Поможем написать учебную работу
Если у вас возникли сложности с курсовой, контрольной, дипломной, рефератом, отчетом по практике, научно-исследовательской и любой другой работой - мы готовы помочь.
Если у вас возникли сложности с курсовой, контрольной, дипломной, рефератом, отчетом по практике, научно-исследовательской и любой другой работой - мы готовы помочь.
Дзесты Куыдзæг
НÆ БУЦ ХИСТÆРТÆ
(Дзесты Куыдзæг. Нæ буц хистæртæ: Мысинæгтæ. Орджоникидзе: Ир, 1981.)
[0.1] ЦÆРЫ ÆМÆ ЦÆРДЗÆН [0.2] «ХУЫМÆТÆДЖЫ ЛÆГ» [0.3] ХЪАМБЕРДИАТЫ МЫСОСТ [0.4] ДЗАНАЙТЫ ИВАН (НИГЕР) [0.5] ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ [0.6] БАРАХЪТЫ ГИНО [0.7] ИЛАС ÆРНИГОН [0.8] КОСИРАТИ СÆРМÆТ [0.9] БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН [0.10] САНАХЪОТЫ УАНКЪА [0.11] БАЙМÆТАТЫ ЦЫППУ [0.12] МÆ АХУЫРГÆНДЖЫТÆ [0.13] БЕКОЙТЫ ДЗИБКА ÆМÆ ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДР [0.14] ГÆДИАТЫ СЕКЪА [0.15] «ИРОН ФÆНДЫР» |
I
Зымæгон æхсæв. Хæххон ирон хæдзар. Сырх пиллонæй судзы къонайы арт. Къæсæрæй бахизæны хæдзары галиуварс нæлгоймæгты бадæн, рахизырдыгæй сылгоймæгтæ æртыгуыр сты иу ранмæ, бадынц сæ ныллæг бандæттыл æмæ та сын бацайдагъ цыдæр сусæг ныхас. Чындз лæууы, къонайы фарсмæ цы цæджындз ис, уый æнцой, йæ былтæ тыхт йæ кæлмæрзæнæй, æнхъæлмæ кæсы хистæрты цумамæ. Бирæ сты нæ бинонтæ дæс æмæ ссæдз адæймаджы. Салдаты службæйы цы дыууæ лæппуйы ис, уыдонæй фæстмæ иууылдæр ам сты. Артдзæсты комкоммæ къæлæтджын бандоныл бады мæ фыдыфыд, хæдзары хистæр. Йæ дæлейы даргъ нывæфтыд бандоныл бады йе фсымæр, уый дæле фæсхохаг уазæг, уырдыгæй дæлæмæ та иннæ нæлгоймæгтæ. Кæстæртæ дыууæйæ лæууынц æппæты дæлейы. Сæ иу къонайы фарсмæ æфсæн цырагъдарæныл æвæры нæзы цырæгътæ æмæ, уыдонæй мынæг рухс чи фæкæны, уый та асхъауы. Кæстæртæй бадгæ ничи фæкæны, уазæг нæм куы вæййы, уæд.
Æз дæр лæууын фæскъона цырагъдарæны хæд фæстæ æмæ ахуыр кæнын мæ райсомы урок. Бонæй мын амал нæ фæцис, фосмæ зилыныл æмæ къахдзоныгътæй бырыныл æгæр афæстиат дæн. Уæвгæ уыйбæрц бирæ дæр нæу мæ урок. Æдæппæт дыууадæс рæнхъы. Чи зоны, райсом æй скъоламæ цæуыны агъоммæ дæр сахуыр кæнин, фæлæ... Уадз æмæ уазæг дæр фена, æз чиныг кæсын кæй зонын, уый. Стæй мæ фыдыфыдæн дæр æхсызгондæр вæййы, хъæрæй куы фæкæсын, уæд.
Иуахæмы мын æгæр хъæрæй рауад дыккаг куплеты фæстаг дыууæ рæнхъы:
«Фыдæлтæй нын баззад
Зæйы сæфтæн рад».
О, хæдæгай, уый уын куы нæма радзырдтон... уазæг æрбакаст мæнырдæм. Уæртæ лæппуйы ныхасмæ æрлæууыд мæ зæрдыл...
Сагъæссаг уыд, хъудаг уазæг цы хабар ракодта, уый. Бæрзæфцæгæн йæ хуссарварс, Гудауырæй чысыл дæлдæр, Хъуды комы рæбын, Арагуйы донæн йæ галиуварс цардис зыбыты иунæг хæдзар. Кæддæр, дам, дзы цалдæр хæдзары цард, фæлæ фæстæдæр æндæр кæмттæм фæлыгъдысты. Гъе, æмæ уыцы иунæг хæдзар дыууæ къуырийы размæ бабын, зæйы бын бацарæфтыд.
Багъæц-ма, Бæрзæфцæгæн æз йæ дыууæ фарсы дæр тынг хорз зонын æмæ дзы хуссарырдыгæй ахæм зæйуат куы нæ хъуыды кæнын, уæд цымæ кæм уыдаид?.. бафарста йæ мæ фыдыфыд. Æмбискар куы уыди, уыцы азты бирæ фæкуыста Бæрзæфцæгыл митмæрзæгæй æмæ ныр дæр нæма бафсæст уæды хабæрттæ дзурынæй.
Уазæг бæстондæр бацамыдта, зæй кæцæй рацыд, уыцы бынат, æмæ сæ ныхас аздæхт зæйты коймæ. Æрымысыдысты, иу зымæг Нары комы рæбинагдæр хъæу Джинаты æгасæй дæр куыд фæласта зæй, сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, сæ зонгæтæй зæйласт чи фæцис, ахæмты дæр, стæй сæ ныхас раздæхт Бæрзæфцæджырдæм. Мæ фыдыфыдæн та амал фæцис, арæх цы хабар фæдзуры, уый ракæнынæн.
2
Бæрзæфцæг. Дыууæуæладзыгон къазарма, «Быдарты къазарма» кæй хонынц, уый. Зымæг. Цалдæр боны дæргъы митуард æмæ тымыгъ нæ сабыр кæнынц. Æхгæд у фæндаг. Бæлццæттæ ныццæнд сты цæгатырдыгæй Базилæн æмæ Къобы, Хуссары та Млеты æмæ Пасанауры. Фæндагмæрзджытæ джиуынц къазарматы. Цалынмæ мит йæ уарынæй банцайа, дымгæ йæ къуыззиттæй, уæдмæ нæй кусæн. Схъыг сты куыстдзагъд адæм æнцад бадынæй, конд сын фесты ирон æмæ гуырдзиаг адæмон аргъæуттæ æмæ таурæгътæ, тырсыйаг, хиуаг, хадон, хъудаг, дзимыраг, гнугъаг æмæ урстуаллаг хъæлдзæг ныхæстæ æмæ уыци-уыцитæ дæр. Уæддæр ма сæ æрцардта се мбæлттæй иу къобаг. Къоб паддзахвæндагыл цæрынц, Дзæуджыхъæумæ дæр æнцондæрæй æфтынц, чиныг кæсын чи зоны, ахæм адæм дæр сæм арæхдæр сты.
Кусджытæй иу къобаг сæхицæй схаста Быдарты къазармамæ Хетæгкаты Къостайы фыст чиныг æмæ йæ хъæрæй каст кусджытæн. Йæхицæй фæстæмæ кусджытæй ничи зыдта чиныджы. Цалдæр боны фæкаст чиныг, суанг ма йæм иннæ къазарматæй дæр цыдысты хъусынмæ. Гъестæй уæд, æвзæр рæстæг æгæр дæргъвæтин куы ахаста, уæд уал ацыд сæхимæ, Къобмæ. Кусджытæ та баззадысты сæхи таурæгъты æвджид.
Æмæ дзы иуæхсæв ахæм ныхас рауад. Фæсахсæвæр уыд, фæлæ кусджытæй ничима бафынæй. Тырсыйаг кусджытæй иу ракодта рагон ирон аргъау, Уастырджи, дам, æртæ æфсымæрæн фæйнæ хæрзиуæджы райсыны бар радта лæварæн, кæй цы хуыздæр фæнды, уый. Хистæр æфсымæр райста бирæ фос, астæуыккаг бирæ хор, кæстæр æфсымæр та хорз бинойнаг. Таурæгъы кæрон куыд рабæрæг, афтæмæй амбылдта кæстæр æфсымæр. Гъе, æмæ уыцы аргъау расайдта æндæр ныхæстæ.
Нæ фæлæ ныр махмæ дæр исчи куы æрбадзурид: кæй уæ цы лавæр хъæуы, уый-ма зæгъæд, уæд, цымæ, чи цы ракурид? райдыдта гнугъаг кусæг æмæ уал йæ фарстæн йæхæдæг фæразæй дзуапп дæттынмæ. Махмæ, Гнугъгомы ис, æгас Ирыстоны дæр чи нæй, ахæм стыр сæрвæт, хонгæ та йæ Сангали кæнæм. Алы аз дæр дзы фæхизы иу-дыууадæс мин фысы бæрц. Æмæ уыдон иууылдæр иу лæджы фос сты. Мæн уыцы фос куы уаиккой, æндæр мæ ницы хъæуы...
Æмæ та дæуæн дæр уыцы таурæгъы лæгау фæллад фæндаггонæн дæ бирæ фосæй иу сæныкк аргæвдын дæ цæст нæ бауарзид... йæ ныхас баппæрста чидæр.
Де ххуырст фиййæутты нæмгæ нæ кæндзынæ?
Дæ фосы фаджыс дæ сæрæй нæ фæуæлдæр уыдзæн?
Ныхасæппарæн кæнынц фæйнæрдыгæй. Нæй, никæй зæрдæмæ фæцыд уыцы бæллиц.
Уæдæ æз та райсин... райдыдта хадон кусæг æмæ схуыдта иу къахетаг кънйазы ном. Кæуылты сты йæ зæххытæ æмæ йæ сæндæттæ! æртæ хъæуы цæрынц йæ зæххыл. Йæ фæллойæн банымайæн дæр нæй, æмæ йæ сæр паддзахы раз дæр нæ къул кæны...
О, о, паддзахы раз нæ къул кæны, фæлæ Арсены раз йæ зонгуытыл æрхауы! йæ дзырд баппæрста хиуаг. Кусджытæ хорз зонынц, кæй кой кæнынц, уый. Арсен Одзелашвили уыдис кънйазы цагъар. Абырæг алыгъд æмæ дзы æмризæджы рызтысты хъæздгуытæ æмæ кънйæзтæ, уæлдайдæр та, мæгуыр адæмы чи æфхæрдта, уыдон.
Ничи бабæллыд уыцы хъæздыгдзинадмæ дæр. Уыйфæстæ сбирæ сты дзурджытæ. Худæджы хос фæцис, Анануры пъырыстыфы хуызæн лæг суæвынмæ чи бабæллыд, уыцы дзимыраг. Хорз æфсин равзарын дæр, ай-гъай, хорз лæвар у, фæлæ адæймагæн йæ фадат куы нæ уа æрмæст хъæбæрхоры кæрдзынæй дæр йæ бинонты бафсадын, уæд уымæй дæр цæй хорз цард ис. Иу чидæр ма суанг стырдæр лæвармæ дæр ахæццæ. Кæд, дам, бархийæ æвзаргæ у, уæд, дам, æз равзарин, паддзах куыд суон, афтæ. Фæлæ ууыл дæр хъусджытæ се ппæт не сразы сты. Уадиссаг бæллиццаг нæу паддзах дæр. Хæлæггæнджытæ йæм бирæ ис. Афтæ дæр, дам, вæййы, æмæ уыцы бынаты тыххæй æфсымæр æфсымæры амары, фырт йæ фыды. Стæй адæймаджы адæмы хорзæх куы нæ уа, уæд ахæм бынат дæр цæй тæхудиаг у! Паддзах та мæгуыр кусæг адæмæн æлгъыстаг у, хъæздгуытæ æмæ дзы стыр хицæуттæй æндæр чи раппæлдзæн?
Къазармайы цы кусджытæ уыд, уыдонæй ма стæм чидæртæ баззад, иннæтæй алчидæр загъта йæ бæллиц. Уæдмæ Къобæй сыздæхт, «Ирон фæндыр» сын чи каст, уый. Æхсызгон уыд кусджытæн йе ссыд, уымæн æмæ та чиныг дæр йемæ æрбахаста.
