Будь умным!


У вас вопросы?
У нас ответы:) SamZan.net

Тимур ~м~ й~ команд~

Работа добавлена на сайт samzan.net: 2016-03-13

Поможем написать учебную работу

Если у вас возникли сложности с курсовой, контрольной, дипломной, рефератом, отчетом по практике, научно-исследовательской и любой другой работой - мы готовы помочь.

Предоплата всего

от 25%

Подписываем

договор

Выберите тип работы:

Скидка 25% при заказе до 10.5.2024

Аркадий Гайдар

Тимур æмæ йæ командæ

Раивта йæ Булацаты С.
Дзæуджыхъæу — 1948

[0.1] Гайдары тыххæй

[0.2] Тимур æмæ йæ командæ

Гайдары тыххæй

Аркади Петры фырт Гайдар (Голиков) райгуырдис Арзамасы горæты 1904 азы. Дæс азы йыл куы рацыд, уæд ын йæ фыды акодтой Германы хæстмæ. Аркадийæн цæрæнбонты йæ зæрдыл лæууыдысты йæ фыды даст сæр, йæ уæлæ цавæрдæр цъæхбын худ, афтæмæй, салдаттаг уæззау цырыхъхъытæ æфсæйнаг цæфхæдтимæ, йæ хо Катюшæйы æрдиаг, нефт, карбовкæ æмæ фæткъуыйы тæф чи кодта, уыцы вагзал.

Цыппар азы фæстæ та цыппæрдæсаздзыд Аркади Голиков йæхæдæг сфæнд кодта хæцын хуыздæр цардамонды, адæмты æфсымæрдзинады, советон хицауады сæраппонд.

Лæппу бæзæрхыг уыди, стæй асæй дæр бæрзонд, кæд ыл азтæй бирæ нæ цыд, уæддæр. Цал азы дыл цæуы, зæгъгæ йæ куы бафарстой, уæд йæхи схуыдта æхсæрдæсаздзыд æмæ Сырх Æфсадмæ бацыд. Фронттæй бирæ рæтты уыди. Хæцыди Петлюрæйы ныхмæ, полякты ныхмæ, Кавказы хæсты, мидхæсты, Антоновы бандæйы ныхмæ, хæцыдис ма Монголы арæнмæ хæстæг дæр.

«Цы федтон, — фыста цалдæр азы фæстæ, — размæ кæм бырстам, фæстæмæ кæм цыдыстæм, уыдон се ’ппæт афтæ тагъд нæ радзурдзынæ. Фæлæ дзы мæ зæрдыл тынгдæр лæууы, Сырх Æфсад иунæгæй, хъæбатырæй, æнувыдæй, зæрдиагæй куыд хæцыди дунейы урсгвардионты ныхмæ, уый».

Йе ’мбæлттæй бирæтæ хæсты фæмард сты. Йæ сабийы бонтæ Гайдар арвыста тохы фæздæг æмæ арты ’хсæн тыхстытæй, сагъæсгæнгæйæ, йæ бинонтæй хицæнгонд уыдис, афтæмæй. Æмæ йæ зæрдæбынæй уырныдта сомбоны уæлахиздзинад æмæ рæсугъд фидæн. Гайдар фыста:

«... уый фæстæ ма дзы баныгæдтой ноджы дæс дæр, ссæдз дæр, фондзæссæдз дæр, мин дæр, фæлæ уæддæр советон хицауад царди, цæры, стæй йын никæй бон ницы бауыдзæни, æмбæлттæ».

Фынддæсаздзыдæй каст фæци Киевы командирты курсытæ, æмæ йæ 1919 азы августы мæйы снысан кодтой курсантты бригады 2-аг полчы 6-æм ротæйы командирæй. Уый фæстæ та уыди батальоны командир, отряды командир, стæй та Воронежы 23-æм полчы командир, фæстагмæ та уыди бандитизмы ныхмæ хæцæг 53-æм хицæн полчы командир.

«Уæд ма æгæр саби уыдтæн, — уый фæстæ йыл-иу Гайдар йæхæдæг басаст, — кæй зæгъын æй хъæуы, Чапаевы хуызæн нæ командæ кодтон. Мæ куыстытæй адæмы хуызæн иу дæр нæ цыд. Иуæй-иу хатт иу адзæгъæл дæн, рудзынгæй-иу куы акастæн, уæд-иу ахъуыды кодтон: ех, цы хорз уаид, ме ’хсаргард куы райхалин, мæ маузер куы раттин æмæ дæлæ уыцы лæппутимæ иу чысыл куы ахъазин, уæд... Къорд хæттыты-иу коммæ дæр нæ бакастæн, мæхи зондыл иу ацыдтæн, æмæ мæ-иу уæд нæхиуæттæ тынг бафхæрдтой. Уыдон мын иууылдæр пайдайы хос фесты».

Фидæны фыссæг Гайдар, Аркади Голиков æхсæз азы фæци Сырх Æфсады. Уый Сырх Æфсады тынг бауарзта, тынг балымæн æфсæддон цардимæ æмæ фæнд кодта бынтондæр уым баззайыныл. Фæлæ 1923 азы тынг фæрынчын Гайдар — йæ сæр хæсты фæхъыгдард æмæ йæ уый фæлмæцын кодта. Уымæ гæсгæ йæ бахъуыдис хи сдзæбæх кæныныл ахъуыды кæнын. Æмæ 1924 азы апрелы мæйы, Гайдарыл ссæдз азы куы сæххæст, уæд æй суæгъд кодтой Сырх Æфсадæй æмæ йæ банымадтой запасы командирыл.

«Ныр райдыдтон фыссын, — дзырдта уæды рæстæджы тыххæй Гайдар йæхæдæг. — Æвæццæгæн уымæн, æмæ ма, æфсады уæвгæйæ, уыдтæн чысыл лæппу. Мæн бафæндыдис радзурын ног чысыл лæппутæн æмæ чызджытæн куыд уыди цард, куыд райдыдта æмæ дарддæр куыд уыди, уый. Уымæн æмæ дзы чысыл нæ федтон».

Афтæ æгъдауæй фыст æрцыд «ног чысыл лæппутæн æмæ чысыл чызджытæн» сывæллæтты литературæйæ хуыздæр чингуытæй иу — «Скъола», зæгъгæ. Уый уыди стыр автобиографион таурæгъ карз скъолайы тыххæй, революцийы ног фæлтæр кæуыл рацыдысты, «заманы тыхст æмæ тызмæг дымгæйы тыххæй», райдзаст фидæны сæраппонд рæстдзинады хæстмæ йæхи æгъдауæй чи бацыди, уыцы фыдæлты æмæ сæ цоты тыххæй.

Уыцы чиныг фыццаг куы рауагътой мыхуырæй, уæд хуынди «Хуымæтæджы биографи». Ахæм сæримæ йæ уагътой «Фæсивæдæн Роман-газеты». Чиныгæн йæ цъары бын сыфыл уыдис сырх командиры къам, йæ хъуынджын худ къæбутыл кондæй, йæ фарсыл æхсаргард, йæ дысыл сырх стъалы хуыд, афтæмæй. Къамы бын фыст: «Аркади Гайдар 1920 азы — 303-æм полчы æхсæзæм ротæйы командир. Кавказы фронты». Чиныг «Скъола»-йы сæйрагдæрæй æвдыст чи цæуы — салдаттаджы фырт Борискæ Голиков, уый у Аркади Гайдар йæхæдæг.

Чиныджы афтæ бирæ бауарзтой, æмæ уайтагъд сси сывæллæтты библиотекæты хуыздæр чингуытæй иу. Æцæгæйдæр чиныг уыди хуымæтæджы æвзагæй, зæрдæбынæй æмæ раст фыст. Уый фæстæ ма йæ ноджы цалдæр хатты рауагътой. Фæстаг хатт ма йæ мыхуыр кодтой, 1941 азы сармадзаны гæрæхтæ куы хъуысти æмæ Гайдары кæсджытæй бирæтæ сæхæдæг хæцынмæ куы ацыдысты, уæд.

Гайдарæн бирæ ныффыссын нæ бантысти, фæлæ йæ чингуытæй мæнæ «РВС», «Скъола», «Дард бæстæтæ», «Æфсæддон сусæгдзинад», «Æрвхуыз къус», «Барабанæй цæгъдæджы хъысмæт», «Чук æмæ Гек», стæй йæ кой дардыл кæмæн айхъуыст, уыцы чиныг «Тимур æмæ йæ командæ» кæддæриддæр уыдзысты уарзон чингуытæ, дуне базонынмæ чи тырны, дунемæ тагъддæр æркæсын æмæ йæ бамбарын кæй фæнды, уыдонæн.

Гайдарæн йæ ном дардыл айхъуысын кодта æмæ йын стыр кад скодта йæ чиныг «Тимур æмæ йæ командæ», суанг ма фæсарæнты дæр (афтæ хуыйны уыцы чиныгмæ гæсгæ арæзт кинофильм дæр).

Ацы чиныгæй Гайдарæн йе ’ннæ чингуыты ’хсæн ницы бæрæг хъауджыдæр ис. Фæлæ дзы уæлдай бæлвырддæрæй æмæ тыхджындæрæй æвдисы, парахат зæрдæ Тимуры хуызы, Гайдарæн рагæй йе сфæлдыстад хъæздыг цæмæй уыди, уыдон: нæ бæстæ æд хæцæнгарз чи хъахъæны, уыдонæн иттæг зæрдиагæй истæмæй баххуыс кæнын, сывæллоны хорз зæрдæйы уаг ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддагæй равдисын. Чиныджы герой — ногдзау Тимур — Сырх Æфсадæн баххуыс кæныны тыххæй æрхъуыды кодта диссаджы хорз æмæ бæллиццаг æгъдау. Уый йе ’мгæрттимæ сусæгæй æххуыс кæны, хæстмæ чи ацыд, уыдон бинонтæн. Æдæрсгæ, хæлар зæрдæ, хъуыддаг цæхгæр кæнаг, хæдæфсарм, æвæлмæцгæ, æвзыгъд æмæ ныфсджын саби Тимур сси фæзминаг. Уый æгъдауыл цæуын, уый митæ фæзмын сфæнд кодтой советон сывæллæттæй милуантæ.

Советон скъоладзаутæй минтæ æмæ милуантæ сæхæдæг дæр сæхимæ фæкастысты Тимуры хуызæн. Æцæгдæр, алкæмæн дæр дзы йæ бон уыди Тимуры хуызæн суæвын. Уый хуызæн намысджын, хъæбатыр, æххуысджын, куы йæ бафæндыдаид, уæд. Гайдары чиныг советон сывæллæттæн сси канд уарзон чиныг нæ, фæлæ афтæ кадджын, æмæ сывæллæтты чингуытæй иу дæр ахæм никæд уыд. Сывæллæттæ сæхи æгъдауæй алы ран дæр базмæлыдысты. Уыцы змæлд схуыдтой «тимуронты» змæлд. Сывæллæтты фыссæг Аркади Гайдар сывæллæттæн бацамыдта æнцон æмæ хорз фæндаг, сабитæй нæ уарзон Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæг Сырх Æфсадæн зæрдиаг æххуыс бакæнынмæ чи бæллыд, уыдонæн.

Гайдар йæ Тимуры ныффыста хæсты агъоммæйæ бирæ раздæр. Иуæй-иутæ ма дзургæ дæр кодтой, Гайдар «лæппу» мысгæ æркодта, уый хуызæн лæппу нæдæр скъолаты ис, нæдæр ногдзауты лагерты, зæгъгæ. Фæлæ Гайдары хъуыддаг уымæй фæрæстмæ, йæ хорздзинад гъе уымæй у, æмæ фыссæг рагацау базыдта, федта æмæ бамбæрста йæ Тимуры хуыз, не скъоладзаутæ æмæ пионертæ кæй аразынц, уыцы мингай хъуыддæгтæм гæсгæ æмæ сарæхсти ног фæлтæрмæ цы хорздзинæдтæ ис, уыдон иумæ æххæстæй æрæмбырд кæнын, царды мидæг бæлвырд хуызы, чысылты зæрдæтæ йæхимæ чи здахы, ахæм хуызы.

Аркади Гайдары чингуытæ кæсынæй не ’фсæдынц нæ бæстæйы сывæллæттæ горæтты дæр æмæ хъæуты.

Фыдыбæстæйы Стыр хæстыл дзургæйæ, фидæны иу æмæ дыууæ хатты не ’рцæудзæни «тимуронты» кой. Уыцы ныхас нæ фæцух уыдзæни адæмы дзыхæй, уыцы ныхас баззайдзæни историйы, куыд сывæллæтты уарзондзинад Фыдыбæстæмæ. Уый баззайдзæн æвдисæнæн, æрыгон фæсивæд хæсты тыхст бонты се ’ппæт хъаруйæ дæр знаджы ныхмæ хъазуат тохы адæмæн баххуыс кæныныл куыд архайдтой, уымæн.

Тимуронты змæлд фæзынди хæсты агъоммæ чысыл раздæр, уымæн æмæ æфсæддон адæймаг Гайдар, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæхи барæй схуыдта «сывæллæтты фыссæг», рагæй агуырдта ныхæстæ, сурæттæ, ног фырттæн æмæ чызджытæн чи баххуыс кодтаид гæрзифтонгæй хæсты карз бонтыл сæмбæлынæн. Гъе уымæ гæсгæ Гайдары ном цæрдзæни алкæй зæрдæйы дæр, нæ бæстæ хæсты бонты цы бавзæрста, уыдон чи æрæмысы, уыдонæн. Гайдары ном кадджын бынат æрцахсдзæни Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фашизмы ныхмæ хæцджыты номхыгъды. Гайдары ном бæрæггонд уыдзæни, хæсты чи фæмард, уыдон номхыгъды: фыссæг Аркади Гайдар — «Комсомольская правда»-йы æфсæддон уацхæссæг уæвгæйæ, фронтæй бирæ хорз поэтикон æмæ æндæр очерктæ ныффыста. Фæмарди 1941 азы Украинæйы.

Æрцæудзæн рæстæг Гайдары уæлмæрд бацагурынæн, — зонæм æй кæм ис, уый... Æмæ йын, чи зоны, гъе раст уыцы ран сæвæрæм цырт, диссаджы фыссæгæн, æфсæддон адæймаг Аркади Петры фырт Гайдарæн.

Æз цыма ныр дæр уынын уыцы цырт цъæх бæлæсты бын æмæ лыстæг къах статуйы: фидар саби, ногдзауы галстук æмæ сырх стъалыджын худ йæ уæлæ, стыр бæстæй горизонтмæ фæлмаст фæлгæсгæйæ, — уый у Гайдар кæй сныв кодта, уыцы Тимур.

Лев Кассиль

Тимур æмæ йæ командæ

Æртæ мæйы рацыдаид, бронедивизионы командир полковник Александров сæ хæдзары кæдæй нæ уыди, уæдæй нырмæ. Æвæццæгæн, фронты уыдис.

Сæрды æмбисы æрæрвыста тел, æмæ куырдта йæ чызджытæй — Ольгæ æмæ Женяйæ, — цæмæй ма сын скъоламæ бацæуыны агъоммæ цы рæстæг баззадис, уый арвитой Мæскуымæ хæстæг дачæйы.

Женяйæн йæ хъулон сæрбæттæн йæ къæбутмæ æрбырыд, пъолмæрзæн щеткæйы хъæдыл æрæнцой кодта æмæ мæсты, æрфыгæлхынцъæй лæууыди Ольгæйы раз, Ольгæ та йын дзырдта:

— Æз цæуын дзауматимæ, ды та амбафснай уат. Де ’рфгуытæ дæр ма æлхынцъытæ кæн æмæ былæсчъилтæ ма кæн. Стæй-иу дуар сæхгæн. Чингуытæ-иу библиотекæмæ бахæсс. Фæндагыл де ’мбæлттæй макæмæ баздæх, фæлæ-иу уыциу цыдæй вагзалмæ цæугæ. Уырдыгæй-иу нæ фыдмæ мæнæ ацы тел радт. Уый фæстæ-иу поезды сбад æмæ-иу дачæмæ рацу. Евгения, ды хъуамæ мæ коммæ кæсай. Æз дæ хо дæн...

— Æз та дæ хо.

— О... фæлæ æз хистæр дæн, стæй дæм кæд мæ ныхæстæ нæ хъарынц, уæд зон, нæ фыд дæр афтæ бафæдзæхста.

Ольгæ цы машинæйыл цыдис, уый куы араст æмæ кæрты куы стыф-тыф кодта, уæд Женя ныуулæфыд æмæ йæ алфамблаймæ акаст. Дзауматæ æнæфснайдæй æмæ алы ран хæлиутæй лæууыдысты. Бацыдис рыгæйдзаг кæсæнмæ; уырдыгæй та йæм зындис къулыл ауыгъд йæ фыды къам.

Хорз! Уадз æмæ уал афтæ уæд: Ольгæ хистæр у æмæ — цы гæнæн ис — йæ коммæ кæсын хъæуы. Фæлæ уыйхыгъд уымæн та, Женяйæн, йæ фындз, йæ дзых, йе ’рфгуытæ сты йæ фыды фындзы, дзыхы æмæ æрфгуыты хуызæн. Æмæ, æвæццæгæн, йæ зæрдæйы ахаст дæр уыдзæни йæ фыды хуызæн.

Йæ сæры хъуынтæ æнгомдæр æрбабаста йæ сæрбæттæнæй. Йæ сандалитæ феппæрста. Райста пысул. Стъолæй раскъæфта стъолæмбæрзæн, къраны бын авæрдта бедра æмæ, пъолсæрфæн щеткæмæ фæлæбургæйæ, дуаргæронмæ бырæттæ ахæрхæр кодта. Уайтагъд асыгъта керосинкæ, сгуыв-гуыв кодта примус.

Пъолыл ауагъта дон. Цинк тæгæнайы мидæг сыр-сыр æмæ скъуыдтæ кодта сапоны фынк. Уынджы цæуджытæ диссагау кастысты сырх къабаджын бæгъæввад чысыл чызгмæ. Уый æртыккаг уæладзыджы рудзынгыл лæууыди æмæ æдæрсгæйæ сæрфта гом рудзгуыты æвгтæ.

Уæзласæн машинæ тагъд згъордта уæрæх æмæ хурварс фæндагыл. Йæ къæхтæ чемоданыл сæвæргæйæ æмæ фæлмæн цыдæр барджийыл æнцой кæнгæйæ, Ольгæ бадтис быд къæлæтджыныл. Йæ уæрджытыл хуыссыдис бур гæдыйы лæппын æмæ йæ дзæмбытæй æрвгъуыз дидинæджы бастмæ фæныхил-фæныхил кодта.

Æртын километры куы ацыдысты, уæд сæ баййæфта сырхæфсæддонты мотоколоннæ. Сырхæфсæддонтæ рæнхъгай бадтысты хъæдын даргъ бандæттыл, сæ къухты топпыты дзыхтæ хæрдмæ здæхтæй, афтæмæй æмхуызонæй зарыдысты.

Уыцы зардмæ-иу хæдзæртты рудзгуытæ æмæ дуæрттæ тынгдæр байгом сты. Кауты сæрты æмæ кæрты дуæрттыл-иу ратахтысты сывæллæттæ цин кæнгæйæ. Сæ къухтæ тылдтой, сырхæфсæддонтæм æппæрстой цъæх фæткъуытæ, сæ фæдыл хъæр кодтой «ура» æмæ-иу уыцы ран ацарæзтой хъазæн хæст, бæхджын æфсæдты хуызæн хъазуатæй бырстой скъæлдзой æмæ пысыратæм.

Уæзласæн машинæ базылдис дачæты ’рдæм æмæ æрлæууыдис мæцкъор кæуыл æртыхст, ахæм чысыл дачæйы раз.

Шофыр йе ’ххуысгæнæгимæ байгом кодтой машинæйы фæрстæ æмæ райдыдтой дзауматæ æддæмæ исын, Ольгæ та бакодта авг æвæрд тыргъы дуар.

Уырдыгæй зындис, зылд кæмæ нал уыд рагæй, ахæм стыр дыргъдон. Дыргъдоны рæбынæй уыдис æвзæргомау арæзт дыууæ уæладзыг сара, сарайæн йæ сæрмæ та дымгæ фæйлыдта чысыл сырх тырыса.

Ольгæ машинæмæ фæстæмæ рацыдис. Уым æм базгъордта цæрдæг зæронд сылгоймаг — уый уыдис сыхаг, æхсыруæйгæнæг. Уый загъта Ольгæйæн, дачæ кæй бафснайдзæн, пъолтæ æмæ рудзгуытæ кæй ныхсдзæни, къултæ кæй ныссæрфдзæни.

Сыхаг ус цалынмæ тастæ æмæ пысултæ бæстон кодта, уæдмæ Ольгæ йемæ айста гæдыйы лæппыны æмæ ацыдис дыргъдонмæ.

Сырддон цъиутæ кæй бахсыдтой, уыцы бал бæлæсты хихтыл æрттывта тæвд писи. Хъæлæрдзы, æхсæнчъы хос æмæ скъæлдзой кодтой тынг тæф. Сарайы царыл схæцыди хъуына; цар уыдис алырдыгæй гæмттæ, уыцы гæмттæй уæлæмæ аивæзтысты цавæрдæр синæгтæ æмæ нал зындысты бæлæсты сыфтæрты мидæг.

Ольгæ бахызти æхсæры къутæрты ’хсæн æмæ йæ цæсгомæй асæрфта хæлуарæджы тынтæ.

Цы хабар у? Сырх тырыса сарайы сæр нал уыдис, баззадис ма дзы сагъдæй æрмæст тырысайы хъæд.

Уым Ольгæйы хъустыл ауадис тагъд фæдисы сыбар-сыбур. Уалынмæ, сарайы сæр рудзынгмæ цы уæззау асин æвæрд уыдис, уый къулы æнцæйтты рахаудта, æмæ, мæнтæджы сыфтæ ссæндгæйæ, зæххыл йæ гуыпп фæцыдис.

Сарайы сæр цы синæгтæ ныттынг, уыдон базмæлыдысты. Гæдыйы лæппын, Ольгæйы къухтæ атыдта йæ ныхтæй æмæ пысыратæм агæпп кодта. Гуызавæгæнгæйæ, Ольгæ ныллæууыдис, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, айхъуыста. Фæлæ пыхсыты дæр, сыхаджы быруйы æддейæ дæр, сарайы цыппæрдигъон сау рудзынджы дæр никæй федта, никæй хъæр дзы фехъуыста.

Фæстæмæ раздæхтис тыргъмæ.

— Уый уæртæ сывæллæттæ кæйдæр дыргъдæттæм хизынц æмæ фыдуаг митæ уыдон кæнынц, — загъта Ольгæйæн æхсырхæссæг. — Знон нæ сыхæгтæн сæ дыууæ фæткъуы бæласы æрцагътой, кæрдо бæласы та сæтгæ акодтой. Ахæм сысты... æнæуаг. Æз, мæ хур, мæ лæппуйы арвыстон Сырх Æфсадмæ службæ кæнынмæ. Æмæ ацыдис, сæн дæр нæма банызта, афтæмæй. «Хæрзбон, — зæгъы, — нана». Ацыдис, ныззарыдис, ныхситт кодта, мæ уарзон. Изæрырдæм та, куыд вæййы, афтæ æрæнкъард дæн, кæугæ дæр акодтом. Æхсæвы райхъал дæн, æмæ, цыма, нæ кæрты чидæр цыдæр агуры, уыйау рауай-бауай кæны. Ныр иунæгæй баззадтæн, — зæгъын, — мæ сæрыл чи сдзура, ахæм мын ничи уал ис... Æмæ мын бирæ хъæуы зæрондæй? Агуыридурæй сæр ныццæв — æмæ фæдæн. Фæлæ мæ хуыцау бахызта — ницы мæ адавтой. Рауай-бауай акодтой æмæ ацыдысты. Тулдз тъæпæнæг уыди нæ кæрты, дыууæйæ йæ нæ афæрæзтаиккой, — æмæ йæ ссæдз санчъехы бæрц кæрты дуармæ атылдтой. Æндæр ницы. Фæлæ чи уыдысты, цавæр адæм уыдысты — ницы сын бамбæрстон.

***

Изæрдалынгты, уæттæ æфснайд куы фесты, уæд Ольгæ рацыдис тыргъмæ. Уым арæхсгæ сласта гæрз агъудæй йæ перламутрæйы урс, цæхæртæ калгæ фæндыр (аккордеон) — йæ фыды лæвар, йæ райгуырды афæдзы бонмæ йын кæй æрæрвыста, уый.

Фæндыры æрæвæрдта йæ уæрджытыл, йæ гæрз ын йæ уæхскмæ сæппæрста æмæ йын йæ амонæнтæй райдыдта, æрæджы кæй фехъуыста, уыцы зарæджы ныхæстæм гæсгæ цæгъдын фæлварын:

Эх, æрмæст ма мын иу хатт

Куы бантысид дæу фенын,

Эх, æрмæст ма мын... иу хатт...

Æмæ дыууæ... æмæ æртæ...

Цырд хæдтæхæджы

Ды нæ бамбардзынæ,

Æз дæм куыд æнхъæлмæ кастæн

Сæумæцъæхмæ.

О! Тæхджытæ-пилоттæ!

Бомбæтæ-пулеметтæ!

Гъе, атахтыстут дард фæндагыл.

Кæд æрбаздæхдзыстут?

Нæ зонын æз, тагъд æви нæ,

Фæлæ уæддæр раздæхут...

Кæд фæнды дæр уæд.

Уыцы зарæг ма куы кодта Ольгæ, уæд иу цалдæр хатты цыбыр æмæ дисгæнæджы кæстытæ фæкодта кæрты быруйы цур цы тар къудзи зади, уымæ.

Фæндырæй цагъд куы фæци, уæд тагъдгомау фестади æмæ, къудзийы ’рдæм йе ’ргом аздахгæйæ, хъæрæй бафарста:

— Байхъус-ма! Цæмæн æмбæхсыс æмæ дæ ам цы хъæуы?

Къудзийы аууонæй рацыдис лæг хуымæтæджы урс дарæсы мидæг. Йæ сæрæй акуывта æмæ йын уæздан дзуапп радта:

— Æз æмбæхсгæ нæ кæнын. Æз мæхæдæг дæр иу чысыл артист дæн. Мæн нæ фæндыд дæу бахъыгдарын. Лæууыдтæн æмæ дæм хъуыстон.

— Хорз, æмæ уæд уынджы дæр лæууыдаис æмæ уырдыгæй дæр хъуыстаис. Быруйы сæрты æнæ исты хъуыддаг не ’рбахызтаис...

— Æз?.. Быруйы сæрты?.. — хъыг фæкаст лæгмæ. — Бахатыр кæн, æз гæды, мыййаг, нæ дæн. Уæртæ уым, быруйы рæбын, къуымы, фæйнæджытæ ратындæуыд æмæ ууылты æрбафтыдтæн уынгæй.

— Бамбæрстон! — бахудти Ольгæ. — Уæртæ дын кæрты дуар. Курын дæ, æмæ ууылты фæстæмæ цæугæ уынгмæ.

Лæг разынд коммæгæс. Иу ныхас дæр не скодта, афтæмæй кæрты дуарыл ахызти, æхгæнæнæй дуар æрæхгæдта, æмæ уый Ольгæмæ хорз фæкаст.

— Фæлæуу-ма! — асины къæхтыл дæлæмæ æрцæйцæугæйæ, фæдзырдта Ольгæ лæгмæ. — Чи дæ ды? Артист?

— Нæ, — дзуапп радта лæг. — Æз дæн инженер-механик, фæлæ уæгъд рæстæг куы вæййы, уæд хъазын æмæ зарын нæ заводы оперæйы.

— Байхъус-ма, — æвиппайды сдзырдта Ольгæ æргом зæрдæйæ. — Вагзалмæ мæ ныххæццæ кæн. Мæ кæстæр хойы ссыдмæ æнхъæлмæ кæсын. Баталынг ис, æнафон у, фæлæ уый уæддæр нæй æмæ нæй. Тæрсгæ, мыййаг, нæ кæнын, фæлæ нæма зонын амы уынгтæ... Æниу, фæлæуу-ма, цæмæн гом кæныс дуар? Быруйы цур дæр мæм фæлæудзынæ.

Ольгæ бахаста фæндыр уатмæ, кæлмæрзæн йæ уæхсджытыл æрæппæрста æмæ рацыдис талынг уынгмæ, æртæхы æмæ дидинджыты тæф чи кодта, уымæ.

Ольгæ мæсты уыдис Женямæ, æмæ уымæ гæсгæ фæндагыл йе ’мбалимæ бирæ ныхас нæ кодта. Йе ’мбал та йын дзырдта, Георги йæ кæй хонынц, уый, йæ мыггаг та Гараев, æмæ автомобильтæ аразæн заводы инженер-механикæй кæй кусы, уый.

Вагзалы Женямæ бирæ фенхъæлмæ кастысты, ссыдис дыууæ поезды; æппынфæстагмæ, ссыдис æртыккаг дæр, фæстагдæр чи ссæуы, уый.

— Ацы æнæнтыст чызджы тыххæй лæг бирæ маст баййафдзæн! — мæстджынæй сдзырдта Ольгæ, — Æмæ ма мыл дыууисæдз азы кæнæ дæс æмæ ссæдз азы уæддæр куы цæуид. Фæлæ ууыл æртындæс азы цæуы, мæныл та — æстдæс, æмæ, уымæ гæсгæ мæ коммæ нæ кæсы æппындæр.

— Дыууиссæдз нæ хъæуы! — цæхгæр ныллæууыд Георги. — Æстдæсæй хуыздæр ма цы уа! Дзæгъæлы мæт ма кæн. Дæ хо райсомæй раджы ссæудзæни.

Адæм поездæй кæм рахизынц вагзалы, уым ничиуал уыд. Георги сласта йæ тамакодон. Уым æм бауадысты дыууæ цæрдæг æрыгон лæппуйы, æмæ, зынгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, уыдон дæр сластой сæ бапъирозтæ.

