ мын æппæты æнцондæр, æхсызгондæр та уыди уый, æмæ сæ уыцы зæрдиаг лæггадгæнынады æппындæр нæ уыди, мæнæ æгæр цæстмæмидзинад кæй хонынц, уый. Уыцы цин æмæ цыдæриддæр хорздзинад ракæнынмæ цæттæдзинад сæ цæстæнгасыл афтæ фæлмас æвдыст уыдысты, æмæ-иу бар-æнæбары дæр сразы уыдаис сæ алы лæгъстæйыл дæр. Уыдон уыдысты сæ сыгъдæг, æргом хæларзæрдæ, æнæхин удты хуымæтæгдзинады фæстиуджытæ. Уыцы цинкæнынад æппындæр нæу, сымах руаджы адæмы æхсæнмæ чи рацыди æмæ ныр паддзахадон уынаффæдоны чи службæ кæны, йæ хæрзаудæг дæ чи фæхоны æмæ дæ къæхты бын чи атулы, ахæм чиновник дæ куыд суазæг кæны æмæ фæхынцы, уый цины хуызæн. Адон уазæджы уыцы хуызы ницы амалæй рауагътаиккой сæхицæй: уый сæм хъуамæ æнæмæнг баззадаид иу æхсæв уæддæр.
Уау, æна, уый та куыд у, хæдзарæй ахæм æнафоны афтæ дард фæндагыл араст уæвын! æдзухдæр-иу дзырдта Пульхери Ивановнæ (сæ уазæг-иу фылдæр хатт цардаид уыдонæй æртæ кæнæ цыппар версты дарддæр).
Ай-гъай,загъта-иу Афанасий Иванович дæр: бæстыл цы не рцæуы: хуыснæджытæ, кæнæ æндæр æвзæрзæрдæ адæймаг дæр амбæлынц фæндагыл.
Хуыцау дæ бахъахъхъæнæд хуыснæджытæй! (фыдгæнджытæй) дзырдта Пульхери Ивановнæ.Ахæм ныхæстæ кæнын цæмæн хъæуы, цæ, æхсæвыгон. Хуыснæджытæй хуыцау бахизæд, фæлæ æнæуый дæр талынг рæстæг у, æппындæр цæуынæн нæ бæззы. Стæй дæ бæхтæрæг дæр, æз зонын дæ бæхтæрæджы, уый ахæм æнæхъару æмæ тæнтъихæг æмæ къаннæг у, æмæ йæ хуымæтæджы ефс дæр ныппырх кæндзæн; ноджы ма ныр уый, æвæццæгæн, дзæбæх барасыг æмæ искуы ныффынæй ис.
Æмæ-иу уазæг æхсæв уым хъуамæ баззадаид æнæмæнг; фæлæ, æниу, изæр ныллæг хъарм уаты, зæрдæйæн æхсызгон хъарм кæм у, фысымты ахæм цингæнгæ ныхас, стъолыл æвæрд диссаджы хæрзад хæринæгты тæф (уыцы хæдзары хæринаг кæнынмæ æдзухдæр æвæджиау дæсны уыдысты), уыдон се ппæт уазæгæн сæхæдæг уыдысты бæллиццаг лæвар. Æз, ныртæккæйы хуызæн, уынын, Афанасий Иванович йæ бандоныл бадгæйæ куыд ныкъæдзи йæ иудадзыг мидбылтыхудтгæнгæ æмæ уыцы лæмбынæг æмæ æхсызгонæй уазæджы ныхæстæм куыд хъусы, уый! Ныхас-иу арæх рауади политикæйы тыххæй дæр. Уазæг, йæхæдæг дæр йæ хъæуæй æддæмæ бынтон стæм хатт йедтæмæ чи не фтыди, уый-иу арæх, стыр диссæгтæ дзурæгау, уыцы сусæг цæстæнгасæй (хъусы дзурæгау, удайст хуызæй) дзырдта йæхи æрæмысгæ хъуыдытæ, зæгъгæ, дам, франц сусæгæй сразы ис англисимæ, Уæрæсемæ та ногæй Бонапарты æрбаскъæрыны тыххæй, кæнæ та хуымæтæджы дзырдта фидæны хæсты тыххæй, æмæ-иу уæд Афанасий Иванович арæх дзырдта, цыма Пульхери Ивановнæ уым дæр нæ уыди, ахæм хуызы:
Мæнæн мæхи зæрды дæр ис хæстмæ ацæуын; уæд цæуылнæ хъуамæ ацæуон æз хæстмæ?
Гъе ныр арасти гъе, хæстмæ! фæурæдта-иу æй Пульхери Ивановнæ. Ma йыл æууæндут, дзырдта уый, уазæгмæ дзургæйæ. Цæй хæстмæ ма ацæудзæн уый ныр зæрондæй! Фыццагдæр ыл цы салдат амбæла, уый йæ куы рбамардзæн! Ай уын мæ хуыцауы къух, амардзæн! Гъе, афтæ йæм ныхъавдзæн æмæ йæ агæрах кæндзæн.
Æмæ цы, загъта-иу Афанасий Иванович: æз дæр æй амардзынæн.
Гъе ныр æм байхъусут, цытæ дзуры, уымæ! фæрæвдз-иу æм ис Пульхери Ивановнæ: уый ма исты хæстмæ цæуынæн бæззы? йæ хæцæнгæрзтæ дæр куы сызгæ сты æмæ уæртæ къæбицы куы лæууынц. Тæхуды, сымах уыдон куы фениккат, уыдон ахæмтæ сты, æмæ дзы æхсгæ нæма фæкæндзынæ, афтæ сæ топпыхос фæйнæрдæм фæхæсдзæн гæбазгай. Лæг дзы йæ къухтæ дæр ныццæнкуылтæ кæндзæн, йæ цæсгом дæр, æмæ цæрæнбонты йæхи фенамонд кæндзæн!
Æмæ цы,дзырдта Афанасий Иванович:æз мæхицæн ног хæцæнгæрзтæ дæр балхæндзынæн. Райсдзынæн æхсаргард, кæнæ хъазахъхъаг джебогъ.
Уыдон иууылдæр сæнттæ сты. Афтæ йæ сæры æваст фæкуыси вæййы ахæм хъуыдытæ æмæ райдайы дзурын, фæцырд æм вæййы Пульхери Ивановнæ мастзæрдæйæ... Гъе ныр æй æз зонын, хъазгæ кæй кæны, уый, фæлæ мын уæддæр хъыг y ахæм ныхæстæм хъусын. Æдзухдæр дын ахæм ныхæстæ кæныныл схæцы, иуæй-иу хатт æм хъусдзынæ, хъусдзынæ, æмæ адæймаг стæрсы.
Фæлæ уæд Афанасий Иванович, Пульхери Ивановнæйы иу цасдæр кæй фæтæрсын кодта, уымæй бузныг уæвгæйæ, худти, йæ бандоныл бадгæйæ-иу ныкъкъæдз и, афтæмæй.
Пульхери Ивановнæйыл æз мæхи уæлдай тынгдæр ирхæфстон, уый-иу уазæджы хæрынмæ куы бахуыдта, уæд.