Бамбарын ын кодтой, ныхас цæуыл цыд, уый. Радзырдтой йын кусджытæ, чи цæмæ бабæллыд, уыдæттæ дæр. Уый бахудт йæ мидбылты æмæ афтæ зæгъы:
Ау, æмæ бирæ кæрдзынтæ æмæ дзидзатæ чи хæры, кæнæ мæгуыр кусæг адæмы ехсæй чи нæмы, ахæм хицæуттæй хуыздæр ницы ссардтат?
Адæм фегуыппæг сты. Алчидæр та хъуыдытыл фæцис: уæдæ ма цы хуыздæр бæллиц уа? Къобаг та йæ чиныг райста, рафæлдæхта йæ, иу ранмæ дзы æркаст æмæ дзуры дарддæр:
Æнхъæл дæн, æмæ уын мæнæ ацы чиныджы цытæ кастæн, уыдон уæ зæрдыл дзæбæх нал лæууынц? æмæ райдыдта чиныг кæсын:
«Тæхуды, йæ дзыллæйы раз
Чи ракæны барджын ныхас,
Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..
Ахæм тæхудиаг уыд Къоста йæхæдæг æмæ мæнæн мæхимæ дæр ахæм лæг уæвынæй хуыздæр бæллицц нæ уаид... балхынцъ кодта къобаг йæ ныхас.
Къазарма ныхъхъус. Иунæг сыбыртт, иунæг дзырдæппарæн дæр ничиуал скодта. Æппынæрæджиау иу ухаттаг бадзырдта чиныгкæсæгмæ:
Цыбырныхасæй, Къостайы хуызæн, нæ?
Æмæ цы!
Æгæр дын нæ уаид?
Цæмæн! Иугæр фæндонæй у, уæд мын уадз æмæ уа!
Ныр ныхас аздæхт Къостайырдæм. Алчидæр дзырдта, цы дзы фехъуыста æмæ зыдта, уый. Къоста, дам, Нары комы цæрджытæн зæхх райста Лабæйы, иннæ кæмтты чи цæры, уыдонæн дæр архайы зæхх райсыныл быдыры. Терчы облæсты хицау цы инæлар у, уый, дам, Къостайæ афтæ тæрсы, æмæ йæ галуаны алыварс æхсæвæй-бонæй хъахъхъæнджытæ лæууынц æд хæцæнгарз. Къоста, дам, паддзахмæ хъаст бахаста, цæмæй хæхбæсты цæрджытæй алы коммæ дæр уа уæрдонвæндаг. Дзæуджыхъæуы хицæуттæ, дам, иу мæгуыр лæгæн æнаххосæй ауындзыны тæрхон скодтой, фæлæ Къоста йæ сæрыл радзырдта, æмæ лæг фервæзт. Къоста, дам, æрдомдта хицæуттæй, цæмæй алы хъæуы дæр уа скъола, чызгæй, лæппуйæ паддзахы хардзæй кæм ахуыр кæной, ахæм.
Æвæццæгæн, æмбисæхсæвмæ дæр нæма фæцис Къостайы кой. Къостайы хуызæн лæг суæвын уыцы бæллицæй хуыздæр бæллиц никæмæ разынд кусджытæй...
Ацы хабар-иу арæх кодта мæ фыдыфыд. Уый йæ бæстондæр дзырдта, номæй æмæ мыггагæй амыдта, йемæ митмæрзæгæй чи куыста æмæ Быдарты къазармайы чи царди, уыцы кусджыты. Йæ хабæрттæ мæ зæрдыл даргæйæ æртынæм азты иухатт Къобæй араст дæн фистæгæй Бæрзæфцæгмæ. Федтон, митмæрзджытæ кæмыты куыстой, Быдарты къазармайы хæлддзæгтæ ныр дæр ма лæууынц фæндаджы былгæрон, тъунелтæй дæр иуæй-иутæ фехæлдысты, кусæг дæр дзы нал вæййы зымæгон, æхгæд кæй вæййы, уый тыххæй.
3
Хуссар Ирыстоны, Едысы, райдайæн скъола раджы фæзынд, 1890 азы. Уый уыд цыппар комы фынддæс хъæуæн иунæг скъола. Дамгъæтæ ахуыр кодтам уырыссаг чиныг «Родной мир»-æй. Уыдон-иу куы базыдтам, уæд та-иу райдыдтам ирон чиныджы кæсын. Уыцы рæстæджы, 1900 азты, Цæгат Ирыстоны райдайæн скъолаты ахуыр кодтой Хъаныхъуаты Алмахситты чиныгæй, Хуссар Ирыстоны та Мамытты Стефаны чиныгæй.
Хетæгкаты Къостайы кой хъуыстам нæ хистæртæй æмæ, махразмæ чи ахуыр кодта, уыдонæй, фæлæ йын йæ уацмыстимæ базонгæ стæм, æрмæст скъоламæ куы бацыдыстæм, уæд. Дамгъæты фæстæ ахуыр кодтам Къостайы æмдзæвгæ «Фыдуаг» æнæкæсгæйæ дзурын, уыйфæстæ «Уасæг», «Кæмæн цы?», «Лæгау», «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Фæстаг æмдзæвгæ не ппæт дæр æнæкæсгæйæ дзурын куы сахуыр кодтам, уæд ахуыргæнæг æрымысыд æмдзæвгæ хицæн рольты равдисын. Скъоладзаутæй иуы схуыдта бирæгъ, иннæйы хърихъупп. Æртыккаг та хъуамæ дзырдтаид авторы текст. Лæппутæй алчидæр æнæрхæцгæйæ сахуыр кодта æмбисонд. Бирæгъ йæ дзых ныххæлиу кодта, афтæмæй «мæлыны къахыл» ныллæууыд. Хърихъупп сæрыстырæй æмæ æнæрвæссонæй зилы йæ алыварс. Текст дзурæг афтæ куы загъта: «Бирæгъы хъæлæсы фатау фæцавта даргъ бырынкъ, афтæмæй уæны стæг сдавта», зæгъгæ, афтæ, хърихъупп чи хъазыд, уыцы лæппу æгæр арф фæтъыста йе нгуылдз «бирæгъы» хъæлæсы æмæ, чысыл ма бахъæуа, уый йæ аходæны къæбæртæ скала. Скъоладзаутæн та худæджы хос фæцис.
Ахуыры азы кæронмæ ма сахуыр кодтам Мамытты Стефаны чиныджы Къостайы æмдзæвгæтæй «Æрра фиййау», «Мæгуыры зарæг», «Мæгуыры зæрдæ», «Марходарæг», «Саг æмæ уызын» æдæппæт иуæндæс æмдзæвгæйы.
Дыккаг аз ахуыр кодтам Мамытты Стефаны чиныджы дыккаг хай. Ам дæр та рæдау разынд чиныгаразæг Къостайы æмдзæвгæтыл. Æмæ, æвæццæгæн, канд уый тыххæй нæ, æмæ уæды рæстæджы ирон æмдзæвгæтæ хæрзыстæм кæй уыдысты. Уæдмæ ирон газетты æмæ журналты фæзындысты къорд æмдзæвгæйы, суанг ма хицæн уагъд æмбырдгæндтæ дæр, фæлæ, æвæццæгæн, чиныгаразæгмæ Къостайы æмдзæвгæтæ хуыздæр фæкастысты.
Дыккаг азы ахуыры кæронмæ ма уыцы чиныгæй сахуыр кодтам Къостайы æмдзæвгæтæй: «Тæхуды», «Сагъæс», «Уалдзæг», «Сæрд», «Фæззæг», «Гъæй-джиди!», «Сæрдыгон къæвда», «Æнæ хай», «Зымæг».
Нæ ахуыргæнджытæ (Кокойты Джена æмæ Сланты Ефин) нæ канд уыдоныл дæр нæ ныууагътой. Къостайы «Ирон фæндыр»-ы цы æмдзæвгæтæ уыд æмæ уыдонæй нæ ахуыргæнæн чиигуытæм чи нæ бахауд, ахæмтæ дæр ма нæ ахуыр кодтой æнæкæсгæйæ дзурын. «Ныфс», «Балцы зарæг», «Фесæф», «Хъазтæ», «Марды уæлхъус», «Сидзæргæс», «Всати», «Цъиу æмæ сывæллæттæ».
Æртыккаг къласмæ куы бахызтыстæм, уæд «Ирон фæндыр» чингуытæ фæфылдæр сты нæ хъæуы. Ахуыргæнæгмæ, сауджынтæм æмæ ма мах размæ чи ахуыр кодта, уыцы лæппутæй кæмæдæрты. Уыцы чингуытæ æвидийгæ цыдысты къухæй-къухмæ, хъæуæй-хъæумæ, хæдзарæй-хæдзармæ, æмæ бирæ рæстæг никæмæ фæстиат кодтой. Махмæ, скъоладзаутæм дæр, хæццæ кодтой, уæдæ куыд! æцæг нæм дзы диссаг фæкастысты иуæй-иу бынæттæ. Зæгъæм, дзырдæн, нæ ахуыргæнæн Мамытты Стефаны чиныджы æмдзæвгæ «Сагъæс» афтæ райдайы:
«Мæ удылхæцæг,
Табу дын фæуа».
«Ирон фæндыры» та:
«Мæ удылхæцæг
æнæнцой уа».
Чиныгаразæг сауджын уыд æмæ, чи зоны, уый тыххæй нæ бакуымдта йæ зæрдæ хуыцауæй «æнæнцой уа» зæгъын.
«Сидзæргæс» дæр ахуыр кодтам «Ирон фæндыр»-æй. Фæлæ, куы ма йæ загътам, чиныг алкæй къухы не фтыд. Нæ сыхæгты лæппу Дзадте дæр не ссардта чиныг, фæлæ йæ æнæкæсгæйæ чи дзырдта, уыдонмæ хъусгæйæ уæддæр базыдта, æрмæст иу ран фæрæдыд æмæ та уый дæр худæджы хос фæцис ахуыргæнинæгтæн.
«Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы...»
Ацы дыууæ рæнхъы афтæ сахуыр кодта:
«Халон баргъæвст сындзыл.
Уæтты бын хуыссы...»
Чиныг æм нæ уыд æмæ йæ йæ хъус куыд ахста, афтæ йæ сахуыр кодта.
Мæнæн нæхи хæдзары уæлдай арæхдæр кæсын кодтой «Ирон фæндыр» сылгоймæгтæ. Нæхæдæг дæр бирæ бинонтæ уыдыстæм, фæлæ ма-иу нæм зымæгон бонты не рвадæлты æмæ нæ сыхæгты сылгоймæгтæ дæр æрæмбырд сты æд æлвисинæгтæ æмæ та-иу мæм бахатыдысты: «Къостайы та нын бакæс!» Бафиппайдтон иу уавæр: Къостайы æмдзæвгæтæ-иу сын куы дзырдтон æнæкæсгæйæ, уæд сæм уый къаддæр диссаг каст, чиныгæй сын цы кастæн, уымæй. Иухатт мæ фыдымады бафарстон: «Цæмæн уæм афтæ кæсы?» Уый мын загъта: «Искæмæй исты фехъус æмæ йæ æндæр искæмæнты радзур уый бынтон æнахуыргонд адæймаг дæр базондзæн, фæлæ чиныджы цы фыст ис, уый бакæсын та æрмæст ахуыргонд лæджы бон у». Иугæр сæм афтæ кæсы, уæд æз дæр æнæкæсгæйæ кæй зыдтон, уыцы æмдзæвгæты дæр-иу сын кастæн чиныгæй.
Къостайы æмдзæвгæтæй «Ирон фæндыр»-мæ чи нæ бахауд, уыдон хабар та афтæ рауад: «Додой» нæ уыд чиныджы, фæлæ йæ хистæр скъоладзаутæм æмæ ас адæммæ хъусгæйæ зыдтам не ппæт дæр, заргæ дæр æй кодтам. «Салдат» æппæты фыццаг хатт фехъуыстон, рæгъаугæс æй куыд зарыд, афтæмæй, стæй йæ рафыстон, иу-цалдæр азы размæ скъола каст чи фæцис, ахæмы тетрадæй. «Æхсины лæг» бакастæн, æрмæст советон дуджы цы чингуытæ рацыд, уым.