— Аипп ма уæд, лæппу, — спичкæ ссудзгæйæ æмæ йæ хистæры цæсгоммæ бадаргæйæ, сдзырдта Георги. — Раздæр уал салам раттын хъæуы, стæй уæд уый фæстæ дæ бапъирозæрбадаргъ кæн, уымæн æмæ æз базонгæ дæн демæ цæхæрадоны, уым ногарæзт быруйæ фæйнæг куы рацæйсастай, уæд. Хонынц дæ Михаил Квакин. Афтæ кæу?

Чысыл лæппуйæн йæ сым-сым ссыди, фæстæмæ йæхи айста, Георги спичкæ ахуыссын кодта, Ольгæйы рæмбыныкъæдзыл ныххæцыд æмæ фæстæмæ сæхимæ араст сты.

Уыдон куы ацыдысты, уæд дыккаг чысыл лæппу чъизи папирос йæ фæсхъус асагъта æмæ былæсчъилæй бафарста:

— Уый та цавæр пропагандист фæзындис? Ардыгон у?

— Ардыгон, — æвæндонæй дзуапп радта Квакин. — Уый Тимкæ Гараевы мадыфсымæр у. Тимкæйыл куы æрхæст уаиккам, уæд æй нæмын хъæуы. Æрæмбырд кодта кæйдæрты, æмæ, æнхъæл дæн, нæ ныхмæ цыдæр фыдбылыз аразынц.

Платформæйы кæрон фанары бын дыууæ лымæны ауыдтой зæронд, аиварæзт лæджы. Лæг, йæ лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ, æрцæйцыдис чысыл асинтыл.

Уый уыдис бынæттон цæрæг дохтыр Колокольчиков Ф.Г. Чысыл лæппутæ йæ фæсте асырдтой æмæ йæ хъæрæй фарстой, спичкæтæ йæм ис æви нæй, уымæй. Фæлæ йæм сæ уынд æмæ сæ хъæр хорз нæ фæкаст, æмæ сæм, фæстæмæ фæкæсгæйæ, бартхъирæн кодта йæ къуызыртæ лæдзæгæй, йæхæдæг сабыргай йæ фæндаг дардта.

***

Мæскуыйы вагзалæй Женяйæн йæ къухы нал бафтыдис тел арвитын йæ фыдмæ, æмæ уымæ гæсгæ, дачæйы поездæй рахизгæйæ, сфæнд кодта хъæууон посты хайад бацагурын.

Зæронд цæхæрадоныл цæугæйæ æмæ дидинджытæ æмбырд кæнгæйæ, бадзæгъæл йæхæдæг дæр æй нæ базыдта, афтæмæй дыууæ фæндаджы кæм баиу сты æмæ дыргъдæттæй гæрæнгонд чи уыди, ахæм дыууæ уынгмæ; æдзæрæг ранмæ кæй æрбахауд, уымæй дæр бæрæг уыд, фæндаг кæй фæрæдыди, уый.

Чысыл æддæдæр ауыдта иу чысыл цæрдæг чызджы. Уый æлгъитгæйæ йæ сыкъатæй йæ фæдыл ласта иу æгоммæгæс сæгъы.

— Зæгъ-ма, хорз чызг, дæ хорзæхæй, — ныхъхъæр æм кодта Женя, — кæуылты бацæуын хъæуы постмæ?

Фæлæ уыцы сахат сæгъ чызджы къухтæй атыдта йæхи, йæ сыкъатæ иуæрдæм фæзылдта æмæ уыциу сæппæй цæхæрадоны бамидæг ис, чысыл чызг та йæ фæдыл æрдиаггæнгæ азгъордта. Женя фæйнæрдæм акасти: изæрдалынгтæ кодта, адæмæй та йæм хæстæг дæр ничи уыдис. Бакодта кæйдæр дыууæ уæладзыг дачæйы кæрты дуар æмæ иу къахвæндагыл бацыди тыргъмæ.

— Зæгъут ма мын, уæ хорзæхæй, — дуар нæ бакæнгæйæ, хъæрæй, фæлæ тынг æгъдауыл бафарста Женя: — кæуылты бацæуын хъæуы постмæ?

Дзуапп ын ничи радта. Уым иу цасдæр алæууыди, ахъуыды кодта, дуар байгом кодта æмæ тыргъыл уатмæ бацыдис. Хæдзары хицæуттæ уым нæ уыдысты. Хорзау нал фæци чызг, фæстæмæ фездæхт, рацæуынмæ куыд хъавыд, афтæ стъолы бынæй рабырыд, æнæ схъæр кæнгæ, егъау бурбын куыдз. Уый тынг бæстон бакæстытæ кодта чысыл чызгмæ, сындæггай схъырныдта æмæ дуары цур фæндагыл цæхгæрмæ æрхуыссыди.

— Ды æдылы дæ! — фыртæссæй, æнгуылдзтæ ныппака кæнгæйæ, схъæр кодта Женя. — Æз къæрных нæ дæн! Ницы уæ рахастон. Мæнæ уый нæ фатеры дæгъæл. Уый та нæ фыдмæ тел. Мæ фыд — командир у! Æмбарыс?

Куыдз æнæ хъæлæбайæ хуыссыдис æмæ змæлгæ дæр нæ кодта. Женя та, гом рудзынгмæ йæхи сындæггай ласгæйæ, дарддæр дзырдта:

— Гъе афтæ! Хуыссыс? Æмæ хуысс... Тынг хорз куыдз куы дæ... Бакастæй дæ зондджын, дæ уынд — зæрдæмæдзæугæ.

Фæлæ куыддæр Женя йæ къухæй рудзынджы фæйнæгмæ бавнæлдта, афтæ дын зæрдæмæдзæугæ куыдз, мæсты хъырнд скæнгæйæ, фæгæпп ласта. Женя ма фыртæссæй диванмæ багæпп кодта æмæ йæ къæхтæ йæ ибкæйы бын амбæрзта.

— Уый дын стыр диссаг, — кæуынхъæлæсæй сдзырдта Женя. — Ды ахс æвзæргæнджыты, æмæ дзырдхæсджыты, æз та... адæймаг куы дæн. О! — куыдзмæ фелвæста йе ’взаг. — Æдылы!

Женя стъолы иу кæрон æрæвæрдта дæгъæл æмæ тел. Банхъæлмæ кæсын хъуыд хæдзары хицæутты æрбацыдмæ.

Фæлæ рацыди иу сахат, дыккаг... Баталынг. Гом рудзынгæй йæм дардæй хъуыст паровозты гудокты уасын, куыйты рæйын æмæ волейболы портийы цæфтæ. Кæмдæр гитарæйæ дæр цагъдæуыд. Æрмæст ацы ран, хæлддзаг дачæйы цур, уыд æнæуынæр æмæ сабыр.

Диваны хъæбæр мутакайыл æркъул кодта Женя æмæ сындæггай ныккуыдта.

Куыд фæстæмæ йыл хуыссæг стых æмæ, тарф фынæй бацис.

Райхъал и æрмæстдæр райсомæй.

Рудзынджы æдде сыф-сыф кодтой къæвдайæ æхсад бæлæсты сыфтæртæ. Хæстæг кæцæйдæр хъинц кодта цъайы цалх. Кæмдæр хырхæй лыг кодтой сугтæ, фæлæ уым, дачæйы, фыццагау, уыди сабыр.

Женяйы сæры бын ныр уыдис фæлмæн сæракцъар баз, йæ къæхтæ та æмбæрзт уыдысты рог гобанæмбæрзæнæй. Куыдз пъолыл нал хуыссыд.

Æвæццæгæн, æхсæвы ардæм чидæр æрбацыдис!

Женя фæгæпп ласта, йæ сæрыхъуынтæ фæстæмæ аппæрста, йе ’нцъылдтæ къаба айвæзтытæ кодта, стъолæй райста дæгъæл, кæй нæ арвыста, уыцы тел æмæ сфæнд кодта лидзын.

Уалынмæ стъолыл ауыдта гæххæтты сыф, цъæх кърандасæй йыл егъау дамгъæтæй фыст уыдис:

«Чызг, куы цæуай, уæд-иу дуар дæ фæдыл тынгдæр агуыпи кæн». Бындæр та дзы къух фыст: «Тимур».

Тимур? Чи у Тимур? Фенын æй хъæуы уыцы адæймаджы æмæ йын арфæ ракæнын».

Иннæ уатмæ бакасти. Уыдис дзы фыссæн стъол, йæ уæлæ чернилæдон, æртхутæгдон, чысыл кæсæн, гæрзæй конд зæнгæйтты цур рахизæрдыгæй уыдис зæронд, згæхæрд дамбаца. Уым ма стъолыфарсмæ уыдис дызгъуын æмæ цъæррæмыхст кæрддзæмы тъыст туркаг къæдз æхсаргард. Женя дæгъæл æмæ тел æрæвæрдта, æхсаргард асгæрста, йæ кæрддзæмæй йæ сласта, уæлæмæ йæ фæдардта æмæ кæсæнмæ бакасти.

Йæ бакаст уыдис карз, тызмæг. Афтæмæй къам сисын хорз уаид æмæ уый фæстæ дæ къам скъоламæ бахæсс! Асайæн сæ уаид, мæ фыд мæ кæддæр йемæ фронтмæ акодта, зæгъгæ. Галиу къухы та дамбаца райсæн ис. Мæнæ афтæ. Уый ноджы хуыздæр уыдзæни. Йе ’рфгуытæ тынг æрæлхынцъ кодта, былтæ банцъылдта. æмæ, кæсæнмæ хъавгæйæ, дамбацайы мæнгвæдæг æрбалхъывта.

Уат ныннæрыди. Фæздæгæй рудзгуытæ нал зындысты, стъолы кæсæн æрхауд æртхутæгдоныл. Женя дæгъæл дæр æмæ тел дæр стъолыл фæуагъта, йæхæдæг, йæ хъустæ гуыр-гуыр кодтой, афтæмæй уыцы-иу тахт ракодта уатæй æмæ лидзын райдыдта ахæм диссаг æмæ тæссаг хæдзарæй.

***

Куыддæр æгъдауæй февзæрдис цæугæдоны былыл. Нал æм уыдис нæдæр дæгъæл Мæскуыйы фатерæй, нæдæр телæн йæ квитанцæ, нæ дæр тел йæхæдæг. Æмæ ныр уыдон иууылдæр Ольгæйæн радзурын хъæуы: куыдзы тыххæй дæр, æдзæрæг дачæйы æхсæв кæй баззад, уый дæр, туркаг æхсаргарды тыххæй дæр, стæй дамбацайы гæрахы тыххæй дæр. Æвзæр у хъуыддаг! Мæ фыд куы уаид, уæд уый бамбарид хъуыддаг. Ольгæ йæ нæ бамбардзæни. Ольгæ смæсты уыдзæни æмæ ма, æвæццæгæн, кæугæ дæр скæндзæн. Уый та ноджы фыддæр. Женя йæхæдæг дæр зоны кæуын. Фæлæ Ольгæйы цæсты сыгтæ куы ауыны, уæд æй кæддæриддæр фæфæнды телы хъæдмæ, бæрзонд бæласмæ кæнæ хæдзары цары хæтæлмæ сбырын.

Хъæбатырдæр цæмæй уыдаид, уый тыххæй Женя доны йæхи цынадта æмæ сындæггай араст ис, цы дачæйы цардысты, уый агурæг. Тыргъты асинтыл куы сцæйхызт, уæд Ольгæ та лæууыдис цæлгæнæны æмæ примус сыгъта. Къæхты хъæр куы фехъуыста Ольгæ, уæд фæстæмæ фæзылди æмæ уыцы æдзынæгæй мæстыгæр каст ныккодта Женямæ.

— Дæ бон хорз, Оля! — асины уæллаг къахыл æрлæугæйæ æмæ схудын фæлваргæйæ, загъта Женя. — Оля, нæ мæм хæцдзынæ?

— Хæцдзынæн! — йæ хомæ æдзынæг ныккæсгæйæ, дзуапп радта Ольгæ.

— Цæй, уæд та, хæц! — æнæуæлдай ныхас сразы Женя. — Зоныс, ахæм диссаджы хабар, чи никуыма æрцыд, ахæм бæллæхтæ! Оля, курын дæ æмæ де ’рфгуытæ ма æлхынцъытæ кæн. Тæссаг хабарæй дзы ницы ис, æрмæст мын нæ фатеры дæгъæл кæмдæр фесæфти, нæ фыдмæ тел нæ арвыстон...

Жевя йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта æмæ тынг ныуулæфыд, уыциу дзырд сæ куыд ракодтаид, йæ фæнд афтæ уыди.

Фæлæ уалынмæ кæрты дуар чидæр уыцы-иу цæф ныккодта æмæ байгом. Кæртмæ æрбагæпп кодта ичъийæ йе дзаг, ахæм пыхцылтæ сæгъ, йæ сыкъатæ цæвынввонг дæлæмæ æруагъта, афтæмæй дыргъдонмæ балыгъдис. Йæ фæдыл та кæугæ æрбазгъордта, Женя знон цы бæгъæввад чызг федта, уый.

Афтæмæй Женя, кæмæй тарст, уыцы ныхас фæуагъта æмæ азгъордта дыргъдонмæ сæгъ ратæрынмæ.

Уый чысыл чызджы баййæфта, чысыл чызг, тыхулæфт кæнгæйæ, сæгъы сыкъатыл куы хæцыди, уæд.

— Чызг, ницы дæ фесæфти? — тагъдгомау, йæ былы æлгътæй, афарста чысыл чызг Женяйы, йæхæдæг сæгъы мыхъхъытæ кæны йæ уæрагæй.

— Ницы, — нæ йæ бамбæрста Женя.

— Уæдæ мæнæ уый кæй у? Дæу нæу? — Æмæ йын чысыл чызг равдыста сæ мæскуыйаг фатеры дæгъæл.

— Мæн у, — сабырæй сдзырдта Женя, тыргъы ’рдæм тæссæй акæс-акæс кæнгæйæ.

— Айс дæгъæл, фыстæг æмæ квитанцæ, тел та æрвыст æрцыдис, — уæддæр та афтæ тагъдгомау æмæ йæ былы æлгътæй цъыбар-цъыбур кодта чысыл чызг.

Женяйы къухты гæххæтты тыхтон фæсагъта, йæхæдæг сæгъы тымбыл къухæй ныххафт ласта.

Сæгъ кæрты дуары ’рдæм уыцы-иу згъорд акодта, бæгъæввад чысыл чызг йæ фæдыл сындзытыл, пысыратыл афтæ атахти, æмæ йыл цæст нæ хæцыд. Æмæ уайтагъд дæр дуары æдде цыдæр фесты.

Над цыма сæгъыл нæ, фæлæ Женяйæн йæхиуыл ауади, уыйау йæ уæхсджытæ фæбукъ кодта, стæй райхæлдта тыхтон.

— Уый дын дæгъæл, уый дын телы квитанцæ. Уæдæ, нæ фыдмæ чидæр тел арвыста. Фæлæ чи? А — а, мæнæ фыстæг! Цы уыдзæни уый?

Уыцы фыстæджы цъæх кърандасæй егъау дамгъæтæй фыст уыди:

«Чызг, уæ хæдзары макæмæй тæрс. Æвзæр хабарæй дзы ницы ис, стæй мæнæй дæр ничи ницы фехъусдзæн». Бындæр дзы бафыста йæ къух: «Тимур».

Цыма йын хин счындæуыди, уыйау фæцис Женя, стæй фыстæг сындæггай йæ дзыппы сæвæрдта. Уый фæстæ йæ уæхсджытæ араст кодта æмæ æдæрсгæ ацыди Ольгæмæ.

Ольгæ лæууыдис уыциу ран, кæй нæма ссыгъта, уыцы примусы цур, æмæ йæ цæстытæ доны разылдта.

— Оля! — хъынцъымгæнгæ загъта Женя. — Æз дæ хъазгæ кодтон. Цæуыл мæм мæсты кæныс? Æз бафснайдтон фатер иууылдæр дæр, рудзгуытæ ныссæрфтон, архайдтон, бызгъуыртæ æмæ пъолтæ иууылдæр ныхсадтон. Мæнæ дын дæгъæл, мæнæ дын нæ фыды телæн квитанцæ. Æри æмæ дын фæлтау аба кæнон. Зоныс, куыд бирæ дæ уарзын, уый! Кæд дæ фæнды, уæд æз дæу тыххæй хæдзары сæрæй пысыратæм дæр рагæпп кæндзынæн?

Æмæ Ольгæйы дзуаппмæ дæр нал фенхъæлмæ каст, афтæмæй Женя йæхи баппæрста йæ хойы хъæбысмæ æмæ йын йæ хъуырыл ныттыхсти.

— О... фæлæ æз та мæт кодтон, — мæстыйæ сдзырдта Олыæ. — Ахæм хынджылæггаг митæ ды арæх фæкæныс... Мæнæн та нæ фыд загъта... Женя, ныууадз! Мæ къухтæ фæтæгенæйдзаг сты! Фæлтау чысыл аджы æхсыр ныккæн æмæ йæ примусы уæлæ сæвæр!

— Æз... æнæ хынджылæггæнгæ нæ зонын, — дзырдта Женя, Ольгæ хихсæны цур куы лæууыдис, уæд.

Чысыл æхсырыаг примусыл æрæвæрдта, йæ дзыппы цы фыстæг уыдис, уый асгæрста æмæ афарста:

— Оля, хуыцау ис?

— Нæй, — дзуапп радта Ольгæ æмæ йæ сæр хихсæнмæ бадардта.

— Уæдæ цы ис?

— Ныууадз! — мæстыйæ сдзырдта Ольгæ. — Ницы ис!

Женя иу дзæвгар ницыуал сдзырдта, стæй та афарста:

— Оля, æмæ уæдæ Тимур чи у?

— Уый хуыцау нæу, кæддæр паддзах уыди, — йæ цæсгом æмæ йæ къухтæ сапонæй сæрдгæйæ, æвæндон дзуапп радта Ольгæ, — мæстыгæр къуылых, астæуккаг историйæ.

— Æмæ кæд паддзах нæу, мæстыгæр æмæ астæуккаг историйæ нæу, уæд та чи у?

— Уæд нæ зонын. Ныууадз мæ! Афтæ æхсызгон дæ цæмæн бахъуыдис Тимур?

— Уымæн, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма йæ бирæ уарзын, уыйау.

— Кæй? — дисгæнгæ, йæ цæсгом сапоны фынкæй дзаг, афтæмæй скасти уæлæмæ Ольгæ. — Цы хъуыр-хъуыр кæныс, цы æрæмысыдтæ, — нæ мæ уадзыс мæхи ныхсын. Фæлæуу, мæнæ нæ фыд æрцæуа, æмæ дын уый равзардзæн дæ уарзондзинад.

— Нæ фыд цы! — хъынцъымгæнгæ, зæрдиагæй загъта Женя. — Уый куы æрцæуа, уæддæр бирæ рæстæгмæ нæ. Æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бафхæрдзæни иунæг чи у æмæ йæ сæрыл сдзурæг кæмæн нæй, ахæм адæймаджы.

— Уый ды дæ иунæг æмæ йæ сæрыл сдзурæг кæмæн нæй, ахæм адæймаг? — æнæууæнк фарст акодта Ольгæ. — О, Женя, цы хуызæн адæймаг дæ æмæ кæмæй фæдæ, уымæн æз ницы æмбарын!

Уæд Женя йæ сæр æргуыбыр кодта æмæ, урс цайныччы æрттивгæ фарсмæ йæхимæ кæсгæйæ, сæрыстырæй æмæ дардыл нæ ахъуыды кæнгæйæ дзуапп радта.

— Мæ фыдæй. Æрмæстдæр. Уымæй. Иунæг уымæй. Æндæр дунейыл æппындæр никæмæй.

Ацæргæ джентльмен, дохтыр Ф. Г. Колокольчиков бадти йæ дыргъдоны æмæ цалцæг кодта къулы сахат.

Йæ разы æнкъард хуызæй лæууыди йæ фырты лæппу Коля. Цыма зæронд лæгæн æххуыс кодта, йæхимæ афтæ кастис. Æцæгæй та æнæхъæн сахаты бæрц йæ къухы лæсгæрзилæн дары, æмæ цалынмæ зæронды бахъæуа уыцы мигæнæн, уæдмæ æнхъæлмæ кæсы.

Фæлæ сахаты æндон здыхт цъæт, йæ бынаты сæвæрын кæй хъуыди, уый уыдис æгоммæгæс, зæронд лæг та уыди быхсаг. Æмæ лæппумæ афтæ касти, цыма уыцы æнхъæлмæкастæн кæрон нæ уыдзæнн. Хъыг æм касти уæлдай дæр та уый тыххæй, æмæ сыхæгты быруйæ иу цалдæр хатты йæ сæр æрбадардта Симæ Симаков, уый та уыди цæрдæг æмæ æмбаргæ адæймаг. Симæ Симаков йе ’взагæй, йæ сæрæй, йæ къухтæй амыдта ахæм цыдæр диссаджы æмæ æнахуыр нысантæ, æмæ ма суанг Коляйы фондзаздзыд хо Татьянæ дæр, сусхъæд бæласы бын бадгæйæ æмæ йæ цуры цы куыдз хуыссыд, уый дзыхы ичъитæ тыхтъыст кæнгæйæ хæрзæнæвдæлон уыд, фæлæ уый дæр æвиппайды сæрдиаг кодта æмæ зæронд лæгæн йæ хæлафы къах райвæзта. Уый фæстæ Симæ Симаков æвиппайды цыдæр фæцис.

Фæстагмæ, цъæт йæ бынаты абадт.

— Адæймаг хъуамæ кусгæ кæна, — йæ хидæйдзаг сæрыл уæлдæр схæцгæйæ æмæ Колямæ бакæсгæйæ, амонæгау сдзырдта урссæр джентльмен Ф.Г. Колокольчиков. — Ды та афтæ кæсыс, цыма дын касторкæ дæттын, уыйау. Æри лæсгæрзилæн æмæ аркъау айс. Куыст адæймаджы зондыл æфтауы. Дæумæ та раст уыцы уæздандзинадæй æппындæр ницы ис. Зæгъæм, знон ды бахордтай сæлдæджы цыппар порцийы æмæ дзы дæ кæстæр хойæн нæ бахай кодтай.

— Уый гæды зæгъы, æдзæсгом! — Татьянæмæ мæстыгæрæй бакæсгæйæ, схъæр кодта уыцы афхæрдмæ Коля. — Æртæ хатты йын радтон алы хайæ дæр дыууæ хатты акомдзаг кæнын. Уый та мæ ноджы ардаугæ скодта, стæй ма цæугæ-цæуын нанайы стъолæй цыппар капеччы дæр рамыргъта.

— Ды та æхсæвыгон рудзынгыл бырыдтæ бæндæныл, — зæгъгæ, чит дæр нæ фæкодта æмæ йе ’ргом дæр нæ разылдта, афтæмæй срæцыхта Татьянæ. — Дæ базы бын та фанар ис. Кæм фæхуыссæм, уыцы уатмæ нæм цавæрдæр хулиган та знон дуртæ æхста. Дур æрбахсы æмæ та ныхситт кæны, æрбахсы æмæ та ноджы ныхситт кæны.

Фыр мæстæй ссыгъди Коля Колокольчиков, Татьянæ ахæм æдзæсгом кæй разынд æмæ мæнгард ныхæстæ кæй кодта, ууыл. Йæ буар ныддыз-дыз кодта сæрæй къæхтæм. Фæлæ йæ амонд уыди, æмæ йæ фыды-фыд куыстыл фæци, уымæ гæсгæ ахæм тæссаг хахуыр ныхæстæм йæ хъус нæ бадардта, кæннод та сæ хъусгæ нæ фæкодта. Уалынмæ уым дыргъдоны æрбалæууыди æхсырхæссæг æд æхсыр, æмæ кружкæйæ æхсыр баргæйæ, райдыдта хъаст кæнын:

— Мæнæн та, Федор Григорьевич, жуличчытæ, чысыл-ма бахъæуа, мæ тулдз гарз кæртæй атулой. Абон та мын адæм афтæ дзырдтой, райсомæй, дам, хæрз рзджы дæ цары дыууæ лæджы федтам: хæтæлыл бадынц, хуыцауы ’лгъыстытæ, æмæ сæ къæхтæй дзедзро кæнынц.

— Ома, хæтæлыл та куыд? Бахатыр кæн, фæлæ уый та цæй тыххæй? — афæрсынмæ хъавыди дисгæнæг джентльмен.

Фæлæ уыцы сахат кæркдоны ’рдыгæй хъæр æмæ цыдæр дзыгъал-мыгъул ссыди. Урссæр джентльмены къухы лæсгæрзилæн фæбырыд, хъандзал, йæ бынатæй фесхъиудта æмæ уыциу тахтæй цары æфсæйнаг æмбæрзæныл сæмбæлд. Се ’ппæт дæр, суанг Татьянæ дæр, суанг ма зивæггæнаг куыдз дæр фæкастысты иумæ, æмбаргæ йæ нæ бакодтой цæй дзыгъал-мыгъул у æмæ цы хабар у, уый, афтæмæй. Коля Колокольчиков та иу ныхас дæр не скодта, тæрхъусы гæпп акодта уырыдзыйы хуымтыл æмæ быруйы æддейы цыдæр æрбаци.

Хъомты сарайы цур æрлæууыди. Уырдыгæй дæр, кæркдонæй куыд хъуысти, афтæ хъуысти цавæрдæр хъæр, цыма чидæр гирæй рельсы лыггаг цавта, уыйау. Раст уыцы ран уый хæрхæмбæлд фæцис Симæ Симаковимæ, æмæ йæ афарста тарст хуызæй:

— Байхъус-ма... Æз ын ницы æмбарын. Ай цы у?.. фæдис?

— Нæ! Уый, æнхъæл дæн, фыццаг формæмæ гæсгæ иумæйаг сидæн сигнал у.

Быруйы сæрты агæппытæ кодтой, цæхæрадоны быруйы хуынкъыл бауадысты. Уыцы ран сыл амбæлди бæзæрхыг уæхскджын фидар лæппу Гейкæ. Йæ фæдыл уым балæууыд Васили Ладигин. Ноджы ма чидæртæ. Æмæ æнæ хъæрæй, тагъд, æрмæст сæхæдæг кæй зыдтой, уыцы цæуæнтыл уайгæйæ цыдысты цыдæр хъуыддагмæ, згъоргæ-згъорын кæрæдзимæ цыбыр ныхас кæнгæйæ:

— Уын фæдис у?

— Нæ! Уый фыццаг, формæмæ гæсгæ иумæйаг фæсидт у.

— Цæй сидæн? Уый нæу «æртæ — стоп», «æртæ — стоп». Уый цавæрдæр æдылы уыциу лæвæрд кæны цалхæй дæс цæфы фæд-фæдыл.

— Фендзыстæм æй.

— О, гъо, сбæрæг æй кæндзыстæм!

— Размæ! Уадау!

Женя æхсæв кæм баззади, раст уыцы дачæйы иу уаты уыцы сахат лæууыдис бæрзонд æмæ саухил лæппу, æртындæс азы кæуыл цыдаид, ахæм. Йæ уæлæ уыди сау тæнæг хæлаф æмæ тарцъæх æнæдыстæ хæдон, йæ риуыл æндахæй конд сырх стъалы.

Лæппумæ, хæстæг бацыдис зæронд пыхцылсæр лæг. Йæ кæттаг хæдон уыди мæгуырау. Йæ уæрæх хæлаф — æмпъызтытæ. Йæ галиу къахы уæрагмæ йын гæрзæй баст уыди дызгъуынтæ арæзт хъæдын къах. Йæ иу къухæй хæцыди фыстæгыл, йе ’ннæ къухæй та фидар хæцыди зæронд згæхæрд дамбацайыл.

— Чызг, уæхимæ куы цæуай, уæд-иу дуар фпдар агуыпп кæн, — худæгау бакасти зæронд лæг. — Зæгъ-ма мын, уæддæр, дысон нæ диваныл чи хуыссыди?

— Иу зонгæ чызг, — æвæндонæй загъта чысыл лæппу. — Æз ам нæ уыдтæн, афтæмæй йæ нæ куыдз æрцахста.

— Гæды та зæгъыс! — смæсты зæронд. — Уый дæуæн зонгæ куы уыдаид, уæд æй ам, фыстæджы, йæ номæй схуыдтаис.

— Уый куы фыстон, уæд ын йæ ном нæ зыдтон, Фæлæ йæ ныр зонын.

— Нæ зыдтай. Æмæ йæ райсомæй иунæгæй ныууагътай... фатеры? Ды, мæ хæлар, рынчын дæ æмæ дæ æррадонмæ арвитын хъæуы. Уыцы æвзæр нын нæ кæсæн асаста, æртхутæгдон ныппырх кодта. Хорз æмæ дамбаца нæмыгæй ифтыгъд нæ уыди. Фæлæ дзы нæмыг куы фæцадаид, уæд та?

— О мæ, баба... нæмыгæй ифтыгъд гилдзытæ дæумæ никуы вæййы, уымæн æмæ дæуæн де знæгтæ чи сты, уыдонæн сæ топпытæ æмæ се ’хсаргæрдтæ сты... хъæдын.

Зæронд лæг цыма худгæ бакодта, уыйау зынд. Уæддæр йæ пыхцылтæ сæр батылдта æмæтызмæгæй загъта:

— Хъусыс! Æз алцыппæт дæр фиппайын. Куыд кæсын, афтæмæм цыдæр æвзæр хъуыддæгтæ кæныс, æмæ дæ уыдæтты тыххæй фæстæмæ, дæ мадмæ, куы нæ арвитин.