«Мæнæ уый у, дзырдта-иу зæронд ус, графинæй аходгæйæ, дереви æмæ мыдгæрдæгыл конд арахъхъ. Йæ уæнтæ кæнæ йæ синтæ кæмæн риссынц, уымæн тынг хорз æххуыс кæны. Мæнæ уый та золототысячник кæрдæгимæ конд нозт у: хъустæ гуыв-гуыв куы кæной æмæ цæсгомыл уыдырны куы уа, кæнæ хæлмæгтæ куы кæна, уæд уымæн тынг æххуыс кæны. Мæнæ уый та чъерамийы æппытыл уагъд у, айс ма æмæ фен ацы ромкъа, кæддæра куыд диссаджы хорз тæф кæны. Мыййаг исчи сынтæгæй стгæйæ искуыд æгъдауæй скъаппы, кæнæ стъолы тигъыл йæхи куы ныццæва æмæ йæ ных куы акъуызыр уа, уæд ацы арахъхъæй сихоры хæрды размæ æрмæст иунæг ромкъа бануазæд, æмæ æвиппайды къуызыр цыдæр æрбауыдзæн, ных уыцы минут адзæбæх уыдзæн, цыма йæ æппындæр цæвгæ дæр никуы ныккодта, афтæ». Уый фæстæ-иу афтæ фæнымадта иннæ графинты нозты миниуджытæ дæр, уыимæ дзы алы нозт дæр уыди исты низæй дзæбæхгæнæн хос. «Мæнæ адон лыстæг къозотæ джеджджынимæ! адон та даричини æмæ волошаг æхсæртимæ; уыдон цæхджын кæнын мын туркаг ус бацамыдта, мæнæ ма нæм турк уацары куы уыдысты, уæд. Æнахуыр хæларзæрдæ уыди уыцы туркаг ус, стæй йыл æппындæр нæ зынди, туркаг дин кодта, уый дæр. Мæнæ махмæ куыд цæуынц, афтæ цыди уый дæр; æрмæст ма хуыйы фыд нæ хордта: афтæ зæгъы, нæ закъонæй, дам, нын тобæгонд у. Мæнæ ацы къозотæ та хъæлæрдзыйы сыфтимæ æмæ мускатон æхсæртимæ цæхджынгонд сты! Мæнæ уыдон та егъау къозотæ: æз сæ фыццаг хатт дзымарийы сфыхтон; куыд рауадысты, нæ зонын; сæ цæхджын кæныны сусæгдзинад сын сауджын Иванæй базыдтон. Чысыл мигæнæны уал байзæрын хъæуы цывзытæ æмæ селитрæ æмæ ма сыл уæд ныккæнын хъæуы, мæнæ нечуйвитер кæрдæгыл цы дидинæг вæййы, уый райс æмæ сыл æй нывæр, сæ къæдзилтæ хæрдмæ куыд уой, афтæмæй. Мæнæ адон та хъæбынтæ сты! Цыхтджын хъæбынтæ! Адон та гæны лæмарæнтимæ, мæнæ адон та, Афанасий Иванович тынг кæй уарзы, уыдон, къабуска æмæ сауфагæ касимæ».
О, бафтыдта-иу Афанасий Иванович. Æз сæ тынг бирæ уарзын; уыдон фæлмæн сты æмæ ма туаггомау дæр.
Æцæгдзинадæй Пульхери Ивановнæ йæ тæккæ хорз зæрдæйыл уыд, уазджытæ-иу сæм куы уыд, уæд. Хорз зæронд ус уыди! Уый æгасæй дæр уыди уазджыты гуырд (уый уазджытæн æппындæр ницы бахæлæг кодтаид). Æз уарзтон уыдонмæ уазæгуаты уæвын æмæ-иу сæм æгæр фыр хæрд бакодтон, уазæгæй-иу сæм чидæриддæр уыди, гъе уыдоны æмхуызон, стæй-иу мæ, кæд уыцы фырхæрд алы хатт дæр тынг бахъыгдардта, уæддæр-иу сæм кæддæриддæр цыдтæн цингæнгæ. Иудзырдæй, æз афтæ нхъæлын, æмæ, зæгъын, кæд мыййаг Малороссийæн йæ уæлдæфмæ дæр цавæрдæр сæрмагонд миниуæг ис, цæмæй хæринаг ахсæны хуыздæр тайа, уый тыххæй, уымæн æмæ мæнæ ам искæйы зæрды куы рыфтид уымы хуызæн бахæрын, уæд уый, æнæгуырысхойæ, хуыссæны бæсты февзæрид стъолыл æвæрдæй. (йæ къæхтæ адаргъ кæнид).
Хорз зæрæдтæ! Фæлæ мæ таурæгъ æрбахæстæг кæны тынг æнкъард цаумæ, мыггагмæ уыцы æнцой къуымы цард чи фендæрхуызон кодта, ахæм хъыгаг цаумæ. Уыцы хабар уæм уæлдай диссагдæр фæкæсдзæн, куыд бынтон ницæйаг æфсонæй рацыд, уый базонгæйæ. Фæлæ царды хъуыддæгтæ афтæ æнахуыр арæзт сты, æмæ æдзухдæр бынтон чысыл аххоссæгтæй райгуырынц æвирхъауы стыр цаутæ, стыр хъуыддæгтæй та рауайы хæрз ницæйаг чысыл исты фæстиуджытæ. Искæцы тыхгæнæг æрæмбырд кæны йæ паддзахады æппæт тыхтæ дæр, фæхæцы цалдæр азы дæргъы, йæ полководецтæ тынг фесгуыхынц, сæ хъæбатырдзинад дардыл айхъуысы стæй, æппынфæстаг, уыцы стыр тох фæвæййы, картоф ныссадзæн дæр кæм нæ вæййы, иу ахæм чысыл зæххы гæбаз байсыныл; иуæй-иу хатт та хъуыддаг рауайы бынтон æндæрхуызон: дыууæ горæты искæцы дыууæ къалбасгæнæджы фæхыл вæййынц кæрæдзиимæ исты мæнг дзæнгæдайы фæдыл, æмæ фæстагмæ уыцы хыл анхъæвзы æгас горæттыл, стæй уæд та æппæт хъæутыл дæр, гъе стæй уалынмæ æнæхъæн паддзахадыл дæр. Фæлæ ныууадзæм уыцы тæрхæттæ: уыдон ардæм нæ цæуынц. Уыимæ æз нæ уарзын тæрхæттæ кæнын, уыдон æрмæст тæрхæттæй куы баззайынц, уæд.
Пульхери Ивановнæмæ уыдис иу цъæх гæды, кæцы-иу æдзухдæр уыцы тымбылæй хуыссыди йæ къæхты бын. Пульхери Ивановнæ-иу ын хаттæй-хатт йе рагъ асæрф-асæрф кодта, стæй йын йæ хъуын лæгъзытæ кодта армы тъæпæнæй; ахæм сахат-иу фыдуаг гæды дæр йæ къубал сивæзта, куыд уæлдæр гæнæн уыд, уый онг. Афтæ зæгъæн нæй, æмæ Пульхери Ивановнæ æгæр тынг уарзта уыцы гæдыйы, фæлæ йыл сахуыр ис, æдзух йæ цæстыты раз кæй уыдис, уымæ гæсгæ. Фæлæ-иу Афанасий Иванович арæх худти, ус гæдыйыл афтæ тынг кæй сахуыр ис, ууыл.