Мæ зæрдыл ма лæууы, фыццаг къласы куы ахуыр кодтам, уæды рæстæгæй иу цау. Æмдзæвгæ «Лæгау» афтæ райдайы:
«Фест райсомæй, лæгау,
Ныхс сапонæй дæхи...»
Не мкъласонтæй иу лæппу йæ ныфс бахаста ахуыргæнæджы бафæрсын:
Ахуыргæнæг, æмæ сапон куы нæ уа, уæд та? Ахуыргæнæг исдугмæ фегуыппæг, фæлæ уайтагъд дзуапп ссардта:
Сапон куы нæ уа, уæд та афтæ: дæ къухтæ æнтыд æмæ донæй тынг ныхс, стæй та уыйфæстæ дæ цæсгом сыгъдæг донæй...
Æвæццæгæн, уымæн йæ дыккаг боны хуызæн скъоладзаутæн сæ къухтæ афтæ сыгъдæг никæдма уыдысты. Æнтыд та кæцы хæдзары нæ уыд!
***
Цæгат æмæ Хуссар Иры кæмттæй Урстуалты комæй арфдæр нæ разындзæн. Дæс æмæ ссæдз километрæй æввахсдæр æм нæ хæццæ кодта уæрдонвæндаг.
Урстуалты кой афтæ бæстон уымæ гæсгæ кæнæм, æмæ уыцы къуымы дæр Хетæгкаты Къостайы кой чи нæ хъуыста, йæ æхсæнадон архайд ын чи нæ зыдта, йæ диссаджы «Ирон фæндыры» зыланг кæцы хæдзарæй нæ райхъуыст, ахæм нал баззад цыппар комы фынддæс хъæуæй. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй, скъола каст чи фæцис, уыцы лæппутæй Къостайы иронау фыст æмдзæвгæтæй æмбисæй фылдæр æнæкæсгæйæ дзурын чи нæ зыдта, ахæмтæ дæр хæрз стæм уыдаиккой. Уыдонмæ хъусгæйæ ма кæсын æмæ фыссын цы ас адæймæгтæ нæ зыдтой, уыдонæй дæр бирæтæ базыдтой æнæкæсгæйæ дзурын цалдæргай æмдзæвгæтæ: «Додой», «Салдат», «Сидзæргæс», «Мæгуыры зарæг» æмæ æндæртæ.
Номдзыд æмæ стыр фысджытæ бирæ адæмтæм ис. Фæлæ уыцы иу рæстæджы стыр фыссæг дæр уай æмæ адæмы сæрхъуызой дæр, стæй дæ канд ахуыргонд адæм нæ, фæлæ кæсын æмæ фыссын чи нæма зоны, уыдон дæр æнæкæсгæйæ дзурын зоной, ахæм фысджытæ æмæ дзыллæйы лæгтæ стæм хатт вæййынц адæмты историйы. Ирон адæмæн Къоста ахæм уыд.
1936 азы уалдзæджы, Къостайы амардыл 30 азы куы сæххæст, уæд уыдтæн Майрæмададжы. Царахатæй иу лæппулæг кодта Къостайы зарæг, адæм ыл цы зарæг скодтой, уый. Къостайыл зарæг кæй ис, уый зыдтон, фæлæ йæ уæды онг хъусгæ нæма фæкодтон. Иттæг хорз хъæлæсы хицау уыд Царахы-фырт. Тынг хорз зарыд уыцы зарæг. Йæ алы куплеты кæрон дæр-иу фæцис ахæм ныхæстæй:
«Цæрай æмæ бирæ нын фæцæрай,
Хетæгкаты Леуаны фырт
Мæгуыр къуылых Къоста!»
Ацы ныхæстæй дæр бæрæг у, зарæг конд кæй уыд, Къоста ма цæрдуд куы уыд, уыцы рæстæджы. Сгуыхт æмæ номдзыд дзыллæйы лæджы ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр уæлдай буцдæр кодтой зарæгæй, кады æмæ номы зарæгæй. Зарæг-иу кодтой, адæмы сæраппонд йæхи нывондæн чи хаста, удæгас-иу чинæуал уыд, ахæм адæймæгтыл, йæ цæргæ-цæрæнбонты йæ дзыллæйæн æрдхæрæны хорздзинæдты чи бацыд æмæ цæрдудæй кад, цыт æмæ намысы зарæг кæуыл скодтой йæ адæм, ахæм фыццаг лæг ирон адæммæ, чи зоны, Къоста уыд... Æмæ зарæджы ныхæстау, цард, цæры æмæ цæрдзæн ирон адæмы уарзон хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт сахъгуырд Къоста!
Ацы хабар уыд ссæдзæм азты фыццаг æмбисы. Хæхтæй быдыртæм чи ралыгъд, уыдон æрбæстон сты, йæ хорæрзад «гасæй иу хоры кæфой» кæмæн уыд паддзахы заманы, уыдон ныр хорæй бафсæстысты. Мах æрцардыстæм Ногиры. Иу фæззæджы нæм æрбафтыдысты нæ хæстæджытæ, къостайыхъæуккæгтæ æртæйæ. Уæды рæстæджы хъæутæй горæтмæ уæрдæтты цыдысты, æмæ Къостайыхъæуæн та йæ фæндаг Ногирыл уыд.
Уазджытæн дæр æмæ фысымтæн дæр сæ ныхасы сæр, ног зæххыл ног цард куыд цæуы, уыйфæдыл уыд уьнды азты. Нæ уазджытæ кæм æрцардысты, уыцы бынат Беслæныхъæуы бакомкоммæ Терчы галиуварс раздæр «Къардиу» кæй хуыдтой, уым. Æрцардысты дзы, Къостайы райгуырæн ком Нар æмæ Захъайæ чи ралыгъд, ахæмтæ. Къостайы ном дæр ыл сæхæдæг сæвæрдтой.
Хоры мæт та ма чи кæны! Адæмæн нæ, фæлæ ма фосæн дæр сæ фагæй уæлдайдæр куы у! райдыдта уазджыты хистæр æмæ баздæхт йæ кæстæрмæ. Уый бæсты ма мæнæ скъоладзауæн радзур Арæбийы хабар, æмæ мах дæр бахъæлдзæг уæм.
Нæ уазæг «скъоладзау» мæн хуыдта, æмæ уыцы ныхас куы фехъуыстон, уæд хъусынæввонг сдæн æз дæр. Æмæ ахæм цау радзырдта:
«Иу сæрдыгон бон Къоста сæхимæ, Нары уæвгæйæ, рараст и йæхи аирхæфсыны фæдыл фистæгæй Зæрæмæгмæ. Æххæст нæма ныххæццæ хъæумæ, афтæ фæндагыл ныййæфта иу ацæргæ лæджы. Уый бадтис фæндаджы былыл æмæ архайдта йæ дзабыртимæ. Æвæццæгæн, ныронг бæгъæввадæй цыдис, йæ уæфстæн ихсийынæй тæрсгæйæ.
Дæ фæндаг раст, хорз лæг! сдзырдта йæм Къоста æмæ æрлæууыд йæ цуры.
Дæ хъуыддаг раст! дзуапп радта зæронд лæг, сыстад, афтæмæй.
Бафæрсын аипп ма уæд, кæйонг цæуыс?
Мæнæ Зæрæмæгмæ, дæ рын бахæрон... Дæ фарн бирæ уæд, хистæр лæппу чиныг сæрвыста Дзæуджыхъæуæй æмæ йæ, зæгъын, искæмæн куы акæсын кæнин...
Ау, æмæ уæхимæ, уый чи бакастаид, ахæм нæ разынд?
Нæхимæ, Зруггомы, дæр ис, чиныг чи зоны, ахæмтæ, сауджын æмæ диакъон фæлæ сæ уым никæй баййæфтон, стæй, дам, уыдон, гуырдзиаг чиныг йедтæмæ уырыссаг нæ зонынц... Мæхæдæг та уæллагхъæуккаг дæн, æмæ нæ фондз хæдзарæй чиныг ничи зоны.
Цæй, уæд та йæ нæхæдæг бакæссиккам? фæрсы Къоста, йæ мидбылты бахудт, афтæмæй.
Ома, чи «нæхæдæг»? нæ бамбæрста лæг Къостайы ныхас.
Ау, нæ дыууæ иумæ уыцы иу писмо нæ бакæсдзыстæм?!
Худæн бонтæ дыл цæуæд, мæ хæдзар! Мæ хуызæттæ æмæ дæ хуызæттæ чингуытæ кæсын куы зониккой, уæд сæ бон мæгуыр нæ уаид... загъта уæллагхъæуккаг æнкъард хъæлæсæй.
Уæдæ-ма æри дæ писмо! Къоста йæ къух фæдаргъ кодта бæлццонмæ. Лæг æм дисгæнæджы каст бакодта.
Фæлæуу-ма, хъазгæ мæ кæныс, æви æцæг зоныс чиныг? зæгъгæ, та бафарста, фæлæ писмо уæддæр радта.
Къоста йæ цæст ахаста писмойыл кæрæй-кæронмæ æмæ уайтагъд дзурынмæ фæцис, цы хабæрттæ дзы уыдис, уыдон. Зæронды исдугмæ нæ уырныдта, Къоста æцæгæй афтæ тагъд куыд бакаст писмо, фæлæ писморвитæг кæй кой кæны йæ писмойы, уыдон куы ранымадта, уæд дызæрдыг нал кодта, æрмæст ма йæ армытъæпæнтæ кæрæдзийыл æрцавта:
Хуыцауы тыххæй, афтæ хорз кæм базыдтай чиныг нымайын?
Мæнæ нæхимæ скъолайы, бахудт Къоста.
Æмæ бафæрсын аипп ма уæд, а хъæуккаг дæ, фæлæ кæмæй дæ?
Асатæй дæн.
Æххæст мын дæ ном дæр...
Къоста мæ хонынц.
Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ, фæлæ нæ фæндаг куы дарддæр кæниккам, уæд дæм куыд кæсы?
Цом, цом! загъта Къоста æмæ йæ къух фæдаргъ кодта уæллагкоймаджы бур дзæкъулмæ, фæлæ йæ зæронд нæ бауагъта.
Уанцон нæу, дæ рын бахæрон! æмæ дзы уæззауæй дæр ницы ис, мæ фæндаггаджы къæбæр æмæ ну къуымыхцы, зæгъын, кæд Зæрæмæджы иучысыл цæхх алхæнин, зæгъгæ, лæг йæ дзæкъулы бостæ æрбакодта йæ уæхсчытыл.
Уæды рæстæджы Нары кæмтты хсæн Зæрæмæгæй стырдæр хъæу нæ уыд. Дыууиссæдз хæдзарæй дзы фылдæр цард. Хъæуыхицауы бынат скъола, аргъуан дæр уый уыдысты, стæй дыууæ дуканийы. Бæлццæттæ хъæумæ куы баввахс сты, уæд кæсынц, æмæ къæнцылар æмæ дуканиты раз лæууынц бирæ адæм æмæ сæ каст скодтой фæндаггонтæм. Стæй уыциу змæлдæй ракалдысты бæлццæтты размæ. Стыр дисы бацыд уæллагхъæуккаг. Адæм æзфæраздæронæй æппарынц сæхи Къостамæ, чи йæ хъæбыс кæны, чи йын йæ къух исы æмæ «Къоста, Къоста!» æндæр дзырд нал хъуысы уыцы бирæ адæмæй. Уæллагхъæуккаг исдугмæ аззад иунæгæй, стæй адæмы хсæн ауыдта йæ зонгæ нароны æмæ йæм бацыд.
Дæ хорзæхæй, атæппæт адæм уыйбæрц цин кæуыл кæнынц, уый цавæр адæймаг у?
Æмæ дæхæдæг йемæ куы рбацыдтæ, уæд ма фæрсгæ та мæн кæныс?
Йæхи мын Асатæй схуыдта, фæлæ ахæмы кой никуыма фехъуыстон.
Гъей, готлекк, готлекк! бауайдзæф ын кодта нарон. Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы кой никуы фехъуыстай?
Уый та ирон лæгæй чи нæ фехъуыста! Фæлæ амæ цы бар дары?
Ацы лæг Хетæгкаты Къоста у...