Йæ хъæдын къахæй гуыпгуыпгæнгæ, зæронд лæг асинтыл ссыди уæлæмæ. Уый куы фæаууон, уæд лæппу фыр цинæй скафыд, фæлæбурдта, уатмæ чи базгъордта, уыцы куыдзы къахмæ æмæ йын йæ былтæн аба кодта.

— Агъа, Ритæ! Нæ дыууæйы дæр æрцахстой! Ницы кæны, уый абон йæ зæрдæйы дзæбæхыл у. Ныртæккæ зарын райдайдзæн.

Æцæг дæр. Уæле уатæй æрыхъуысти хуыфын. Уый фæстæ цавæрдæр тра-ля-ля!.. Æмæ куыд фæстæмæ ныллæг хъæлæсæй ныззарыд:

Нæ хуыссын æз æртыккæгæм æхсæв. Мæ цæстытыл уайы

Хъуынтъыз сабырады мидæг сусæг змæлд...

— Фæлæуу, æрра куыдз! — схъæр кодта Тимур. — Мæ хæлаф мын цы скъуыныс æмæ мæ кæдæм ивазыс?

Уалынмæ, йæ мадыфсымæр кæм царди, уырдæм цы дуар цыди, уый тынг багуыпп кодта, æмæ тыргътыл куыдзы фæдыл рауади верандæмæ.

Верандæйы иу къуымы чысыл телефоны цур дзедзро кодта, гæппытæ кодта æмæ къулыл йæхи хоста синагæй баст бурæй арæзт чысыл дзæнгæрæг.

Чысыл лæппу дзæнгæрæджы йæ къухы балхъывта, синаг æртыхта зæгæлыл. Дзедзро чи кодта, уыцы синаг æрлæмæгъ, æвæццæгæн, кæмдæр аскъуыди. Уæд, дис кæнгæйæ æмæ смæсты уæвгæйæ, лæппу фæлæбурдта телефоны трубкæмæ.

***

Уыдæттæ æрцæуыны агъоммæ иу сахат раздæр Ольгæ бадти стъолы фарсмæ. Йæ разы уыди физикæ ахуыргæнæн чиныг.

Бацыди Женя æмæ систа авджы мидæг йод.

— Женя, — бустæгæнгæ йæ афарста Ольгæ, — де уæхск та цъæррæмыхст цæмæн у?

— Æрбацæйцыдтæн, — æнæмæтæй загъта Женя, — æмæ уæртæ уым фæндагыл цыдæр сындзы хуызæн цыргъ. Æмæ афтæ рауади.

— Уæдæ мæнæн мæ фæндагыл цæуылнæ вæййы сындз кæнæ æндæр исты цыргъ? — мæстæй маргæйæ загъта Ольгæ.

— Раст нæ зæгъыс! Дæуæн дæ фæндагыл ис экзамен математикæйæ. Уый сындз дæр у æмæ цыргъ дæр. Кæс-ма афтæ, не сфæраздзынæ!.. Олечкæ, инженерыл ма ахуыр кæн, фæлтау дохтырыл ахуыр кæн, — сдзырдта Женя, Ольгæйы размæ стъолын кæсæн бадаргæйæ. — Æрбакæс-ма: цæй инженер дæ рацæудзæни дæуæй? Инженер хъуамæ уа мæнæ афтæ... афтæ... æмæ афтæ... (Æртæ хатты йæхи рæвдз фæзылдтытæ кодта). Ды та — афтæ... афтæ æмæ афтæ... — Ацы ран Женя йæ цæстытæ азылдта, йе ’рфгуытæ уæлæмæ скодта æмæ тынг уæздан бахудт.

— Æдылы! — загъта Оля, Женя та йын хъæбыстæ æмæ батæ кæныныл схæцыд, уый йæ йæхицæй æддæдæр кодта æмæ дарддæр дзырдта: — Ацу, Женя, ма мæ хъыгдар. Фæлтау уæртæ цъайæ дон æрбадав.

Женя тæбæгъæй райста фæткъуы, къуымы ’рдæм бацыди, рудзынджы раз алæууыди, стæй райхæлдта фæндыры агъуд æмæ сдзырдта:

— Зоныс, Оля! Абон мæм иу цавæрдæр лæг æрбауад. Æдде бакæсгæйæ йын ницы уыди — бурхил, урс дарæсы мидæг, æмæ мæ фæрсы: «Чызг, дæ ном цы хуыйны?» Æз ын загътон: «Женя»...

— Женя, ма мæ хъыгдар æмæ фæндырмæ дæр ма ’внал, — фæстæмæ нæ фæкæсгæйæ, стæй чиныгмæ дæр йæ каст нæ ныууадзгæйæ, загъта Ольгæ.

— Дæ хойы та дын, — фæндыр йæ агъудæй ласгæйæ, дзуры дарддæр Женя, — æнхъæл дæн, хонынц Ольгæ?

— Женя, ма мæ хъыгдар, стæй фæндырмæ дæр ма æвнал! — æнæбары йæм байхъусгæйæ, дыккаг хатт сдзырдта Ольгæ.

— «Дæ хо, дам, — загъта уый, — тынг хорз цæгъды. Нæ, дам, æй фæнды консерваторийы ахуыр кæнын?» (Женя сласта фæндыр æмæ йын йæ гæрз йæ уæхскыл ацауыгъта). «Нæ, — загътон ын æз, — уый ныр ахуыр кæны æфсæнбетон дæсниадыл». Уæд уый загъта: «А-а!» (Уæд Женя æрæлхъывта фæндыры иу амонæн). Æз та йын загътон: «Бэ-э!» (Женя та æрæлхъывта фæндыры дыккаг амонæн).

— Æдзæсгом! Нывæр дзаума йæ бынаты! — уæлæмæ фестгæйæ, схъæр кодта Ольгæ. — Чи дын радта цавæрдæр лæгтимæ ныхас кæныны бар?

— Æмæ йæ уæд нæ нывæрдзынæн? — хъыг æм фæкаст Женямæ. — Æз никæимæ ныхас кодтон. Ныхас кæнын уый райдыдта. Дарддæр ма дын радзырдтаин, фæлæ ныр нал. Фæлæуу, æрцæуа нæ фыд, уый дын бацамондзæн!

— Мæнæн? Уый дæуæн бацамондзæн. Ды мæ хъыгдарыс ахуыр кæнын.

— Мæнæн нæ, фæлæ дæуæн! — афтид бедра аскъæфгæйæ, тыргъæй фæхъæр кодта Женя. — Æз ын радзурдзынæн, бон мæ фондзæссæдз хатты куы фæтæгенмæ, куы сапонмæ, куы донмæ куыд ратæр-батæр кæныс, уый! Æз дын уæзласæн машинæ, мыййаг, нæ дæн, кæнæ бæх, кæнæ трактор.

Дон æрбахаста, бедра æрæвæрдта тæрхæгыл, фæлæ йæ Ольгæ нæ бафиппайдта, ныггуыбыр кодта æмæ чиныгмæ каст, Женямæ уый хъыг фæкасти æмæ дыргъдонмæ ацыд.

Дыууæуæладзыг сарайы раз лæгъзмæ бацæугæйæ, Женя йæ дзыппæй дурæхсæн сласта, йæ резинæ йын æрбаивæзта æмæ хъæбæр гæххæттæй арæзт парашютист хæрдмæ суагъта.

Йæ къæхтæ хæрдмæ стæхгæйæ, парашютист йннæрдæм фæзылд. Йæ сæрмæ райхæлди арвхуыз гæххæттын сæр, уыцы сахат тынгдæр радымдта æмæ парашютисты иу фарс ахаста, æмæ сарайы цары сау рудзынджы æдде цыдæр æрбаци.

Бæллæх! Гæххæттæй конд лæджы фервæзын кæнын хъуыди. Сарайæн йæ фаллаг фарсмæ бацыди Женя, сарайæн та йæ хуынчъытæ царæй фæйнæрдæм аивæзтысты лыстæг синаг тагтæ. Женя баласта æмбыд асин æмæ йæ сæвæрдта рудзынгмæ, йæхæдæг ыл уæлæмæ схылди æмæ цары пъолмæ æргæпп кодта.

Стыр диссаг нæу! Цары кæд царди чидæр. Къулыл ауыгъд уыдысты бæндæны тыхтонтæ, фанар, кæрæдзиуыл дзуарæвæрдæй хуыд дыууæ чысыл тырысайы æмæ хъæуы картæ иууылдæр хæххытæгонд, фæлæ сын ницы равзарæн уыди. Къуымы æвæрд уыди хъæмпы цъупп, уæле голлагæй цæмæйдæр æмбæрзт. Уыдис ма дзы дæлгоммæ фæлдæхт фанерын асыкк.

Хъуынаджын æмæ хуынчъытæ царæн йæ фарсмæ хъилæй лæууыди цавæрдæр цалх, мæнæ науаразæн цалхы хуызæн. Цалхы сæрмæ ауыгъд уыди хи арæзт телефон.

Женя хуынкъæй ракасти æддæмæ. Йæ размæ мæнæ денджызы уылæнтау, змæлыдысты дыргъдæтты бæлæсты бæзджын сыфтæртæ. Арвыл хъазыдысты бæлæттæ. Уæд Женя бауынаффæ кодта: уадз æмæ бæлæттæ уæнт чайкæтæ, ацы зæронд сара йæ синæгтимæ, фанаримæ æмæ тырысатимæ та уæд — стыр нау. Женя йæхæдæг та уыдзæни капитан.

Æхсызгон ын уыди. Азылдта науаразæн цалх. Тынг ивæзт синаг телтæ ныррызтысты, ныддыв-дыв кодтой. Дымгæ сыстади æмæ фæсырдта цъæх уылæнты. Уымæ та афтæ фæкасти, цыма йæ нау-сара сындæггай æмæ сабыргай уылæнты фæцæуы.

— Рулы галиуырдыгæй бортмæ! — хъæрæй скомандæ кодта Женя, йæхæдæг тынгдæр æрæнцой кодта уæззау цалхыл.

Хуры раст тынтæ цары хуынчъытæй æрбакастысты æмæ йын æмбæлдысты йæ цæсгом æмæ йæ дарæсыл. Женя та афтæ бамбæрста, цыма йæ знаджы наутæ сæ прожектортæй агурынц, æмæ сфæнд кодта семæ схæцын.

Йæ тых, йæ бонæй архайдта науаразæн цалхимæ, разил-базил æй кодта куы рахизæрдæм, куы галиуæрдæм æмæ-иу хицауиуæджы хуызы сдзырдта командæйы ныхæстæ.

Фæлæ мæнæ прожекторы цыргъ æмраст тынтæ атар сты, ахуыссыдысты. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хур мигъы аууон нæ фæци. Уый пырхгонд чи æрцыди, уыцы знаджы наутæ дæлдон кодтой.

Хæст фæци. Йæ рыгæйдзаг къухæй Женя асæрфта йæ ных, æмæ уалынмæ къулыл телефоны дзæнгæрæг сцагъта. Женя уый æнхъæл нæ уыди: уый афтæ æнхъæлдта, цыма уый æцæг телефон нæу, фæлæ хъазæн у. Хорзау нал уыди, Систа трубкæ.

Зыланггæнаг хъæлæсæй æмæ мæстыйæ чидæр фарста:

— Алло! Алло! Дзуапп радт. Уый цавæр хæрæг у телтæ чи скъуыны æмæ бамбарæн кæмæн нæй, ахæм æдылы сигналтæ чи дæтты, уый?

— Уый хæрæг нæу, — адæргæй сдзырдта Женя. — Уый æз дæн — Женя!

— Æрра чызг! — карз æмæ тарст хуызæй сдзырдта уыцы хъæлæс — Цалх ныууадз æмæ уырдыгæй лидзгæ. Ныртæккæ уым æрбалæудзысты... адæм, æмæ дæ фæнæмдзысты.

Женя трубкæ фæуагъта, фæлæ — байрæджы. Мæнæ рухсмæ кæйдæр сæр æрбазынди: уый уыди Гейкæ, йæ фæдыл Симæ Симаков, Коля Колокольчиков, уыдон фæдыл ма ноджыдæр бырыдысты æндæр лæппутæ.

— Чи стут сымах? — рудзынгæй йæхи иуварс ласгæйæ, афарста Женя тарстхуызæй. — Цæугæ ут ардыгæй!.. Ай мах дыргъдон у. Æз уæм сидгæ куы нæ фæкодтон, мыййаг.

Фæлæ лæппутæ æмхуызонæй æнцад фæцæй цыдысты Женямæ. Къуымы йæ алыфарс куы æрлæууыдысты, уæд Женя ныхъхъæр кодта.

Уыцы сахат ма рухсмæ фæзынди ноджы иу аууон. Се ’ппæт дæр фæстæмæ фæкастысты æмæ фæйнæрдæм алæууыдысты. Æмæ Женяйы размæ æрлæууыди бæрзонд саухил лæппу, цъæх æнæдыстæ хæдоны, йæ хæдоны риуыл сырх стъалы хуыд.

— Сабыр, Женя! — хъæрæй сдзырдта уый. — Хъæр ма кæн. Ничи дæ фæнæмдзæн. Мах дæ зонæм. Æз — Тимур дæн.

— Ды Тимур дæ?! — кæуындзаст æмæ дисгæнгæйæ схъæр кодта Женя. — Дысон мæ гобан æмбæрзæнæй ды æрæмбæрзтай? Стъолыл мын фыстæг ды ныууагътай? Мæ фыдмæ фронтмæ тел ды арвыстай, мæнæн та дæгъæл æмæ квитанцæ æрбарвыстай? Æмæ цæмæн? Цæй тыххæй? Кæцæй мæ зоныс?

Уæд æм Тимур хæстæгдæр бацыди, йæ къух ын райста æмæ йын загъта:

— Æмæ уæдæ махимæ лæу! Сбад æмæ байхъус, æмæ хъуыддаг иууылдæр бамбардзынæ.

***

Сæ быны хъæмп, уый уæлæ голджытæ æмбæрзт, афтæмæй Тимуры алыварс æрбадтысты сывæллæттæ, Тимур та йæ разы райтыгъта поселочы картæ.

Цары хуыккомы цур рудзынгæй чысыл уæлдæр херыйыл æрцауындзæг фæлгæсæг. Йе ’фцæгыл ауыгъд уыди зæронд æмæ цъæррæмыхстытæ театрон кæсæнцæст.

Тимурæй чысыл дæрддзæфгомау бадти Женя, тынг къæрцхъусæй хъуыста æмæ касти, кæй ничи зыдта, уыцы штабы уынаффæйы æмбырды цыдæриддæр цыди, уымæ. Ныхас кодта Тимур.

— Райсом, боныцъæхæй, цалынмæ адæм хуыссой, уæдмæ æз æмæ Колокольчиков срæвдз кæндзыстæм, мæнæ уый (амоны Женямæ) кæй аскъуыдта, уыцы телтæ.

— Уый уæдмæ хъал дæр нæ рауыдзæн, — йæхи фæхъуынджын кæнгæйæ, загъта стыр сæрджын, йæ уæлæ матросы хæдон кæмæн уыд, уыцы Гейкæ. — Уый райхъал вæййы æрмæстдæр аходæнмæ æмæ сихормæ.

— Уыдон хахуыр ныхæстæ сты!фæгæпп ласта æмæ къæзæнæгæй, хъæрæй загъта Коля Колокольчиков. — Æз сыстын кæддæриддæр хур йæ был куыддæр сдары, афтæ — хуры фыццаг тынимæ.

— Хурæн йæ фыццаг тын æмæ йæ дыккаг тын кæцы у, уымæн æз ницы зонын, фæлæ уый хуысгæйæ баззайдзæни æнæмæнгæй, — цæхгæрæй та загъта Гейкæ.

Уыцы сахат бæндæнтыл дзедзыройгæнæг фæлгæсæг ныхситт кодта. Лæппутæ фæгæппытæ кодтой.

Фæндагыл, рыг сæ сæрмæ сбадгæйæ, æрбацæйтахт бæхджын артиллерийы дивизион. Гæрзытæй æмæ æфсæйнагæй ифтыгъд тыхджын бæхтæ сæ фæдыл тагъд ластой сармадзаны нæмгуыты кæрдæгхуыз ахуырст асыччытæ æмæ фæныкхуыз хъуымацæй æмбæрзт сармадзантæ.

Хурсыгъд бæхджынтæ-иу, сæргътыл фидар бадгæйæ, рæвдз фæзылдысты тигъыл, сармадзантæ-иу кæрæдзийы фæдыл фæаууон сты хъæды къохы. Дивизион аивгъуыдта.

— Уыдон цæуынц вагзалмæ, кæдæмдæр сæ æрвитынц, — зонынджын хуызæй бамбарын кодта Коля Колокольчиков. — Æз сæ фæзонын сæ арæзтæй: ахуырмæ куы фæцæуынц, уæд дæр, парадмæ куы фæцæуынц, уæд дæр æмæ ма æндæр искуыдæм куы фæцæуынц, уæд дæр.

— Зоныс æмæ дæ дзыхыл хæц! — баурæдта йæ Гейкæ. — Махыл дæр цæстытæ ис. Зонут, лæппутæ, ацы дзæнгæдацæгъдæг Сырх Æфсадмæ лидзынмæ хъавы!

— Уый гæнæн нæй, — йæ ныхас баппæрста Тимур. — Уыцы уынаффæ бынтон дзæгъæл у.

— Куыд нæй гæнæн? — йæхи фæсырх кодта æмæ афтæмæй афарста Коля. — Æмæ-иу, уæдæ, чысыл лæппутæ фыццаг æдзухдæр цæмæн лыгъдысты фронтмæ?

— Уый фыццаг уыди! Фæлæ ныр та хицæуттæн æмæ командиртæн тынг карзæй фæдзæхст у, цæмæй мах хуызæн чысылты сæ къæбуттæ нæмгæйæ сурой уырдыгæй.

— Уый та куыд къæбуттæ? — фæмæсты æмæ ноджы тынгдæр фæсырх, афтæмæй хъæрæй загъта Коля Колокольчиков. — Уæд... хионты та?

— Гъе афтæ!.. — Æмæ Тимур ныуулæфыди. — Гъе уый хионты, хионты! Ныр та, лæппутæ, райдайæм нæхи хъуыддаг.

Се ’ппæт дæр æрбадтысты сæ бынæтты.

— Æртын цыппæрæм хæдзары дыргъдоны Зылын уынджы цавæрдæр лæппутæ фæткъуы бæлас ныццагътой, — æнкъардгомау фехъусын кодта Коля Колокольчиков. — Дыууæ къалиуы дзы асастой, дидинджытæ ныссæстой.

— Кæй хæдзар у? — æмæ Тимур æркасти клеенкæ цъар тетрадмæ. — Уый у сырхæфсæддон Крюковы хæдзар. Искæй дыргъдæттæм цæуынмæ æмæ фæткъуы бæлæстæм хизынмæ фыццаг дæсны чи уыд, ахæм нæм исчи ис?

— Æз, — сдзырдæуыд æфсæрм хъæлæсæй.

— Чи бакодтаид афтæ?

— Уый Мишкæ Квакин æмæ йе ’ххуысгæнæг «Фигурæ», зæгъгæ, кæй хонынц, уый куыст у. Фæткъуы бæлас у мичуринкæ, хорз мыггаг «сыгъзæрин» æмæ йæ, кæй зæгъын хъæуы, æвзаргæ рачындæуыд.

— Уæддæр та Квакин! — Тимур ахъуыды кодта. — Гейкæ! Ды йемæ ныхас кодтай?

— Кодтон.

— Гъы, æмæ цы?

— Дыууæ йын йæ бæрзæйæн авæрдтон.

— Уый та?

— Уый дæр мын иу-дыууæ авæрдта.

— Йæх, дæуæн та æппынæдзух — «радта» æмæ «авæрдта»... Цæугæ дзы ницы кæны, афтæмæй. Хорз! Квакины хъуыддаг хицæнæй бакæндзыстæм. Ныр та уал дарддæр райдайæм.

— Дыууын фæндзæм хæдзары — æхсырхæссæг зæронд усæн йæ фырты айстой бæхджын æфсадмæ, — чидæр æрбадзырдта къуымæй.

— Загътай та ды дæр! — æмæ Тимур æфхæрæгау батылдта йæ сæр. — Æмæ йæ кæрты дуарыл, æртæ боны цæуы, афтæ нæ нысан куы сæвæрдтам. Чи йæ сæвæрдта? Колокольчиков, ды уыдтæ?

— Æз.

— Æмæ дын уæдæ стъалыйæн йæ уæллаг галиу тигъ зулмæ куы рацыди, цъулберы хуызæн? Хъуыддаг кæнынмæ райстай, уæд æй бæстон кæнын хъæуы. Адæм æм куы кæсой, уæд худæгæй мæлдзысты. Цæй, дарддæр.

Фестади Симæ Симаков æмæ æнæ ’рынцайгæйæ тагъд-тагъд райдыдта:

— Пушкаревы уынджы фæндзай цыппæрæм хæдзарæй сæгъ фесæфти. Æз фæцæуын, кæсын æмæ зæронд ус чысыл чызджы нæмы. Æз æм хъæр кæнын: «Хорз ус, закъон нæмын нæ амоны!» Уый мæм дзуры: «Нæ сæгъ фесæфти. Ох, дæлдзæх фæуинаг!» — «Уæдæ кæм фесæфтаид?» — «Уæлæ уым, хъæды æдде æрхы, къутæртæ бахсыдта æмæ æрбадæлдзæх, цыма йæ бирæгътæ ахордтой!»

— Фæлæуу-ма! Кæй хæдзар у?

— Сырхæфсæддон Павел Гурьевы хæдзар. Чысыл чызг та — йæ чызг, хонынц æй Нюркæ. Зæронд ус æй надта. Цы хуыйны, уымæн ннцы зонын. Сæгъ у фæныкхуыз, йæ рагъ сау. Хонынц æй Манькæ.

— Сæгъы ссарын хъæуы! — дзырд радта Тимур. — Командæ ацæудзæни цыппар лæгæй. Ды... ды... ды æмæ ды. Исты хъуыддаг ма ис, лæппутæ?

— Дыууын дыккæгæм хæдзары кæуы иу чысыл чызг, — цыма йæ нæ фæндыди, уыйау сдзырдта Гейкæ.

— Æмæ цæуыл кæуы?

— Фарстон æй æмæ мын ницы загъта.

— Дзæбæхдæр æй бафарстаис. Чи зоны, æмæ йæ исчи нæмгæ фæкодта?..

— Фарстон æй æмæ ницы дзуры.

— Стыр чызг у?

— Цыппараздзыд.

— Уый та дын ноджы бæллæх! Адæймаг куы уаид... фæлæ — цыппараздзыд! Фæлæуу-ма, кæй хæдзар у?

— Лейтенант Павловы хæдзар. Мæнæ æрæджы арæныл кæй амардтой, уый хæдзар.

— «Фæрсын æй æмæ ницы дзуры», — мæстыйæ Гейкæйы сфæзмыдта Тимур. Йæхи фæтар кодта, ахъуыды кодта. — Хорз... Мæхæдæг æй базондзынæн. Сымах æм æмгæрон дæр ма бацæут.

— Уартæ Мишкæ Квакин æрбазынд! — хъæрæй бамбарын кодта фæлгæсæг. — Уынгæн йæ фаллаг фæрсты æрбацæуы. Фæткъуы æмпулы, Тимур! Æрвитын хъæуы командæ: уадз æмæ йæ къухæй басхойæнт кæнæ йын йæ бæрзæйæн авæрæнт!

— Нæ хъæуы. Уе ’гас дæр уæ бынæтты æнцад ут. Æз тагъд æрбаздæхдзынæн, — загъта Тимур.

Рагæпп ласта рудзынгыл асинмæ æмæ къутæрты цыдæр фæци. Фæлгæсæг та ногæй фехъусын кодта:

— Мæ цæст кæдæм ахсы, уым кæрты дуары цур æнæзонгæ чызг, йæ уынд рæсугъд, лæууы дурынимæ æмæ æлхæны æхсыр. Уый, æвæццæгæн, дачæйы хицау у.

— Уый дæ хо у? — Женяйы дысмæ бавналгæйæ йæ афарста Коля Колокольчиков. Æмæ дзуапп куы нæ райста, уæд ын карз æмæ мæстыгæрæй бафæдзæхста: — хъусыс, ардыгæй йæм, мыййаг, ма сфæнд кæнай ныхъхъæр кæнын.

— Сбад! — йæ дысыл ын рахæцгæйæ хынджылæггæнæгау дзуапп радта Женя. — Ды дæр та мын хицау...

— Ма йæм дзур, — мæстæймарæнæн загъта Гейкæ Коляйæн, — кæннод дæ фæнæмдзæни.

— Мæн? — хъыг фæкасти Колямæ. — Цы йæм ис уымæ? Ныхтæ? Мæнмæ та хæцъæфтæ. Мæнæ... къухты, къæхты!

— Уый дæ фæнæмдзæни дæ къухты æмæ дæ къæхты хæцъæфтимæ дæр. Лæппутæ, сабырдæр! Тимур фæхæстæг кæны Квакинмæ.

***

Цы къалиу ратыдта, уый йæ къухы тилгæйæ, Тимур сындæггай фæцæйцыди Квакины размæ.

Квакин уый куы бафиппайдта, уæд ныллæууыдис.

Йæ тъæпæн цæсгомыл бæрæг уыдис, дис дæр æмæ тæрсгæ дæр кæй нæ фæкодта, уый.

— Æгас цу, комиссар! — йæ сæр иуæрдæм азылдта æмæ сабыргай сдзырдта. — Афтæ тагъд кæдæм уайыс?

— Хорз цæр, атаман! — фæзмæгау ын дзуапп радта Тимур. — Дæ размæ цæуын.

— Æхсызгон мын у уазæджы фенд, фæлæ дæ цæмæй фæхынцон, уый нæй. Кæд мæнæ уымæй? — йæ роны къух атъыста æмæ Тимурмæ фæткъуы бадардта.

— Давæггаг сты? — фæткъуыйæ акомдзаг кæнгæйæ, афарста Тимур.

— Ахæмтæ сты, — дзуапп радта Квакин. — Хорз мыггаг «сыгъзæрин» фæткъуы бæргæ сты, фæлæ бæллæх, нæма срæгъæд сты, куыд æмбæлы, афтæ.

— Туагæй марынц! — фæткъуы зæхмæ аппаргæйæ, загъта Тимур. — Байхъус-ма: æртын цыппæрæм хæдзары быруйы мæнæ ахæм нысан федтай? — æмæ йын Тимур равдыста йе ’нæдыстæ цъæх хæдоныл цы стъалы хуыд уыдис, уый.

— Гъы, федтон, — йæхи фæгæмæл кæнгæйæ, загъта Квакин. — Æз, алцыдæр уынын, бон дæр æмæ æхсæв дæр.

— Æмæ уæдæ афтæ: бон дæр æмæ ма æхсæв дæр искуы ахæм нысан кæм фенай, уыцы бынатæй-иу дарддæр лидз, фыцгæ дон дыл цыма бакалдæуыд, уыйау.

— Ох, комиссар! Цы мæстыгæр дæ! — ныхæстæ ивазгæйæ, загъта Квакин. — Аныхас кодтам æмæ æгъгъæд фæуæд!

— Ох, атаман, цы хивæнд дæ, — сындæггай йын дзуапп радта Тимур. — Ныр та уал дæ зæрдыл бадар, стæй дæ къордæн дæр фехъусын кæн, сымахимæ ацы ныхас фæстаг ныхас кæй у, уый.

Фæрсæрдыгæй кæсгæйæ дыууæ знаджы ныхас кæнынц, уый æнхъæл ничи уыдаид, фæлæ загътаид — дыууæ уарзон лымæны ныхас кæнынц, зæгъгæ. Æмæ уымæ гæсгæ Ольгæ, дурыныл хæцгæйæ, афарста æхсырхæссæджы, чи у уыцы лæппу, æнæуаг Квакинимæ цæйдæр тыххæй ныхас чи кæны, уый?

— Нæ зонын, — зæрдиагæй дзуапп радта æхсырхæссæг. — Уый дæр, æвæццæгæн, иу ахæм хулиган æмæ æнæгъдау у. Æппынæдзух уæ хæдзары цур лекка кæны. Дæ хомæ дзæбæхдæр кæс, мæ хур, ма дын æй фæнæмæнт, мыййаг.

Катайы бацыдис Ольгæ. Фыд-зæрдæ каст бакодта дыууæ лæппумæ, террасæйыл бацыдис, дурын æрæвæрдта, дуар сæхгæдта æмæ Женяйы агурæг уынгмæ рацыдис. Уый та ныр дыууæ сахаты дæргъы хæдзармæ кæсгæ дæр не ’рбакодта.

***

Тимур фæстæмæ цармæ куы баздæхт, уæд йе ’мбæлттæн радзырдта, йæ фембæлды хабар куыд рауади, уый. Уым бауынаффæ кодтой, тæккæ райсом уыцы. нъордмæ цæхгæр домæнтæ гæххæттыл фыстæй куыд арвитой, афтæ.

Æнæхъæр-æнæцъистæй сарайы царæй гæппытæ кодтой сабитæ дæлæмæ æмæ быруйы зыхъыртыл, науæд та йæ сæрты тахтысты фæйнæрдæм.

Тимур хæстæгдæр бацыд Женямæ.

— Гъы, куыд у? — афарста йæ. — Ныр дын хъуыддаг иууылдæр æмбæрстгонд у?

— Иууылдæр, — дзуапп радта Женя, — фæлæ йæ уæддæр æххæст нæма æмбарын. Хуыздæр мын æй бамбарын кæн.

— Æмæ, уæдæ, дæлæмæ æрхиз æмæ мæ фæдыл цу. Дæ хо уæддæр нырма уæхимæ нæма ис.

Царæй куы æрхызтысты, уæд Тимур асин иу фарс аппæрста.

Баталынг, фæлæ Женя æдæрсгæ цыдис Тимуры фæдыл.