Æз нæ зонын, Пульхери Ивановнæ, гæдыйыл уыйас æнувыд цæмæн стут, уый. Цы дзы ссардтат хорзæй? Цæмæн хъæуы? Куыдз ма куы уаид, уæд уый æндæр хъуыддаг у: куыдзæн цуаны акæнæн дæр ис, фæлæ гæды та цæмæн хъæуы?
Уæ, фæлтау мацы дзурут, Афанасий Иванович, дзырдта йæм уæд Пульхери Ивановнæ: сымах æрмæст дзурын уарзут, æндæр ницы. Куыдз йæхи сыгъдæг нæ дары, куыдз агъуыст чъизийæ фесафдзæн, куыдз алцы ппæт дæр ныппырх кæндзæн, фæлæ гæды сабыр цæрæгой у, уый фыдбылыз никæмæн ракæндзæн.
Уæвгæ Афанасий Ивановичæн хъауджыдæр нæ уыди куыдзæй, гæдыйæ; уый афтæ æрмæст уымæн дзырдта, æмæ йæм цыди иу чысыл Пульхери Ивановнæйæ ахъазын.
Сæ цæхæрадоны хæд фæстæ сын уыди дынджыр хъæд, приказчик бынтон кæмæн батæригъæд кодта æмæ æппындæр кæмæ нæ бавнæлдта, ахæм хъæд. Æвналгæ та йæм, æвæццæгæн, уый тыххæй нæ бакодта, æмæ уырдыгæй фæрæты хъæр хъуысти комкоммæ Пульхери Ивановнæйы тæккæ хъустæм. Уый уыди къуырма хъæд, бынтон æнæзылд. Зæронд бæлæсты зæнгтæ нæ зындысты, фæйнæрдæм хъал чи фæцыди уыцы æхсæры къудзитæй, æмæ уыдысты мæнæ бæлоны хъуынджын къæхты хуызæн. Уыцы хъæды уыди хъæддаг гæдытæ. Хъæддаг гæдыйæн нæй фемхæццæгæнæн, мæнæ агъуысты хæдзæртты сæр чи фæразгъор-базгъор кæны, уыцы хъæбатыртимæ. Горæтты цæргæйæ, уыдон, кæд сын цыфæнды тызмæг уаг ис, уæддæр хъæддаг цæрджытæй бирæ цивилизацигонддæр сты. Хъæддаг гæдытæ фылдæр хатт сты хъуынтъыз, æнтъыснæг æмæ хъæддаг адæм; уыдон æдзухдæр сты уыцы фыдихсыд, мæллæг, мйау-мйау дæр кæнынц æнæконд, гуымиры хъæлæсæй. Уыдон хаттæй-хатт зæххы бынты конд фæндагыл бабырынц суанг къæбицмæ æмæ давынц салæ, бафтынц суанг цæлгæнæнмæ дæр, æваст гом рудзынгыл басæррæтт кæнгæйæ, хæринаггæнæг хæмпæлты рдæм рауади, уый куы бафиппайынц, уæд. Иу ныхасæй, уыдон уæздандзинад цы у, уымæн æмбаргæ дæр ницы кæнынц; уыдон цæрынц хуыснæггагæй, лæбурæггагæй æмæ хурх кæнынц чысыл сырддонцъиуы лæппынты раст сæ ахстæтты мидæг. Уыцы хъæддаг гæдытæ æмæ Пульхери Ивановнæйы хæдæгъдау æмæ сабыр гæды цыбæл каст бирæ фæкодтой кæрæдзимæ æмæ йæ æппынфæстаг уæддæр басайдтой сæхимæ, мæнæ салдæтты отряд иу æдылы хъæууон сылгоймаджы сæхимæ куыд басайынц, афтæ. Пульхери Ивановнæ бафиппайдта йæ гæдыйы фесæфт, йæ адæмæн бабар кодта, ссарут æй, зæгъгæ, фæлæ гæдыйы нæ ардтой. Рацыди æртæ боны; Пульхери Ивановнæ фæхъыг кодта, стæй уалынмæ бынтондæр ферох кодта гæдыйы. Иу бон дын, йæ халсарты цæхæрадон куыд бæрæг кодта æмæ йæхи къухтæй Афанасий Ивановичæн цы цъæх джитъыритæ æртыдта, уыдонимæ фæстæмæ куыд рацæйцыди, афтæ йæ хъустыл ауади, зæрдæ кæмæй бауазал вæййы, ахæм тынг тæригъæддаг гæдыйы уаст. Уый, цыма йæ зæрды дæр нæ уыд гæдымæ фæсидын, афтæ æнæнхъæлæджы сдзырдта, гис, гис! зæгъгæ, æмæ дын æвиппайды хæмпæлтæй рауади йæ цъæх гæды, цола, фыдихсыд, бæрæг уыди, ныр цалдæр боны йæ дзыхмæ хæринаг æппындæр кæй нæма схаста, уый. Пульхери Ивановнæ ма дарддæр дæр сидти гæдымæ, фæлæ гæды йæ размæ лæууыди, уасыди æмæ йæм хæстæг бацæуын нæ уæндыд; бæрæг уыд, уыцы бонты дæргъы тынг кæй фæхъæддаг ис, уый. Пульхери Ивановнæ ацыди размæ, гæдымæ сидгæ, гæды дæр тæрсгæ цыди йæ фæдыл суанг быруйы онг. Уалынмæ, йæ раздæры зонгæ бынæттæ куы федта, уæд, бацыди суанг уатмæ дæр. Пульхери Ивановнæ уыцы сахат фæдзырдта, гæдыйæн æхсыр æмæ дзидза раттут, зæгъгæ, æмæ, йæ разы бадгæйæ, æхсызгонæн касти, йæ мæгуыр фавориткæ дзидзайы хæйттæ иу иннæйы фæдыл куыд зыдæй хордта æмæ та-иу æхсыр куыд астæрдта, уымæ. Лыгъд гæды усы цæстыты раз фæйнæрдæм фæцыди æмæ ныр афтæ зыд хæрд нал кодта. Йæ къух æм баивæзта ус, адауон æй, зæгъгæ, фæлæ æбузн цæрæгой, æвæццæгæн, æгæр фæцахуыр ис хъæддаг гæдытимæ, кæнæ та æгæр бамбæрста уарзондзинады æгъдæуттæ, ома куы бауарзай, уæд мæгуырдзинад галуантæй хуыздæр у, уый; хъæддаг нæл гæдытæ та хъæды халæттæй дæр мæгуырдæр уыдысты; цыфæнды куы уа, уæддæр гæды рудзынгыл æддæмæ асæррæтт кодта æмæ кæрты лæггадгæнджытæй никæйы бон баци йе рцахсын.