Уанцон нæу! Уæдæ мын Асатæй цæмæн схуыдта йæхи?
Мæнгæй готлекк уæ нæ хонынц, Зруг! Хетæгкатæ стыр мыггаг сты. Леуаны фыд Елызбар хуынди, уый фыд та Асса. Къостайы хæдзарвæндаджы ам, Нары комы цæрджытæ, фыды номæй Асатæ хонынц.
Уæллагхъæуккаг исдугмæ хъуыдыты аныгъуылд, стæй бамбæрста хабар æмæ йæхи рæстытæ кæнынмæ фæцис.
Арæби, мæ зæрдæ дæр æм иучысыл фехсайдта, сыгъдæг туаллаг ныхас куы нæ кодта, уæд, фæлæ, раст дын куы зæгъон, уæд æм æппындæр ахуыргонд лæджы хуызæнæй ницы бафиппайдтон. Раст мæнæ нæхимæ хохаг æнахуыргонд хуымæтæг лæг... Суанг йæ сæрæй йæ къæхты онг. Зачъе уæд, рихи уæд, худæй, цухъхъайæ, бæрцытæй, куырæттæй æмæ хъамайæ сыгъдæг хæххон ирон лæг. Мæ дзæкъул дæр мын исгæ кодта, æз, дам, кæстæр дæн æмæ йæ ахæссон. Стыр ахуыргæндтæ æмæ хицæуттæ сæ сæрмæ ахæмтæ хæссынц! Куыд нæ стæй!
Æфсæрмы бынаты бахаудта уæллагкоймаг. Бирæтæ йын бауайдзæф кодтой, Къостайы кæй нæ базыдта, уый тыххæй. Фæлæ алыхатт дæр раст кодта йæхи. Арæби, æз, дам, никуыма федтон ахæм стыр ахуыргонд лæг. Мæнæ, дам, пъырыстыфы раз æмризæджы цы хъæуыхицау фæризы, уый дæр ма, дам, цавæрдæр рæхысгонд æрæфтауы йе фцæджы, суанг ма, дам, стражниктæн дæр сæ риутыл, се уæхсчытыл цыдæртæ ферттивы, Къостайæн та йæ риуыл æгънæджыйас майдан дæр нæ уыди. Уыцы хабæрттæ сыхъуыстысты Зруггомы рæбинагдæр хъæу Уæллагхъæумæ дæр. Æмæ уым дæр чидæртæ амæстæй марынмæ рахъавыдысты сæ хъæуккаджы, фæлæ та-иу уый йæхи раст кæнынмæ фæцис:
Арæби...
Куыдфæстæмæ йын йæхи дæр «Арæби» хонын байдыдтой, фæлæ сæм нæ мæсты кодта.
Мæнæн Къоста мæ дзæкъул дæр ма иста хæссынмæ, фæлæ сымахæй уæ иуы дæр, дзæкъулы дæр ничи фæхæсдзæн Къостамæ зæгъгæ, уыд йæ дзуапп...
Нæ уазджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй уыцы уæллагхъæуккагæн йæхи цот дæр Къостайыхъæуы æрцардысты. Йæхæдæг, мæгуырæг, хохæй ралидзыны рæстæгмæ нал фæцард.
1979 аз
Хъæздыг, фæлæ донцух мæрыл цы хор байтыдæуыд, уый æвзартæ фæскъæвда куыд ныггуыпп ласынц, афтæ ныггуыпп ласта Стыр Октябры революцийы фæстæ ссæдзæм азты советон ирон литературæйы æрыгон фæлтæр. Дзæвгар уыдысты уыцы фæсивæд: Фæрнион, Дæбе, Цыппу, Геор, Хъазыбег, Тазе, Хадзыбатыр, Тæтæри, Хадо, Давид æмæ ноджы бирæтæ. Æмæ уыдонæн се ппæты астæу бирæ цæмæйдæрты бæрæг дардта Хъамбердиаты Бимболаты фырт Мысост.
Кæй ранымадтам, уыцы фысджытæй алчидæр зыдта уырыссаг æвзаг, фæлæ Хетæгкаты Къостайæ фæстæмæ мадæлон æвзагыл дæр æмæ уырыссаг æвзагыл дæр Хъамбердиаты Мысосты хуызæн уацмыстæ ничи фыста. Мысост йæ сабийы бонты базыдта уырыссаг æвзаг æмæ уырыссаг литературæ. Дыууæ æвзагыл дæр ын цы аив уацмыстæ рацыд, уыдон нæ советон литературæйы цы бынат ахсынц, уый зонынц чиныгкæсджытæ. Æз ам зæгъынмæ хъавын æрмæст дыууæ ныхасы, Мысостимæ-иу кæм фембæлдтæн, уыдæтты тыххæй.
Газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Æвзонг тых»-ы руаджы Мысосты ном дардыл айхъуыст Ирыстоны. Уый уыд ссæдзæм азты. Арæх æмбæлдыстæм кæрæдзийыл, фæлæ ирддæрæй лæууы мæ зæрдыл, 1927 азы Мæскуыйы куыд фембæлдыстæм, уый. Æз ахуыр кодтон журналистты институты, Мысост та аивæдты рабфачы. Иуахæмы йыл фембæлдтæн Мясницкийы уынджы (Ныр Кировы уынг). Мысост уыд дзыхъхъынног костюмы æмæ мын аппæлыд, Мæскуыйы журналтæ йын цы уацмыстæ ныммыхуыр кодтой, уыцы гонорарæй сæ кæй балхæдта, уый. Радзырдта мын, фæскомцæдисы чырæн æй секретарæй кæй сæвзæрстой, стæй йемæ чи ахуыр кæны иу ахæм лæппуимæ кæй фæхыл, æмæ кæрæдзийы кæй аууæрстой, уыдæттæ.
Æмæ уагæры уæ хылы сæр цæуыл уыд? афарстон æй æз.
Йæ фындз æгæр нысхъæл кодта æмæ уымæн, загъта Мысост уырыссагау æмæ ма йæм бафтыдта иронау. æмæ йæм дзы æз дæр балæвæрдтон.
Куыд мын радзырдта, афтæмæй, кæимæ фæхыл, уыцы лæппу дæр поэт уыди. Йæхи афтæ дардта, цыма зæххон адæймаг нæ уыд, фæлæ уæларвæй æрхаугæ, сæрыстыр, йе мбæлттæм касти уæлейæ дæлæмæ, домдта, иннæты хсæн ын уæлдай кад æмæ цыт куыд уыдаид, афтæ. Уыдæттæ йын Мысост нæ барста, æмæ афтæмæй фæхыл сты.
1930 азы Мысост сыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ кусын райдыдта газет «Власть труда»-йы редакцийы. Уыцы азы фæззæджы уыд Цæгат æмæ Хуссар Иры фысджыты фыццаг иумæйаг съезд Цхинвалы. Уырдæм делегат уыд Мысост дæр. Цхинвалмæ дзæбæх ныххæццæ стæм. Уæвгæ, фæндаг, ныртæккæ куыд у, афтæ æнцон нæ уыд: Дзæуджыхъæуæй Калакмæ автобусы, Калакæй Гурмæ поезды, Гурæй Цхинвалмæ та машинæйы кæнæ файтоны.
Мысост, æвæццæгæн, æгæр бафæлмæцыд уыцы дард фæндагыл æмæ йыл фæзынд йæ низ. Делегаттыл айхъуыст: Мысост фæрынчын æмæ йæ аластой рынчындонмæ.
Дыккаг бон, съезды докладты фæдыл прениты ныхас куы цыд, уыцы рæстæджы, президиумы чи бадт, уыдонæй чидæр æвиппайды фестад æмæ нымдзæгъд кодта. Уалынмæ нымдзæгъд кодтой залы уæвджытæ се ппæт дæр. Делегаттæ цин кодтой, Мысост залмæ кæй æрбацыд, ууыл, Мысост йæхæдæг та афтæ фенхъæлдта, прениты чи ныхас кодта, ахæмæн æмдзæгъд кæнынц, æмæ йæхæдæг дæр райдыдта æмдзæгъд кæнын. Раст нæм цыма хур æрбакаст, афтæ фестæм не ппæт дæр Мысосты æрбацыдæй.
Съезды фæстæ Цæгат Ирыстоны фысджыты разамонæг Косирати Сæрмæт тыхтæй-амæлттæй ссардта балцæг санаторимæ, æмæ Мысост ацыд уырдæм. Уым фæдзæбæхдæр æмæ кусын райдыдта. 1931 азы кæронмæ та фæтарфдæр, æмæ йын тæрсын байдыдтам.
Иуахæмы йæм бацыдтæн сæ хæдзармæ. Уæды онг ын нæма зыдтон йæ фыд Бимболаты.
Бахатыр кæ... Дæхи мын куы бацамонис... æфсæрмыгæнгæ загъта Бимболат. Мæхи йын куы бацамыдтон, уæд бауад мидæмæ æмæ уайтагъд фездæхт фæстæмæ.
Мидæмæ! Мидæмæ! Дæ хорзæхæй! зæгъгæ, мын ацамыдта дуармæ.
Мысосты баййæфтон хуыссæны. Æнауи дæр къæсхуыр уыд, ныр бынтондæр смæллæг, ныффæлурс. Цыма уыдæттæ нæ бафиппайдтон æмæ искуы парчы ныхас кæнæм, ахæм хуызы райдыдтон нæ балцы хабæрттæ, Цхинвалы йыл чызджытæ куыд æмбырдтæ кодтой, уыдæттæ æмæ Мысост бахъæлдзæг, худынмæ дæр фæцис. Йæ худынмæ ма Бимболат дæр æрбакаст дуары зыхъхъырæй.
Де мдзæвгæты æмбырдгонд «Цин» дæр а дыууæ боны цæттæ уыдзæн, ын куы загътон, уæд бахудт йæ мидбылты.
Уатæй куы рацыдтæн, уæд мæ Бимболат фæурæдта æмæ мæм хатыр курæгау бахатыд:
Дæ хорзæхæй, кæд дын амал ис, уæд нæ-иу арæхдæр абæрæг кæн.
Куыд мын радзырдта, афтæмæй, рынчынфæрсæг чи цæуы, уыдонæй иуæй-иутæ тæригъæдгæнæг скæнынц сæхи: «мæгуыр дæ бон», «цыхуызæн сдæ!» æмæ æндæр ахæм зæрдæмæгуыргæнæн ныхæстæ, æмæ уый зындæр у рынчынæн...
Мысосты фыццаг чиныг «Цин»-ы тыххæй типографийы кусджытæ тынг бацархайдтой, цæмæй тагъддæр рацæуа, æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта. Уыдон æмæ Мысосты хæлæртты руаджы чиныг «Цин», Косирати Сæрмæты ном кæмæй ссардта, уый ма Мысост федта йæхи цæстæй.
Фæлæ йæ цард бирæ нал ахаста, фæцис 1931 азы 5-æм декабры.
Дзанайты Иванæн йæхи нæма зыдтон, афтæ йын бакастæн, фыццаг хатт ын мыхуыры цы æмдзæвгæ фæзынд, «Цæр!», зæгъгæ, уый. Уый уыди 1921 азы, «Ирон зарджыты чиныджы». Уыцы чиныджы ма уыди иу-цалдæр фыссæджы æмдзæвгæйы, фæлæ се ппæтæй дæр мæ зæрдæмæ тынгдæр ныххызт Нигеры æмдзæвгæ. Æмæ уæвгæ дæр куыд нæ! Хохæй ног ралидзæг уыдыстæм, æмæ æмдзæвгæ цыма иууылдæр мах тыххæй фыст уыд, афтæ мæм фæкаст. Афтæ райдайы:
«Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ,
Нал кæуы сидзæр сыдæй.
Мæгуыры къазхты бын ниуынц йæ марджытæ,
Фидынц сæ бонтæ фыдæй».
Ссæдзæм азты кæрон Иванæн йæхи дæр базыдтон, æмæ уæдæй фæстæмæ арæх æмбæлдыстæм нæ кæрæдзийыл.