Æрлæууыдысты, æхсырхæссæг зæронд ус кæм цардис, уыцы хæдзары цур. Тимур фæйнæрдæм акæстытæ кодта. Адæмæй хæстæг ничи уыдис. Йæ дзыппæй систа чысыл здыйæ конд тюбичы мидæг ахорæн æмæ кæрты дуармæ хæстæг бацыдис. Дуарыл нывгонд уыдис стъалы, галиуæрдыгæй йæ уæллаг тигъ цъулберау æцæг æртасыди.

Стъалыйы тигътæ сæмхуызон кодта, фæцыргъдæр æмæ сæ сраст кодта.

— Зæгъ-ма, цæмæн афтæ бакодтай? — бафарста йæ Женя. — Бамбарын мын кæн: уыдæттæ цы амонынц?

Тимур ахорæн йæ дзыппы нывæрдта. Мæнтæджы сыф ратыдта æмæ дзы йæ ахорæнæй ахуырст æнгуылдз асæрфта, йæхæдæг, Женямæ комкоммæ кæсгæйæ, загъта:

— Уый та уый амоны, æмæ ацы хæдзарæй лæг ацыдис Сырх Æфсадмæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ ацы хæдзар мах æвджид у æмæ йæм нæ цæст дарæм. Дæуæн дæ фыд æфсады ис?

— О! — цингæнгæ æмæ сæрыстырæй дзуапп радта Женя. — Командир.

— Æмæ уæдæ ды дæр мах æвджид дæ æмæ дæм нæ цæст дардзыстæм. Дарддæр ацыдысты æмæ та æрлæууыдысты æндæр дачæйы кулдуармæ. Уым дæр быруйыл конд уыдис сырх стъалыйы ныв. Фæлæ уым стъалыйæн йе ’рттиваг тигъты алыварс конд уыди сау быд.

— Мæнæ! — загъта Тимур. — Ацы хæдзарæй дæр лæг цыдис Сырх Æфсадмæ. Æмæ ныр нал ис. Ацы дачæ у лейтенант Павловы, æрæджы арæныл кæй мардтой, уый. Ам цæрынц йæ ус æмæ йæ чысыл чызг, мæнæ хæларзæрдæ Гейкæ æрвылбон кæуыл архайдта, цæуыл кæуы, уый базоныныл, уый. Æмæ дын, Женя, исты амал куы уа, уæд ын хорздзинадæй исты сараз.

Тимур уыцы ныхæстæ радзырдта хуымæтæджы æгъдауæй. Фæлæ йæ ныхæстæм Женяйы буар ныддыз-дыз кодта.

Женя зæхмæ касти æмæ æнцад хъуыста. Стæй æрмæст дæр исты цæмæй сдзырдтаид, уый тыххæй афарста:

— Æмæ Гейкæ хæларзæрдæ лæппу у?

— О, — дзуапп радта Тимур. — Уый у матросы фырт. Уый арæх фæхæцы чысыл æмæ хицæй æппæлой Колокольчиковмæ, афтæмæй та кæддæриддæр æмæ алы ран дæр йæ сæрыл фæдзуры.

Кæйдæр тызмæг æмæ мæсты хъæрмæ фæстæмæ фæкастысты. Чысыл дарддæр сæм лæууыди Ольгæ.

Женя февнæлдта Тимуры къухмæ: фæндыдис æй йемæ акæнын æмæ йын Ольгæны йемæ базонын кæнын.

Фæлæ та Ольгæ дыккаг хатт ноджы мæстыдæрæй фæхъæр кодта æмæ уæд Женяйæн дæр йæ зæрдæйы цы фæнд уыдис, уый нал бантысти.

Хатыр курæгау Тимурæн йæ сæрæй акуывта æмæ дисгæнгæйæ йæ уæхсджытæ базмæлын кодта, афтæмæй бацыдис Ольгæмæ.

— Евгения! — арф улæфгæйæ æмæ кæуынхъæлæсæй сдзырдта Ольгæ. — Æз дын бар нæ дæттын уыцы лæппуимæ ныхас кæнынæн. Уый æмбарыс?

— Фæлæуу-ма, Оля, — сындæггай сдзырдта Женя, — цы дыл æрцыдис?

— Æз дын бар нæ дæттын уыцы лæппумæ хæстæг цыуынæн дæр, — фидарæй дыккаг хатт загъта Ольгæ. — Дæуыл æртындæс азы цæуы, мæныл та æстдæс. Æз дæ хо дæн... Æз хистæр дæн. Нæ фыд куы цыдис, уæд мын бафæдзæхста...

— О, фæлæ, Оля, ды хъуыддаг не ’мбарыс! — тыхсгæйæ хъæрæй загъта Женя. Мæстæй-иу срызти.

Фæндыдис æй хъуыддаг бамбарын кæнын, йæхи сраст кæнын. Фæлæ нæ фæрæзта. Оля нæ уыди раст. Æмæ, йæ къух ауигъгæйæ, иу ныхас дæр нал скодта йæ хомæ.

Уайтагъддæр схуыссыди. Фæлæ æрæгмæ бафынæй. Куы бафынæй, уæд та афтæ тарф бафынæй, æмæ зонгæ дæр нæ бакодта, æхсæвы сæм сæ фыдæй тел куыд æрбахастой æмæ сæм рудзынг куыд хостой, уый.

Бон æрбарухси. Хъомгæс йæ хъæдын уадындзæй ныууасыди. Зæронд æхсырхæссæг бакодта кæрты дуар æмæ йæ хъуджы хъоммæ аскъæрдта. Тигъæй нæма фæаууон и, афтæ дын акъаци къутæры фæстæйæ, сæ афтид бедраты хъæр куыннæ хъуыстаид, афтæ фондз чысыл лæппуйы рагæпп ласта, æмæ цъайы ’рдæм фесты.

— Сцъир!

— Æри!

— Айс!

— Скъæф!

Сæ бæгъæввад къæхтыл уазал дон калгæйæ, чысыл лæппутæ уыциу агайдæй згъордтой кæртмæ, бедраты дон кодтой тулдз тъæпæнæджы мидæг, æмæ фæстиат нæ кæнгæйæ, фæстæмæ уадысты цъаймæ.

Симæ Симаковæн йæ хид кæлы, цъайы донцъирæны цалх æнæрынцойæ зилы, афтæмæй йæм Тимур базгъордта æмæ йæ афарста:

— Колокольчиковы ам нæ федтай? Нæ? Уæдæ уый æгæр афынæй. Тагъддæр кæнут! Зæронд усы ныртæккæ фæстæмæ ардæм хъæуы.

Колокольчиковты дачæйы раз дыргъдоны февзæргæйæ, Тимур слæууыди бæласы бын æмæ ныхситт кодта. Дзуапп ын куы ничи радта, уæд сбырыди бæласмæ æмæ уатмæ мидæмæ бакасти. Бæласæй йæм зындис рудзынджы цурмæ зылд сынтæджы æмбис æмæ хъæццулы тыхт къæхтæ.

Тимур сынтæгмæ баппæрста бæласы цъарæй иу чысыл къæртт æмæ сындаггай бадзырдта:

— Коля, уæлæмæ сыст! Колькæ!

Фынæй адæймаг змæлгæ дæр нæ фæкодта. Уæд Тимур кард сласта, ралыг дзы кодта даргъ уис, йæ кæрон ын сцыргъ кодта, уисы бадардта рудзынгæй, фæхæцын æй кодта хъæццулыл æмæ йæ йæхирдæм раивæзта.

Рог хъæццул лæсти рудзынгыл. Уатæй фехъуыст фæсус æмæ дисгæнæг æрдиаг.

Хуыссæнхъæлдзæг цæстытæ ныйирд кæнгæйæ, сынтæгæй фæгæпп кодта урссæр джентльмен мидæггаг дзауматы, æмæ æддæмæ чи бырыди, уыцы хъæццулыл йæ къухæй хæцгæйæ, базгъордта рудзынгмæ.

Тимур зæронд лæгмæ куы фæкомкоммæ ис, уæд уыциу тахт æркодта бæласæй.

Урссæр джентльмен та, кæй байста, уыцы хъæццул сынтæгмæ баппæрста, къулæй раскъæфта дыууæхстон топп, йæ кæсæнцæстытæ тагъдгомау акодта, рудзынгæй радардта топпы дзых, хæрдмæ йæ фæцарæзта æмæ, йæ цæстытæ бацъынд кæнгæйæ, фæгæрах кодта.

Тимур афтæ фæтарст, æмæ æрлæууыди æрмæст цъайы цур. Рæдыд рауади. Фынæй джентльмены уый фæхуыдта Коля, урссæр джентльмен та йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæхуыдта къæрных.

Уым Тимур ауыдта зæронд æхсырхæссæг донхæссæн къæлæт æмæ бедратимæ кæй рахызти кæрты дуарыл æмæ донмæ кæй рацæуы, уый.

Уый акъацийы аууон амбæхст æмæ уырдыгæй кæсы.

Зæронд ус цъайæ куы раздæхт фæстæмæ, уæд бедра систа уæлæмæ, фæкъул æй кодта боцкъамæ æмæ иуварс агæпп кодта, уымæн æмæ йæ былтæм дзаг боцкъайæ дон ныццыллахъ ласта æмæ ракалди йæ къæхты бынмæ.

Оххытæгæнгæ, дис кæнгæ æмæ фæйнæрдæм ракæс-бакæс кæнгæйæ, æрзылди боцкъайы алыварс.

Доны йæ къух нытътъыста æмæ йæ йæ фындзмæ схаста басмудынмæ. Уый фæстæ азгъордта тыргътæм, дуары гуыдыр æнæхъæн у æви нæ, уый базонынмæ. Фæстагмæ ма цы æрхъуыды кодтаид, уымæн куы ницыуал зыдта, уæд райдыдта хойын сыхаг усы рудзынг.

Тимур ныххудти æмæ рацыди æмбæхст кæм уыди, уырдыгæй. Тагъд кæнын æй хъуыд. Хур сцæйцыд. Коля Колокольчиков нæ фæзынди, æмæ телтæ рæвдзгонд нæма уыдысты.

***

Тимур сарамæ куы фæцæйцыд, уæд бакаст, дыргъдоны ’рдæм арæзт чи уыд æмæ гом чи уыд, уыцы рудзынгæй.

Сынтæджы цур стъолы раз, трусикты æмæ майкæйы мидæг бадти Женя, йæ сæры хъуынтæ размæ йæ ныхмæ бырыдысты æмæ та сæ-иу фæстæмæ аппæрста, афтæмæй цыдæр фыста.

Тимуры куы ауыдта, уæд дзы нæ фæтарст, дис дæр ыл нæ фæкодта. Æрмæст æм йе ’нгуылдзæй бартхъирæн кодта, цæмæй Ольгæйы ма райхъал кæна, фыст кæй нæ фæци, уыцы писмо стъолы лагъзы авæрдта æмæ йæ къах-къухтыл уатæй æддæмæ рацыди.

Тимур ын куы бамбарын кодта, абон ыл цы бæллæх æрцыди, уый, уæд Женя сразы, йæхæдæг цы телтæ ныппырх кодта, уыдон срæвдзæн Тимурæн баххуыс кæнын. Ольгæ йын кæй бафæдзæхста æмæ амыдта, уыдон та рох фæкодта.

Куыстытæ куы фесты æмæ Тимур быруйы æдде куы фæцис, уæд ын Женя загъта:

— Нæ зонын цæй тыххæй, фæлæ мæ хойæн тынг æнад дæ.

— Уый дын хъуыддаг, — æнкъардæй дзуапп радта Тимур, — æмæ уæдæ мæ мадыфсымæр та дæу афтæ нæ уарзы!

Тимур цæуынмæ хъавыд, фæлæ йæ Женя баурæдта.

— Фæлæуу, дæ сæрыхъуынтæ æрфас. Абон дын тынг пыхцыл сты.

Систа сæрвасæн æмæ йæ алæвæрдта Тимурмæ, æмæ йæм уайтагъддæр фæстейæ, рудзынгæй, Ольгæ фæдзырдта тызмæгæй:

— Женя! Цы ми кæныс!..

Дыууæ хойы дæр лæууыдысты террасæйы.

— Æз дын зонгæтæ не ’взарын, — тынг карзæй хъахъхъæдта Женя йæхи. — Цавæр зонгæтæ? Хуымæтæджы. Урс костюмты. «Ех, дæ хо цы хорз цæгъды!» Иттæг хорз. Ды йæм куы байхъусис, куыд иттæг хорз загъд кæны, уымæ. Кæс-ма! Æз уыдæттæ нууылдæр фыссын нæ фыдмæ.

— Евгения! Уыцы чысыл лæппу хулиган у, ды та — æдылы, — сабырæй, цыма мæсты нæу, йæхи афтæ æвдисгæйæ, дзырдта Ольгæ. — Кæд дæ фæнды, уæд ныффысс нæ фыдмæ дæр, дæ хорзæхæй, фæлæ ма дæ æз иу хатт дæр уыцы лæппуимæ лæугæ куыддæр фенон, афтæ уыцы бон æз ныууадздзынæн дачæ æмæ ардыгæй ацæудзыстæм Мæскуымæ. Зоныс, æз ныхас куы зæгъон, уæд уый фидар ныхас кæй у, уый?

— О... зонын æй, зонын! — йæ цæстытæ доны разилгæйæ, дзуапп радта Женя. — Куыннæ йæ зонын!

— Айс ныр æмæ кæс. — Ольгæ æхсæвы цы тел райста, уый стъолыл æрæвæрдта æмæ æддæмæ рацыдис.

Телы фыст уыди:

«А дыууæ боны Мæскуыйыл цæугæйæ цалдæр сахаты фæуыдзынæн Мæскуыйы, кæд, цал сахатыл фехъусын кæндзынæн дыккаг хатт, стъæлф. Уæ фыд».

Женя йæ цæстысыгтæ асæрфта, телы йæ былтæм схаста æмæ сындæг сдзырдта:

— Нæ фыд, тагъддæр рацу! Нæ фыд, мæнæн, дæ Женькæйæн, тынг зын у.

***

Сæгъ кæцæй фесæфт æмæ цæрдæг чызг Нюркæйы чи фæнадта, уыцы зæронд ус кæм царди, уыцы кæртмæ æрбаластой дыууæ уæрдоны суг.

Сугты куыдфæндыйы калд кæй акодтой, уый тыххæй æнæмæт уæрдоныхицæутты æлгъитгæйæ, хъæрзгæ æмæ оххытæгæнгæйæ зæронд ус суджы фастæгтæ иста æмæ сæ райдыдта амайын. Фæлæ сæ самайын йæ бон нæ уыди. Схуыфтытæ кодта, асины къахыл æрбадти, йæ фæллад суагъта, стæй донпырхгæнæн райста æмæ цæхæрадонмæ ацыд. Кæрты ма баззадис Нюркæйы æртæаздзыд чысыл æфсымæр — сæрæн æмæ куыстуарзаг чи уыд, ахæм, уымæн æмæ зæронд ус куыддæр фæаууон ис, афтæ лæппу лæдзæг систа æмæ дзы бандоны хойын райдыдта, стæй та дæлгоммæ фæлдæхт гæрзтæхсæн арынгыл ралæууыд.

Уæд Симæ Симаков, уый хæд размæ, мæнæ индиаг тигрæй цауддæр чи нæ лыгъди къутæртæм æмæ æрхытæм, уыцы сæгъы фæдыл цуан чи кодта, уый, йæ командæйæ иу лæджы хъæды бæлæсты цур фæуадзгæйæ, æндæр цыппаримæ уыциу згъордæй кæрты балæууыдис.

Чысыл сывæллонæн æрыскъæфты армыдзаг йæ дзыхы атъыста, цъиахы базырæй йын иу æрттиваг сис йæ къухы фæсагъта, сæхæдæг цыппарæй дæр уыциу лæбурд фæкодтой сугтæ æфснайынмæ, сугдонмæ хæссынмæ.

Симæ йæхæдæг та быруйы фæрсты азылди, цæмæй уыцы рæстæджы дæргъы зæронд усы цæхæрадоны бафæстиат кодтаид. Балтæ æмæ фæткъуы бæлæстæ, бырумæ хæстæгдæр кæм уыдысты, уыцы ран æрлæууыдис Симæ æмæ зыхъхъырæй бакастис.

Зæронд ус йæ фæччийы æрæмбырд кодта джитъритæ æмæ кæртмæ цæуын фæнд скодта.

Симæ Симаков быруйы фæйнæджытæ сындæг бахоста.

Зæронд ус ныхъхъус и. Уæд Симæ лæдзæгæй змæлын кæнын райдыдта фæткъуы бæласы хихтæ.

Зæронд усмæ афтæ фæкасти, цыма чидæр быруйы сæрты фæткъуытæ тонынмæ æрбахизы, уыйау. Джитъритæ æркалдта дыууæ хуымы ’хсæн, стыдта пысырайы губакк, быруйы цурмæ сындæггай бахъуызыд æмæ уым æрæмбæхст.

Симæ Симаков та зыхъхъырæй бакаст, фæлæ зæронд усы нал федта. Стыхсти, хæрдмæ сгæпп кодта, быруйы кæроныл фæхæст æмæ уæлæмæ сабыргай йæхи ивазын райдыдта.

Уыцы рæстæджы зæронд ус рагæпп ласта, «къæрныхы» кæй баййæфта, ууыл фыр цинæй хъæртæ кæнгæйæ, кæм æрæмбæхст, уырдыгæй, æмæ Симæ Симаковы къухтæ пысырайæ ныххафт кодта.

Пысырайæ йæ сыгъд къухтæ тилгæ Симæ уыциу тахт акодта кулдуармæ, уæдмæ та кæртæй, сæ куыст фæуæвгæйæ, рацæйзгъордтой цыппар лæппуйы.

Кæрты та баззади æрмæст чысыл лæппу иунæгæй. Уый зæххæй систа æхсныф æмæ йæ æрæвæрдта сугдоны кæрон, стæй та уырдæм баласта бæрзы цъар.

Уыцы куыст кæнгæйæ сывæллоны баййæфта зæронд ус, цæхæрадонæй раздæхгæйæ. Зæронд ус дис кæнгæйæ кæсы сугтæм æмæ сæ хорз æфснайдæй куы федта, уæд афарста:

— Ам æнæ мæн чи кусы?

Чысыл сывæллон суджы къæцæлтæ кæрæдзиуыл амайгæйæ сæрыстырæй дзуапп радта:

— Нана, нæ уыныс, уый æз кусын.

Кæртмæ уыцы сахат бацыди æхсырхæссæг, æмæ дыууæ зæронд усы зæрдиаг ныхас райдыдтой доны æмæ сугты диссаг хъуыддæгты тыххæй. Архайдтой сывæллонæй исты дзуапп фехъусыныл дæр. Фæлæ дзы бирæ ницы базыдтой. Уый сын радзырдта, кæрты дуарыл æрбагæппытæ кодтой цавæрдæр адæм, йæ дзыхы йын атъыстой алджын æрыскъæфтæ, радтой йын сис æмæ ма йын ноджы зæрдæ бавæрдтой дыууæ хъусы æмæ цыппар къахы кæмæн ис, ахæм тæрхъус æрцахсынæй. Стæй сугтæ ацамæдтытæ кодтой æмæ та фæстæмæ алыгъдысты. Кæрты дуарыл бахызти Нюркæ.

— Нюркæ, — афарста йæ зæронд ус, — ды нæ федтай ныртæккæ нæ кæртмæ чи æрбазгъордта, уый?

— Æз сæгъы агуырдтон, — æнкъардæй загъта Нюркæ. — Райсомсарæй хъæдты æмæ æрхыты разгъор-базгъор кæнын.

— Адавтой йæ! — хъынцъымгæнгæ хъаст кодта зæронд ус æхсырхæссæгæн. — Æмæ хуымæтæджы сæгъ уыди! Сæгъ нæ, фæлæ бæлон! Бæлон!

— Бæлон! — зæронд усæй дарддæр алæугæйæ, æрбаппæрста йæ ныхас Нюркæ, — йæ сыкъатæй цæвын куы райдайы, уæд ма адæймаг цы фæуа, уымæн зонгæ дæр ницыуал фæкæны. Бæлæттæн сыкъатæ нæ вæййы.

— Банцай, Нюркæ! Банцай, хæлиудзых, æдылы къоппа! — схъæр ыл кодта зæронд ус — Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, сæгъ хивæнд уыдис. Æз æй уæй кæнынмæ хъавыдтæн. Фæлæ ныр гъе, — нал ис.

Кæрты дуар ныхъхъинц кодта æмæ байгом. Йæ сæр дæлæмæ æруагъта, афтæмæй æрбазгъордта сæгъ æмæ уыцы растæй æхсырхæссæгмæ йæхи сарæзта. Æхсырхæссæг æхсыры уæззау бидон фелвæста, ныцъцъæхахст кодта æмæ тыргъмæ сгæпп ласта, сæгъ къулыл йæ сыкъатæ тынг ныццавта, æмæ ныллæууыд.

Кæсынц æмæ сæгъæн йæ сыкъатыл баст фæйнæджы гæбаз, æмæ йыл ставд дамгъæтæй фыст:

Æз сæгъ куы дæн, —

Адæмы уадзын тас.

Нюркæйы чи нæма,

Уый нæ уыдзæни æдас.

Быруйы æддейæ та сывæллæттæ фыр цинæй худæгæй мардысты.

Симæ Симаков зæххы ныссагъта лæдзæг æмæ, йæ алыфарс зилгæйæ, кафыди, стæй сæрыстырæй ныззарыд:

Мах не стæм нæдæр бандæ,

Нæдæр бал, кæнæ та бардз, —

Мах стæм командæ,

Пионертæ — сахъ лæппутæ рæвдз.

У-ух, кæс!

Уый фæстæ, цъиуты балау, лæппутæ æнæ хъæлæба уыциу тахт акодтой кæдæмдæр.

***

Уыцы бон ма сын кусинаг бирæ уыди, фæлæ уал ныртæккæ сæйрагдæр хъуыддаг уыди Мишкæ Квакинмæ цæхгæр домæн — ультиматум ныффыссын æмæ йæм æй арвитын.

Цæхгæр домæнтæ куыд фысгæ сты, уымæн ничи ницы зыдта, æмæ уый тыххæй Тимур афарста йæ мадыфсымæры.

Уый сын загъта, алы бæстæ дæр ультиматум фыссы йæхирдыгонау, фæлæ йын йæ кæрон уæздандзинады тыххæй афыссынц афтæ:

«Баууæнд ныл, господин министр, иттæг стыр кад дын кæй кæнæм, ууыл».

Уый фæстæ ультиматум лæвæрд æрцæуы бæрнон æрвыст лæгмæ, уый та йæ ратты, знаг сын цы паддзахад уа, уый хицауадмæ.

Фæлæ уыцы хъуыддаг нæ фæцыди нæдæр Тимуры, нæдæр йæ командæйы зæрдæмæ. Фыццаджыдæр уымæн, æмæ хулиган Квакинæн уыдон кад ницы хуызы кæнинаг уыдысты; дыккагæй та уымæн, æмæ сын уыцы балы бæрнон лæг нæ уыди, нæдæр сæм æппынæдзух чи куыстаид, ахæм, нæдæр сæм рæстæгмæ чи куыстаид, ахæм.

Сæхи мидæг аныхас кæнгæйæ, бауынаффæ кодтой арвитын хуымæтæджы хуызы ультиматум, мæнæ запорожецтæ турчы султанмæ цы хуызæн ультиматум арвыстой, ахæм. Уый, æвæццæгæн, алчи дæр федта, хъæбатыр хъазахъхъ туркимæ, тæтæримæ æмæ ляхтимæ куыд хæцыдысты, уый кæм фыссынц, уыцы чиныджы чи кастис, уыдонæй.

***

Сырх стъалы йæ кæрæттæ сау ахорæнæй тæлмгонд кæуыл уыди, уыцы æнахуырст кулдуары мидæгæй, дачæйы бакомкоммæ цы хæдзар уыди, Ольгæ æмæ Женя кæм цардысты, уыцы тар дыргъдоны змисджын фæндаггондыл фæцæйцыди хæрз чысыл бурхил чызг. Йæ мад, æрыгон сылгоймаг, рæсугъд, фæлæ йæ бакаст æнкъард, фæлладхуыз, бадти хъеллаугæнæн бандоныл рудзынджы цур, рудзынгыл та уыди быдырон дидинджыты чъина.

Йæ разы лæууыдысты кæй райхæлдта, ахæм телтæ æмæ писмотæ — йæ хæстæджытæй, йæ хæлæрттæй, йæ зонгæтæй æмæ йе ’нæзонгæтæй.

Писмойы æмæ телты уыди бирæ хъарм æмæ лæгъз ныхæстæ. Уыцы ныхæстæ уыдысты дард рæттæй, мæнæ хъæды мидæг исты куы айзæла, уый хуызæн, фæндаггоны иу ранмæ дæр чи нæ хоны, зæрдæ йын чи не ’вæры, фæлæ йын уæддæр ныфс чи у æмæ йын, адæм æввахс сты æмæ тар хъæды иунæг нæ дæ, зæгъгæ, чи дзуры, уый хуызæн.

Къæцæлын чындзæн йæ къæхтæ хæрдмæ, йæ хъæдын къухтæ æмæ йын йæ гæнæй сæры хъуынтæ змисыл ласгæйæ, бурхил чысыл чызг æрлæууыди быруйы раз. Быруйыл æрцæйуагътой фæйнæгæй конд æмæ ахуырст тæрхъус. Йæ дзæмбыйæ цагъта нывгонд балалайкæйы тæнтæ, йæ чысыл мукъу та уыди æнкъардгомау худæг хуыз.

Бæстыл чи не ’рцыд æмæ радзурæн кæмæн нæй, ахæм диссаг æм фæкасти уыцы хъуыддаг чысыл чызгмæ æмæ уымæ гæсгæ йæ къæцæлын чындз йæ къухæй æрхауд, æмæ зæрдæхæлар тæрхъус комкоммæ æрбырыд раст йæ къухтæм. Тæрхъусы хæд фæстæ ракасти хинæйдзаг æмæ райгондæй Женя. Чысыл чызг скасти Женямæ æмæ йæ афарста:

— Уый ды хъазыс мемæ?

— О, демæ. Кæд дæ фæнды, уæд дæм ныггæпп кæнон?

— Ам пысыратæ ис, — ахъуыды кодта æмæ йæ раздæр афæдзæхста чысыл чызг. — Ам æз знон мæ къух басыгътон.

— Ницы кæны, — быруйы сæрты æргæпп кæнгæйæ, загъта Женя, — æз нæ тæрсын. Равдис-ма, знон дæ кæцы пысыра басыгъта? Мæнæ уый? Уæдæ йæм кæс! Æз æй стыдтон, аппæрстон æй, мæ къæхтæй йыл скафыдтæн æмæ йыл нытту кодтон. Цæй, æмæ иумæ хъазæм: ды тæрхъусыл хæц, æз та къæцæлын чындз сисдзынæн.

Ольгæ террасæйы тыргъæй уыдта, Женя кæйдæр быруйы цур цъилау куыд зылдис, уый, фæлæ йæ йæ бахъыгдарын нæ фæндыди, уымæн æмæ æнæуый дæр Женя абон сæумæрайсом бирæ фæкуыдта. Фæлæ Женя быруйы сæрмæ куы схызт æмæ кæйдæр дыргъдонмæ куы ныггæпп кодта, уæд Ольгæ фæтарст æмæ хæдзарæй рауад, кæрты дуармæ бауади æмæ дуар байгом кодта.

Женя æмæ чысыл чызг лæууыдысты рудзынджы раз, сылгоймаджы цур, æмæ уый дæр йæ мидбылты худти, йæ чызг ын куы æвдыста æнкъард æмæ худæджы тæрхъус балалайкæйæ куыд цæгъды уый, уæд.

Женяйы тыхстхуыз цæсгоммæ гæсгæ сылгоймаг дæр базыдта, Ольгæ цæуылдæр мæсты кæй у, уый.

— Ды йæм мæсты ма кæн, — сылгоймаг сабырæй загъта Ольгæйæн. — Уый хъазгæ кæны мæнæ мæ чысыл чызгимæ. Æнамонд хабар ныл сæмбæлд... — Сылгоймаг исдугмæ ницыуал сдзырдта, — æз кæугæ кæнын, фæлæ уый... — бацамыдта йæ хæрз чысылмур чызгмæ æмæ сабырæй загъта: — фæлæ уый нæ зоны, æрæджы йын йæ фыды кæй амардтой арæныл, уый.

Ольгæ уæд фефсæрмы, Женя та йæм дардæй æнкъард æмæ уайдзæфгæнæгау æрбакасти.

— Æз та иунæг дæн, — дарддæр ныхас кодта сылгоймаг. — Мæ мад хохы ис, тайгайы, тынг дард ран, ме ’фсымæртæ æфсады сты, хотæ та мын уæвгæ нæй.

Уыцы ныхæстæ куыд кодта, афтæ йæм Женя æввахс бацыд. Ус ын бавнæлдта йæ уæхскмæ æмæ йæ, рудзынгмæ амонгæйæ, афарста:

— Чызг, уæртæ уыцы дидинджыты баст дысон тыргъыл ды сæвæрдтай, мыййаг?

— Нæ, — тагъд дзуапп радта Женя. — Уый æз нæ уыдтæн. Уый, æвæццæгæн, нæхионтæй чидæр уыди.

— Чи? — æмæ Ольгæ ницымбарæгау бакасти Женямæ.

— Æз ницы зонын, — тарстхуызæй сдзырдта Женя, — уый æз нæ уыдтæн. Æз ницы зонын. Кæсут-ма, чидæртæ æрбацæуы.

Кæрты дуары æддейæ æрбайхъуысти машинæйы хъæр æмæ дуарæй цы фæндаг цыди, ууылты æрбарасти дыууæ тæхæг-командиры.