Сагъæсты аныгъуылди зæронд ус: «Уый мæм, æвæццæгæн, мæ мæлæт æрбацыди!» загъта ус йæхинымæр, æмæ уыцы хъуыды йæ зæрдæйæ æддæмæ рахицæн кæнын нал куымдта. Бон ыл баизæр ис уыцы нкъардæй. Афанасий Иванович дзæгъæлы фæлвæрдта йемæ хъазыныл раздæрты хуызæн, æмæ ус æваст цæмæн æрæнкъард ис, уый базоныныл: Пульхери Ивановнæ ницы дзырдта, кæнæ та лæвæрдта, Афанасий Ивановичы зæрдæ чи æрынцой кодтаид, ахæм дзуаппытæ нæ, фæлæ бынтон æндæрхуызон ныхæстæй. Дыккаг бон уый бæлвырд фæцоладæр ис.
Цы кодтат, Пульхери Ивановнæ? Мыййаг рынчын стут, æви?
Нæ, æз рынчын нæ дæн, Афанасий Ивановпч! Мæн фæнды сымахæн иу æнахуыр хабар бамбарын кæнын: мæнмæ уал хонæг æрбацыди мæ мæлæт!
Афанасий Ивановичы былтæ куыддæр, риссæгау, сзылынтæ сты. Фæлæ йæ фæндыд йæ хъыг зæрдæйы маст æнкъарæнтыл фæуæлахиз уæвын æмæ, йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта:
Иунæг хуыцау зоны, Пульхери Ивановнæ, цытæ дзурут, уый! Сымах, æвæццæгæн, арæх кæй фæнуазут, уыцы декохты29 бæсты, банызтат алтъамиты дон.
Нæ, Афанасий Иванович, æз алтъамиты дон нæ банызтон, загъта Пульхери Ивановнæ.
Æмæ Афанасий Иванович хорзау нал фæци, Пульхери Ивановнæйæ афтæ кæй ахъазыди, уый тыххæй; фæтæригъæд ын кодта, ныккасти йæм, æмæ йæ цæстытæ доны разылдта.
Æз уæ курын, Афанасий Иванович, æмæ-иу баххæст кæнут мæ фæдзæхст, загъта Пульхери Ивановнæ. Куы амæлон, уæд-иу мæ аргъуаны кæрты баныгæнут. Мæ уæлæ мын-иу скæнут мæ фæныкхуыз къаба, мæнæ морæхуыз фоныл чысыл дидинджытæ кæм ис, уыцы къаба. Мæнæргъыхуыз тæлмытæ кæм ис, уыцы атлас къаба мыл-иу ма скæнут: марды къаба нал хъæуы. Цæмæн ма йæ хъæуы? Фæлæ ма уый сымахæн бабæздзæн: уæхицæн дзы бæрæгбоны халат бахуыйдзыстут, уазджытæ-иу уæм куы уа, уæд-иу цæмæй уазджыты размæ аивдæр арæзтæй рацæуат, æгасцуай зæгъынмæ, уый тыххæй.
Хуыцау базонæд, цытæ дзурут, уый, Пульхери Ивановнæ!дзырдта Афанасий Иванович, нырма кæддæр искуы мæлæт уыдзæн, сымах та ныридæгæн ахæм ныхæстæй тæрсын кæнут.
Нæ, Афанасий Иванович, æз æй зонын ныр, мæ мæлæт кæд уыдзæн, уый. Фæлæ сымах уæхи ма хæрут мæн тыххæй: æз ныр зæронд дæн æмæ фаг фæцардтæн, стæй сымах дæр ныр зæронд стут, кæрæдзийы тагъд фендзыстæм мæрдтыбæсты.
Фæлæ Афанасий Иванович хæкъуырццæгæй куыдта, сывæллонау.
Кæуын тæригъæд у, Афанасий Иванович! Уæхи тæригъæдджын ма кæнут, стæй уе нкъарддзинадæй хуыцауы дæр ма магстджын кæнут. Мæнæн хъыг нæу, мæлгæ кæй кæнын, уый. Иу хъуыддагыл мæт кæнын æрмæст (æмæ уæззау ныуулæфыди): мæ зæрдæ риссы, æз куы амæлон, уæд сымах кæй бар ныууадздзынæн, йæ цæст уæм чи дардзæнн, кæуыл уæ бафæдзæхсон, уый кæй нæ зонын, ууыл. Сымах æнахъом сывæллонау стут: хъуамæ уæ уарзгæ дæр кæна, чи уæм зилдзæни, уый. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, йæ цæсгомыл ахæм тынг тæригъæдгæнæджы æнгас, ахæм арф хъыгзæрдæйы уаг зынди, æмæ æз нæ зонын, уæд æм исчи куыд фæндыйы, æнцой æнæ уынгæгзæрдæйæ кæсын бафæрæзтаид, уый.
Хъусыс, Явдохæ, дзырдта уый, йе ргом дæгъæлты хицаумæ аздахгæйæ, сæрмагонд кæмæ адзурын кодта, уымæ,æз куы амæлон, уæд-иу дзæбæх кæс æлдармæ, хъахъæн-иу æй, дæхи цæстыгагуыйы хуызæн, дæхи сывæллоны хуызæн. Дæ цæст дар, æмæ йын-иу кæнæнт, кæй уарзы, уыцы хæринæгтæ. Сыгъдæгæй сыгъдæгмæ йын ив æдзухдæр йæ мидæггаг дзаума æмæ æддаг дарæс дæр; уазджытæ-иу куы сæмбæлой, уæд-иу æй дзæбæх сараз, кæннод афтæ дæр рауайдзæн, æмæ-иу уый уазджытæм йæ зæронд халаты дæр рацæудзæн, уымæн æмæ йæ суанг ныр дæр арæх ферох вæййы, бæрæгбон кæд вæййы æмæ æнæуый бон кæд вæййы, уый. Æдзухдæр æм-иу дæ цæст дар, Явдохæ, æз дæу тыххæй мæрдтыбæсты кувдзынæн, æмæ дын хуыцау баххуыс кæндзæн. Уæдæ, хъусыс, Явдохæ, ма йæ рох кæн: ды дæр ныр зæронд дæ, бирæ нал фæцæрдзынæ, тæригъæдджын мауал кæн дæхи. Мыййаг æм дæ цæст дзæбæх куы нæ дарай, уæд дын амонд нæ уыдзæн мæрдтыбæсты. Æз мæхæдæг хуыцауæй курдзынæн, цæмæй дын хорз мæлæт ма радта, уый тыххæй. Уæд дæхæдæг дæр æнамонд уыдзынæ, дæ цот дæр æнамонд уыдзысты, æмæ уæ мыггагæй иуы дæр нæ уыдзæн хуыцауы хорзæх иу хъуыддагæй дæр.
Мæгуыр зæронд ус! Уыцы сахат уый нæ хъуыды кодта нæдæр, цы стыр бæллæх æм æнхъæлмæ касти, уыцы фæстаг, минутыл, нæдæр йæхи удыл, нæдæр йæхи сомбоны цардыл; уый хъуыды кодта æрмæст йæ мæгуыр æмкъайыл йæ цард кæимæ арвыста æмæ ныр сидзæр æмæ æвæгæсæгæй кæй уагъта, ууыл. Пульхери Ивановнæ æнахуыр рæвдз æмæ зæрдиагæй алцæйы тыххæй дæр бауынаффæ кодта, йæ фæстæ Афанасий Иванович тыхст куыд ницæмæй æййафа, йæ амард ын куыд нæ бамбара, афтæ тагъд кæй амæлдзæн, уый йæ афтæ тынг æмæ æнæгуырысхойæ уырныдта æмæ йæ мæлæтмæ зæрдæйæ афтæ цæттæ уыди, æмæ цалдæр боны фæстæ æцæгæй æрхуыссыди хуыссæны æмæ æппындæр хæринаг йæ дзыхмæ нал хаста. Афанасий Иванович æм йæ цæст афтæ зæрдиагæй, æнувыдæй дардта, афтæ тавиццаг æм уыди, æмæ йын зæгъæн дæр нæй, йæ сынтæджы цурæй æппындæр æддæмæ нал цыди.