1933 азы фæззæджы Иван, Фæрниаты Къоста æмæ æз сфæнд кодтам Октябры революцийы бæрæгбонты Цхинвалмæ ацæуын. Ацыдыстæм автобусы. Цхинвалы Иван æмæ æз æрфысым кодтам уазæгуаты, Къоста та йæ кайыстæм бацыд. Уазæгуат уыд Леуахи-доны хиды цур. Радтой нын хицæн уат.
Цхинвал уыд бæрæгбонхуыз. Бæрæгбоны размæ изæр уыдыстæм Культурæйы галуаны (ныртæккæ драмтеатр). Доклад кодта обкомы фыццаг секретарь. Æмбырды фæстæ уыд стыр концерт.
Бонæй дæр та уыдыстæм галуаны æмæ бирæ бафæстиат стæм Тугъанты Махарбеджы ног ныв «Зæйластыты агургæйæ», уый раз. Иван нал фæрæзта йæ цæстытæ атонын уыцы æбуалгъ цауы нывæй. Рацæй-иу цыдыстæм, фæлæ та-иу фæстæмæ фездæхт æмæ-иу нымдзаст нывмæ. Мæнæ-ма! Ахæм æбуалгъ цаутæ арæх нæ вæййынц адæймаджы царды.
Уый уыд 1932 азы зымæджы. Хуссар Иры кæмттæй иуы Къуыдаргомы хъæу Арасенда фæцис зæйы бын. Цæргæ-цæрæнбонты уыцы хъæуыл никуы ракалд зæй, фæлæ уыцы зымæг мит фыдбирæ ныууарыд, æмæ раст аходæнафон бабын хъæу æппæтæй дæр. Дыууæ æви æртæ адæймагæй фæстæмæ æгас хъæубæстæй удæгас ничиуал баззад. Ахæм стыр æбуалгъы хабар ма æрцыд 1850 азты кæрон Нары комы. Джинаты хъæуы дыууиссæдз хæдзарæй ма фервæзт æрмæст иу хæдзар зæронд ус æмæ лæг, сæ хæдзар къæдзæхы бын кæй уыд, уый руаджы, иннæты иу æхсæв баныгæдта зæй йæ быны.
Тугъанты Мухарбеджы ныв асæй дæр стыр у уаты къулы æмбисы ас. Фыццаг бакастæй дæр æм ныккæрзы адæймаджы зæрдæ. Æрдхæрæны, тæригъæддаг ныв. Фæдисонтæ... Æнæнымæц бирæ адæм зæйы уæлæ арæхыс сты æмæ къахынц. Æппæты разæй, ныртæккæ кæй систой зæйы бынæй, ахæм чындздзон чызг уæлгоммæ хаудæй адаргъ зæйыл, йæ цæнгтæ тыгъдæй баззадысты, афтæмæй. Йæ уæлхъус лæг æмæ ус кæуынц æмæ дзыназынц, сæ тæригъæд хъарынц арв æмæ зæхмæ. Уыдонæй чысыл фалдæр иу зæронд лæг ныггуыбыр йæ хъис-фæндырыл, йæ алыварс та æд фиййæгтæ лæууынц фæдисонтæ цалдæрæй, нымдзаст сты фæндырмæ æмæ йæм хъусынц къæрцхъусæй. Кæд фæндыр æмыр хъæр скæна, уæд, дам, уыцы ран, зæйы бын адæймаг ис æмæ йæ тагъддæр ракъахын хъæуы, чи зоны ма... стæй æнæуи дæр йæ мард уалдзæгмæ миты бын чи уадзы?..
Иван тынг бирæ фæкаст уыцы нывмæ, Культурæйы галуанæй куы рацыдыстæм нæхимæ, уæддæр бирæ рæстæг нæ хицæн кодта йæ хъуыдыйæ Мухарбеджы нывы, бакаст. Фæстæдæр, 1934 азы журнал «Мах дуг»-ы фыццæгæм номыры фæзынд йæ хъуыстгонд æмдзæвгæ «Хур фæдисон» Арасендайы сæфты тыххæй.
Æртæ боны фæстæ рацыдыстæм фæстæмæ нæхимæ. Райгонд уыдыстæм не ппæт дæр нæ балцæй. Фæндагыл Иван æхсызгонæй базарыд.
Млетмæ ма нæ хъуыдис иу-ссæдз километры бæрц, афтæ скастыстæм Бæрзæфцæгмæ, æмæ нæ зæрдæтæ бауазал сты. Урс-урсид дары æфцæг æмбисæй уæлæмæ. Рацæй-рабон, æмæ дыууæ боны раздæр рауарыд мит. Нæ автобусы шофыр басагъæс кодта, мах дæр хъуыдытыл фестæм. Уæлвæзмæ дзæбæх схæццæ стæм, фæлæ уырдыгæй суанг æфцæджы сæрмæ зæнгбæттæны онг мит. Фыдæбонæй амардыстæм. Сæлæф миты-иу машинæйы цæлхытæ сæ мидбынаты зилдух райдыдтой æмæ та: «Фæстейæ рахæцут!», «Цæлхыты бын дуртæ баппарут!». Ацу æмæ ды агур дуртæ миты бын! Гъе, фæлæ уæддæр стылдтам машинæ тыххæй-фыдæй æфцæджы сæрмæ.
Æртынæм азты райдайæны онг нæ республикæйы астæуккаг скъолатæн æмæ институты ирон æвзаджы факультетæн дæр нæ уыд ирон аив литературæйы хрестоматитæ. Ахуыргæнджытæй чи куыд амалджындæр уыд, афтæ ардта ирон аив литературæйы хицæнæй уагъд чингуытæ, фæлæ уæддæр иуæй-иу чингуытæ къухы не фтыдысты, уæлдайдæр та, революцийы агъоммæ чи рацыд, ахæмтæ.
Адæмон ахуырады хайады курдиатмæ гæсгæ облæсты хицауад бауынаффæ кодта, цæмæй æвæстиатæй уагъд æрцæуой ирон литературæйы хрестоматитæ астæуккаг скъолаты алы къласæн дæр. Æртæ æви цыппар къорды арæзт æрцыд хрестоматитæ аразджыты автортæй. Октябры революцийы агъоммæйы литературæйы хрестомати лæвæрд æрцыд Иван æмæ мæнмæ.
Къостайы «Ирон фæндыр» ма арæх уыд адæммæ, фæлæ иннæ авторты чингуытæ ссарынæн тынг бирæ рæстæг бахъуыди. Агуырдтам нæ дыууæ дæр. Иу-цалдæр чиныджы ма ссардтам Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты чиныгдоны. Афтæмæй æрæмбырд кодтам Хетæгкаты Къостайы, Мамсыраты Темырболаты, Гæдиаты Секъайы, Гуырдзыбеты Бласкайы, Къубалты Алыксандры, Коцойты Арсены, Тлатты Хохы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Кочысаты Розæйы, Хъороты Дауыты, Илас Æрнигоны, Æбати Шамилы æмæ æндæрты чингуытæ æмæ уацмыстæ.
Хрестоматимæ хъуамæ бахастаиккам критикон уацтæ дæр, фæлæ уыдон зындæр агурæн уыдысты. Къухфыст «Октябры Революцийы агъоммæйы ирон аив литературæ» куы сцæттæ, уæд та нæ разы февзæрд æндæр зындзинад: программæтæ аразын. Иу стæм уацмыстæй фæстæмæ (Къоста æмæ Елбыздыхъойы уацмыстæ) иннæтæн мыхуыры никуыма уыдис аргъгонд æмæ сын мах нæхæдæг хъуамæ бацамыдтаиккам сæ ахаст æмæ сæ хъуыды. Хъуыды ма кæнын, бирæ радзур-бадзуры сæр нæ бахъуыд Кочысаты Розæйы «Гæды лæджы» тыххæй: цы у йæ хъуыды, цæуыл дзурæг у? Уымæй ноджы дæргъвæтиндæр рауад Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты мæлæт»-ы хабар. Хрестомати аразджытæ куыд æмбæрстой авторы хъуыды, афтæмæй æргом бæрæг у: пъырыстыф ныццавта Хъырымы. Хъырым уыцы худинаг йæ сæрмæ не рхаста æмæ амардта пъырыстыфы. Худинаджы бæсты ауæлдай кодта йæ цард. Фæлтау мæлæт хуыздæр. Ахмæт йæ быгъдуан бакодта сæ хъæуы рæгъау. Рæгъауæй исты куы фесæфа (давд æрцæуа æви тыхæй ист уæлдай нæу), уæд уый сæ гæсæн худинаг у. Æмæ Ахмæт дæр уыцы худинаджы бæсты райста мæлæт. Цыбырныхасæй, сæ иу дæр худинаджы бæсты йæхицæн саккаг кодта мæлæт æмæ иннæ дæр.
Уыцы хъуыды раст нæ фæкаст облæсты ахуырады кусджытæй кæмæдæрты. Уыдон та афтæ дзырдтой: Хъырым амардта паддзахы фæсдзæуин пъырыстыфы. Уымæй уый бакодта революционеры ми. Ахмæт та фæстæзад зондахастыл хæцæг адæймаг у, нæ баххуыс кодта революционерæн. Хъырым æвæрццæг хъайтар, Ахмæт та æппæрццæг хъайтар. Ницуал давтой нæ ныхæстæ, Хъырым фæстагмæ адæмы цæстысындз кæй сси, уыдæттæ. Иу-цалдæр хатты нæ цæуын бахъуыд облæсты ахуырады хайадмæ æмæ обкомы скъолаты хайадмæ хъуыддæг сбæлвырд кæнынмæ.
Хрестоматийыл куы куыстам, уыцы рæстæджы мæ иу-бон Иван æхсызгонæн бахъуыд, æмæ йæм ссыдтæн институтмæ. Иван уыцы аз институты студенттæн касти лекцитæ рагон бердзенаг литературæйы тыххæй. Урок уыд йæ тæккæ тæмæны. Аудиторийы дуар йе мбисæй уæлæмæ авгæй уыд, æмæ мæм Иван дзæбæх зынд. Лæууыд кафедрæйы фæсте æмæ дзырдта рагон бердзенаг литературæйы тыххæй. Ацы ныв мæ зæрдыл уæлдай ирддæрæй уый тыххæй баззад, æмæ Иваны уæды онг ахæм хуызы дзургæ никуыма федтон. Нæ иумæйаг æмбырдты куыд ныхас кодта, уый цал æмæ цал хатты федтон æмæ фехъуыстон! Цыма-иу тæрсгæ кодта, ома, исчи афтæ куы зæгъа, йæхицæй æппæлы, иннæтæй йæхимæ зондджындæр кæсы, уыйау-иу йæ ныхæстыл арæх æфтыдта ахæм дзырдтæ: «мæнмæ гæсгæ», «чи зоны», «афтæ мæм кæсы» æмæ æндæр уыдон æнгæс дзырдтæ. Сæрмæт ма-иу æй хатгай амæстæй марынмæ дæр рахъавыд: «мне кажется», «может быть» уыцы дзырдтæ, дам, æгæр бирæ вæййынц дæ ныхасы. Иттæг хорз цы зыдта Иван, æппындæр гуырысхо цæуыл нæ кодта, уыдæтты тыххæй дзургæйæ дæр цыма æфсæрмы кодта комкоммæ зæгъын (искæмæ афтæ куы фæкæса, йæхицæй æппæлы).
Ныр æм лекци кæсгæйæ куы байхъуыстон, уæд æй нал базыдтон. Иван афтæ æнæфæкъæзгæйæ дзырдта, æмæ мæм фæкаст, цы уыд, уымæй дыууæ хатты бæрзонддæр, мæхæдæг та цыма скъоладзау фестадтæн æмæ йæм хæлиудзыхæй хъуыстон.