— Уыдон мæнмæ æрбацæуынц, — загъта сылгоймаг. — Уыдон та мын, кæй зæгъын æй хъæуы, дзурдзысты, ацæуын хъæуы Хъырыммæ, Кавказмæ, курортмæ, санаторимæ, зæгъгæ.

Дыууæ командиры дæр хæстæг бацыдысты, салам радтой æмæ, æвæццæгæн, сылгоймаджы ныхæстæ фехъусгæйæ, хистæр капитан загъта:

— Нæдæр Хъырыммæ, нæдæр Кавказмæ, нæдæр курортмæ æмæ нæдæр санаторимæ. Дæ мады фенын дæ фæнды? Дæ мад дæм абон поезды рараст уыдзæни Иркутскæй. Иркутскмæ та йæ æрхæццæ кодтой сæрмагонд хæдтæхæгыл.

— Чи йæ ’рхæццæ кодта? — фыр цинæй æмæ фæдзæгъæлгонды хуызæнæй сдзырдта сылгоймаг. — Сымах?

— Нæ, — дзуапп радта тæхæг-капитан, — мах æмæ сымах æмбæлттæ.

Чысыл чызг сæм хæстæг базгъордта, æдæрсгæ сæм бакаст, бæрæг уыди сæ цъæх дзаума йын зонгæ кæй уыд, уый.

— Мама, — ракуырдта йæ мадæй, — сараз мын херы æмæ дзы дыууæрдæм ратæх-батæх кæндзынæн. Дард, тынг дард, мæ фыдау.

— Ой, нæ хъæуы! — чызджы фелвæста æмæ йæ ныхъхъæбыс кодта, афтæмæй сдзырдта мад. — Афтæ дард ма атæх... дæ фыды хуызæн.

***

Уынг Чысыл Отважная, зæгъгæ, уым уыдис хæрз гыццыл аргъуан, йæ къултыл конд нывтæн сæ ахорæнты сæрст рахауди, нывтæ та æвдыстой карз хъуынджын зæронд лæгты æмæ хæрз даст зæдты. Зындон æд цæдджинæгтæ, æд писи æмæ хæйрæджытæ цы нывыл конд уыдысты, уымæй рахизæрдæмдæр, æхсæнчъыхосджын фæзыл къамæй хъазыдысты Мишкæ Квакины компанийы лæппутæ.

Хъазджытæм æхца нæ уыдис, æмæ хъазыдысты «уæраг схуыстæй», «ных цæвынæй» æмæ «мард райгас кæнынæй». Чи фембылдуыдаид, уымæн иу йæ цæстытæ бабастой, кæрдæгыл-иу æй уæлгоммæ схуыссын кодтой, йæ къухмæ йын-иу цырагъ радтой, ома даргъ лæдзæг. Уыцы лæдзæгæй хъуамæ йе ’мбæлттæй йæхи иргъæвтаид йæ цæстытæ баст, афтæмæй; æмбæлттæ та-иу, мардыл хъынцъым кæнгæйæ, архайдтой йæ райгас кæныныл, пысырайæ йын йæ бæгънæг уæрджытæ, зæнджы хæцъæфтæ æмæ зæвæттæ ахъаззаг цъыкк кæнгæйæ.

Хъазт йæ тæккæ карзыл куы уыди, уæд быруйы æддейæ æвиппайды ссыди уадындзы уаст.

Уый быруйæн æддæрдыгæй лæууыдысты Тимуры командæйæ æрвыст лæгтæ.

Штабон уадындзæй уасæг — Коля Колокольчиков йæ къухы балхъывта æрттиваг æрхуы уадындз, бæгъæввад тызмæг Гейкæ та йæ къухы дардта тухæн гæххæтты ныхæст пакет.

— Ам та цавæр цирк кæнæ худæджы хъуыддаг ис? — быруйы сæрты рагуыбыр кæнгæйæ, афарста лæппу, Фигурæ кæй хуыдтой, уый. — Мишкæ! — фæстæмæ фæкæсгæйæ, ныхъхъæр кодта уый. — Ныууадз къамтæ, мæнæ дæм ам цавæрдæр тæрхоны лæгтæ æрбацыди!

— Æз мæнæ дæн, — бырумæ хизгæйæ, сдзырдта Квакин. — Егъе, Гейкæ, æгас цу! Æмæ ма уый та демæ цавæр хæффындзхор ис?

— Айс пакет, — ультиматум сдаргæйæ, загъта Гейкæ. — Хъуыддагыл ахъуыды кæныны тыххæй уын лæвæрд цæуы дыууын цыппар сахаты. Дзуапмæ уæм фæзындзынæн райсом ацафон. Хæффындзхор æй кæй схуыдтой, уый штабон уадындзæй уасæг — Коля Колокольчиковмæ хъыг фæкасти, уадындз йæ былтæм схаста æмæ мæсты уаст ныккодта фæуды уаст. Иу ныхас дæр сæм нал скодтой, афтæмæй дыууæ лæппуйы дæр сæрыстырæй араст сты сæхимæ, аргъуаны быруйы сæрыл бадгæ чи баззад, уыцы лæппутæ сæм кæсгæйæ баззадысты. — Ай та цы уа? — пакет æрзылдта иннæрдæм æмæ сæ дзыхтæ чи ныххæлиу кодта, уыцы лæппутæм ’ркæсгæйæ, афарста Квакин. — Цардыстæм-цардыстæм, ницæй мæт кодтам... Уалынмæ... уадындз, тас! Æз, æфсымæртæ, раст куы зæгъон, уæд ницы æмбарын ацы хъуыддагæн! Райхæлдта пакет æмæ, быруйæ не ’рхизгæйæ, кæсын райдыдта:

— «Искæй дыргъдæттæ афтидгæнæг балы атаман Михаил Квакинмæ»... Ай мæнмæ у, — хъæрæй бамбарын кодта Квакин. — Æххæст титулимæ, куыд æмбæлы, афтæ хуызы. «... æмæ æвзæрдзинæдтæй фескуыхæг, — дарддæр кæсы, — йе ’ххуысгæнæг Петр Пятаковмæ кæннод та йæ æнæуый куыд хонынц Фигурæ, зæгъгæ, уымæ... » Уый та дæумæ у, — разыйæ бамбарын кодта Квакин Фигурæйæн. — Йех, куыд æй баздыхтой: «æвзæрдзинæдты фесгуыхæг!» Уый æгæр уæздан æгъдауæй у, æнæуый йæ истыхуызонау схуыдтаиккой — æдылы, сæрхъæн. «... стæй уыцы чъизигæнæг компанийы æппæт уæнгтæм ультиматум». Уый та цы у, уымæн ницы æмбарын, — худæгау бамбарын кодта. — Æвæццæгæн, æлгъыст у кæннод та уымæ гæсгæ исты у.

— Уый ахæм æхсæнадæмон ныхас у. Нæмгæ кæндзысты, — Фигурæйы фарсмæ лæууæг даст сæр чысыл Алешкæ бамбарын кодта.

— Æмæ йæ уæд афтæ ныффыстаиккой! — загъта Квакин. — Кæсын дарддæр. Фыццаг пункт:

«Æхсæвыгонты сабыр цæрæг адæмы дыргъдæттæм кæй бырсут, стæй мах нысан — сырх стъалы цы хæдзæрттыл ис, уыдоныл дæр кæй нæ ауæрдут, суанг ма саударæн сау фæлгуырджын стъалы цы хæдзæрттыл ис, уыдоныл дæр, уымæ гæсгæ уын, тæсзæрдæ цъаммартæн, цæхгæрæй зæгъæм... »

— Кæс-ма, куыйтæ, цы дзыхæй дзурынц! — йæхи фæтар кодта, фæлæ схудын фæлваргæйæ, дзуры дарддæр Квакин. — Дарддæр куыд ныхæстæй фыст у, цавæр къæдзойтæ дзы ис! Афтæ!

«... цæхгæрæй уын зæгъæм: тæккæ райсом раджы Михаил Квакин æмæ цъаммарæнгæс Фигурæ хъуамæ фæзыной, не ’рвыст лæгтæ сын кæдæм бацамоной, уырдæм, хъуамæ уемæ уа уе ’гадгæнæг балы æппæты уæнгты номхыгъд.

Уый куы нæ бакæнат, уæд нæ цы фæнда, уый бакæндзыстæм».

— Ома, уый та куыд — цы фæнда, уый бакæндзыстæм? — ноджыдæр та афарста Квакин. — Мах, æнхъæл дæн, нырма куы никуы фарстой, цы сæ фæнды, уый бакæнынæй.

— Уый афтæ æхсæнадæмон ныхас у. Нæмгæ кæндзысты, — дыккаг хатт та йæ бамбарын кодта даст сæр Алешкæ.

— О, æмæ йæ уæд афтæ загътаиккой! — мæстыйæ сдзырдта Квакин. — Хорз нæ уыд Гейкæ кæй ацыди, уый, æвæццæгæн, æмæ рагæй нал акуыдта.

— Уый не скæудзæн, — загъта даст сæр, — йе ’фсымæр матрос у.

— Ау?

— Йæ фыд дæр матрос уыди. Уый не скæудзæни.

— Æмæ дæу та цы кæсы?

— Мæн та уый кæсы, æмæ мæ фыдыфсымæр дæр матрос уыди.

— Ацу, сæрхъæн — райдыдта! — смæсты Квакин. — Куы йæ фыд, куы йе ’фсымæр, куы йæ фыдыфсымæр. Цæй фæдыл — бæрæг нæу. Алешæ, дæ сæры хъуынтæ рауадз, кæннод дын хур дæ къæбут басыгъта. Ды та уым цы хъуыр-хъуыр кæныс, Фигурæ? — Райсом æрвыст лæгты æрцахсын хъæуы, Тимур æмæ йын йе ’мбæлтты та фæнæмын, — цыбырæй æмæ мæстыхуызæй йæ фæндон бахаста Фигурæ, ультиматумыл смæсты уæвгæйæ.

Ууыл ахицæн хъуыддаг.

Аргъуаны аууонмæ бацæугæйæ æмæ дыууæйæ дæр, хæйрæджытæ зындонмæ тыхæй цы тæригъæдгæнджыты ластой, уыцы нывы раз æрлæугæйæ, Квакин афарста Фигурæйы:

— Хъус-ма, йæ фыды кæмæн амардтой, уыцы чысыл чызг кæм цæры, уыцы дыргъдонмæ ды бабырыдтæ?

— О, æз уыдтæн.

— Уæдæ афтæ... мæстыгæрæй сдзырдта Квакин. — Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, Тимкæйы нысантæ æрдумæ дæр нæ дарын, стæй Тимкæйы кæддæриддæр нæмдзынæн...

— Хорз, сразы Фигурæ. Фæлæ мын де ’нгуылдзæй хæйрæджытæм цы амоныс?

— Уый дын амонын, — йæ былтæ сзылынтæ кæнгæйæ йын дзуапп радта Квакин, — æмæ ды мæнæн кæд мæ хæлар дæ, Фигурæ, уæддæр адæймаг нæ дæ, фæлæ дæ мæнæ ацы нард æмæ чъизи хæйрæджы хуызæн.

***

Æхсырхæссæг райсомæй сæхимæ нæ баййæфта æхсыр æдзух кæмæ хаста, уыдонæй æртæйы. Базармæ ахæссынæн та йын æгæр байрæджы ис, æмæ, æхсыры бидон йæ уæхскыл сæвæргæйæ, араст ис фатертæм.

Хæрз дзæгъæлы фæрацу-бацу кодта бирæ, фæстагмæ æрлæууыдис, Тимур кæм царди, уыцы дачæйы цур.

Быруйы фалейæ йæм райхъуысти зæрдæмæдзæугæ бæзджын хъæлæс: чидæр сындæггай зарыди. Хæдзары хицæуттæ, уæдæ, сæхимæ сты, ам йæ хъуыддаг ацæудзæни.

Кæрты дуарыл куыддæр бахызти зæронд ус, афтæ даргъгомау хъæлæсæй схъæр кодта:

— Æхсыр уæ нæ хъæуы, æхсыр?

— Дыууæ кружкæйы! — фæстæмæ йæм радзырдæуыд бæзджын хъæлæсæй.

Æхсырхæссæг йæ уæхскæй æриста бидон, фæстæмæ фæкасти æмæ ауыдта пыхцыл, бызгъуырты мидæг къуылых зæронд лæджы, йæ къухы уыдис зылын æхсаргард йæ кæрддзæмæй ласт.

— Æз дзурын, æхсыр дæ, мыййаг, нæ хъæуы, зæгъгæ? — стæрсгæйæ æмæ фæстæмæ ракъахдзæф кæнгæйæ, дзырдта æхсырхæссæг. — Мæ фыды хай, дæ бакаст æцæг лæджы хуызæн у, фæлæ... Уый та куыд, æхсаргардæй кæрдæг кæрдыс? — Дыууæ кружкæйы. Æхсыры мигæнæн стъолыл, — цыбырæй дзуапп радта зæронд лæг æмæ æхсаргард зæххы ныссагъта.

— Хорз лæг, уый бæсты цæвæг куы балхæнис, — дурыны тагъдгомау æхсыр кæнгæйæ æмæ зæронд лæгмæ тарст хуызæй кæсгæйæ, дзырдта æхсырхæс сæг. — Æхсаргард фæлтау ныууадз. Уыцы æхсаргардæй хуымæтæджы адæймаг мæлæтдзаг тарст фæкæндзæни.

— Цас дын хъæуы фидын? — йæ уæрæх хæлафы дзыппы йæ къух ныккæнгæйæ, афарста зæронд лæг. — Иннæ адæм куыд фидынц, афтæ, — дзуапп радта æхсырхæссæг. — Сом æмæ дыууæ абазийы — æдæппæт дыууæ сомы æмæ цыппар абазийы. Уæлдай дæ нæ райсдзынæн.

Зæронд лæг дзыппыты асгæрста æмæ сласта згæхæрд егъау дамбаца.

— Æз, хорз лæг, фæстæдæр... — æхсыры бидон фелвæста æмæ тагъд фæраст уæвгæйæ, сдзырдта æхсырхæссæг. — Ды, мæ зынаргъ, тыхсгæ ма кæн! — йæ цыдыл ноджы бафтаугæйæ æмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæнгæйæ, дзуры дарддæр. — Æхца мæ, хорз лæг, уый бæрц æхсызгон нæ хъæуы.

Уайтагъд дуары æдде фæци, дуар тынг ныггуыпп кодта æмæ уынгæй мæсты хъæр æрбакодта:

— Зæронд хæйрæг, дæу æдде нæ, фæлæ рынчындоны дарын хъæуы. О, о! Рынчындоны, дуарæхгæдæй. Фæдис кодта зæронд лæг йæ дзыппæй цы æртæ сомы систа, уыдон фæстæмæ йæ дзыппы нывæрдта æмæ уайтагъд дамбаца йæ чъылдыммæ амбæхста, уымæн æмæ дыргъдонмæ æрбацыди ас джентльмен, дохтыр Ф.Г. Колокольчиков.

Йæ цæсгомыл бæрæг уыди цæуылдæр кæй хъуыды кодта, уый, лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ, æмраст, иу цасдæр цыма хъæдын къæхтыл цыд, ахæм къахдзæфтæй æрбацæйцыди змисастæрд фæндагыл.

Худæджы зæронд лæджы куы ауыдта, уæд схуыфыди, йæ кæсæнцæстытæ адзæбæх кодта æмæ бафарста:

— Хорз лæг, нæ мын зæгъдзынæ, ацы дачæйы хицауы кæм ссардæуа, уый?

— Ацы дачæйы цæрын æз, — дзуапп ын радта зæронд лæг.

— Æмæ мын уæдæ, — йæ хъæмпын худмæ февналгæйæ, дарддæр дзуры джентльмен, — зæгъдзынæ: иу цавæрдæр лæппу, Тимур Гараев дын ницы бавæййы?

— О, бавæййы, — дзуапп радта зæронд. — Уыцы цавæрдæр лæппу — мæ хæрæфырт у.

— Тынг хъыг мын у, — схуыфгæйæ æмæ дисгæнгæйæ зæххы сагъд æхсаргардмæ зулаив кæсгæйæ, райдыдта дзурын джентльмен, — фæлæ знон райсом дæ хæрæфырт фæлвæрдта нæ фатер фæкъахыныл.

— Цы?! — фæдис кодта зæронд лæг. — Мæ Тимур дын дæ хæдзар фæкъахынмæ хъавыди?

— О, дис дæм кæд кæсы, уæддæр! — йæхæдæг зæронд лæджы чъылдыммæ бакæсы æмæ йæхимидæг тыхсгæйæ, дарддæр дзуры джентльмен. — Фынæй ма уыдтæн æмæ цы байкæ хъæццулæй æмбæрзт уыдтæн, уый мын радавынмæ хъавыд.

— Чи? Тимур дын дæ хæдзар фæкъахта? Дæ хъæццул дын радавта? — хорзау нал уыдис зæронд лæг. Æмæ чъылдымыл æвæрд къух æд дамбаца дæлæмæ йæхи ’гъдауæй æрхаудта.

Кадджын джентльмен катайы бацыд, æмæ, æгъдауыл фæстæмæ дуармæ йæхи ласгæйæ, сдзырдта:

— Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ нæ загътаин, фæлæ бæлвырд... бæлвырд хъуыддаг! Дæ хорзæхæй! Курын дæ, æмæ мæм хæстæг ма цу. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, куыд æй схуындæуа, цæмæ гæсгæ, уый нæ зонын... Фæлæ дæ уынд, дæхи куыддæр æнахуыр кæй дарыс...

— Байхъус-ма, — джентльменмæ йæхи хæстæгдæр ласгæйæ, сдзырдта зæронд лæг, — кæд, мыййаг, хъуыддаджы исты рæдыддзинад рауад.

— Хорз лæг! — йæ цæстæнгас дамбацамæ саразгæйæ æмæ фæстæмæ къахдзæфтæ кæнгæйæ, схъæр кодта джентльмен. — Нæ ныхас куыддæр æгъдауыл цæуы, нæ асмæ гæсгæ махыл чи не ’мбæлы, ахæм æгъдауыл.

Уайтагъд дуары æдде фæцис æмæ ныхасгæнгæ ацыд:

— Нæй, нæй! Куыддæр æгъдауыл, чи не ’мбæлы, ахæм æгъдауыл...

Зæронд лæг куыддæр бацыди дуармæ, афтæ уыцы сахат Ольгæ дæр йæхи найынмæ рацæйцыдис æмæ амбæлдис мæсты джентльменыл.

Уым зæронд лæг Ольгæмæ йæ къух фæтылдта æмæ йæм ныхъхъæр кодта, цæмæй йæм фæлæууыдаид. Фæлæ джентльмен къанауы сæрты сæгъау рæвдз багæпп кодта, Ольгæйы къухыл фæхæцыд æмæ дыууæйæ дæр уайтагъд тигъæй фæаууон сты.

Уæд зæронд лæг ныккæл-кæл кодта. Сцин кæнгæйæ, йæ хъæдын къах рæвдз æргуыпп-гуыпп кæнгæйæ, ныззарыди:

Ды йæ æмбаргæ дæр нæ бакæндзынæ

Тагъд тæхæг хæдтæхæгыл,

Æз дæм куыд æнхъæлмæ кастæн сæумæцъæхмæ.

О!

Йæ уæрагæй гæрз райхæлдта, ныддыввытт ласта кæрдæгмæ йæ хъæдын къах æмæ, цæугæ-цæуын йæ парик æмæ йæ боцъотæ ратонгæйæ, уыциу згъорд акодта хæдзарырдæм.

Дæс минуты фæстæ æрыгон æмæ хъæлдзæг инженер Георги Гараев тыргъæй дæлæмæ æрызгъордта, ратылдта сарайæ мотоцикл, куыдз Ритæмæ фæсидт, цæмæй хæдзар дзæбæх хъахъхъæна, æрылхъывта стартер, саргъмæ багæпп кодта æмæ уыциу тахт акодта цæугæдоны ’рдæм, кæй фæтæрсын кодта, уыцы Ольгæйы агурæг.

Иуæндæс сахатыл Гейкæ æмæ Коля Колокольчиков араст сты сæ ультиматумæн дзуапмæ.

— Раст цу, — бустæ кæнгæйæ загъта Гейкæ Коляйæн. — Дæ къæхтæ рогдæр æмæ фидардæр ис. Ды та, мæнæ карчы цъиу уаллонмæ куыд згъора, афтæ цæуыс. Алцыдæр дыл, æфсымæр, хорз ис — дæ хæлаф дæр, дæ хæдон дæр, де ’ппæт формæ дæр, фæлæ дæ бакаст, уæддæр, нæ бæззы. Мæ ныхæстæ дæм, æфсымæр, хъыг ма фæкæсæнт, фæлæ дын пайда чи у, уый зæгъын. Гъе ныр ма мын зæгъ: де ’взаг цæмæн раластай æмæ дзы дæ былтæ стæргæ цæмæн цæуыс? Де ’взаг дæ дзыхы бакæн, уадз æмæ йæ бынаты лæууа... Ды та ам кæцæй фæдæ? — Гейкæ афарста, сæ размæ чи æрбазгъордта, уыцы Симæ Симаковы.

— Мæн Тимур рарвыста бастдзинады тыххæй, — тагъд-тагъд сдзырдта Симаков, — Афтæ æмбæлы, ды та æмбаргæ ницы кæныс. Сымах хъуыддаг æндæр у, мæн та æндæр хъуыддаг ис. Коля, æри-ма, æз ныддудут кæнон уасæнæй. Цы стыр лæг дæ абон! Гейкæ, æдылы! Хъуыддаджы фæдыл цæуыс — дæ цырыхъхъытæ, йе дæ дзабыртæ уæддæр скодтаис. Искуы ма минæвæрттæ бæгъæввадæй цæуынц? Цæй, хорз, сымах уыцы ’рдæм, æз та ацырдæм. Гъоп-гъоп, фенынмæ уал!

— Цы дзæгъæл дзæнгæдадзæгъдæг дæ! — йæ сæр ныттылдта Гейкæ. — Сдзурдзæн сæдæ ныхасы, фæлæ сын цыппар ныхасæй дæр гæнæн уыдаид. Хæтæлæй ныууас, Николай, мæнæ быру дæр.

— Михаил Квакины нæм радæттут! — уæле цы чысыл лæппу ракаст, уымæн дзырд радта Гейкæ.

— Мæнæ рахизæрдыгæй рацæут! — рахъæр кодта быруйы мидæгæй Квакин. — Уым сымах тыххæй барæй бакодтам кулдуар.

— Ма бацу, — Гейкæйæн йæ цонгыл рахæцгæйæ, сындæггай сдзырдта Коля. — Æрцахсдзысты нæ æмæ нæ ныххойдзысты.

— Уыдон се ’ппæт нæ дыууæйы? — сæрыстырæй афарста Гейкæ. — Хъæрдæрæй ныууас, Николай. Нæ командæйæн алы ран дæр фæндаг.

Уыдон бахызтысты згæхæрд дуарыл æмæ балæууыдысты лæппуты къорды цурмæ, уыдонæн та сæ разæй лæууыдысты Фигурæ æмæ Квакин.

— Нæ писмойæн нын дзуапп раттут, — хъæбæрæй загъта Гейкæ.

Квакин йæ мидбылты худти, Фигурæ та йæхи схъуынджын кодта.

— Цæй, æмæ аныхас кæнæм, — загъта Квакин. — Цæй, сбад, иу чысыл абад, кæдæм тагъд кæныс?

— Нæ писмойæн дзуапп раттут, — æвæндонæй дыккаг хатт загъта Гейкæ. — Сымахимæ ныхас кæндзыстæм фæстæдæр.

Æмæ диссаг дæр уыди, нæ йын уыди бамбарæн: хъазгæ кæны æви хынджылæг кæны ацы бæзæрхыгарæзт лæппу, матросаг хæдон йæ уæлæ, йæ фарсмæ фæлурс чи ныцци фыртæссæй, уыцы къаннæг лæппу — хæтæлæй уасæг кæмæн лæууыди, уый? Æви йæ цъæх цæстытæ æрцъындгомау кæнгæйæ ацы бæгъæввад, бæзæрхыг лæппу æцæгæй агуры дзуапп, бар дæр æмæ тых дæр уый æрдыгæй кæй сты, уый æмбаргæйæ?

— Гъа, айс, — гæххæтт радаргъ кæнгæйæ, загъта Квакин.

Гейкæ райхæлдта гæххæтты сыф. Æркасти гæххæтмæ æмæ дзы ныв — æнгуылдзæй арæзт «цъуй», йæ быны та фыст æвзæр ныхæстæ.

Йæхи сабыр даргæйæ, йæ цæсгом æндæрхуызон нæ фæкæнгæйæ, Гейкæ гæххæтт аскъуыдта. Уыцы минут уымæн дæр æмæ Коляйæн дæр се уæхсджытыл æмæ сæ къухтыл фидар ныххæцыдысты.

Дыууæ дæр æнцад лæууыдысты.

— Ахæм ультиматумты тыххæй уын уæ бæрзæйтæ нæмын хъуыди, — Гейкæмæ хæстæг балæугæйæ, сдзырдта Квакин. — Фæлæ... мах фæлмæн зæрдæ адæм стæм. Ахсæвмæ уæ мæнæ уыцы ран бакæндзыстæм, — йæ къухæй бацамыдта аргъуанмæ, — æхсæвы та бынтон ныссæрфдзыстæм дыууын цыппæрæм хæдзары дыргъдон.

— Уый нæ уыдзæн, — сабырæй дзуапп радта Гейкæ.

— Нæ, уыдзæн! — ныхъхъæр кодта Фигурæ æмæ Гейкæйæн йе ’хсæрфарс ныццавта.

— Цæв фондзæссæдз хатты дæр, — йæ цæстытæ фæцъынд кæнгæйæ æмæ та сæ фæстæмæ байгом кæнгæйæ, загъта Гейкæ. — Коля, — ныфс æвæрыны ныхас кæнгæйæ, загъта уый, — ды тæрсгæ ма кæн. Æз æй æмбарын, абон нæм иумæйаг фæдисы сигнал кæй уыдзæни фыццаг номыры формæйыл, уый.

Уацайрæгты баппæрстой чысыл аргъуаны хуылфмæ, йе ’фсæйнаг рудзгуытæ бынтон æхгæд кæмæн уыдысты, уырдæм. Дыууæ дуары дæр сыл æдде бахгæдтой, æфсæйнаг æхгæнæн сыл сæвæрдтой æмæ дзы хъæдын цурк ныссагътой.

— Гъы, куыд у? — дуармæ бацæугæйæ æмæ йæ былтыл йæ къух сæвæргæйæ, бахъæр кодта Фигурæ. — Куыд рауайдзæн ныр хъуыддаг: махæрдыгонау æви сымахæрдыгонау?

Дуары мидæгæй хæрз гæзæмæ ныхас райхъуыст:

— Нæ, дзæгъæлдзутæ, ныр сымахæрдыгонау никæд æмæ ницыуал рауайдзæни.

Фигурæ нытту кодта.

— Уымæн йе ’фсымæр матрос у, — йæхи схъуынджын кæнгæйæ, бамбарын кодта даст сæр Алешкæ. — Уый мæ фыдыфсымæримæ иу науы кусы.

— Æмæ цы, — æртхъирæнгæнæгау афарста Фигурæ, — ды та чи дæ — капитан дæ, исты?

— Уымæн йæ къухтыл ныххæцыдысты, ды та йæ нæмгæ кæныс. Уый хорз у?

— Гъа дæуæн дæр, уæдæ! — Фигурæ смæсты æмæ Алешкæйæн фæрсæрдæм иу ныддаудта.

Дыууæ лæппуйы кæрæдзиуыл сæхи андзæрстой æмæ кæрдæгыл атылдысты. Фæйнæрдæм сæ ивæзтой сæ къухтæй, сæ къæхтæй, иргъæвтой сæ...

Æмæ уыцы рæстæджы уæлæмæ ничи скаст, аргъуаны бырумæ хæстæг цы сусхъæд бæлас зад, уый бæзджын сыфтæрты аууонæй Симæ Симаковы цæсгом куыд фæзынд, уый ничи æрхъуыды кодта.

Лæсгæрау дæлæмæ зæхмæ æрбырыд. Æмæ раст кæйдæр цæхæрадæттыл уыциу тахт акодта Тимурмæ, хиуæттæм, чысыл цæугæдонмæ.

****

Ольгæ йæ сæр хисæрфæнæй æрæмбæрзта æмæ афтæмæй хуыссыди хинайæны тæвд змисыл æмæ чиныджы касти.

Женя йæхи надта. Æвиппайды йын чидæр йе уæхсджытыл фæхæцыди.

Уый фæстæмæ фæкастис.

— Дæ бон хорз, — зæгъгæ, йæм сдзырдта сауцæст бæрзонд чызг. — Æз дæм æрбаленк кодтон Тимурæй. Мæ ном хуыйны Таня. Æз дæр уый командæйæ дæн. Тимур фæсмон кæны, дæ хо дæ уый тыххæй кæй бафхæрдта, ууыл. Дæ хо, æвæццæгæн, тынг мæстыгæр у?

— Уый тыххæй фæсмон ма кæнæд, — фæсырх уæвгæйæ сдзырдта Женя. — Ольгæ æппындæр мæстыгæр нæу, йæ конд афтæ у. — Æмæ, йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццæвгæйæ, мæстыйæ сдзырдта Женя: — цæй, мæ хо! мæ хо! æмæ мæ хо! фæлæуут, нæ фыд æрцæуа...

Дыууæйæ дæр донæй рацыдысты æмæ сбырыдысты къардиуы сæрмæ, змисджын хинайæнæн йæ галиуæрдыгæй былмæ. Уыдон уым амбæлдысты Нюркæйыл.