Мыййаг, ницы ахæриккат, Пульхери Ивановнæ? дзырдта йæм уый, уыцы мæтзæрдæйæ йын йæ цæстытæм кæсгæйæ. Фæлæ Пульхери Ивановнæ ницы дзырдта. Æппынфæстаг, æнæ сдзургæйæ бирæ фæуæвыны фæстæ, цыма йæ цыдæр зæгъын фæндыди, уыйау, базмæлын кодта йæ былтæ æмæ уый адыл йæ улæфт банцади.
Афанасий Иванович фырдисæй фæуыргъуыйау ис. Уый йæм афтæ æнæрцæугæ диссаг фæкасти, æмæ ма суанг кæугæ дæр не скодта. Лакъон цæстытæй йæм касти, цыма марды мидис цы у, уый не мбæрста, уыйау.
Мард стъолыл æрæвæрдтой, скодтой йыл, йæхæдæг кæй загъта, уыцы къаба, йæ къуыхтæ йын дзуар æвæрд скодтой, йæ къухы йын бакодтой мыдадзын цырагъ, Афанасий Иванович уыдæттæм се ппæтмæ касти уадзыгауæй, æппындæр æм ницы хъардта, афтæмæй. Алымыггаг адæмæй кæрт байдзаг ис, бирæ уазджытæ æрбацыди мæрддзыгойы, хæрнæгæн даргъ фынгтæ æрцарæзтой кæрты, æрæвæрдтой бирæ хæринæгтæ, нозт, адджын чъиритæ, уазджытæ дзырдтой, куыдтой, кастысты мардмæ, ныхас кодтой, куыд хорз адæймаг уыди, ууыл, кастысты лæгмæ дæр; фæлæ уый йæхæдæг уыдæттæм се ппæтмæ дæр касти куыддæр æнахуыр уадзыгауæй. Уалынмæ марды рахастой, адæм аивылдысты йæ фæстæ, уый дæр цыди семæ, марды фæстæ; сауджынтæ уыдысты сæ аргъауæн дарæсы, хур касти, дзидзидай сывæллæттæ куыдтой сæ мадæлты хъæбысты, зарыдысты хæрдмæдзог цъиутæ, сывæллæттæ афтид хæдæтты згъордтой æмæ сæхи ирхæфстой фæндагыл. Æппынфæстаг марды чырын æрæвæрдтой обауыл, лæгæн загътой, бацу мардмæ æмæ йын акæн фæстаджы ба, зæгъгæ: уый бацыди, мардæн аба кодта, йæ цæстытыл фæзынди цæссыгтæ, фæлæ уыдон уыдысты цавæрдæр уазал, æнæуд цæссыгтæ. Чырын ингæны бавæрдтой, сауджын бел райста æмæ фыццагдæр уый ныккалдта сыджыт иу армыдзаг, диакъон æмæ дыууæ пъанамары бæзджын æмæ ивæзгæ хор азарыдысты æнусмæ рухсаг сыгъдæг арвы бын, кусджытæ белтæ райстой æмæ зæхх калын байдыдтой ингæныл æмæ дзыхъхъ сæмвæз кодтой, æмæ уæд уый бацыди размæ; иууылдæр фæйнæрдæм ацыдысты фæндаг раттыны тыххæй, радтой йын бынат, цы йæ зæрды ис, уый базоныны охыл. Уый хæрдмæ сзылдта йæ цæстытæ, æнæбæрæг каст акодта æмæ загъта: «Æмæ йæ уæдæ баныгæдтат, и! уæд цæмæн?!..» уый ныллæууыди æмæ кæронмæ нал ахæццæ кодта йæ ныхас.
Фæлæ сæхимæ куы рбацыди, куы федта, йæ уаты ничи ис, уый, суанг-иу Пульхери Ивановнæ кæуыл бадти, уыцы бандон дæр уырдыгæй рахастой, уый, уæд куыдта, куыдта тынг, куыдта æнæрынцойæ, хæкъуырццæй, зæрдæбынæй æмæ йæ цæссыгтæ цæугæдонау згъордтой йæ мынæг цæстытæй.
Фондз азы рацыди уæдæй нырмæ. Рæстæг цы нæ маст ахæссы йемæ адæймаджы зæрдæйæ! Цавæр уæлмонц баззайдзæн æнæхъæнæй рæстæгимæ æнæмдых, æнæмсæр тохы? Æз иу адæймаджы зыдтон, йæ тæккæ лæппуйæ ма куы уыди, уæд; уый уыди хæрз уæздан, хæдæфсарм æмæ сæрыстыр, йæхи дарын чи зыдта, ахæм адæймаг; уæд уый тынг уарзта иу сылгоймаджы фæлмас, фырмонц уарзтæй, æрра, къæйных æндиуд, хæдæфсарм уарзтæй, æмæ мæхи цæстыты раз йæ уарзон адæймагзæды хуызæн фæлмас, рæсугъд чызг фæци æнæфсис мæлæты амæттаг. Æз мæ цард-цæрæнбонты никуы федтон ахæм æвирхъауы, зæрдæрысты тухитæ, ахæм агъуыд æхсидгæ æрхæндæгдзинад, хи афтæ æвирхъау тынг æруадзын, уыцы æнамонд уарзæг адæймаг йæ цард куыд ницæмæ уал дардта, афтæ. Æз æнхъæл никуы уыдтæн, æмæ адæймаг искæд йæхицæн ахæм зындон сараза, æмæ адæймаджы зæрдæмæ æппындæр рухсы цъыртт кæнæ чысыл ныфс дæр кæцæй нал цæуа... Бинонтæ йæ æппындæр иунæгæй нæ уагътой, архайдтой, æдзухдæр сæ цæстыты раз куыд уыдаид, ууыл; бамбæхстой дзы æппæт цыргъæгтæ дæр, йæхи амарынæй йын тас цæмæй уыди, ахæм дзаумæттæ. Дыууæ къуырийы куы рацыди, уæд лæг æваст фæуæлахиз и йæхиуыл: байдыдта худын, хъазæн митæ кæнын; радтой йын ныр сæрибардзинад, æмæ фыццагдæр уыцы сæрибардзинадæй цæй сæрæн спайда кодта, уый уыди дамбаца балхæнын. Иубон æваст ныннæрыди топпы гæрах, уый æбуалгъ тынг фæтæрсын кодта бинонты, хæстæджыты. Уыдон базгъордтой уатмæ æмæ лæджы уым баййæфтой пъолыл: ныддæргъмæ ис æмæ йæ пырх сæрæй туг калди. Уыцы сахат уым хæстæг фæци, йæ диссаджы дæсныдзинады кой дæрдтыл кæмæн айхъуысти, ахæм. Æрбахуыдтой йæм æй; цæф ма уыди удмидæг, æмæ дохтыр загъта, бынтон мæлæтдзаг цæф нæу, зæгъгæ, æмæ, бауырнæд уæ, сдзæбæх и æцæгдæр, кæд ын фервæзын æнхъæл ничиуал уыди, уæддæр. Сæ цæст та йæм дарын байдыдтой æмæ йæ хъахъæдтой ноджы тынгдæр. Хæргæ-хæрын дæр ын стъолыл йæ цуры кард нал уагътой æмæ архайдтой, йæхи ныццæвын кæмæй афæлвæрдтаид, ахæм дзаумæттæ уымæй æмбæхсыныл; фæлæ та уый чысыл фæстæдæр ссардта ног фадат æмæ йæхи баппæрста, йæ цурты цы экипаж фæцæйцыд, уый цæлхыты бынмæ. Уым йæ къух æмæ йæ къах асастысты; фæлæ та йæ дохтыр уæддæр сдзæбæх кодта. Уымæй иу аз рацыди, афтæ та йæ æз федтон иу бирæадæмджын залы: уый бадти стъолы уæлхъус, хъæлдзæгæй дзырдта: «петит-уверт», иу къам бамбæрзгæйæ; йæ фæстæ, уый бандоны уæхсчытыл æрæнцой кæнгæйæ, лæууыди йæ æрыгон ус æмæ йын равзар-бавзар кодта йæ маркæтæ.