Нæ уарзта Иван хиппæлой æмæ, «æз», «æз» чи кæны, ахæм адæймæгты, хи стауын æмæ вдисын йе нæуынон уыдысты. Куыд уæздан, куыд æфсæрмдзæстыг æмæ нымд уыди Иван, уымæн ма иучысыл æвдисæн. Æртынæм азты Косирати Сæрмæт æрхуыдта Мæскуыйæ йæ зонгæ нывгæнæджы, кæддæр альманах «Зиу»-ы чи снывджын кодта, уый Слуцкийы. Бирæ рæстæг фæцис уый ам æмæ Нары дæр. Ныффыста бирæ нывтæ, уæлдайдæр та хæхты хуызтæй. Наукон-иртасæг институты залы сарæзта йæ нывты равдыст æмæ æрхуыдта адæмы. Нывтыл æрдзурыны размæ Иванимæ кастыстæм Хæхты æмæ Нарыхъæуы нывмæ. Слуцкийы куыстæн саргъ кæныны ныфс мæнмæ нæ уыд, фæлæ Иванимæ æргомдзырд кæй уыдыстæм, уыйфæдыл мæхимидæг загътон, зæгъын, æгæр алыхуызон ахорæнтæ ныккалдта нывгæнæг, хæхтæ æмæ хæххон хъæутæм æз дардæй куы бакæсын, уæд мæм тынгдæр уыцы иухуызон æнкъард æмæ тарфæныкхуыз фæкæсынц.
Равдыстмæ чи рцыд, уыдон райдыдтой дзурын. Радзырдта Иван дæр. Уымæ дæр нывтæй иуæй-иутæ æгæр æрттиваг æмæ хъулон-мулон фæкастысты. Æмæ уыдæттыл куы дзырдта Иван, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: «Æниу, уыцы хъуыды Куыдзæг мæнæй раздæр загъта...» Мæнæн хъыггомау уыд уыцы ныхас æмæ Иван йæ ныхас куы фæцис, уæд ын бауайдзæф кодтон, зæгъын, мæн та ма дзы цы фæтъыстай, мæ фиппаинаг мæм афтæ зондджын куы кастаид, уæд мæхæдæг дæр ныхасы бар ракуырдтаин, уыцы хъуыды æз куы нæ загътаин, уæддæр æй ды загътаис...
Цæгат Ирыстоны фысджыты организаци бауынаффæ кодта фысджытæй иу къорды арвитын куыстуæттæ æмæ хъæутæм, цæмæй ныффыссой очерктæ заводты, фабрикты, арæзтадты æмæ колхозты раззагдæр æмæ сгуыхтдæр кусджыты тыххæй. Æмæ ацыдысты фысджытæ иугæйттæ æмæ дыгæйттæй нæ республикæйы алы къуымтæм.
Æртынæм азты райдайæны нæ облæсты тæккæ стырдæр арæзтадыл нымад уыди Джызæлдонарæзт. Гъе, æмæ Иван æмæ æз нысангонд æрцыдыстæм уырдæм, уымы раззагдæр кусджыты тыххæй очерктæ ныффыссынмæ. Иван гуырысхо кодта, ома, нæ очерктæ зæрдæмæдзæугæ куы нæ рауайой, арæзтад æмæ куыстуаты техникæ æмæ кусджыты психологи арф кæй нæ зонæм, уыйфæдыл, хъæууон адæмы зæрдæйы ахаст куыд зонæм, уыимæ абаргæйæ. Æз ын загътон, зæгъын, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусгæйæ æз арæх цыдтæн Джызæлдонарæзтмæ æмæ чысыл цыдæртæ базыдтон, уымæй фылдæр та нæ хъæугæ дæр нæ бакæндзæн йæ техникæ зонын. Кусгæ дзы чи кæны, уыдонæй та бирæтæ мæ зонгæтæ сты, стæй сæхæдæг знон дæр ма хъæууон цæрджытæ уыдысты.
Автобусы бацыдыстæм Хъобанмæ, городокмæ. Арæзтады хицау нын радта хицæн уат, æмæ уым æрбæстон стæм.
Уыцы рæстæгмæ арæзтадæн йæ тæккæ сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр куыстытæ фесты, æмæ дзы дыууæ азы размæ цас адæм куыста, уыдонæн ма ныр ам уыд æрмæст сæ цыппæрæм кæнæ фæндзæм хай. Дыккаг бон бацыдыстæм комы мидæмæ, бахæццæ стæм станцæмæ, стæй æхсæрдзæны бынмæ æмæ схæрд кодтам Къæхтысæры. Уым федтам цаддон, донуадзæн æмæ сæйраг тъунелы рацыдыстæм фæстæмæ. Уыцы бон бремсберг нæ куыста, æмæ та нæ фæстæмæ дæр къахæй цæуын бахъуыд. Сæйраг тъунел, йæ дæргъ æртæ километры, къахт раджы фæцис, фæлæ ма йæ хъуыди бетон кæнын, æмæ ныртæккæ ууыл архайдтой.
Рацыдыстæм тъунелы кæрæй-кæронмæ, нæ разæй прораб Багаты Уасо, афтæмæй, æмæ дыккаг бремсберджы фæрсты æрцыдыстæм дæлæмæ, коммæ, станцæйы агъуыстæн чысыл фалдæр. Арæзтады хицау бацыд нæ размæ æмæ тынг бауайдзæф кодта Уасойæн, тъунелы æмæ нæ уыцы уырдыг фæндагыл кæй ракодта, уый тыххæй.
Уæд та сæ искæуыл дур æрхауд тъунелы кæнæ къæдзæхæй йæхæдæг рахауд! загъд кодта хицау Багайы-фыртмæ.
Уый мах аххос уыд! дзырдта Уасойы сæрыл Иван. Нæ нын куымдта, фæлæ йæ мах сразы кодтам...
Уыйфæстæ бон райдыдтам ныхас нæ геройтимæ. Багатæй дыууæ æфсымæры: Виктор æмæ Самсон. Станцæйы арæзтад байгом 1927 аз 13-æм сентябры, уыдон та кусын райдыдтой уым 15-æм сентябры. Фыццаг уал куыстой фæндæгтæ аразджытæй, стæй арæзтой бремсберг, ныртæккæ та машинисттæ сты. Дзаттиаты Габо (Будти). Æрыгон, ныллæг, мызыхъхъарæзт лæппу. Афтæ чи загъта: «Кæдæй-уæдæй, мæ ас гыццыл кæй у, уый дæр æхсызгонæн бахъуыд». Цæвиттон, иу ран тъунелы сæр тутт разынд, æмæ къæдзæх æркалд дæлæмæ. Стæй лæбырын байдыдта. Йæ бафидæрттæн æмæ бетон кæнынæн бахъуыд фæдисы куыст. Габо æхсæрдæс сахаты фæкуыста къæдзæхыл ауыгъдæй æнæ раивгæйæ. Нал дзы уыд фадат схиз-æрхизтæн, хæринаг дæр ын лебедкæйæ истой уæлæмæ.
Михаил Кречко, Таматы Инал инженертæ, пълотник æмæ парторг Туаты Резо, йæ куысты нормæтæ 140200 процентæй чи æххæст кæны, уый, æвзыгъд электромонтер Мысыкаты Джамботт. Авд адæймаджы, авд хъысмæты, алыхуызон специалисттæ.
Нæ очерк афтæ сарæзтам, æмæ дзы уыд æппæты фыццаг Джызæлдонарæзтады хæрзцыбыр истори, йæ ас æмæ йæ тыхы бæрц, кæд райдыдта, уыдæттæ. Стæй уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы авд адæймаджы царды фæндаг суанг сæ сабийы бонтæй арæзтадмæ бацæуыны рæстæгмæ.
Нæхи цæстæй федтам, станцæ цæйбæрц зындзинæдтимæ сырæзыд, адæм цы домбай куыст бакодтой, уый, æмæ бирæ фæхъуыды кодтам, нæ чиныгыл цы ном сæвæрæм, уый тыххæй. «Дыккаг хур аразджытæ», «Зæххон хур кæнджытæ», «Ног цырагъдарджытæ» æмæ æндæр ахæмтæ уыдысты нæ варианттæ.
Иу къуырийы бæрц фестæм городочы. Фæфыстам нæ хъайтарты радзырдтæ æмæ рацыдыстæм горæтмæ. Очерктæ рацыдысты журнал «Мах Дуг»-ы, фæстæдæр та хицæн чиныгæй. Искуы сыл мыхуыры рецензи фæзынд, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ нын не мбæлттæ куыд дзырдтой, афтæмæй цыма зæрдæмæдзæугæ рауадысты. Цыдæриддæр уыд, уæддæр мах нæ быгъдуан сæххæст кодтам. Чиныг «Ног цырагъдартæ» æххæстæй хаст æрцыд Нигеры уацмысты 3-аг томмæ.
Зæгъынмæ ма хъавын, Иванæн æрмæст йæ иуæй-иу уацмыстæ куыд равзæрдысты æмæ мыхуыры куы фæзындысты, уæд адæмы зæрдæмæ куыд фæцыдысты, уыдæтты тыххæй иу-дыууæ ныхасы.
Цин кодта Иван, хохæгтæ быдырбæсты хуымзæхх æмæ цæрæнуат кæй райстой, ууыл, фæлæ уыдонæн (хохæгтæн) сæ фылдæр хай хохы царди, æмæ уым та нырма раджыйау æвадат уыд цард.
Горæтты фæзындысты (НЭП-ы рæстæджы), Иван «тæнджынтæ» кæй хуыдта, ахæмтæ: базаргæнджытæ, спекулянттæ, лæвархортæ æмæ æндæр ахæмтæ. Æмæ сыл Иван йæ азар бакалдта:
«Ды цы уыныс, дæу цы домы:
Галуан райдзаст, хъарм, сыгъдæг.
Къух нæ атулдзынæ доны...
Суг дын ласт, хæринаг афтæ.
Гауызтæ... дари... бæмбæг...»
(æмдзæвгæ «Дæу цы домы!»)
Æмдзæвгæ фыццаг хатт мыхуыры фæзынд 1927 азы (æниу, фыст та бирæ раздæр уыд) æмæ адæмы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, уæлдайдæр та, литературæйы куыст чи кодта, уыдонмæ, æмæ-иу кæрæдзийыл фембæлгæйæ иу иннæмæ хъазгæйæ бадзырдта: «Дæу цы домы! Къух нæ атулдзынæ доны...»
Иннæ æмдзæвгæ «æз цагъайраг нæ дæн!» мыхуыры фæзынд, 1930 азы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты фыццаг иумæйаг съезды рæстæджы. Цыбыр рæнхъытæй æмæ æлвæст, хуызджын аив дзырдтæй фыст æмдзæвгæ фæцыд чикыгкæсджыты зæрдæмæ æмæ æмбырдты кæнæ къордæй иумæ фембæлгæйæ арæх фехъусæн уыд, æнæкæсгæйæ чи дзырдта, ахæмты. Æмдзæвгæ стыр нæу асæй, фæлæ цыма авторæн йæ цард æмæ йæ зæрдæйы истори у, афтæ фæкаст, Иваны сфæлдыстад чи уарзта, уыдонмæ. Хъуыды ма кæнын, Иван-иу Фæрниаты Къостайæн исты куы фæдзæхста кæнæ исты «цума» куы кодта, уæд та-иу уый фæхъæр ласта: «æз цагъайраг нæ дæн!»
Æмдзæвгæ «Дæу цы домы»-йы фæзындыл рацыд афæдзы бæрц, афтæ чиныгкæсджытæ бакастысты Иваны ног вазыгджындæр æмдзæвгæ «Хидыл». Уыцы æмдзæвгæйы кой бирæ уыд мыхуыры йæ рæстæджы дæр æмæ уыйфæстæ азты дæр. Поэт раджы кæддæр (1922 азы) цы æмдзæвгæ фыста (мыхуыргонд уыд «Зиу»-ы дыккаг чиныджы 1927 азы), уым афтæ загъта: «Мæн мæ зæрдæ никæд сайы: зонын, зарын хъæуы ныр. Фæлæ зарæгæн йæ хуызæн ницыма зонын бæлвырд. Йе цæй фæдыл, йе куыд уыдзæн арвы нæрынау мæ дзырд». Ныр æндæр хъуыдытæ фæзынд поэтмæ.
Хæхбæстæ. Арф, æнтъыснæг ком. Сау мылазон мигътæ сау нымæт æрæмбæрзтой кæмттыл. Æрра дымгæ къæйтæ æмæ дуртæ хойы къæдзæхтыл. Нарæг æмæ тæссонд хид хохæн йæ пу фахсæй иннæмæ. «Дымгæ рæдувы бæрзонд хохы къæйты! Уайтагъд фæзылдтон мæ бæрзæй æз размæ: нал ис фæстæмæ здæхæн, нæй, нал ис: зындонмæ чи здæхы барæй йæхæдæг, хи къахæй чи цæуы ингæны хуылфмæ!?»