— Чызг, базыдтай мæ? — кæддæриддæр куыд фæдзуры, афтæ тагъд-тагъд æмæ дæндæгты ’хсæнæй афарста Женяйы. — О! Æз дæ уайтагъддæр базыдтон. Уартæ Тимур дæр! — йæ къаба раласгæйæ, донæн йе ’ннæ былыл бирæ лæппутæм бацамыдта чызг. — Æз æй зонын, сæгъ мын чи æрцахста, нæ сугтæ нын чи самадта æмæ мæ чысыл æфсымæрæн æрыскъæфтæ чи радта, уый. Дæу дæр зонын, — Танямæ фæзилгæйæ загъта. — Иу хатт цæхæрадоны бадтæ æмæ куыдтай. Кæугæ ма кæн. Кæуынæй цы ис?.. Æй! Æнцад хуысс. хæйрæг, кæннод дæ донмæ сæппардзынæн! — схъæр кодта къутæртæм баст сæгъыл. — Чызджытæ, цæй æмæ донмæ ныггæппытæ кæнæм! Женя æмæ Таня кæрæдзимæ бакастысты. Æгæр худæг уыди хурсыгъд, цигайнаг хуыз Нюркæ.

Кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты, къардиуæн йæ хæдбынмæ бацыдысты, уым та бынæй сыгъдæг цъæхбын хуыз дон йæхи цавта былыл.

— Цæй, ныггæпп кæнæм? — Ныггæпп кæнæм!

Æмæ уыциу æппæрст бакодтой доны сæхи.

Чызджытæ доны бынæй нæма скастысты, афтæ сæ хæд фæстæ кæмæндæр — цыппæрæмæн — доны йæ тъыллупп фæцыди.

Уый, æд сандалитæ, æд хæлаф, æд хæдон, згъоргæ-згъорын багæпп ласта донмæ Симæ Симаков. Æмæ йæ сæры хъуынты дон ацагъта, атутæ æмæ ныффуттытæ кодта, йæ уæнгтæ дардыл айста æмæ донæн йе ’ннæ былмæ баленк кодта.

— Бæллæх, Женя! Бæллæх! — фæхъæр кодта фæстæмæ фæкæсгæйæ. — Гейкæ æмæ Коля ахст æрцыдысты!

***

Чиныг кæсгæйæ, Ольгæ фæндагыл уæлæмæ сцæйцыд. Æмæ нарæг къах фæндаг иннæ фæндагимæ кæм баиу ис, уыцы ран ыл амбæлдис Георги. Уый лæууыдис йæ мотоциклы цур. Кæрæдзийæн æгасцуай загътой.

— Æз мотоциклыл æрбацæйцыдтæн, — бамбарын ын кодта Георги, — кæсын, æмæ ды дæр ссæуыс. Цæй, зæгъын, æмæ йæм фæллæууон, кæд уыцы фæндагыл цæуа, уæд.

— Раст нæ зæгъыс! — нæ йыл баууæндыд Ольгæ. — Ды барæй лæууыдтæ æмæ мæм барæй æнхъæлмæ кастæ.

— О, раст у, — басасти Георги. — Асайынмæ дæ хъавыдтæн æмæ нæ рауади. Æз дæ хъуамæ хатыр ракурон, сæумæрайсом дæ кæй фæтæрсын кодтон, уый тыххæй. Дуары цур цы зæронд лæг лæууыдис, уый æз уыдтæн. Уый æз гримы мидæг цæттæ кодтон репетицимæ. Сбад, æз дæ машинæйыл бахæццæ кæнон.

Ольгæ «нæ», зæгъгæ, батылдта йæ сæр.

Уый йын дидинджыты баст йæ чиныгыл æрæвæрдта.

Дидинджыты тыхтон уыди хорз. Ольгæ ныссырх ис, цы ма акодтаид, уымæн ницы зыдта æмæ... æмæ сæ фæндагмæ аппæрста.

Георги уый æнхъæл нæ уыди.

— Байхъус-ма! — æфхæрдхуызæй загъта. — Ды хорз куы цæгъдыс, хорз куы зарыс, дæ цæстæнгас æргом æмæ ирд. Куы ницæмæй дæ бафхæрдтон. Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ ды куыд кæныс, афтæ ничи бакæндзæни, суанг æфсæйнаг-бетон дæсныйад кæмæ ис, ахæм дæр.

— Дидинджытæ мæ нæ хъæуы! — йæхæдæг йæ мийæ фæтæрсгæйæ, хатыр курæгау дзуапп радта Ольгæ. — Æз... æнæуый дæр, æнæ дидинджытæ дæр ацæудзынæн демæ.

Сбадти сæрак базыл, æмæ мотоцикл фæндаг-фæндаг атахти.

Фæндаг цыди дыууæрдæм. Хъæумæ цы фæндаг цыди, ууылты нæ, фæлæ иннæ фæндагыл фæзилгæйæ, мотоцикл рагæпп кодта быдырмæ.

— Уыцырдæм нæ фæзылдтæ, — схъæр кодта Ольгæ, — рахизæрдæм нæ азилын хъæуы.

— Ам фæндаг хуыздæр у, — загъта Георги, — ам хъæлдзæг фæндаг у.

Иу зылд ма фæкодтой, æмæ уыциу тахт акодтой сыфсыфгæнгæ бæлæсты къохы аууæтты. Рæгъауæй рагæпп кодта æмæ срæйдта куыдз, баййафынмæ сæ хъавыди. Фæлæ — нæй! Кæцæй ма сæ баййафдзæни! Адард сты.

Уæззау сармадзаны нæмыгау суади, чи æрбацæйцыди, хæрхæмбæлд сыл чи фæцис, уыцы уæзласæн машинæ. Уыцы машинæ цы рыг скалдта, уымæй куы раирвæзтысты Георги æмæ Ольгæ, уæд хохрæбын ауыдтой цавæрдæр æнæзонгæ горæты фæздæг, хæтæлтæ, мæсгуытæ, æвгтæ æмæ æфсæйнæгтæ.

— Уый мах завод у! — ныхъхъæр кодта Георги Ольгæйы ’рдæм. — Æртæ азы размæ-иу ардæм цыдтæн зокъотæ æмæ æрыскъæфтæ æмбырд кæнынмæ.

Йæ цыд ын нæ фæкъаддæр кодта, афтæмæй фæзилæны æвиппайды фæзылдта машинæ.

— Æмраст! — фæдзæхсæгау хъæр кодта Ольгæ. — Комкоммæ æрмæст дæр нæхимæ.

Уалынмæ мотор банцад, æмæ æрлæууыдысты.

— Фæлæуу, — машинæйæ хизгæйæ сдзырдта Георги, — чысыл авари.

Уый машинæ æрæвæрдта кæрдæгыл, бæрзы бын, хызынæй систа дæгъæл æмæ дзы машинæйы хæйттæ зилынтæ æмæ здухынтæ байдыдта.

— Уæ оперæйы кæй фæхъазыс? — кæрдæгыл æрцæйбадгæйæ, афарста Ольгæ. — Дæ грим афтæ тызмæг æмæ тасхуыз цæмæн у?

— Æз уæнгхъуаг зæронд лæджы хъазын, — машинæимæ архайгæйæ, дзуапп радта Георги. — Уый — фыццаг партизан чи уыди, ахæм æмæ иу чысыл... йæ зонд куыддæр... йæ бынаты нал и... Уый цæры арæнмæ хæстæг, æмæ йæм æдзухдæр афтæ кæсы, цыма нæ не знæгтæ афæливдзысты æмæ нæ фæсайдзысты, уыйау. Уый ныр зæронд у, фæлæ тынг къæрцхъус у. Сырхæфсæддонтæ та æрыгон сты, — худынц, хъарагъулæй куы æрбаздæхынц, уæд та волейболæй хъазынц. Ис дзы чызджытæ дæр, алыхуызæттæ... Катюшæтæ!

Георги йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ сындæг базарыди:

Мигъты аууон та æрмынæг и мæй,

Нæ хуыссын æртæ ’хсæвы хъахъхъæнгæ æз.

Хъуызынц нæм сабырæй знæгтæ. Ма у, мæ бæстæ, фынæй!

Æз зæронд. Æз æдых. О, зæрдæниз мæнæн... О, зæрдæниз.

Стæй Георги йæ хъæлæс аивта æмæ, хорæй зарджыты фæзмгæйæ, сзарыди:

Зæронд, сабыр... сабыр!

— «Сабыр» та цы хоныс? — йæ рыгæйдзаг былтæ кæлмæрзæнæй сæрфгæйæ, афарста Ольгæ.

— Уый та уый амоны, — втулкæ дæгъæлæй хойгæйæ, æмбарын кодта Георги, — уый та уый амоны, æмæ, ома хуысс сабыр, зæронд сæрхъæн! Æфсæддонтæ æмæ командиртæ се ’ппæтдæр рагæй лæууынц сæ бынæтты... Оля, дæ чысыл хо дын ницы дзырдта мемæ куыд амбæлди, уый тыххæй?

— Дзырдта, æмæ йæм æз хæцыдтæн.

— Дзæгъæлы йæм хæцыдтæ. Диссаджы дзырдарæхст у. Æз ын дзурын «а», уый та мын «б»!

— Ахæм дзырдарæхст чызгæй маст фендзынæ, — ногæй та сдзырдта Ольгæ. — Цавæрдæр лæппу йыл бафтыди, хонынц æй Тимур. Уый дæр мæнæ хулиган Квакины компанийæ у. Æмæ йын ницы фæразын, нæ хæдзармæ цæмæй ма цæуа, уымæн.

— Тимур!.. Гм... — Георги æфсæрмхуызæй схуыфыдис. — Æмæ уый исты уыцы компанийæ у? Уый, æнхъæлдæн, ахæм нæу... хæстæг дæр сæм... Цæй, хорз! Мæт ма кæн. Æз æй уæ хæдзарæй аиуварс кæндзынæн. Оля, консерваторийы цæуылнæ ахуыр кæныс? Цас диссаг у инженер. Æз мæхæдæг дæр инженер дæн, æмæ дзы цы пайда ис?

— Æмæ ды æвзæр инженер дæ?

— Æвзæр цæмæн? — Ольгæйы ’рдæм хæстæгдæр бабадгæйæ æмæ ныр та раззаг цалхы втулкæ хойгæйæ, дзуапп радта Георги. — Æвзæры тыххæй нæ, фæлæ ды тынг хорз цæгъдыс фæндырæй æмæ тынг хорз зарыс.

— Байхъус-ма, Георги, — æфсæрмæй æддæдæр абадгæйæ, загъта Ольгæ. — Æз нæ зонын, цавæр инженер дæ, уый, фæлæ... машинæмæ куыддæр æнахуыр диссаг зылд кæныс.

Ольгæ йæ къухæй афæзмыдта, Георги дæгъæлæй куыд къуырт-къуырт кæны куы втулкæйы, куы та чъил, уый.

— Худæгæй дзы ницы ис. Куыд æмбæлы, алцы дæр дзы афтæ кæнын. — Фæгæпп кодта æмæ дæгъæлæй рамæйы æркъуырдта. — Ныр цæттæ у! Оля, дæ фыд командир у?

— О!

— Уый хорз. Æз мæхæдæг дæр командир дæн.

— Чи дын цы бамбардзæн! — йæ уæхсджытæ базмæлын кодта Ольгæ. — Куы инженер дæ, куы актер дæ, куы та командир. Чи зоны ма тæхæг дæр дæ?

— Нæ, — бахудти Георги. — Тæхджытæ бомбæтæй сæртæ хойынц уæле, мах та бынæй æфсæйнаг æмæ бетонæй зæрдæмæ хъавæм.

Æмæ та сæ размæ сыффыттытæ кæнын байдыдтой сылмæнæу, быдыртæ, хъæд, цæугæдон. Фæстагмæ æрхæццæ сты дачæмæ.

Мотоциклы хъæрмæ тыргъæй разгъордтд Женя. Георгийы куы ауыдта, уæд фефсæрмы, фæлæ куы афардæг, уæд, йæ фæдыл кæсгæйæ, Женя бацыди Ольгæмæ, ныхъхъæбыс ын кодта æмæ йын хæлæгау загъта:

— Ох, абон ды цы амондджын дæ!

***

Лæппутæ сæ дзырд баиу кодтой, цæмæй № 24 хæдзары дыргъдонмæ хæстæг æрæмбырд уыдаиккой, уый тыххæй, стæй фæйнæрдæм ахæлиу сты.

Баззадис ма дзы æрмæстдæр Фигурæ иунæгæй. Уый мæсты æмæ дис кодта аргъуаны хуылфæй йæм æддæмæ кæй ничи ницы дзырдта, ууыл. Уацайрæгтæ хъæр нæ кодтой, дуæрттæ нæ хостой, Фигурæйы фарстатæн æмæ хъæртæн дæр дзуапп нæ лæвæрдтой! Уæд Фигурæ хиндзинад бакæнын сфæнд кодта. Æддаг дуар бакодта, дыууæ сисы ’хсæн бабырыди æмæ йæхи ныхъхъус кодта, цыма æппындæр уым нал уыдис, уыйау.

Гуыдырыл йæ хъус сæвæрдта æмæ афтæмæй хъуыста мидæмæ, цалынмæ æддаг æфсæйнаг дуары гуыпп фæцыди, уæдмæ, дуары гуыпп та афтæ тынг рæцыдис, цыма йæ исчи стыр хъилæй ныццавта, уыйау.

— Æй, чи дæ уый? — смæсты æмæ дуармæ базгъордта Фигурæ. — Æй, хынджылæг ма кæн, кæннод дын дæ бæрзæйæн ратдзынæн!

Фæлæ йæм фæстæмæ дзурæг нæ уыд. Æдде æрбайхъуысти æддагон кæйдæрты ныхас. Фæрсæгты æвдузæнты хъинц-хъинц ссыди. Рудзгуыты решеткæтæй чидæр ныхас кодта уацайрæгтимæ.

Уый фæстæ та аргъуаны хуылфæй худын райхъуысти. Æмæ уыцы худтæй Фигурæ хорзау нал фæцис.

Уалынмæ æддаг дуар бынтондæр байгом. Фигурæйы раз лæууыдысты Тимур, Симаков æмæ Ладигин.

— Дыккаг дуары ’хгæнæн бакæн! — змæлгæ нæ фæкодта, афтæмæй дзырд радта Тимур. — Дæхæдæг æй бакæн, кæннод дын хорз нæ уыдзæн! — Фигурæ æнæбарыгомау раласта æхгæнæн. Аргъуаны хуылфæй рацыдысты Коля æмæ Гейкæ.

— Ныр уыдон бынатмæ ды бацу! — загъта Тимур. — Цæугæ, цъаммар, тагъд! — къухтæ стымбыл кæнгæйæ, схъæр кодта уый. — Мæн демæ ныхас кæнынмæ не ’вдæлы!

Дыууæ дуары бахгæдтой Фигурæйыл. Æдде йыл æрбавæрдтой уæззау æхгæнæн æмæ йыл гуыдыр сæвæрдтой.

Уый фæстæ Тимур райста гæххæтты сыф æмæ йыл цъæх кърандасæй æвзæр хъулæттæй ныффыста:

«Квакин, хъахъхъæнын æй нæ хъæуы. Æз ыл сæвæрдтон гуыдыр, дæгъæл мæнмæ ис. Изæры мæхæдæг æрцæудзынæн дыргъдоны цурмæ, комкоммæ уырдæм».

Уый фæстæ се ’ппæтдæр ацыдысты. Фондз минуты фæстæ галуаны æддейæ æрбацыди Квакин.

Дуарыл цы фыст уыди, уый бакаст, гуыдырмæ бавнæлдта, йæхинымæр бахудти æмæ кулдуары ’рдæм ацыди, уыцы рæстæджы та, дуæрттæ кæуыл сæхгæдтой — Фигурæ — йæ тых йæ бонæй æфсæйнаг дуар къупп-къупп кодта тымбыл къухæй æмæ зæвæтæй.

Квакин фæстæмæ фæкасти æмæ схъуыр-хъуыр кодта:

— Хой, Гейкæ, хой! Нæ, мæ хур, ды нырма ардыгæй изæрмæ дæ фаг»фæхойдзынæ!

Хъуыддæгтæ дарддæр цыдысты афтæ:

Хур аныгуылыны размæ ма Тимур æмæ Симаков азгъордтой базары фæзмæ.

Æнæ пъланæй ларектæ кæм ныррæнхъ сты — къуымæл, дæттæ, халсартæ, тамако, лыстæг дзауматæ, сæлдæг уæйгæнæн ларектæ кæм уыдысты, уым кæронæй уыди хуымæтæджы арæзт афтид будкæ, базары бон цырыхъхуыйджытæ кæм фæкусынц, æхæм.

Уыцы будкæйы мидæг Тимур æмæ Симаков бирæ нæ фесты.

Изæрдалынгты сарайы цары кусын райдыдта штурвалы цалх. Кæрæдзийы фæдыл ивæзыдысты фидар синагын телтæ, кæдæм æмбæлд æмæ цы хъуыд, ахæм сигналтæ фæйнæрдæм дæтгæйæ.

Фæйнæрдыгæй цыдысты тыхтæ. Лæппутæ æрæмбырд сты, дзæвгар баисты — дыууын-æртын. Быруйы хуынчъытæй мидæмæ сындæг æнæ хъæрæй гæппытæ кодтой ног æмæ ног адæмтæ Таня æмæ Нюркæйы фæсгæмæ арвыстой. Женя бадти сæхимæ. Уый хъуамæ Ольгæйы урæдтаид æмæ йæ дыргъдонмæ ма рауагътаид.

Цары цалхы цур лæууыди Тимур.

— Æхсæзæм телыл сигнал дыккаг хатт ратт, — тыхстхуызæй куырдта рудзынгæй йæ гуыр бавдисгæйæ Симаков. — Уырдыгæй дзуапп дæттæг нæй.

Дыууæ лæппуйы фанерыл фыстой цавæрдæр плакат. Æрбахæццæ Ладигины звено дæр.

Фæстагмæ фæзындысты разведчиктæ. Квакины бал æмбырд кæнын байдыдта № 24 хæдзары дыргъдонмæ хæстæг.

— Афон у, — загъта Тимур. — Уе ’ппæт дæр цæттæ ут!

Цалх йæ къухæй суагъта, райста синаг. Æмæ зæронд сарайы сæрмæ, мигъты аууæтты згъоргæ мæйы мæнг рухсмæ, сындæггай уæлæмæ ссыди æмæ сфæйлыдта командæйы тырыса — хæстмæ цæуыны нысан.

***

№ 24 хæдзары быруйы цурты фæцæйцыдысты размæ иу-дæс лæппуйы, рæнхъæй. Аууоны æрлæугæйæ, Квакин загъта:

— Иууылдæр ам сты, æрмæст Фигурæ нæй.

— Уый хинæйдзаг у, — сдзырдта чидæр. — Уый æвæццæгæн, дыргъдоны ис. Уый алы хатт дæр разæй бабыры.

Квакин иуварс акодта, раздæр сæ зæгæлтæ кæмæн рафтыдта, уыцы дыууæ фæйнæджы æмæ хуынкъыл мидæмæ бабырыд. Йæ фæдыл бабырыдысты иннæтæ дæр. Уынджы ма уыцы хуынчъы цур баз зади иу хъахъхъæнæг Алешкæ.

Уынгæн йе ’ннæ фарс цы къанау уыди, уырдыгæй пысыраты æмæ хæмпæлты аууонæй фæзындис фондз сæры. Уыдонæй цыппар уайтагъддæр фæстæмæ æрныгъуылдысты. Фæндзæм — Коля Колокольчиков — кæсгæйæ баззадис, фæлæ йын кæйдæр къух йæ тенка æрцавта, æмæ сæр фæаууон.

Хъахъхъæнæг Алешкæ фæстæмæ фæкасти. Куы никæцæй ницы хъуысти, уæд хуынкъæй мидæмæ йæ сæр бадардта — байхъуса, кæддæра дыргъдоны та цы архайынц, зæгъгæ.

Къанауæй æртæйæ сгæппытæ кодтой. Хъахъхъæнæг уайтагъддæр бамбæрста, чидæр ын йæ къæхтæ æмæ йæ къухтыл фидар кæй фæхæсти, уый. Ныхъхъæр кæнын дæр йæ бон нал баци, афтæ быруйæ атахти.

— Гейкæ, — уæлæмæ скæсгæйæ, сдзырдта уый, — кæцæй фæдæ ды та?

— Уырдыгæй, — калмау ссыф-сыф кодта Гейкæ. — Хъусыс, æнцад у! Кæннод ды ме ’вварс хæцыдтæ, уымæ дын нал фæкæсдзынæн.

— Хорз, — зæгъгæ загъта Алешкæ, — æз æнцад дæн — Æмæ æвиппайды тынг ныхситт кодта.

Фæлæ йын Гейкæ йе стыр армытъæпæнæй йæ дзых амбæрзта. Чидæртæ йын йæ уæхсджытæм, йæ къæхтæм февнæлдтой æмæ йæ иуварс аластой.

Æхситт дыргъдонмæ фехъуыстой, Квакин фæстæмæ фæкасти. Æхситт дыккаг хатт нал фехъуысти, Квакин фæйнæрдæм тынг лæмбынæг фæлгæсыди. Æмæ йæм афтæ фæкасти, цыма дыргъдоны къуымы цы къутæртæ уыдис, уыдон базмæлыдысты, уыйау.

— Фигурæ! — сабыргай фæхъæр кодта Квакин. — Ды æмбæхсыс уым, æдылы?

— Мишкæ! Цырагъ! — æвиппайды чидæр схъæр кодта. — Уый дыргъдоны хицау æрбацæуы.

Фæлæ уыдон хицæуттæ нæ уыдысты.

Фæстæрдыгæй, бæзджын сыфтæрты аууæттæй ферттывта къаддæр уæддæр дæс электрон цырагъы рухсы. Æмæ цырд фæцæйхæццæ кодтой, дыргъдонмæ чи ныббырста, уыдонмæ.

— Цæвут, лидзгæ нæ! — йæ дзыппæй фæткъуытæ скъæфгæйæ æмæ сæ рухсыл æхсгæйæ, схъæр кодта Квакин. — Æд къухтæ сын тонут сæ цырæгътæ! Уый æрбацæуы... Тимкæ!

— Уым Тимкæ, ам та Симкæ! — уыциу хъæр ныккодта, къутæры аууонæй рагæпп кæнгæйæ, Симаков.

Ноджыдæр ма дæс лæппуйы бæрц æрбакалдысты фæстæрдыгæй æмæ фæрсæрдыгæй.

— Е, гъе! — сæрдиаг кодта Квакин. — Цас тых сæм ис, цас! Тагъд, быруйы æддæмæ, лæппутæ!

Бал бахаудта къæппæджы, æмæ катайгæнгæ, йæхи быруйы ’рдæм аппæрста. Кæрæдзийы схойгæйæ, сæ ныхтæ кæрæдзиуыл къуыргæйæ, лæппутæ гæппытæ кодтой уынгмæ, уым та сæ Ладигин æмæ Гейкæ ахстой.

Мæй бынтондæр фæци мигъты аууон. Æрмæст ма хъуысти хъæртæ:

— Суадз!

— Ныууадз!

— Ма ’внал! Хæстæг ма цу!

— Уе ’ппæт дæр æнцад ут! — фехъуыст талынджы Тимуры ныхас. — Уацайрæгты нæмгæ ма кæнут! Кæм ис Гейкæ!

— Ам ис Гейкæ!

— Се ’ппæты дæр акæн сæ бынатмæ.

— Æмæ дзы чи нæ кома, уый та?

— Уымæн йæ къухтыл æмæ йæ къæхтыл ныххæцут æмæ йæ афтæмæй ласгæ ут кадимæ, мадымайрæмы нывау.

— Суадзут мæ, хæйрæджытæ! — фехъуыст кæйдæр кæуынхъæлæс.

— Уый чи хъæр кæны? — мæстыйæ афарста Тимур. — Æвзæрдзинæдтæ кæнынмæ дæсны стут, дзуапп дæттынæй та тæрсгæ! Гейкæ, ракæн командæйы, цæугæ ут!

Уацайрæгты бакодтой, базары фæзы кæронæй цы афтид будкæ уыдис, уый цурмæ. Уым сæ иугай дуары мидæгæй фæкодтой.

— Михаил Квакины мæнмæ ракæнут, — загъта Тимур.

Бакодтой йæм Квакины.

— Рæвдз стут? — афарста Тимур.

— Иууылдæр рæвдз!

Фæстаг уацайраджы ма дуары мидæгæй фæкодтой, дуарыл йе ’хгæнæн бакодтой æмæ йыл уæззау гуыдыр сæвæрдтой.

— Цæугæ, — загъта уæд Тимур Квакинæн. — Худинаггæнæг дæ ды. Тæрсгæ дæр дæ ничи кæны, стæй хъæугæ дæр никæй кæныс.

Нæмын æнхъæл уæвгæйæ Квакин лæууыди йæ сæр ныггуыбыр кодта, афтæмæй, хъуыддагæн ницы æмбаргæйæ.

— Цæугæ, — дыккаг хатт ын загъта Тимур. — Айс мæнæ уыцы дæгъæл æмæ дæ хæлар Фигурæ кæм бады, уыцы аргъуаны дуар бакæн.

Квакин нæ цыди.

— Лæппуты рауадз, — йæхи схъуынджын кæнгæйæ, — куырдта Квакин. — Кæнæ мын мæхи дæр семæ бакæн.

— Нæй, — загъта Тимур, — ныр хъуыддаг ахицæн и. Дæу уыдонимæ нал и хъуыддаг, уыдон та демæ ницы хъуыддаг ис.

Æхситт æмæ йæ хъæрты бын фæкодтой, афтæмæй, йæ сæр ныггуыбыргæнгæйæ Квакин йæхи айста. Иу-дæс санчъехы бæрц куы ауадис, уæд æрлæууыдис, йæ сæрыл схæцыд.

— Нæмгæ дæ кæндзынæн! — фыр мæстæй схъæр кодта, Тимурмæ фæзилгæйæ.

— Нæмгæ кæндзынæн æрмæст дæу. Лæгæй-лæгмæ, мæлæтдзаг над! — Агæпп кодта, æмæ талынджы нал фæзынди.

— Ладигин, дæ фондз æмбалы сæрибар сты — загъта Тимур. — Дæуæн дæ хæс цы у?

— Стыр Васильковскы уынджы цы дыууын дыккаг хæдзар ис, уым хъæдтæ батулын.

— Хорз! Кусут!

Станцæйы фарсмæ гудок ныууасыди. Дачæйы поезд æрбацыд. Поездæй адæм æддæмæ хызтысты, Тимур дæр фæтагъд кодта.

— Симаков æмæ дæ фондз дæр, дæ бæрны та цы ис?

— Чысыл Петровскы уынджы æртын æстæймаг хæдзар. — Схудти æмæ загъта: — Мах куыст, кæддæриддæр куыд вæййы, афтæ: бедратæ, боцкъа æмæ дон. Гъоп! Гъоп! Хæрзбон!

— Хорз, кусут! Ныр та... ардæм адæм æрбацæуынц. Иннæтæ иууылдæр хæдзæрттæм цæугæ уæнт... Иумæ!

***

Хъæр æмæ гыбар-гыбур ссыди фæзæй. Поездæй сæхимæ цы адæм цыдис, уыдон дис кодтой æмæ ныллæууыдысты. Хъæр æмæ та ахст ноджыдæр фехъуыст. Хæстæг дачæты цырæгътæ ссыгътой. Ларекты сæрмæ дæр цырæгътæ ссыгъдæуыд, æмæ цы адæм æрæмбырд ис, уыдон палаткæйы сæрмæ ауыдтой ахæм плакат:

Цæуджытæ, тæригъæд сын ма кæнут!

Ам чи бады, уыдон æхсæвыгæтты давынц сабыр цæрæг адæмы дыргътæ.

Гуыдыры дæгъæл ауыгъд у ацы плакаты фæстæ æмæ ахст адæмæн дуар бакæнын фæнд чи кæна, уый-иу раздæр бакæсæд, йæ хæстæг, йæ зонгæйæ дзы кæд, мыййаг, исчи ис.

***

Тар æхсæв. Сау ахорæнæй тæлмгонд сырх стъалы кæрты дуарыл нæ зыны. Фæлæ уым ис.

Чысыл чызг кæм цæры, уыцы хæдзары дыргъдон. Хихджын бæласæй дæлæмæ æрдаргъ сты бæндæнтæ. Сæ хæд фæдыл дæрзæг бæласы зæнгыл æрбырыд лæппу. Уый фæйнæг æрæвæрдта, сбадти йыл æмæ фæлвары, фидар у ацы ног херы, æви нæ, уый.

Ставд къалиу бахъинц кæны, сыфтæртæ сыф-сыф кæнынц æмæ фестъæлфынц. Спæр-пæр кодта æмæ суасыди цъиу, кæй бахъыгдардæуыд, ахæм. Æнафон у. Раджы бафынæй Ольгæ, фынæй у Женя дæр, фынæй сты йе ’мбæлттæ дæр: хъæлдзæг Симаков, йæхи сабырдараг Ладигин, худæджы Коля. Рафæлдæх-бафæлдæх кæны, кæй зæгъын æй хъæуы, æмæ фынæйæ цыдæртæ дзуры хъæбатыр Гейкæ.

Сахат нымайы цыппæрæм хæйттæ: «Уыд бон — уыд хъуыддаг! Дин-дон... иу, дыууæ!.. »

О, æнафон у ныр.

Чысыл лæппу сыстадис, къухтæй кæрдæджы цыдæр агуры æмæ систа быдырон дидинджыты уæззау баст.

Ацы дидинджытæ æртыдта Женя.

Фынæй чи кодта, уыдон цæмæй ма райхъал кæна æмæ сæ ма фæтæрсын кæна, уый тыххæй хъавгæ-хъавгæ асиныл уæлæмæ ссæуы мæйрухсæй рухсгонд тыргътæм æмæ арахстгай æрæвæрдта асины уæллаг къахыл дидинджыты баст. Уый уыди Тимур.