Пульхери Ивановнæйы амардыл скойгонд фондз азы куы аивгъуыдтой, уый фæстæ æз, уыцырдыгæй уæвгæйæ, бацыдтæн Афанасий Ивановичы хутормæ, мæ зæронд сыхаджы бабæрæг кæнын, кæддæр-иу мæ зæрдæйы дзæбæхæн мæ бон кæм арвыстон æмæ-иу цинтæгæнаг æфсины хуыздæр хæринæгтæй фырхæрд кæм фæкодтон, мæ уыцы сыхæгты бабæрæг кæнон, зæгъгæ. Куы сæм бахæццæ дæн, уæд мæм сæ хæдзар фæкасти дыууæ хатты зæронддæр, зæхкусджыты хæдзæрттæ бынтондæр иуварс ныкъуыл сты, æркæлын æввонг; гуырысхойаг нæ уыд, уыцы хæдзæртты цæрджытæ сæхæдæг дæр раст ахæм раууатмæ кæй æрцыдысты, уый; кæрты михбыру æмæ кау бынтондæр фехæлдысты, æмæ æз мæхæдæг федтон, хæринаггæнæг ус æндзарæнтæн кауæй хус уистæ куыд саста, уый, афтæмæй йæ æрмæст дыууæ уæлдай къахдзæфы акæнын йеддæмæ нæ хъуыди, йæ разы цы дуннейы хус каухалæнтæ калд уыди судзынæн, уыдонмæ бацæуынæн. Мæ уæрдоны бадгæ æнкъард зæрдæйæ бацыдтæн хæдзары кулдуармæ (дæлбазырмæ), кæддæры барбостæ æмæ бровкæтæ, чи дзы куырм баци, чи дзы къахсаст уыди, афтæмæй срæйдтой, сæ къæмдзыгджын хъуынджын къæдзилтæ хæрдмæ сисгæйæ. Мæ размæ рацыди зæронд лæг. Уый йæхæдæг куы у, йæхæдæг! Æз æй уайсахат базыдтон; фæлæ ныр дыууæ хатты тынгдæр ныкъæдзи, раздæр цы уыди, уымæй. Уый дæр мæ базыдта æмæ мын æгасцуай загъта, ныр дæр ма йе бæрæгон мидбылты худт кæнгæ. Æз йæ фæдыл бацыдтæн уæттæм; фыццаг бакæсгæйæ, загътаис, сæ зæронд уагыл ма сты, зæгъгæ; фæлæ уæтты æз бафип пайдтон цыдæр æнахуыр æнæфснайддзинад, цыдæр дзы тынг нæ фаг кодта, тынг; иу ныхасæй, агъуыстмæ куы бацыдтæн, уæд цы æнкъарæнты уылæны бафтыдтæн, уыдон уыдысты, мæнæ цæрæнбонты йæ къаимæ йæ цард æдзух æнувыдæй чи рвыста æмæ нæ цæст афтæмæй кæуыл сахуыр ис, ахæм идæдз лæджы къæсæрыл фыццаг хатт мидæмæ куы бахизæм, уæд нæм цы нахуыр æнкъарæнтæ сæвзæры, гъе уыдоны хуызæн. Уыцы нкъарæнтæ та ахæмтæ уæд вæййынц, æмæ нæ комкоммæ куы фæвæййы, æдзухдæр æнæниз æмæ æнæ къахæй кæй зыдтам, уыцы лæг. Алы хъуыддагыл дæр зыны, æнувыд Пульхери Ивановнæ кæй нал ис, уый къух æм кæй нæ хæццæ кæны, уый: стъолыл æрæвæрдтой иу кард æнæ къалодкæйæ; хæринæгтæ дæр ныр афтæ дæсны конд, афтæ хæрзад нал уыдысты. Хæдзарады тыххæй мæм бафæрсын дæр нæ цыди, хæдзарадон агъуыстытæм суанг бакæсын дæр мæ зæрдæ нæ куымдта.
Хæрыныл куы æрбадтыстæм, уæд лæггадгæнæг кусæг чызг Афанасий Ивановичы хъуырыл салфеткæ бабаста, æмæ уымæй тынг хорз бакодта, уымæн æмæ æнæ уый йæ халат самæстаид лывзæйы сойæ. Æз, мæ бон цы уыд, уымæй архайдтон лæджы исты хуызы ирхæфсыныл æмæ йын дзырдтон алы ног хабæрттæ. Уый мæм хъуыста йæ иудадзыгон мидбылты худт кæнгæ, фæлæ-иу хатгай йæ цæстæнгас уыди бынтон æнæуд, стæй-иу йæ хъуыдытæ дæр цыдæр æрбаисты йе нгасæй. Хатгай-иу йæ касы уидыг, дзыхмæ схæссыны бæсты, йæ фындзмæ систа, йæ вилкæйæ та-иу, карчы фыды хайы бæсты, рæхойын байдыдта графины фарс æмæ-иу уæд лæггадгæнæг чызг бацыд æмæ йын-иу йæ къух сарæзта карчы фыдмæ. Иуæй-иу хатт-иу мах иннæ хæринаг рахæссынмæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыди цалдæргай минуттæ. Афанасий Иванович уый йæхæдæг дæр бафиппайдта æмæ загъта: «Уый цæмæн афтæ æрæгмæ хæссынц хæринаг?» Фæлæ æз дуары зыхъхъырæй уыдтон, махæн хæринаг чи хаста, уыцы лæппуйы мах мæт кæй нæ уыди æмæ, йæ сæр бандоныл æруадзгæйæ, фынæй кæй кодта, уый.