Иу уысм фемдзаст бæлццон, хиды бын гуылфæй цы дон цæуы, уымæ æмæ йæм бахæлæг кодта. «Зары мæ хъазы зæрдæбынæй хъал дон. Размæ куы скодта йæ фæндаг æдыхстæй, катай нæ кæны, фæйнæрдæм нæ кæсы. Размæ йæ цæстæнгас, размæ йæ тындзыд».
Бафæзмыдта бæлццон дæр, катай чи нæ кæны, уыцы хъал доны, æмæ фесхуыста хидыл размæ...
Иван ма Цæгат Кавказы пединституты куы ахуыр кодта, уæд бахæлар ис, уым махъхъæлæй цы лæппутæ ахуыр кодтой, уыдонимæ, уæлдайдæр та Мальсаговтимæ. Уыдон фæстæдæр азты уыдысты Мæхъхъæлы наукон-иртасæг институты бындурæвæрджытæ. Иуахæмы 1931 азы уалдзæджы мæхъхъæлæттæ Иваны ахуыдтой сæхимæ, Галашкæ, зæгъгæ, уыцы хъæумæ (ныртæккæ Горæтгæрон районы Комгæронхъæуы æдде цы рагъ ис, уый фæстæ ком). Хъæуыл цæуы стыр цæугæдон Ассæ. Иваны хорз суазæг кодтой йæ фысымтæ, уыдонæн ма сæ сыхæгтæ дæр, æмæ уазæджы зæрдæ барухс, бахъæлдзæг, æмæ уайтагъд Ассæйы (Ессæйы) былгæрон йæ хæлар зæрдæйы бæллицтæ æмæ йæ хъуыдытæ гæххæтмæ ныффæдис кодтой.
Тыхджын æмæ аив фæлгонц у æмдзæвгæ «Ессæ». Поэт ныхас кæны Ессæимæ, дæтты йын салам æмæ зæгъы: «Зонын, ирон лæджы салам ды никуыма фехъуыстай ам». Æмдзæвгæйы кæрон поэт сиды Хъулгъа, Ир, Кæсæг, Хъæрæсе, Абхаз, Дагъистанмæ: «Дæларм-уæларм абон æрцæут мæ куывдмæ æмхуызон сылæй уæд, нæлæй!»
Æмдзæвгæйæн хорз аргъ скодтой критиктæ æмæ чиныгкæсджытæ, уæлдайдæр та уымæн, æмæ нæм бирæ литературон уацмыстæ нæма уыд интернационалон темæйыл уæды рæстæджы.
Æртынæм азты фыццаг æмбис бæркадджын уыд Иваны сфæлдыстады. Уыцы рæстæджы йæ къорд æмдзæвгæтæй уæлдай Иван бабуц кодта чиныгкæсджыты зæрдæ йæ номдзыд «Мулдар» (1930 аз), «Гыцци» (1934), «Уæхатæджы фырт чысыл Гуйман» (1935), «Бадилон симд» æмæ æндæртæй. Уыдон се ппæт дæр уыдысты æмæ сты стыр хæзна нæ аив литературæйы къæбицы. Фæлæ Иван йæхæдæг, йе мбæлтты хсæн куыд дзырдта, афтæмæй йæ кадæг «Мулдар»-ы фылдæр уарзта æмæ йын фылдæр аргъ кодта иннæтимæ абаргæйæ.
«Нæ тæрсын æз дæуæй, мæлæт, уый зон!» фыста Иван 1934 азы, фæлæ йыл æртындæс азы фæстæ мæлæт фæтыхджындæр. Æниу цæй мæлæт ис ахæм лæгæн! Раст загъта Иван йæхæдæг дæр уыцы æмдзæвгæйы:
«Мæ фæд хæрзарф æмæ уæрæх
зындзæн, Ирыстон, зон, дæ риуыл.
Æууæндын абон æз мæхиуыл,
Æмæ мын нæй мæлæн».
Ацы аз æххæст кæны Дзанайты Иваны райгуырдыл цыппарыссæдз азы. Дыууиссæдз азы та рацыд, фæстаг хатт ма куы сæмбæлдыстæм, уыцы рæстæгæй. Чысыл рæстæг нæу дыууиссæдз азы. Фæлæ ма абон дæр мæ цæстыты раз лæууы ирдæй Иваны рухс цæсгом. Цыма ныртæккæ дæр ныхас кæны мемæ сыгъдæгзæрдæ, цæстуарзон, æнæхин, æфсæрмдзæстыг æмæ уæздан ирон разагъды лæг, курдиатджын фыссæг, адæймаджы ном æмæ кадæн стыр аргъ чи кодта, æппæлой, дывзагон, дыдзæсгом, хахуыр æмæ былдауæг адæймæгтæ æнæуынон кæмæн уыдысты, уыцы Иван.
1976 аз. Мартъи
Иуæй-иу адæймæгтæн канд сæ уынд, сæ бакастæй нæ, фæлæ æрмæст сæ койæ, æрмæст сæ ном зæгъгæйæ дæр лæджы зæрдæ барухс вæййы, цавæрдæр æхсызгондзинад æмæ цины аныгъуылы. Ахæм адæймаг уыд номдзыд ирон фыссæг æмæ революционер Гæдиаты Секъайы фырт Цомахъ. Зынгæ æмæ хъуыстгонд лæгтæн дæр, иннæ адæмтау, сæ дзыллæйы æхсæн уæлдай бæрæг фæдарынц сæ удыхъæды иуæй-иу миниуджытæ: кæмæн йæ хæлар зæрдæ, кæмæн йæ бакаст, йæ мæлгъæвзаг, йæ зонд, фæлæ мæм Цомахъ ныртæккæ дæр афтæ кæсы, цыма æрдз адæймагæн цыдæриддæр æвæрццæг миниуджытæ радта, уыдонæн сæ фылдæр уый фесты. Бæрзонд, къæсхуыргомау, хъæстæлвæст, чысыл хæбуздзæсгом, æвæццæгæн, раджы кæддæр фæрынчын дзуарæй. Йæ дзыхы дзырд фæлмæн, ивазгæ дзырдтæ, рæвдаугæ хъæлæсы уаг, худæнбыл æнгас.
Цомахъæн йæ кой рагæй хъуыстон. Æмбæлгæ та йыл фæкодтон 1924 азы. Ирон фыццаг профессионалон актер Тотраты Бесæйæн аивады æмæ рухсады кусджытæ сарæзтой юбилей. Уæды рæстæджы ныры хуызæн парахат фадæттæ нæ уыд ахæмтæ аразынæн, фæлæ уæддæр обкомы хæдзары бын цы къаннæг клуб уыд, уый байдзаг адæмæй (ныртæккæ Бæстæзонæн музей кæм ис, уый Сабырдзинады проспекты).
Тотраты Бесæ кæм хъазыд, ахæм иуактон пьесæ равдысты фæстæ райдыдтой арфæйы ныхæстæ. Арфæгæнджытæй иу уыдис Цомахъ. Сценæйы дзургæйæ Цомахъ йе ргом аздæхта Бесæйырдæм, цыма сæ дыууæйы йедтæмæ залы ничи ис æмæ лæгæй-лæгмæ ныхас кæнынц, ахæм хуызы, æмæ загъта:
Бесæ! Аивадон æмæ драмон уацмыстæ бирæ ис чиныгдæтты. Уыцы уацмысты адæмы размæ рахæссынц актертæ, базонын сæ кæнынц дзыллæтæн. Уыцы актертæй, уыцы артисттæй дæ ды дæр...
Уымæй дарддæр цы дзырдта Цомахъ, уыдон бæстон нал хъуыды кæнын, чи зоны, се ппæт æмбаргæ дæр нæ бакодтон, фæлæ ма абон дæр мæ цæстыты раз лæууы юбиляр Бесæйы цæсгом. Цомахъы зæрдæбын æмæ цæстуарзон ныхæстæй афтæ ныфсæрмы Бесæ, æмæ æппындæр нал арæхст дзуапп раттынмæ, зыр-зыр кодта, йе взаг йæ коммæ нал каст.
Уыцы бонæй фæстæмæ, Цомахъ лекци кæсдзæн, зæгъгæ-иу куы фехъуыстон, уæд амал уæвгæйæ тырныдтон уырдæм бахауынмæ. Иуæй иронау кæй дзырдта, стæй рæсугъд æвзагæй, уый тыххæй, иннæмæй та мæхæдæг дæр цымыдис цæмæ уыдтæн, ахæм хъуыддæгтыл кæй дзырдта, уыйфæдыл. Уыцы клубы ма уыйфæстæ байхъуыстон Цомахъы лекцимæ æппæт дунейы уавæры тыххæй.
Чысыл фæстæдæр ма уыцы клубы байхъуыстон Цомахъы лекцимæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны географийы тыххæй: бæстæйæн йе вæрд, арæнтæ, хæхтæ, дæттæ, æфцæджытæ, кæмттæ æмæ æндæрты тыххæй. Йæ лекцийы мæм диссаг фæкаст, дыууæ Ирыстоны дæр афтæ бæстон кæй зоны, уый, уæлдайдæр та, æфцæджытæй цы загъта, уый. Цæгат Ирыстонæй Хуссар Ирыстонмæ цы æфцæджытыл ахизынц, уыдонæн, дам, се вæрд афтæ у: цæгатырдыгæй, суанг рæбынæй æфцæджы сæрмæ схæссынц æдзæгвæз, фæлæ фæсæфцæг цæхгæр фæуырдыг вæййынц... Æз зыдтон уыцы æфцæджытæн сæ фылдæры: Бæрзæфцæг, Тырсыйы æфцæг, Сыбайы æфцæг, Ручъы æфцæг æмæ Дзомагъы æфцæг. Æцæг афтæ сты. Цæгатырдыгæй суанг комæй уæлæмæ æфцæджы сæрмæ 24 километры бæрц фæзау у фæндаг, фæлæ рагъæй фалæмæ цæхгæр фæуырдыг кæны. Уый зыдтон æз дæр, фæлæ мæ хъуыдыйы никуы рцыд, се ппæт дæр афтæ æмхуызон сты, уый.
1925 азы Цомахъ редактор уыд газет «Рæстдзинад»-æн. Æртыккаг аз цыдис газет «Рæстдзинад» æмæ уыцы рæстæгмæ йæ уацхæсджытæ дæр бабирæ сты. Цомахъ сфæнд кодта уацхæсджытæн съезд саразын. Уый уыд мартъийы мæйы Цæгат Ирыстоны Автономон республикæйы æххæстгæнæг комитеты хæдзары (ныртæккæ Мидхъуыддæгты Министрад кæм ис, уым Бутырины уынг). Съездмæ æрцыд иу-дыууиссæдз адæймаджы бæрц. Ахаста дыууæ боны. Раныхæстæ дзы кодтой: редакцийы куысты тыххæй Цомахъ йæхæдæг, партийы обкомы номæй фыссæг Барахъты Гино, уацхæстджыты куысты тыххæй фыссæг Гулуты Æндри æмæ облæсты прокурор Дыгуры Къоста. Съезд равзæрста уацхæсджыты бюро æртæ лæгæй æмæ ууыл ахицæн Цæгат Ирыстоны облæсты уацхæсджыты фыццаг съезд.
Дзæуджыхъæуы уырыссаг драмон театр сфæнд кодта Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Амран» уырыссаг æвзагыл сæвæрын. Бацæттæ йæ кодтой. Театры иу лæг бынат дæр нал уыд афтид, суанг ма «галеркæ» кæй хуыдтой, уым дæр. Спектакль райдайыны агъоммæ сценæйы æмбæрзæны размæ ралæууыд Цомахъ æмæ райдыдта дзурын. Куы ма йæ загътон, иронау куыд дзуры, уый цалдæр хатты фехъуыстон, фæлæ йæ уырыссагау дзургæ никæд ма фехъуыстон. Дзургæ та афтæ сыгъдæг æнæ акцентæй æмæ æнæфæкъæзгæ кодта, æмæ дисы æфтыдта, чи йæм хъуыста, уыдоны иронæй, уырыссагæй.