***

Уыди улæфт уадзæн боны сæумæрайсом. Сырх æфсæдтæ Хасаны цур кæй фæуæлахиз сты, уый азы номыл хъæуы цæрæг фæскомцæдисонтæ парчы сарæзтой стыр карнавал-концерт æмæ рæстæг æрвитæн.

Чысыл чызджытæ сæумæцъæхæй афардæг сты цæхæрадонмæ.

Ольгæ тагъд-тагъд иту æвæрдта йæ кофтæйыл. Сæ дзауматæ æфснайгæйæ, Ольгæ цагъта Женяйы сарафан, æмæ йæ дзыппæй æрхаудта гæххæтты гæбаз.

Ольгæ йæ систа. æмæ дзы бакаст:

«Чызг, хæдзары макæмæй тæрс. Алцы дæр у рæвдз, мæнæй ничи ницы базондзæн. Тимур».

«Цы нæ базондзæн?Цæмæн ма тæрсон? Цавæр сусæгдзинæдтæ йын сты ацы æмбæхст зæрдæ æмæ хин чызгæн? Нæй! Ацы хъуыддагæн кæрон скæнын хъæуы. Нæ фыд куы цыди, уæд фæдзæхста... Цæхгæр æмæ тагъддæр архайын хъæуы».

Рудзынг æрбахоста Георги.

— Оля, — загъта уый, — баххуыс мын кæн! Æрбацыдис мæм делегаци. Курынц мæ, цæмæй сын исты азарон эстрадæйæ. Абон ахæм бон у, æмæ «нæ» зæгъын гæнæн нæ уыди. Цæй, æмæ мын фæндырæй та ды баххуыс кæн.

— Афтæ... Фæлæ дын уымæй пианисткæ дæр баххуыс кæндзæни! — фæдис кодта Ольгæ. — Фæндырæй та цæмæн?

— Оля, мæн пианисткæимæ нæ фæнды. Демæ мæ фæнды! Нæ дыууæйæн хорз рауайдзæнис. Кæд мын бар дæттыс, уæд дæм рудзынгыл багæпп кæнон? Иту ныууадз æмæ фæндыр райс. Æз дын æй мæхæдæг куы систон йæ агъудæй. Ды æрмæст де ’нгуылдзтæй амонæнты æлхъив, æз та заргæ кæндзынæн.

— Æрбайхъус-ма, Георги, — хъыг æм фæкаст æмæ загъта Ольгæ, — æппынфæстаг, рудзынгыл хизыны сæр дæ ницæмæн хъуыдис, дуар куы уа, уæд...

Парчы тынг змæлд уыди. Машинæтæ кæрæдзи фæдыл ластой, йæ улæфт чи уагъта, уыдоны. Уæзласæн машинæтæ бырыдысты бутербродтимæ, булкæтимæ, æвгтимæ, къалбастимæ, къафеттимæ, пряниччытимæ.

Фидыд цыд кодтой къухыл хæсгæ æмæ цæлхытыл тулгæ сæлдæг уæйгæнджыты цъæххуыз отрядтæ.

Æрдузты алыхуызон хъæлæсæй цагътой патефонтæ, сæ алфамблай та æрæнцадысты æрцæуæггаг æмæ бынæттон дачæты цæрджытæ æд хæрд, æд нозт.

Цагъта музыкæ. Эстрадон театры кулдуары цур лæууыди рады лæууæг зæронд лæг æмæ хæцыди монтеримæ. Уый бацæуынмæ хъавыдис кæрты дуарыл йæ дæгъæлтимæ, йæ гæрзтимæ æмæ æфсæйнаг «гæдытимæ» — телы хъæдмæ бырæнтимæ.

— Æд мигæнæнтæ, мæ хур, мидæмæ нæ уадзæм. Абон бæрæгбон у. Уæ хæдзармæ уал ацу, дæхи ныхс æмæ дæ уæлæ исты скæн.

— Æмæ, мæ фыды хай, ардæм æнæ билетæй, лæвар куы у!

— Уæддæр нæй гæнæн. Ам заргæ кæнынц. Æххæст ма демæ телыхъæд æрбаластаис. Ды дæр, гражданин, аздæх, — баурæдта æндæр лæджы дæр. — Ам адæм заргæ кæнынц... музыкæ. Дæуæн та арахъхъы авг дæ дзыппæй кæсы.

— Фæлæуу-ма, мæ зынаргъ фыды хай, — къæзынæгæй фæлвæрдта йæ ныхмæ сдзурын лæг, — мæн уырдæм цæуын хъæуы... Æз мæхæдæг тенор — цъæхснаг хъæлæсæй зарæг дæн.

— Айс дæхи, айс, тенор, — монтермæ амонгæйæ, дзырдта зæронд лæг. — Уæртæ бас — бæзджын хъæлæсæй зарæг — куы ницы зæгъы. Ды дæр, тенор, уæлдай ныхас ма кæн.

Женяйæн чысыл лæппутæ куы загътой Ольгæ æд фæндыр сценæмæ бацыдис, зæгъгæ, уый, уæд бандоныл бадгæйæ йæ мидбынаты тæлфыди, тагъддæр куы рацæуид сценæмæ, зæгъгæ.

Уалынмæ рацыдысты Георги æмæ Ольгæ. Женя хорзау нал уыд: афтæ нæм фæкаст, цыма Ольгæйыл ныртæккæ райдайдзысты худын.

Фæлæ ничи худтис.

Георги æмæ Ольгæ лæууыдысты афтæ хуымæтæджы, уыдон уыдысты æрыгон æмæ хъæлдзæг, æмæ Женяйы æрфæндыдис сæ дыууæйæн дæр ныхъхъæбыс кæнын.

Ольгæ фæндыры гæрз йе уæхскмæ сæппæрста.

Арф æнцъылд фæзынди Георгийы ныхыл, йæхи ныггуыбыр кодта, дæлæмæ æркъул кодта сæр. Ныр уый уыди зæронд лæг, æмæ ныллæг хорз хъæлæсæй ныззарыди:

Æз нæ фынæй кæнын æртæ ’хсæвы. Мæ цæстыл

Уайы сабырдзинады мидæг сусæг змæлд.

Топп судзы къух. Ссæдз азы размæ куыд уыди,

Раст афтæ мæ зæрдæйы бацыди мæт.

Фæлæ та демæ куы сæмбæлон ныр дæр,

Знаджы æххуырст æфсады салдат,

Уæд æз, зæронд лæг, цæттæйæ æрлæудзынæн тохы,

Ссæдз азы размæйау, карзæй дæ размæ.

— Ох, цы хорз у! Цы тæригъæддаг у уыцы къуылых æхсарджын зæронд лæг! Молодец, молодец... — йæхинымæр дзырдта Женя. — Афтæ, афтæ. Цæгъд, Оля! Тæхуды æмæ дæм ныр нæ фыд искуыцæй куы байхъусид.

Концерт куы фæцис, уæд Георги æмæ Ольгæ, сæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцгæйæ, фæцæйцыдысты бæлæсты ’хсæн фæндагыл.

— Уыдон иууылдæр афтæ фæуæнт, — сдзырдта Ольгæ, — фæлæ нын Женя кæм фесæфт, уымæн ницы зонын.

— Ам бандоныл лæууыди, — дзуапп ын радта Георги, — æмæ хъæр кодта: «Браво, браво!» Стæй йæм бацыдис... — ацы ран Георги йе ’взагыл фæхæцыд, — цавæрдæр лæппу, æмæ цыдæр фесты.

— Цавæр лæппу? — скатай Ольгæ. — Георги, ды хистæр дæ æмæ ма мын зæгъ, цы йын бакæнон?.. Кæс-ма! Абон райсом æм мæнæ ацы гæххæтты гæбаз ссардтон!

Георги гæххæтт бакаст. Йæхæдæг дæр хъуыдыйыл фæци æмæ йæхи фæтар кодта.

— Ма тæрс — ома, йæ коммæ ма кæс. Уыцы лæппуйыл куы æрхæст уаин, уæд æз йемæ аныхас кæнин, бæргæ.

Ольгæ фыстæг сæвæрдта. Иу цасдæр рæстæг дыууæйæ дæр æгомыг лæуд акодтой, фæлæ тынг хъæлдзæг цагъд кодта музыкæ, алырдыгæй худын хъуысти, æмæ та, сæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцгæйæ, араст сты бæлæсты ’хсæн фæндагыл.

Уалынмæ, дыууæ фæндаджы кæм баиу сты, уым сæ размæ фесты æндæр дыууæ, уыдон дæр афтæ сæ кæрæдзи къухтыл æнгом хæцыдысты æмæ цыдысты сæ комкоммæ. Уыдон та уыдысты Тимур æмæ Женя.

Хорзау нал фесты дыууæтæ дæр, сæ кæрæдзийæн уæздан æгъдауæй салам радтой цæугæ-цæуын.

— Уæртæ уый у! — Георгийы къух басхойгæйæ, мæстыгæрæй загъта Ольгæ. — Гъе уый йæхæдæг у — уыцы лæппу.

— О, — фефсæрмы Георги, — уæлдайдæр та уый Тимур йæхæдæг у — мæ хъæбатыр хæрæфырт.

— Ды дæр... ды йæ зыдтай! — смæсты Ольгæ. — Афтæмæй мын куы ницы загътай!

Йæ къух ын иуæрдæм аппæрста, йæхæдæг фæндагыл азгъордта. Фæлæ Тимур дæр стæй Женя дæр никуыцæй уал зындысты. Ольгæ уæд фæзылди иу нарæг къæдз-мæдз къахвæндагыл, æмæ уым амбæлдис Тимурыл, уый та лæууыдис Фигурæ æмæ Квакины раз.

— Байхъус-ма, — хæстæг бацæугæйæ йæм сдзырдта Ольгæ. — Æгъгъæд уын нæу, дыргъдæттæм кæй бырут æмæ дыргъ бæлæсты кæй сæттут, уый — суанг ма зæронд устыты дыргъдæттæм, суанг ма чысыл сидзæр чызджы дыргъдон дæр; æгъгъæд дын нæу, суанг ма уæ куыйтæ дæр кæй æмбæхсынц, уый, — уый æдде ма мыл мæ чысыл хойы дæр ардауыс. Дæуæн де ’фцæгыл пионеры галстук ауыгъд ис, фæлæ ды... цъаммар дæ.

Тимур ныффæлурс.

— Уый раст нæу, — загъта уый. — Ды ницы зоныс. Ольгæ йæ къух ауыгъта æмæ азгъордта Женяйы агурæг.

Тимур лæууыд æнæдзургæ.

Æгуыппæгæй æмæ дисгæнгæ лæууыдысты æмæ ницы дзырдтой Фигурæ æмæ Квакин. — Гъы, куыд у, комиссар? — афарста йæ Квакин. — Куыд кæсын, афтæмæй дæуыл дæр æркæны æнкъард бонтæ?

— О, атаман, — йæ цæстытæй сындæггай уæлæмæ скæсгæйæ, дзуапп радта Тимур. — Мæнæн ныртæккæ зын у, æз хъæлдзæг нæ дæн. Сымах мæ куы æрцахстаиккат, куы мæ ныххостаиккат, куы мæ фæнадтаиккат, уæд мæм хуыздæр фæкастаид, сымах тыххæй ахæм уайдзæфтæм хъусыны бæсты.

— Æмæ дæ дзых цы ныххуыдтай? — схудти Квакин. — Загътаис ын: уый æз нæ дæн, зæгъгæ. Уый уæртæ уыдон сты. Мах ам куы лæууыдыстæм, уæ тæккæ цур.

— О! Ды загътаис, æмæ дын мах уый тыххæй авæрдтаиккам, — бафтыдта йæм цингæнгæйæ Фигурæ.

Ахæм æххуыс æнхъæл нæ уæвгæйæ, Квакин æнцад æмæ æнæбары каст бакодта йе ’мбалмæ. Тимур та бæлæсты къалиутæм æвналгæйæ, сындæггай айста йæхи.

— Сæрыстыр, — сабырæй сдзырдта Квакин. — Кæуын æй фæнды, фæлæ нæ кæуы.

— Цæй-ма, фæйнæ йын дзы авæрæм, уæд скæудзæни, — загъта Фигурæ æмæ Тимурæн йæ фæстæ нæзыйы гыркъо фехста.

— Уый... сæрыстыр у, — фæсус хъæлæсæй дыккаг хатт загъта Квакин, — ды та... ды та æнаккаг! — Йæхæдæг йæ къух дард фæхаста æмæ Фигурæйы ныхæн тымбыл къухæй иу хафт ныккодта.

Фигурæ зæххыл атылд, уайтагъд фæгæпп ласта æмæ згъорынмæ фæци. Квакин æй фæсте асырдта æмæ ма йын дыууæ хатты йæ фæсонтæ ныццавта.

Фæстагмæ Квакин ныллæууыди, йæ худ ахаудта, фæстæмæ цæугæйæ йæ систа; ацагъта йын йæ рыгтæ — йæ уæрагыл æй æрцавта, сæлдæг уæйгæнæгмæ бацыдис, иу порци дзы райста, бæласыл банцой кодта, æмæ, уæззау улæфтытæ кæнгæйæ, сæлдæг стыр комдзæгтæй зыд хæрд кодта.

Тир цы чысыл фæзы уыдис, уым Тимур амбæлдис Гейкæ æмæ Симæйыл.

— Тимур! — бамбарын ын кодта Симæ. — Агуры дæ (æнхъæлдæн æмæ тынг мæсты у) дæ мадыфсымæр.

— О, зонын æй, цæуын.

— Ардæм ма раздæхдзынæ?

— Нæ зонын.

— Тимæ! — æвиппайды сындæгæй загъта Гейкæ æмæ йе ’мбалы къухыл ныххæцыди. — Цы у уый? Мах æвзæрдзинадæй куы никæмæн ницы ракодтам. Æмæ зоныс, лæг раст куы уа...

— О, зонын æй... уæд дунейыл æппындæр ницæмæй тæрсы. Фæлæ йын уæддæр хъыг вæййы.

Тимур ацыдис.

Ольгæ сæхимæ фæцæйхаста фæндыр æмæ йæм Женя бауадис.

— Оля!

— Ацу! — йæ хомæ нæ ракæсгæйæ, загъта Ольгæ. — Æз демæ нал дзурын. Æз ныртæккæ цæуын Мæскуымæ, æмæ æз ам куы нæ уал уон, уæд кæимæ фæнды цу, кæд дæ фæнды боныцъæхмæ дæр.

— Фæлæуу-ма, Оля...

— Æз демæ нæ дзурын. Иннæбон Мæскуымæ цæуæм. Уым фенхъæлмæ кæсдзыстæм нæ фыды ’рцыдмæ.

— О!.. нæ фыд, ды нæ фæлæ, — уый хъуыддæгтæ иууылдæр базондзæни! — фыр мæстæй æмæ кæугæйæ схъæр кодта Женя æмæ азгъордта Тимуры агурæг.

Ссардта Гейкæ æмæ Симаковы æмæ сæ бафарста, Тимур кæм ис, зæгъгæ.

— Сæхимæ йæм фæдзырдтой, — загъта Гейкæ. — Йæ мадыфсымæр æм дæу тыххæй цæуылдæр тынг мæсты у.

Женя фыр мæстæн йæ тымбыл къухтæ нылхъивгæйæ, фæхъæр кодта:

— Гъе афтæ... Ницæй тыххæй... сæфынц адæм! Бæрз бæласы зæнг йæ хъæбысы ныккодта, фæлæ йæм уыцы сахат Таня æмæ Нюркæ бауацысты.

— Женя! — фæхъæр кодта Таня. — Цы дыл æрцыдис? Женя, згъорæм! Уæртæ уырдæм æрбацыдис фæндырдзæгъдæг, кафын райдыдтой — кафынц чызджытæ.

Фелвæстой йæ, æрзылдтытæ йæ кодтой æмæ йæ баластой хъазтмæ, кæцы ран æрттывтой алыхуызон, дидинджытау, къабатæ, кофтæтæ æмæ ибкæтæ.

— Женя, кæугæ ма кæн! — кæддæриддæр куыд фæдзуры, афтæ тагъд æмæ дæндæгты ’хсæнæй сдзырдта Нюркæ. — Мæн зæронд ус куы фæнæмы, уæд нæ фæкæуын! Чызджытæ, фæлтау цомут уæртæ кафынмæ... Агæпп кодтам!

— Аг-гæпп кодтам! — Женя сфæзмыдта Нюркæйы. Æмæ, хъазты астæумæ баирвæзгæйæ, тынг хъæлдзæг æркæфтытæ, æрзылдтытæ кодтой.

***

Тимур сæхимæ куы æрцыди, уæд æм йæ мадыфсымæр фæдзырдта.

— Æхсæв кæй рацу-бацу кæныс, уымæй дын нал фæразын, — дзырдта Георги. — Нал фæразын уæ сигналтæй, уæ дзæнгæрæджы хъæрæй, синæгтæй. Цы æнахуыр хабар уыди хъæццулимæ та?

— Уый рæдыд хъуыддаг уыди.

— Хорз рæдыд хъуыддаг у! Уыцы чызгмæ æввахс дæр ма уал цу: йæ хо дæ нæ уарзы.

— Цæй тыххæй?

— Нæ зонын. Æвæццæгæн дын æмбæлы. Цавæр фыстæгтæ дын сты уыдон та? Цæй æнахуыр æмбæлдтытæ дын сты уыдон сæумæдæвдæгæй дыргъдоны? Ольгæ афтæ куы зæгъы, цыма уыцы чызджы фыдуаг митыл ахуыр кæныс, уыйау.

— Уый гæды дзуры, — смæсты Тимур, — афтæмæй та фæскомцæдисон у. Хъуыддагæй кæд исты не ’мбары, уæд мæм фæдзырдтаид æмæ мæ бафарстаид. Æз ын йæ алы фарстæн дæр дзуапп радтаин.

— Хорз. Фæлæ йын ныронг ницы ма загътай, æмæ дын бар нæ дæттын уыдон дачæмæ хæстæг бацæуынæн дæр, стæй æнæуый дæр дæхи фæнд куы тæрай, уæд дæ уайтагъддæр дæ мадмæ арвитдзынæн.

Уыцы ныхæсты фæстæ Георги фæцæйцыд.

— Мæ мадыфсымæр, — баурæдта йæ Тимур, — æмæ ды чысыл лæппу куы уыдтæ, уæд цытæ кодтан? куыд хъазыдтæ?

— Мах?.. Мах-иу згъордтам, дугъ уадыстæм, хæдзары цартæм-иу бырыдыстæм, афтæ-иу уыдис æмæ-иу кæрæдзи дæр ранадтам. Мах хъæзтытæ уыдысты хуымæтæджы хъæзтытæ æмæ сæ алчидæр æмбæрзта.

Женяйы бафхæрыны тыххæй Ольгæ изæрырдæм йæ чысыл хойæн иу ныхас дæр не скодта, афтæмæй ацыдис Мæскуымæ.

Ницы хъуыддаг æй уыдис Мæскуыйы. Уымæ гæсгæ, сæхи фатермæ здæхгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй ацыдис йæ хæлар чызгмæ, уым фæбадти талынгмæ, æрмæст дæс сахатмæ ’ввахс уыдаид, уæд бацыдис сæхи фатермæ.

Дуар бакодта, цырагъ ссыгъта æмæ уыцы сахат хæрдмæ фесхъиудта: сæ фатеры дуарыл цæмæйдæр фидаргонд уыди тел.

Ольгæ ратыдта тел æмæ йæ бакаст. Тел уыдис сæ фыдæй.

***

Изæрырдæм, уæзласæн машинæтæ фæйнæрдæм куы раст кодтой паркæй, уæд Женя æмæ Таня базгъордтой дачæмæ сæхимæ. Волейболæй хъазын фæнд скодтой, æмæ Женя хъуамæ йæ туфлитæ аивтаид рогдæр дзабыртæй.

Йæ дзабыры бæттæнтæ куы баста, уæд уатмæ бацыдис иу сылгоймаг — хæрз чысыл бурхил чызджы мад. Чызг уыдис йæ хъæбысы æмæ йæ хуыссæгæй рæдзæ-мæдзæ кодта.

Ольгæ сæхимæ нæй, уый куы базыдта сылгоймаг, уæд фенкъард ис.

— Мæ чызджы ам сымахмæ ныууадзынмæ хъавыдтæн, — загъта сылгоймаг. — Нæ зыдтон, дæ хо ам нæй, уый... Поезд абон æрбацæудзæн æхсæвыгон, æмæ мæ Мæскуымæ цæуын хъæуы — мæ мады размæ.

— Ныууадз æй ам, — загъта Женя. — Ольгæ исты... Æз адæймаг нæ дæн, æви цы? Уæртæ йæ мæ сынтæгыл æрæвæр, æз та иннæ сынтæгыл схуысдзынæн.

— Æнцад фæхуыссы, æмæ ныр райхъал уыдзæни æрмæстдæр райсомæй, — сцин кодта йæ мад. — Стæм хатт æм-иу бауайын хъæудзæни æмæ йын йæ сæры бын баз адзæбæх кæнын.

Чысыл чызгæн йæ гæрзтæ раластой, схуыссын æй кодтой. Мад ацыдис. Женя иуварс акодта рудзынгæмбæрзæн, цæмæй рудзынгæй чысыл сынтæг зындаид, тыргъы дуар багуыпп кодта, æмæ Таняимæ азгъордтой волейболæй хъазынмæ. Уым бадзырдтой — алы хъазты фæстæ дæр радыгай куыд цæуой, чысыл чызджы бæрæггæнæг.

Уыдон куыддæр азъордтой, афтæ тыргътыл æрбалæууыди постхæссæг. Уым бирæ фæхоста æмæ йæм куы ничи касти, уæд фæстæмæ кæрты дуармæ рацыди æмæ сыхаджы афарста, хæдзары хицæуттæ горæтмæ нæ ацыдысты, мыййаг, зæгъгæ.

— Нæ ацыдысты, — дзуапп ын радта сыхаг, — чысыл чызджы ныртæккæ ам ауыдтон. Æри, тел æз райсдзынæн. — Сыхаг лæг йæ къух æрфыста, тел йæ дзыппы авæрдта, бандоныл æрбадти æмæ лулæ сдымдта. Уым Женямæ бирæ фенхъæлмæ касти.

Сахат æмæ æрдæг рацыдаид. Æмæ та постхæссæг ноджыдæр бацыдис сыхагмæ.

— Мæнæ та, — загъта уый. — Цавæр тагъд хъуыддаг у? Айс, мæ хæлар, дыккаг тел дæр.

Сыхаг йæ къух æрфыста. Бынтондæр баталынг. Кæрты дуарыл бахызти, тыргъы асинтыл уæлæмæ ссыди æмæ рудзынгæй мидæмæ бакасти. Чысыл чызг фынæйæ лæууыд. Йæ сæрмæ базыл хуыссыди чысыл бур гæды. Æвæццæгæн, хæдзары хицæуттæ æввахс кæмдæр сты. Сыхаг лæг рудзынджы цæст бакодта æмæ дыууæ телы дæр уырдыгæй баппæрста. Дзæбæх, куыд æмбæлд, афтæ рудзынджы бинаг фæйнæгыл абадтысты телтæ, æмæ сæ Женя, фæстæмæ раздæхгæйæ, хъуамæ уайтагъд дæр федтаид.

Фæлæ сæ Женя нæ федта. Сæхимæ куы æрбаздæхти, уæд фынæй чызджы хуыссæнтæ мæйрухсмæ адзæбæх кодта, йæ сæр абырыди базæй æмæ йын æй дзæбæх сæвæрдта, гæдыйы ратардта, йæ гæрзтæ раласта æмæ схуыссыди. Иу дзæвгар ахуыссыд æмæ хъуыдытæ кодта: куыд вæййы цард дæр! Æмæ мæ аххос нæу, уæдæ Ольгæ дæр цыма аххосджын нæу. Афтæмæй Ольгæимæ фыццаг хатт фæхыл сты. Тынг хъыг ын уыдис. Хуыссæг æй нæ ахста, æмæ йæ æрфæндыди булкæ варенæимæ хæрын. Сынтæгæй рагæпп кодта, цырагъ асыгъта, скъаппмæ бацыдис, æмæ уæд ауыдта рудзынгыл телтæ.

Йæхинымæр куыддæр фæтарсти. Йæ къухтæ ризгæйæ телтæн сæ ныхæст аскъуыдта æмæ сæ бакасти.

Фыццаг телы уыдис:

«Цæугæ-цæуын абон уыдзынæн æхсæв дыууадæс сахатæй райсомы æртæмæ. Æнхъæлмæ мæм кæсут горæты фатеры. Уæ фыд».

Дыккаджы:

«Æвæстиатæй рацу ахсæв нæ фыд уыдзæни горæты Ольгæ».

Тарстхуызæй скасти сахатмæ. Уыдис фынддæс минуты хъуаг дыууадæс. Йæ къаба акодта, фынæй сывæллоны фелвæста Женя, æмæ цыма ферра, уыйау тыргъмæ рауад. Ахъуыды кодта. Сывæллоны сынтæгыл æрæвæрдта. Уынгмæ рауадис æмæ уыциу згъордæй æхсырхæссæг зæронд усы хæдзары балæууыдис. Дуар хоста тымбыл къухæй æмæ йæ къахæй, цалынмæ сыхаг зæронд ус рудзынгæй йæ сæр радардта, уæдмæ.

— Цы хойыс? — афарста йæ хуысæнхъæлдзæгæй. — Цы хынджылæг кæныс?

— Хынджылæг нæ кæнын, — лæгъстæгæнæгау сдзырдта Женя. — Æхсырхæссæг Машæ мæ хъæуы. Сывæллон ын йе ’вджид бакæнин.

— Цы дзæгъæл дзæнгæда цæгъдыс? — рудзынг багуыпп кæнгæйæ, дзуапп радта сыхаг ус. — Уый райсомæй раджы ацыдис хъæумæ йе ’фсымæрмæ уазæгуаты.

Вагзалы ’рдыгæй æрбайхъуысти æрбацæйцæугæ поезды гудок. Женя разгъордта уынгмæ æмæ уым амбæлдис урссæр джентльменыл, дохтырыл.

— Бахатыр кæн! — сындæг æм сдзырдта. — Нæ зоныс, кæцы поезд уасы, уый?

Джентльмен йæ сахатмæ æркаст.

— Дыууын æртæ фæндзай фондз, — радта джентльмен дзуапп. — Уый абон фæстаг поезд у Мæскуымæ.

— Куыд фæстаг? — йæ кæуын тыххæй уромгæйæ, сдзырдта Женя. — Æмæ уæд иннæ та кæд уыдзæни?

— Иннæ та уыдзæнис сæумæрайсом, æртæ цыппорыл. Чызг, цы кæныс? — Женя куы фæцудыдта, уæд ын йе уæхскмæ февнæлдта, афтæмæй йæ афарста зæронд лæг. — Кæугæ кæныс? Кæд дæ, мыййаг, ме ’ххуыс истæмæн хъæуы?

— Ой, нæ, — йæ куыд уромгæйæ æмæ азгъоргæйæ, дзуапп радта Женя. — Ныр мын дунейыл æппындæр ничиуал баххуыс кæндзæни.

***

Сæхимæ куы бацыд, уæд базыл дæлгоммæ ныххуыссыди, фæлæ уайтагъд фæстæмæ фæгæпп ласта æмæ мæстыгæрæй бакасти чысыл фынæй чызгмæ. Ахъуыды кодта: хъæццул раивæзта, базæй раппæрста бурбын гæдыйы.

Цырæгътæ ссыгъта тыргъы, цæлгæнæны, уаты диваныл сбадти æмæ йæ сæр ньттылдта. Афтæ абадти дзæвгар æмæ цыма хъуыды дæр ницæуыл кодта, афтæ зынди. Æнæбары скъуырдта фæндыры. Систа йæ æмæ йын йæ амонæнтæ радыгай æлхъывта. Фæндыр алы æвзагæй суасыди — хъæлдзæг æмæ æнкъард хъæлæсæй. Женя æвиппайды фæуагъта фæндырæй цæгъдын æмæ рудзынгмæ бацыдис. Йе уæхсджытæ рызтысты, сусæг куыдæй куыд фæризынц, афтæ.

Нæ! Иунæгæй баззай æмæ ахæм фыдæбæттæ уын, уый дарддæр йæ бон нал уыдис. Ссыгъта сойын цырагъ æмæ, къуырдтытæгæнгæ, дыргъдоныл сарамæ бацыдис.

Мæнæ цар дæр. Бæндæн, картæ, голджытæ, тырысатæ. Фанар ссыгъта, штурвалон цалхмæ бацыдис, кæцы тел æй хъуыдис, уый ссардта, хадзоныгæй йыл æрбахæцыд æмæ цалх æвиппайды фæзылдта.

***

Тимур уыди фынæй, Ритæ йын йæ къахæй йе уæхскмæ куы февнæлдта, уæд. Февнæлд нæ бамбæрста. Хъæццулмæ фæлæбурдта йæ дæндæгтæй Ритæ æмæ йæ раппæрста пъолмæ.

Тимур фæгæпп кодта.

— Цы кæныс? — афарста йæ, — хъуыддаг не ’мбаргæйæ. — Исты æрцыдис?

Куыдз ын йæ цæстытæм касти, йæ къæдзил тылдта, зылдта йæ сæр. Уыцы сахат Тимуры хъустыл ауади бур дзæнгæрæджы хъæр.

Афтæ æнафон кæй цæмæн бахъуыдаид, зæгъгæ, дис кæнгæйæ рацыдис тыргъмæ æмæ телефоны трубкæ райста.

— О, æз, Тимур, аппараты цур. Уый чи у? Уый ды дæ... Ды Женя?

Тимур фыццаг хъуыста æнцад. Фæлæ йæ былтæ базмæлыдысты, йæ цæсгомыл анхъæвзтой сырхбын стъæлфытæ. Тыхулæфт кодта тагъд-тагъд.