«Мæнæ ацы хæринаг у» загъта Афанасий Иванович, æхсыры сæртимæ нын къæдоры цыхтæй хъæбынтæ куы рбахастой, уæд, ацы хæринаг у, дзырдта дарддæр уый, æмæ æз бафиппайдтон, йæ зæрдæ уынгæг кæнын кæй байдыдта æмæ цæссыг йе зды цæстытæй æрхауын æввонг кæй рахъардта, уый, фæлæ Афанасий Иванович, йæхи ныхъхъæддых кæнгæйæ, архайдта цæссыг бауромыныл. Ацы хæринаг у, мæ зынаргъ Пу...Пуль... кæй...» æмæ æвиппайды йæ цæссыг æрæзгъæлди. йæ къух тæбæгъыл æрхауди, тæбæгъ афæлдæхт, атахти пъолмæ æмæ ныппырх и, лывзæйы дон ракалди лæгыл æмæ йæ тынг самæста; уый бадти уадзыгау, уыцы уадзыгауæй хæцыди уидыгыл, æмæ цæссыгтæ, суадонау, фантанæй цæвæгау, калдысты, калдысты æнæрынцойæ, йæ риуыл цы салфеткæ уыди, уымæ.
О хуыцау! хъуыды кодтон æз, уымæ кæсгæйæ: быныскъуыдгæнæг рæстæджы фондз азы æмæ зæронд лæг сси æнæуд, ницыуал æнкъары дунейыл, йæ цард цæрæнбонты тыхджын зæрдæрыст циу, уый чи никуы бавзæрста, æцæг маст æмæ фхæрд чи нæ зыдта, йæ цард æрмæст æнæмазтæй, бæрзонд бандоныл бадгæйæ, чи рвыста, хус кæсæгтæ æмæ кæрдотæ хæргæйæ, хæларзæрдæ таурæгътæгæнгæ, уыцы зæронд лæг, æмæ йæ царды кæрон та y ахæм æнамонддзинад: ахæм дæргъвæтин, ахæм судзгæ маст! Уæдæ ныл чи кæны тыхджындæр: уæлмонц æви цæуыл сахуыр уай, уый? Æви не ппæт домбай тырнæнтæ дæр, нæ фæндты æмæ фыцгæ монцты тымыгътæ сты æрмæстдæр нæ бæлвырддæр кары фæстиуджытæ. Уый куыд фæнды фестæд, фæлæ мæм уыцы сахат нæ монцтæ се ппæт дæр кастысты сывæллоны сæнттау ницæйаг, Афанасий Ивановичы уыцы дæргъвæтин, сындæг, æнæнкъаргæ уадзыг ахуыримæ абаргæйæ. Цалдæр хатты сфæлтæрæн кодта уый марды ном сдзурыныл, фæлæ-иу æмбис дзырдыл æнцой æмæ хуымæтæг адæймаджы цæсгом фыр адæргæй фæбылзылынтæ ис, æмæ мын сывæллоны хæкъуырцц кæуын мæ зæрдæйы иннæрдæм хызти. Нæ, уыдон нæ уыдысты, мæнæ уын иу зæронд лæгтæ сæ тæригъæддаг уавæр æмæ æнамонддзинад æвдисынæн уайтагъд æнæвгъау кæй æруадзынц, ахæм хуымæтæджы цæссыгтæ: уыдон нæ уыдысты, пуншы агуывзæ нуазгæйæ цы цæссыгтæ æркалынц, ахæмтæ дæр; нæ-æ! уыдон уыдысты, æнæ фæрсгæйæ, сæхи гъдауæй чи згъæлди, ныр чи ныууазал ис, уыцы зæрдæйы рæхойæг карз рыстæй чи æмбырд кæны, ахæм цæссыгтæ.
Афанасий Иванович бирæ нал фæцарди уый фæстæ. Æз æрæджы фехъуыстон, амарди, зæгъгæ. Фæлæ диссаг у, æвæдза, уымæн йæ мæлæт Пульхери Ивановнæйы мæлæты æууæлты æнгæс кæй уыди, уый. Иу бон Афанасий Иванович сфæнд кодта цæхæрадоны иу чысыл арацу-бацу кæнын. Уый уым къахвæндагыл куы фæцæйцыди, йе бæрæгон æнахуыр æнæмæт цыдæй, æппындæр ницæуыл хъуыды кæнгæйæ, уæд ыл æрцыди иу æнахуыр диссаджы цау. Æваст йæ хъустыл ауади, цыма йæм фæсте чидæр æргом, бæлвырд хъæлæсæй фæдзырдта: Афанасий Иванович! Уый фæстæмæ ракасти, фæлæ уым æппындæр ничи уыди, акасти йæ алыфарс алы рдæм дæр, бакасти къудзитæм дæриу ран дæр ничи уыд. Бон уыди æнцад, æнæуынæр, æмæ хур касти тæмæн калгæ. Уый исдугмæ цæуылдæр ахъуыды кодта; йæ цæсгом куыддæр æваст фæрайдзаст ис æмæ, æппынфæстаг, сдзырдта: «уый мæм Пульхери Ивановнæ сиды!» Гуырысхойаг нæу (кæй зæгъын æй хъæуы), сымах хъустыл искуы æнæмæнг ауадаид искæйы хъæлæс, уæ номæй уæм цыма исчи сдзырдта, уый хуызæн, æмæ ахæм цауы тыххæй хуымæтæджы адæм афтæ фæзæгъынц: марды уд, дам, мысы уыцы адæймаджы æмæ йæм сиды; æмæ, дам, уый фæстæ адæймагæн æнæ амæлгæ нæй. Сæттын ыл, сывæллон ма куы уыдтæн, уæд æдзухдæр тæрсгæ кодтон уыцы æнахуыр сусæг сидтæй. Мæ зæрдыл ма лæууы, мæ сабийы бонты йæ арæх хъуыстон: иуæй-иу хатт-иу мæ чъылдыммæ æваст чидæр æргом сдзырдта мæ ном. Ахæм сахат-иу æдзухдæр боныхъæд уыди æнæмигъ, хур бон; цæхæрадоны-иу бæласыл-иу сыфтæр дæр не змæлыди, бæстыл-иу сыбыртт никуыцæй хъуысти, суанг ма-иу цъырцъыраг дæр басабыр и йæ зарынæй уыцы рæстæджы, иу змæлæг нæ уыди цæхæрадоны; фæлæ йыл сæттын, уый бæсты-иу уыцы сахат æз зыбыты иунæгæй куы фæцадаин æппæты агъуыддæр æмæ тæккæ талынгдæр æхсæвы, æрдзы тæккæ цъаммардæр æмæ тæссагдæр сахат, тар хъæды астæу, уæддæр афтæ нæ фæтарстаин, уæд æнæ иу мигъы цъупп хур бон уыцы æвирхъауы æнцаддзинадæй куыд тарстæн. Ахæм рæстæг-иу æз, фыр тæссæй кæм дæн, уый-иу нал æмбæрстон, афтæмæй-иу цыппæрвадыгæй ралыгъдтæн цæхæрадонæй, мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп-иу цыди афтæмæй, æмæ-иу мæ тарст не рцыди, цалын мæ-иу мæ размæ искæцы адæймаг фæци, уæдмæ: уыцы адæймаг-иу мын фæсырдта мæ тарст зæрдæйы афтиддзинад.