— Æмæ æрмæст æртæ сахатмæ? — стыхсгæйæ, афарста уый. — Женя, кæугæ кæныс? Æз дæ хъусын... Кæугæ куы кæныс. Ма ку! Нæ хъæуы! Ныртæккæ фæцæуын.

Телефоны трубкæ æрæвæрдта, тæрхæгæй райста поездты рæстæг амонæг чиныг.

— Мæнæ, гъе, фæстаг дыууын æртæ фæндзай фондз минутыл. Уый фæстæ ма уыдзæни æрмæст æртæ сахаты æмæ цыппор минутыл. — Йæ мидбынаты лæууы æмæ йæ былтæ æхсыны. — Æрæджы у? Ау, æппындæр ницыуал гæнæн ис? Нæй? Æрæджы у!

Фæлæ уæддæр Женяйы хæдзары кулдуары сæрмæ судзы сырх стъалы æхсæв дæр æмæ бон дæр. Уый ссыгъта йæхæдæг, йæхи къухæй, æмæ йæ тынтæ, æмраст, цыргъ æрттивынц æмæ тæмæнтæ калынц йæ цæстыты раз.

Командиры чызг ис тыхст раны! Командиры чызг æнæнхъæлæджы къæппæджы бахаудта.

Йæ гæрзтæ тагъд-тагъд акодта, уынгмæ рауадис, æмæ цалдæр минуты фæстæ фестади урссæр джентльмены дачæйы тыргъы раз. Дохтыры кабинеты ма сыгъди цырагъ. Тимур дуар бахоста. Дуар ын бакодта.

— Ды кæмæ? — æнæбары æмæ йæ дисгæнгæйæ афарста джентльмен.

— Сымахмæ, — дзуапп ын радта Тимур.

— Мæнмæ, — джентльмен фыццаг ахъуыды кодта, стæй дуар парахат байгом кодта æмæ йын загъта: — Уæдæ... курын æмæ мидæмæ рацу!..

Бирæ нæ фæныхас кодтой.

— Гъе уый дын нæ митæ, — йæ цæстытæ æрттивгæйæ фæцис йæ ныхас Тимур. — Гъе уый дын нæ митæ, нæ хъæзтытæ, æмæ мæ сымах Коля дæр гъе уымæн хъæуы ныртæккæ.

Зæронд лæг æнæсдзургæйæ сыстадис. Æвиппайды февнæлдта Тимуры роцъомæ, йæ сæр ын уæлæмæ схъил ходта, йæ цæстытæм ын бакасти æмæ æддæмæ рацыдис.

Коля кæм хуыссыди, уыцы уатмæ бацыдис, йæ уæхск ын басхуыста.

— Уæлæмæ сыст, — загъта уый — дзырдæуы дæм.

— Æмæ æз куы ницы зонын, — тарстхуызæй йæ цæстытæ ныйирд кодта, афтæмæй сдзырдта Коля. — Æз, дада, куы ницы зонын.

— Сыст, — карзæй загъта дыккаг хатт джентльмен. — Дæлæ дæм де ’мбал æрбацыдис.

***

Сарайы цары хъæмпы уæлæ, йæ уæрджытæ йæ хъæбысы æрбакæнгæйæ, бадти Женя. Уый æнхъæлмæ касти Тимурмæ. Фæлæ Тимуры бæсты рудзынджы гомæй æрбазындис Коля Колокольчиковы пыхцыл сæр.

— Уый ды дæ? — бадис кодта Женя. — Цы дæ хъæуы?

— Нæ зонын, — сабыр æмæ тарст хуызæй дзуапп радта Коля. — Æз фынæй уыдтæн. Уый æрбацыдис. Æз сыстадтæн. Уый мæ рарвыста. Уый мын бафæдзæхста, цæмæй демæ бынмæ ныххизæм, кулдуармæ.

— Цæмæн?

— Нæ зонын. Мæнæн мæхицæн мæ сæры цыма чидæр къуыртт-къуыртт кæны, цавæрдæр гуыв-гуыв. Женя, æз хъуыддагæн мæхæдæг дæр ницы æмбарын.

Бар кæмæй ракуырдтаид, уый нæ уыди. Йæ мадыфсымæр уыцы ’хсæв баззади Мæскуыйы. Тимур фанар ссыгъта, фæрæт райста, куыдз Ритæмæ фæдзырдта æмæ дыргъдонмæ ацыдис. Сарайы æхгæд дуары раз æрлæууыди. Фæрæтмæ æркаст, стæй та гуыдырмæ. О! Зыдта йæ — афтæ бакæнын хорз кæй нæу, уый, фæлæ йын æндæр гæнæн дæр нæ уыд. Тых цæфæй гуыдыр раппæрста æмæ мотоцикл сарайæ ратылдта æддæмæ.

— Ритæ! — хъыгзæрдæйæ загъта уый, йæ зонгуытыл æрлæугæйæ æмæ куыдзы былтæн ба кæнгæйæ. — Ды мæсты ма кæн! Æндæр гæнæн мын нæ уыдис.

***

Женя æмæ Коля лæууыдысты кулдуармæ. Дардæй сæм фæзындис æмæ сæм æввахсдæр кодта цавæрдæр рухс. Рухс сæм йæхи æмраст сарæзта, æрбайхъуыст моторы къæр-къæр. Рухсмæ сæ цæстытæ фæтартæ сты, сæ цæстытæ бацъынд кодтой, бырумæ сæхи фæстæрдæм айстой, уалынмæ рухс дæр æвиппайды ахуыссыд, мотор банцад æмæ сæ разы фестади Тимур.

— Коля, — загъта уый, салам дæр нæ радта æмæ йæ фæрсгæ дæр ницæмæй акодта, афтæмæй, — ды ам баззайдзынæ æмæ хъахъхъæндзынæ фынæй чызджы. Не ’ппæт командæйы раз уый тыххæй дзуапп дæттæг уыдзынæ. Женя, сбад! Размæ! Мæскуымæ!

Женя сцин кодта, йæ тых йæ бонæй Тимуры ныхъхъæбыс кæнгæйæ йын аба кодта.

— Сбад, Женя сбад! — тызмæгæй йæхи æвдисгæйæ, хъæрæй дзырдта Тимур. — Фидар бад! Цæй, размæ! Размæ схойæм!

Мотор скъæр-къæр кодта, гудочы хъæр фæцыд, Коля джихауæй аззад æмæ сырх рухс уынгæ дæр нал акодта.

Иу дзæвгар алæууыди, лæдзæг уæлæмæ систа, цыма топп уыди, уыйау ыл йæ дыууæ къухæй ныххæцыди, æмæ тынг рухсгонд дачæйы алыварс æрзылди.

— Æвæдза! — стыр лæгау, къахдзæфтæ кæнгæйæ йæхинымæр дзырдта. — Ех, цы зын дæ, цы, салдаттаг куыст! Бон дæр дын нæй æрынцой æмæ æхсæв дæр!

Рæстæг æрцæйæввахс кодта æхæвы æртæ сахатмæ. Булкъон Александров бадтис стъолы фарсмæ, стъолыл та æвæрд уыдысты цайдан уазал цаимæ, къалбасы æмæ цыхты лыггæгтæ æмæ булкæтæ.

— Сахаты ’рдæджы фæстæ æз ацæудзынæн, — загъта уый Ольгæйæн. — Хъыг мын у, Женькæйы фенын мын кæй нæ бантысти, уый. Оля, кæугæ кæныс?

— Нæ зонын, цæуылнæ ссыдис, уый. Ахæм тæригъæд ын кæнын, тынг æнхъæлмæ дæм касти. Ныр бынтондæр сæрра уыдзæни. Уæвгæ æнæуый дæр æрра у.

— Оля, — сыстгæйæ, загъта сæ фыд, — нæ зонын, стæй мæ нæ уырны, Женькæ æвзæр адæммæ бахауа æмæ уыдон коммæ бакæса, уый. Нæ! Ахæм зæрдæйы уаг æм нæй.

— Стæй куыд нæ! — хъыг æм фæкаст Ольгæмæ. — Æрмæст ын зæгъ афтæ. Уый æнæуый дæр афтæ фæдзуры, мæ зæрдæйы уаг, дам, мæ фыды зæрдæйы уагы хуызæн у. Æмæ дзы цы ис ахæмæй! Цармæ сбырыди, бæндæн хæтæлы хуынчъы дæлæмæ æруагъта. Æз иту райсынмæ хъавын, уый та хæрдмæ гæппытæ кæны. Папæ, ды куы цыдтæ, уæд ын цыппар къабайы уыдис. Уыдонæй дыууæ æппындæр нал бæззынц. Æртыккаг ын счысыл ис, иу та йын дарын нæма уадзын æз. Æртæ ног къабайы та йын æз мæхæдæг бахуыдтон. Фæлæ йын ницы лæууы — йæ уæлæ алцы дæр судзгæ кæны. Йæ буар æдзухдæр вæййы цъæхтæ æмæ цъæррæмыхстытæ. Йæхæдæг бацæуы, йæ былтæ банты хуызæн кæрæдзийыл сæвæры, йæ цъæх цæстытæй кæсы дисгæнæгау. Кæй зæгъын æй хъæуы, алчи дæр æнхъæлы — уый чызг нæ, фæлæ дидинæг у, зæгъгæ. Бафæлвар ма йæ. О-гъо! Дидинæг! Бавналдзынæ йæм æмæ дæ басудздзæни. Папæ, кой дæр æй ма кæн, уымæн дæр дæ зæрдæйы конд ис, уый. Уый йын ской кæнын йеддæмæ нæ хъæуы. Уæд æртæ боны хæтæлыл кафдзæни.

— Хорз, — Ольгæйæн хъæбысгæнгæйæ, загъта сæ фыд. — Æз ын зæгъдзынæн. Æз æм ныффысдзынæн. Оля, ды дæр æй æгæр ма ’фхæр. Зæгъын-иу кæй йæ уарзын æмæ мæ зæрдыл кæй лæууы, уый, стæй фæстæмæ тагъд кæй раздæхдзыстæм æмæ мæ фæстæ куыд нæ кæуа, уый, уымæн æмæ командиры чызг у.

— Уæддæр кæудзæни, — йæ фыдыл ныттыхсгæйæ, загъта Ольгæ. — Æз дæр дæн командиры чызг. Æмæ æз дæр кæудзынæн.

Сæ фыд сахатмæ скасти, кæсæнмæ бацыдис, гæрз йæ уæлæ æркодта æмæ йæ хæдон рæстытæ кæнын байдыдта.

Æвиппайды æддаг дуары гуыпп фæцыди. Дуарæмбæрзæнтæ фæйнæрдæм ацыдысты. Æмæ куыддæр йæ уæхсджытæ фæзул кæнгæйæ, цыма гæпп кæнынмæ сцæттæ кодта йæхи, уыйау фæзынди Женя.

Фыр цинæй схъæр кæныны, базгъорыны, гæпп кæныны бæсты сабыр æмæ цæрдæг бауади, æмæ æнæ иу ныхас скæнгæйæ, йæ фыды хъæбысы йæ цæсгом амбæрзта.

Йæ ных цъыфæй нал зынди, йæ къаба нынцъылдтæ æмæ счъизи. Ольгæ йæ фыр тасæй афарста:

— Женя, кæцæй? Куыд æрбахаудтæ ардæм? Женя йæм фæстæмæ дæр нæ фæкаст, йæ къухæй йæ ариуыгъта, ома: «Фæлæуу уал!.. Ма мæм дзур!.. Ма мæ фæрс!»

Йæ фыд Женяйы йæ хъæбысмæ систа, диваныл æрбадт, æмæ йæ йæ уæрджытыл сбадын кодта. Йæ цæсгоммæ йын бакаст æмæ йын йæ армытъæпæнæй йæ чъизи ных асæрфта.

— О, хорз! Сæрæн адæймаг дæ, Женя!

— Цъыфæй дæ куы ницыуал зыны, дæ цæсгом чъизи. Куыд æгъдауæй æрбахаудтæ ардæм? — ноджыдæр та йæ афарста Ольгæ.

Женя йын фæсдуармæ ацамыдта, Ольгæ фæкасти æмæ дзы ауыдта Тимуры.

Тимур йæ къæхтæй ласта мæскуы зæнгæйттæ. Йæ къæмисæн ахуырст уыди бур зетийæ. Йæ цæсгом уыди уымæл æмæ фæлладхуыз, йæ хъуыддаг æнæфæсайгæйæ чи баххæст кæны, ахæм кусæг адæймагæн куыд вæййы, афтæ. Се ’ппæтæн дæр салам ратгæйæ, Тимур йæ сæр размæ æргуыбыр кодта.

— Папæ! — йæ фыды уæрджытæй рагæпп кæнгæйæ æмæ Тимурмæ базгъоргæйæ, загъта Женя. — Макæй ныхæстыл æууæнд! Уыдон ницы зонынц. Мæнæ Тимур — мæ хорз æмбал.

Йæ фыд сыстади æмæ æнæ къуылымпыйæ райста Тимуры къух. Женя йæхи уайтагъд фæхъæлдзæг кодта, иу хатт тарстхуызæй Ольгæмæ бакасти. Ольгæ дæр, скатай уæвгæйæ æмæ дисгæнгæйæ, бацыдис Тимурмæ:

— Цæй... уæдæ æгас цу...

***

Уæдмæ сахат дæр ныццагъта æртæ.

— Папæ, — фæтарсти Женя, — стгæ кæныс? Нæ сахат размæ тындзы.

— Нæ Женя, уый раст амоны.

— Папæ, дæ сахат дæр размæ тындзы. — Базгъордта телефонмæ, æрæмбырд кодта «рæстæг», æмæ трубкæйæ фехъуысти æмхуызон зæланггæнаг хъæлæс:

— Æртæ сахаты æмæ цыппар минуты.

Женя къулмæ скасти æмæ, ныуулæфгæйæ, загъта:

— Нæ сахат размæ тындзы, фæлæ æрмæстдæр иу минут. Папæ, вагзалмæ мах дæр демæ акæн, поездмæ дæ ныххæццæ кæндзыстæм!

— Нæ, Женя, уый гæнæн нæй. Уым мæн нал æвдæлдзæни.

— Цæуылнæ? Папæ, билет дæм ис?

— Ис.

— Фæлмæн вагоны?

— Фæлмæн вагоны.

— Ох, куыд мæ фæнды демæ фæлмæн вагоны дард ацæуын!..

***

Уый дын вагзал дæр, фæлæ вагзалы хуызæн нæу, цавæрдæр станцæ, Мæскуыйы цур товарон станцæйы хуызæн, хъуамæ Сортгæнæны хуызæн. Фæндæгтæ, фатæгтæ, вагæттæ кæрæдзийыл баст, хицæн вагæттæ. Адæм дзы нæ зыны. Фæндагыл лæууы згъæрын поезд — бронепоезд. Æфсæйнаг рудзынг чысыл фегом, пиллонмæ ферттывта æмæ уайтагъд фæаууон машинисты цæсгом.

Платформæйы лæууы сæрак пъалтойы мидæг Женяйы фыд — булкъон Александров. Бауадис æм лейтенант, чест ын авæрдта æмæ йæ фæрсы:

— Æмбал командир, бар нын ис араст кæнынæн?

— О! — булкъон сахатмæ кæсы; æртæ сахаты æмæ фæндзай æртæ минуты. — Дзырд уыдис æртæ сахаты æмæ фæндзай æртæ минуты араст кæнынæн.

Булкъон Александров вагонмæ бацыдис æмæ кæсы. Рухс кæнын байдыдта, фæлæ арв мигътæй æмбæрзт у. Уымæл дуары хæцæныл рахæцыди. Уæззау дуар байгом ис. Йæ къахæй асины къахыл æрлæугæйæ, йæхи нымæр бахудти, æмæ йæхæдæг йæхи афарста:

— Фæлмæн вагоны?

— О! Фæлмæн вагоны...

Уæззау æндон дуар йæ фæдыл багуыпп кодта. Æмхуызон, æнæсхойгæйæ, æнæ хъинцæй базмæлыдис уыцы егъау згъæрын поезд æмæ ленкгæнæгау тагъд ауагъта йæхи.

Паровоз аивгъуыдта. Кæрæдзийы фæдыл згъорынц сармадзаны мæсгуытæ. Мæскуы фæсте аззади. Мигъ. Стъалытæ мынæг кæнынц. Рухс кæнын байдыдта.

***

Сæумæрайсом Георги йæ куыстæй куы æрцыдис сæхимæ, æмæ нæдæр Тимуры, нæдæр мотоцикл хуы нæ æрæййæфта сæхимæ, уæд сфæнд кодта Тилуры йæ мадмæ арвитын.

Сбадти писмо фыссыныл, фæлæ рудзынгæй фæндагыл ауыдта сырхæфсæддоны æрбацæйцæугæ.

Сырхæфсæддон сласта пакет æмæ афарста:

— Æмбал Гараев?

— О.

— Георги Алексейы фырт?

— О.

— Пакет айс æмæ дæ къух æрфысс. Сырхæфсæддон ацыдис. Георги пакетмæ æркасти æмæ цыма уыцы хъуыддаг рагæй зыдта, уыйау, ныхситт кодта. О! Гъе уый дын, рагæй кæмæ æнхъæлмæ каст, уый йæхæдæг.

Пакет райхæлдта, бакасти дзы æмæ цы писмо райдыдта фыссын, уый анцъылдтæ кодта. Ныр Тимуры æрвитын нал хъæуы, фæлæ йын йæ мадмæ ардæм дачæмæ фæсидын хъæуы телæй.

Уатмæ бацыдис Тимур, æмæ Георги фыр мæстæй тымбыл къухæй стъол æрцавта. Фæлæ Тимуры хæд фæстæ уатмæ бацыдысты Ольгæ æмæ Женя.

— Сабыр! — загъта Ольгæ. — Хъæр кæнын дæр ыл нæ хъæуы æмæ стъол хойын дæр нæ хъæуы. Тимуры аххос нæу. Аххосаг ды дæхæдæг дæ, стæй æз дæр.

— Афтæ, — сдзырдта Женя, — хъæртæ йыл ма кæн. Оля, ды стъолмæ хæстæг ма цу. Уæртæ сын уыцы дамбаца тынг хъæрæй гæрах кæны.

Георги бакасти Женямæ, уый фæстæ дамбацамæ, стæй та æлыгæй конд æртхутæгдоны саст хæцæнмæ. Цыдæр йæ зæрдыл æрлæууыд, æрхъуыды кодта æмæ фæрсы:

— Æмæ уæдæ уыцы æхсæв ды уыдтæ ам, Женя?

— О, уый æз уыдтæн. Оля, ды йын сæ радзур бæстон, мах та немæ ахæсдзыстæм фæтæген, пысултæ æмæ цæуæм машинæ сыгъдæг кæнынмæ.

***

Дыккаг бон, Ольгæ тыргъы куы бадти, уæд кæрты дуарыл æрбахызти командир. Уый цыди фидар, ныфсджын цыдæй, мæнæ цыма сæхи хæдзармæ цыди, уыйау. Ольгæ дисгæнгæйæ йæ размæ сыстад.

Йæ разы лæууыди танкон æфсæдты капитаны формæйы мидæг Георги.

— Уый та дын цы у? — сабырæй йæ афарста Ольгæ. — Уый та... оперæйы ног роль у?

— Нæ, — дзуапп ын радта Георги. — Æз дæм иу чысыл æрбауадтæн хæрзбон зæгъынмæ. Уый ног роль нæу, фæлæ ног формæ у.

— Уый, — йæ петлицæтæм ын амонгæйæ æмæ чысыл фæсырх уæвгæйæ, афарста Ольгæ, — уый у?..

«Мах цæвæм æфсæйнаг æмæ бетонæй æмраст дæр зæрдæмæ»?

— О, раст уый йæхæдæг. Оля, исты мын азар æмæ ацæгъд дард фæндагмæ.

Георги æрбадти. Ольгæ райста фæндыр.

... Тæхджытæ-пилоттæ! Бомбæтæ-пулеметтæ!

Мæнæ фæтæхут дард фæндагмæ.

Кæд æрбаздæхдзыстут?

Нæ зонын æз, — тагъд æви нæ,

Æрмæст æрбаздæхут... кæд фæнды фод, уæд та.

Гъей! Кæм фæнды дæр уат,

Зæххыл, на уæд — уæлдæфы,

Æцæгæлон бæстæты сæрмæ, —

Дыууæ базыры,

Сырхстъалыджын базыртæ,

Уарзон æмæ карз,

Фыццагау уæм кæсын æнхъæлмæ,

Куыд уæм кастæн, афтæ.

— Гъа, — загъта Ольгæ. — Фæлæ уый тæхджыты зарæг у, танкистты тыххæй ахæм зарæг нæ зонын.

— Ницы кæны, — ракуырдта дзы Георги. — Æнæ заргæйæ мын æнæуый исты хорз ныхас ссар.

Ольгæ ахъуыды кодта, бæззон хорз ныхас агургæйæ, фæсабыр ис, бæстон каст бакодта Георгийы цъæх, худгæ чи нæ уал кодта, уыцы цæстытæм.

***

Женя, Тимур æмæ Таня уыдысты дыргъдоны.

— Байхъусут-ма, — фæнд бахаста Женя, — Георги ныртæккæ цæугæ кæны. Цæй, æмæ йын фæндараст зæгъынæн æрæмбырд кæнæм æппæт командæйы дæр.

Цæй æмæ фыццаг номыр формæйыл фæдисы цагъд ныккæнæм. Гъе уый уыдзæни фæдис!

— Нæ хъæуы, — не сразы Тимур.

— Цæуылнæ?

— Нæ хъæуы!.. Иннæтæй ахæм æгъдауыл никæй афæндараст кодтам.

— Цæй уæдæ, кæд нæ хъæуы, уæд нæ хъæуы, — сразы Женя. — Сымах уал ам абадут, æз цæуын дон нуазынмæ.

Женя ацыдис, Таня ныххудтис.

— Цы кæныс? — нæ йæ бамбæрста Тимур. Таня ноджы тынгдæр ныххудтис.

— Сæрæн у, хинæйдзаг у нæ Женькæ! «Æз цæуын дон нуазынмæ!» — зæгъы!

— Хъусут! — æрбайхъуысти царæй Женяйы цин хъæлæс. — Дæттын фыццаг номыр формæйыл æхсæны фæдис.

— Æрра! — фæгæпп кодта Тимур. — Ныртæккæ ам æрбалæудзæни сæдæ адæймаджы! Цы ми кæныс уый?

Фæлæ уæдмæ ныззылди, ныхъхъинц кодта уæззау цалх, базмæлыдысты синагын телтæ. «Æртæ — стоп», «æртæ — стоп», æрлæууæн! Æмæ сараты цæртты бын, къæбицты, кæркдонты ныццагътой фæдисы дзæнгæрджытæ, къæркъæргæнæгтæ, æвгтæ, тасмачъи къоппытæ.

Фондзæссæдзы кæд нæ, уæддæр фæндзай сывæллонæй къаддæр не ’рбацæйтахти зонгæ фæдисон цагъдмæ.

— Оля, — тыргъмæ багæпп кодта Женя, — мах ацæудзыстæм семæ! Бирæйæ стæм. Рудзынгæй ма акæс.

— О, гъе, — рудзынгæмбæрзæн иуварс акæнгæйæ, фæдис кодта Георги. — Уæ командæ бирæ куы у. Эшелоны йын сæвæрæн ис æмæ йæ фронтмæ арвитæн.

— Нæй уый гæнæн! — ныуулæфыд Женя, Тимуры ныхæстæ зæгъгæйæ. — Æппæт хицæуттæн дæр æмæ командиртæн дæр фидарæй фæдзæхстгонд у, цæмæй чысылты æфсадмæ ма уадзой æмæ сæ уырдыгæй тæрой. Æвгъауаг! Æз дæр ма мæхæдæг уырдæм искуыдæм... хæстмæ, хъазуаты. Пулеметтæ размæ хæстмæ!.. Фыц-ц-æгæм!

— Фыц-ц-æгæм... хиппæлой æмæ атаман дунейыл ды дæ! — сфæзмыдта йæ Ольгæ, æмæ, фæндыры гæрз йæ уæхскмæ сæппаргæйæ, загъта:

— Фæуæд афтæ, кæд фæндараст зæгъæм, уæд сын музыкæимæ зæгъæм фæндараст.

***

Рацыдысты уынгмæ. Ольгæ фæндырæй цагъта. Уый фæстæ æрцавтой æвгтæ, тасмачъи къоппытæ, лæдзджытæ — уый раразмæ кодта йæхи хиарæзт оркестр, æмæ ныццæлхъ ластой зарæг.

Фæцæйцыдысты кæрдæгæй æмæ бæлæстæй цъæх дарæг уынгты, фæндагыл сæм фылдæрæй-фылдæр æфтыдис адæм. Æдде сæм чи касти, уыдон фыццаг не ’мбæрстой: цæуыл хъæр æмæ ахст кæнынц? Цæуыл æмæ цæй фæдыл у зард? Фæлæ хъуыддаг куы бамбæрстой, уæд сæ мидбылты худтысты, æмæ чи йæхинымæр, чи та хъæрæй дзырдта Георгийæн фæндараст.

Платформæмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд станцæйы цурты æрбацæйцыд æнæрлæугæйæ æфсæддон эшелон.

Фыццаг вагæтты уыдысты сырхæфсæддонтæ. Куы сæ ауыдтой, уæд сæм тилын байдыдтой сæ къухтæ, хъæр кодтой. Уыдон фæстæ цыдысты гом платформæтæ, æвæрд сыл уыди æфсæддон уæрдæттæ, сæ рæтæнæгъдтæ уæлæмæ зылд. Уый фæстæ та — вагæттæ бæхтимæ. Бæхтæ тылдтой сæ бырынчъытæ, æууылдтой хос. Уыдонæн дæр схъæр кодтой «Ура». Фæстагмæ тагъдгомау азгъордта платформæ, йæ уæлæ стыр цыдæр æвæрд, тигъджын фæныкхуыз кæттагæй бæстон æмбæрзт. Уыцы ран лæууыдис, поезды змæлд æй æнкъуыста, афтæмæй æфсæддон хъахъхъæнæг.

Эшелон аивгъуыдта, æрбацыдис поезд. Тимур дæр хæрзбон загъта йæ мадыфсымæрæн.

Георгимæ хæстæг бацыдис Ольгæ.

— Цæй, хæрзбон! — загъта уый. — Чи зоны, æмæ бирæ рæстæгмæ?

Йæ сæр ныттылдта æмæ йын йæ къух райста.

— Нæ зонын... Хъуыддаг куыд уыдзæни! Хъысмæт куыд уа, афтæ!

Поезды гудок, хъæр, оркестры хъæр. Поезд аивгъуыдта.

Ольгæ цæуылдæр ныхъхъуыды кодта.

Женя уыди, йæхæдæг дæр кæй не ’мбæрста, ахæм амондджын.

Тимур тыхсти, фæлæ йæхиуыл хæцыди.

— Гъе ныр, — йæ хъæлæс чысыл фендæрхуызон кæнгæйæ, загъта уый, — æз мæхæдæг дæр иунæгæй баззадтæн. — Æмæ, уайтагъд дæр раст алæууыди æмæ ма бафтыдта йæ дзырдтыл: — Уæвгæ мæм райсом мæ мад æрцæудзæнис.

— Æмæ æз та? — схъæр кодта Женя. — Уæртæ уыдон та? — ацамыдта йе ’мбæлттæм — Мæнæ уый та? — йе ’нгуылдз схаста сырх стъалымæ.

— Уыдоны тыххæй ма тыхс! — йæ хъуыдытæ фæуадзгæйæ, загъта Тимурæн Ольгæ. — Ды кæддæриддæр адæмы мæт кодтай æмæ дын æй уыдон дæр баххæст кæндзысты уымæй.

Тимур йæ сæр уæлæмæ систа.

Ах, ам дæр та, ам дæр та æндæр исты зæгъын йæ бон нæ баци уыцы хуымæтæг æмæ уарзон лæппуйæн!

Йе ’мбæлттыл йæ цæст ахаста, йæ мидбылты бахудтис æмæ загъта:

— Æз лæууын... Æз кæсын. Æппæтæн дæр у хорз! Алчи дæр æнцад у. Уæдæ, æз дæр æнцад дæн!

PAGE  1




1. і. Келешекке бастар ~ылыми ізденістерді~ сонылы~ын перспективалы~ ~рісін аны~тау~а б~кіл ~о~ам м~дделі
2. Доклад Проект электроснабжения кузнечнопрессового цеха
3. Курсовая работа Экологическая экспертиза
4. А процесс получения рельефа местности; В процесс получения контурного плана местности; С процесс получ
5. экономических условий
6. 18 июня 2005 г места составления Осмотр начат в 09 ч 30 мин Осмотр окончен в 10 ч 50 мин Следователь дознава
7. после и фрmodern новейший современный появился в годы первой мировой войны
8. Речевой стиль лидера
9. Реферат- Оценка экономической эффективности
10. Введение Субъекты семейных правоотношений
11. ТЕМАТИКА В ПРИКЛАДАХ ТА ЗАДАЧАХ Частина IV Дніпропетровськ НМетАУ 2010 Мі
12. Сердце отдаю детям ГОЛОС ЗА СЦЕНОЙ- В далёкой сказочной стране.html
13. вариантам Задача 1
14. 1 Социальноэкономическая ситуация города Бишкека [5] 1
15. Mn nd Boy или История с продолжением Тони ПарсонсMn nd Boy или История с продолжением Скан
16. Характеристика системы соревнований в игровых видах спорта
17. Lі Nа Са СаС2 В лаборантській шафі під замком або разом з ЛВЖ ЛЗР 3
18. Проблема происхождения философии
19. Ніби намальований на чорному полі картини сидів Кайдаш в білій сорочці з широкими рукавами
20. Тема работы Научный руководитель 1 Идзиковский Анатолий Констан