Уый бынтондæр баууæндыди йæ зæрдæйыл, æцæгдзинадæй йæм Пульхери Ивановнæ кæй дзуры, ууыл; уый сразы ис мæлæтимæ коммæгæс сывæллонау, хус кодта, бонæй бонмæ хуыфыди, тади, сойын цырагъау, æмæ æппынфæстаг, ахуыссыди, Пульхери Ивановнæйау, йæ мæллæг пиллон ма дарддæр цæй руаджы сыгъдаид, уый дзы куы нæ уал уыди, уæд. «Нывæрут мæ Пульхери Ивановнæйы фарсмæ», гъе, æндæр æппындæр ницы сдзырдта йæ мæлыны размæ.
Йæ фæндон ын сæххæст кодтой æмæ йæ баныгæдтой аргъуаны кæрты Пульхери Ивановнæйы ингæнмæ хæстæг. Уазджытæ дзы къаддæр уыди уый ныгæнгæйæ, фæлæ та дзы хуымæтæджы адæм æмæ мæгуыргуртæ уыди афтæ бирæ. Æлдары хæдзар бынтон сафтид ис ныр. Сæрæн приказчик хъæуы хицауимæ иумæ сæхи хæдзæрттæм ахастой дæгъæлты хицауæн ахæссын чи нал бантысти, уыцы зæронд дзауматæ æмæ папитæ. Чысыл фæстæдæр кæцæйдæр æрбацыди хæдзары иу цавæрдæр дард хæстæг, хæдзары бындар, раздæр иу цавæрдæр полчъы (нал æй хъуыды кæнын, цавæр полкъ уыди, уый) поручикæй чи службæ кодта, ахæм, æвирхъауы реформатор. Уый уайтагъддæр федта хæдзарады хъуыддæгты æнæкæрон заууатдзинад æмæ хæлд, æдзæллаг уавæр; йæхинымæр бауынаффæ кодта уыцы хъуагдзинæдтæ æнæмæнг иууылдæр бындзарæй фесафын, фæстæмæ сæ ног барæвдз кæнын æмæ хæдзары хъуыддæгты се ппæты дæр æгъдау сæвæрын. Балхæдта æхсæз замманай хорз æхсырфы, алы хæдзарыл дæр æдде бакъуырдта сæрмагонд номыр æмæ æппынфæстаг афтæ хорз уынаффæтæ бакодта, æмæ æппæт бæстыхæйттæ дæр æхсæз мæйы фæстæ æвджиды ист æрцыдысты. Зонынджын æвджиды лæгтæ (иу дзы у, кæддæр æвзæрст лæг чи уыди, ахæм, иннæ та цавæрдæр штабс-капитан, йæ уæлæ хуызивд мундир) цыбыр рæстæгмæ асатар кодтой æппæт кæрчытæ æмæ æйчыты дæр. Æркæлын æввонг цы хæдзæрттæ ныкъкъул сты, уыдон ныр бынтондæр фехæлдысты; музукк расыг кæныныл фесты æмæ сын сæ фылдæры нымайын байдыдтой лыгъд адæмыл. Фæлæ бæстыхæйттæн се цæг хицау, æвджиды лæгтимæ æнæзагъд, лымæн чи царди æмæ уыдонимæ иумæ пунш чи нызта, уый, йæ хъæумæ арæх нæ цыди, фæзындис-иу æрмæст стæм хатт æмæ-иу дзы чысыл йеддæмæ цæргæ дæр нæ акодта. Уый ныр дæр ма зилы Малороссийы æппæт армукъатыл; бæлвырд фæфæрсы уым, бирæгай уæйгæнгæ чи у, ахæм цæстахадгæ товарты æргътæ: ссады, фаст гæны (гæны фæскъауы), мыды æмæ æндæрты æргътæ, фæлæ æлхæнгæ кæны æрмæст алы ницæйаг лыстæг дзаумæттæ: схон дур, лулæ сыгъдæггæнæн зæгæл æмæ æндæр ахæмтæ, се ппæт иумæ райсгæйæ-иу иу сомæй фылдæр чи нæ сысты, ахæмтæ.
1 Рафæль Санцио (14831520) номдзыд италиаг нывгæнæг.
2 Гвидо Рени (15751642) италиаг нывгæнæг.
3 Тициан Вечелли (14771576) италиаг нывгæнæг, йæ рæстæджы портретистты зынгæдæртæй иу.
4 Антик антикон (рагон грекъаг æмæ римаг) скульптурæтæй гипсæй нывтæ.
5 Психея рагон грекъаг мнфологиты æмбисонды рæсугъд чызг (уд базырджын чызджы хуызы).
6 Леонардо да.Винчи (1452 1519) стыр италиаг ныв. гæнæг æмæ ахуыргонд.
7 Вазари Джорджио (1511 1574) италиаг нывгæнæг, архитектор æмæ аивæдты историк.
8 Венерæ рагон римаг мифологийы уарзондзинады æмæ рæсугъддзинады бардуаг.
9 Ван-Дейк (15991641) зындгонд фламандаг нывгæнæг.
10 Уый хорз æмбисонд у, Лизæ, Лизæ, рацу ма ардæм!
11 Теньер Давид (16101690) голландиаг нывгæнæг.
12 Куыд рæсугъд фигурæ у!
13 Æмбисонды рæсугъд, æмбисонды рæсугъд!
14 Цы диссаджы хъуыды у!
15 Корреджио (1494 1534) италиаг нывгæнæг.
16 Марс рагон римаг мифологийы хæсты бардуаг.
17 Коринæ де Сталы романы сæйраг архайæг. Ундинæ Ла Мотт-Фукэйы поэмæйы сæйраг архайæг. Аспазия Гречъы нæ эрæйы размæ V æнусы чи цард ахæм зондджын, рæсугъд æмæ ахуыргонд сылгонмаджы ком.
18 Микель Анджело Буонарроти (1475 1564) зындгонд италиаг скульптор, нывгæнæг æмæ архитектор.
19 Цыдæр æнахуырдзинад ис йæ æппæт фигурæйы дæр.
20 Василиск аргъæутты æнахъинон сырд, æрмæст йæ иу бакастæн дæр чи мары, ахæм.
21 Гарпия рагон грекъаг мифологийы базырджын сылгоймæгтæ æбуалгъ сырдтæ, скъæфгæ чи кодта адæймæгты, уыдон
22 Амур рагон римаг мпфологпйы уарзондзинады бардуаг.
23 Зефир рагон грекъмæныгуылæнæй дымгæ рог дымгæ.
24 Жанры ныв, царды сценæ.
25 Чумак бæхтæй кусæг.
26 «Цымгæ дæттын» уый y искæмæн фæстейæ йæ бацæвидтæ ныццæвын.
27 Москаль афтæ хуыдтой украннæйы уырысы.
28 Уæлвæйнæг сауджыны фырт цы фæйнæджытыл хуыссыд, уый.
29 Декохт дзæбæхгæнæн кæрдæджыты бæзджын (пъæра) фыхы лæдæрсæн.
PAGE 35