Скъолайæ рацæугæйæ-иу арæх бауадтæн «Рæстдзинад»-ы редакцимæ. Иубон мæм Цомахъ фæсидт йæхимæ. Редакци уыд дыууæ къаннæг уаты. Цомахъ бадтис мидæггаджы. Мæн куы федта æддаг уатмæ æрбахизгæ, уæд радзырдта:
Куыдзæг, ардæм-ма рауай!
Бацыдтæн æм. Фæфарста мæ: кæм ахуыр кæнын, кæцы къласы, кæм цæрын æмæ æндæр ахæмтæй. Стæй мын уыйфæстæ загъта редакцимæ кусынмæ æрбацæуыны тыххæй. Зæгъын, мæ ныфс нæ хæссын, никæдма куыстон ахæм ран, æмæ куы нæ сарæхсон...
Тæрсгæ ма кæ, загъта Цомахъ, райдайæны уал мæнæ фæкæсдзынæ газеттæ æрвитыны хъуыддагмæ, стæй сындæггай редакцийы куыстмæ бахиздзынæ...
Гъемæ райдыдтон кусын. Уæды рæстæджы газеты тираж минтæй нымайгæ нæма уыд, фæлæ дзы уæддæр дзæвгар куыст уыд: алы экземпляр дæр бадыдæгътæ кæн, адрис ыл сасымæй баныхас, стæй сæ сбæтт æмæ сæ де ккой постмæ ныххæс. Уым посты кусæгæн йæ къух æрфыссын кæн, газеттæ кæй айста, уый тыххæй, æмæ ахицæн куыст дыууæ-æртæ боны (уыцы рæстæджы газет алы бон нæма цыд).
Иубон типографийæ сдзырдтой: газет мыхуыргонд фæуыдзæн цалдæр минуты фæстæ æмæ йæ аласут. Æз нæма зыдтон, газет куыд фæласынц, уый æмæ бацыдтæн Цомахъмæ. Уый мын бацамыдта: проспекты цы афтид файтоныл фембæлай, уый акæн типографимæ, газеттæ дзы сæвæр æмæ сæ слас, æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта:
Гъеуый дын дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр... Ома, уырдæм дæр æмæ фæстæмæ дæр.
Иннæ хатт та афтæ рауад. Типографийæ сдзырдтой, газет аласут, зæгъгæ, фæлæ æд файтон куы ныццыдтæн, уæд рабæрæг: газетæн йе мбис нæма у мыхуыргонд.
Уæдæ æгæр раджы цæмæн сдзырдтат? фæрсын типографийы хицауы.
Афонмæ хъуамæ фæуыдаид мыхуыргонд, фæлæ машинæ фехæлд æмæ уый тыххæй бафæстиат стæм, сахаты æрдæгмæ фæуыдзæн мыхуыргонд.
Файтоны хицауæн куы загътон, сахаты æрдæг фæлæуу, зæгъгæ, уæд мæ афарста:
Æмæ мын уыцы рæстæгæн æхца бафиддзынæ?
Æз зонгæ дæр нæ кодтон, уыцы лæуды рæстæгæн дæр æхца фæфидынц, уый æмæ фæтыхстæн мæхимидæг. Бæхтæрæгимæ схъæлæба стæм. Афтæмæй нæ æрæййæфта Цомахъ. Æз æгæр æрæгмæ куы цыдтæн, уæд нал фæлæууыд æмæ æрцыд. Мæн афтæ тыхстæй куы федта, уæд бахудт æмæ фæрсы:
Сагъæсхуыз куы дæ, Куыдзæг.
Радзырдтон ын хабар.
Æмæ ууыл та цы маст кæныс. Бафиддзыстæм бæхтæрæгæн иу-цалдæр капеччы уæлдай, æндæр цы, стæй бæхтæрæгимæ дзурыныл фæци.
Уыцы бонæй фæстæмæ, газет мыхуыргонд фæцис, уый-иу цалынмæ развæлгъау сбæлвырд кодтон, уæдмæ файтон не ххуырстон.
Цомахъмæ дæр фæуæндондæр дæн. Иубон нæ дыууæ дæр типографимæ цæугæйæ фембæлдыстæм Гутнаты Гылцийыл. Гылци типографийы кусæг, дамгъæвзарæг, уыцы куыст рагæй кодта, æндæр дзы ирон дамгъæвзарæг нæ уыд. йе фсымæр Елбыздыхъо революцийы агъоммæ немыцаг ус ракуырдта æмæ алыгъд Германмæ. Уым куыста типографийы, стæй йæхæдæг дæр сси типографийы хицау. Ссæдзæм азты йæ типографийы рауагъта цалдæр ирон чиныджы. Гылци сфæнд кодта йе фсымæры бабæрæг кæнын. Облæсты æххæстгæнæг комитетæй райста ацæуыны бар æмæ ма ныртæккæ зылди цавæрдæр гæххæттытæ бабæстон кæныныл. Цомахъимæ ныл амбæлди типографийы бакомкоммæ булвары.
Гылци, уæдæ цæуыс Берлинмæ? фæдзырдта йæм Цомахъ.
Уæллæгъи, цæуын, Цомахъ, бирæ мæ нал хъæуы, фæрæвдз кæнын, дзуапп радта Гылци, Цомахъæн йæ къух райста, афтæмæй.
Гъеуæдæ-иу уым Штреземанæн афтæ зæгъ, мах дæр, зæгъ, амæлттæ кæнæм...
Уый дын мæ быгъдуан, Цомахъ! бахудт Гылци æмæ атындзыдта облæххæсткомырдæм.
Уыцы чысыл хабар мæ зæрдыл уый тыххæй бадардтон, æмæ уæды онг никæдма федтон Цомахъы хъазæн ныхæстæгæнгæ. Зыдтон, Штреземан уæды рæстæджы Германы паддзахады æддагон хъуыддæгты министр кæй у, уый æмæ цы бар дары махмæ? Кæнæ Гылцийы балцмæ?
Газеты æрмæгæн йæ фылдæр æмбис Цомахъ йæхæдæг цæттæ кодта. Номыры разуац куы ныффыста, уæд-иу хаттæй-хатт фæдзырдта мæнмæ:
Куыдзæг, рауай-ма!
Сбадын мæ-иу кодта йе стъолы раз.
Байхъус-ма! æмæ-иу райдыдта йæ уац хъæрæй кæсын.
Гъы, куыд дæм кæсы? бафарста-иу, каст-иу куы фæцис, уæд уыцы æцæгхуызæй. Æз æмбæрстон, Цомахъ йæ уац мæнæн нæ, фæлæ йæ йæхицæн кæй бакаст, уый.
Тынг хорз у, Цомахъ! загътон-иу æз дæр æцæгхуызæй.
Арæх фыста Цомахъ æнæуи уацтæ дæр, тæлмацтæ, растфыссыны (орфографийы тыххæй), мыхуыр кодта йæхи æмдзæвгæтæ дæр. Азæн йæ фыццаг номырæй фæстæмæ райдыдта мыхуыр кæнын йæхи тæлмац къаннæг брошюрæ «Ленин-Ульянов. Йæ цард. Йæ куыст. Йæ фæндтæ».
Газеты цыппæрæм номырæй фæстæмæ Цомахъ райдыдта мыхуыр кæнын Вильгельм Либкнехты уацау «Хæлуарджытæ æмæ бындзытæ» иу-цалдæр номыры, йæхи тæлмац, стæй «Интернационал» дæр йæхи тæлмацгондæй. Хуыздæр мæм фæкаст йæхи æмдзæвгæ «Фæнды мæ мæн...»
Хорз мæм фæкаст, Виктор Гюгойæ цы ратæлмац кодта, уый дæр. «Хъазуат баррикадыл». Уыцы æмдзæвгæ уæды онг никуыма бакастæн, уырыссагау тæлмацæй дæр. Революционертимæ æрцахстой хæрзæрыгон лæппуйы дæр. Контрреволюционертæ сæ æрæзæрдтой æхсынмæ. Саби бахатыд марджытæм, цæмæй йæ ауадзой йæ мады фенынмæ, уайтагъддæр фæстæмæ фездæхдзынæн, зæгъгæ. Худæг фæкаст уыцы курдиат марджытæм, фæлæ йæ ахудыны тыххæй фæлварынæн ауагътой йæ мадæн «хæрзбон» зæгъынмæ. Чысыл фæстæдæр кæсынц, æмæ лæппу фæстæмæ сæ цуры æрбалæууыд, æрлæууыд иннæ революционерты фарсмæ къулы æнцой æмæ загъта: «Цæй, фæстиат ма кæнут! Цæвут!» Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ уæды рæстæджы редакци никæмæн фыста гонорар, йæхи кусджытæн дæр æмæ æддагæттæн дæр.
Цомахъ 1925 азы кæронмæ æххæст нал бакуыста редакторы бынаты. Æндæр куыстмæ йæ кæй раивтой, уый тыххæй рацыд уырдыгæй.
Фæстаг хатт ма фембæлдыстæм Цомахъимæ 1931 азы сæрды. Цардис Вагзалы проспекты (ныртæккæ Марковы уынг), Уæд ма рог рынчын уыд. Хуыссыд йæхи фатеры. Æнæуи дæр къæсхуыр уыд, ныр бынтондæр сцола.
Бирæ нал ахаста, мæгуыр, фæззæджы ахицæн цардæй. Йæ баныгæныны тыххæй уыд æмбырд партийы обкомы. Йæ рынчыны размæ Цомахъ ректор кæмæн уыд Цæгат Кавказы педагогон институт, уый ректор фæндон бахаста, цæмæй Цомахъ ныгæд æрцæуа аргъуаны кæрты Хетæгкаты Къостайы фарсмæ, фæлæ обкомы секретарь не сразы уыцы фæндоныл, уым, дам, сауджынтæ æмæ инæлæрттæ ныгæд сты, зæгъгæ. Баныгæдтой йæ, Ирыхъæуы уæлмæрд кæй хуыдтой, уым. Ингæны уæлхъус радзырдтой цалдæрæй Цомахъы цард æмæ куысты тыххæй. Уæлдай зæрдæбындæр ныхас ракодта, паддзахы заманы йæхæдæг дæр Цомахъау Сыбырмæ хаст чи уыд, Дзæуджыхъæуы уырыссаг театры директор зæронд политкаторжанты æхсæнады уæнг Полякова.
Уый уыд 1919 азы. Фæсхох, Урстуалты. Едысы хъæуы фæзындысты æнæзонгæ уазджытæ. Уæды онг-иу нæ хъæумæ цы хицæуттæ ахуыргонд адæм æрбацыд, уыдон сæ дарæсæй дæр бæрæг дардтой нæхионты хсæн. Фæлæ кæй кой кæнинаг дæн, уыдон сæ уæлæдарæсæй дæр ницы хъауджыдæр уыдысты нæхи хъæуы цæрджытæй.
Ас адæмæй куыд хъуыстам, афтæмæй нæ уазджытæ уыдысты Цæгат Ирыстонæй. Цæвиттон, Цæгат Ирыстоны уыцы рæстæджы фæуæлахиз сты кадеттæ, æмæ уæд нæ уазджытæн уым уæвæн нал уыд, большевиктæ кæй уыдысты, уыйфæдыл æмæ уал сæхи райстой Хуссар Йрыстонмæ. Нæ хъæуы сæ фысым уыд большевикты партийы активон кусæг Беджызаты Чермен, Базыдтам сын сæ нæмттæ дæр: Барахъты Гино, Беккуызарты Тасолтан, Гæдиаты Никъала æмæ Бугойты Дзыбыртт.
Фыццаг хатт уæд фембæлдтæн Гинойыл. «Фембæлдтæн» ныхас дæр, æвæдза, иттæг раст нæу. Гино уæд лæппулæг уыд, мæныл та цыди 1314 азы æмæ йæм сдзурын дæр нæ уæндыдтæн.
Уазджытæ се ппæт дæр æгас хъæуæн æмхуызон æхцон уыдысты, фæлæ сæхæдæг «иу джиппыуагъд» кæй хонынц, ахæмтæ нæ уыдысты. Дзыбыртт æмæ Тасолтан сæхи ромылдæр дардтой, Гино æмæ Никъала та хъæлдзæгдæр æмæ хъазагдæр уыдысты. Гино сахуыр кодта, фæсивæд Тлаттаты Черменыл цы зарæг сарæзта, уый, æмæ зарæг уайтагъд айхъуыст Урстуалты æмæ Ручъы хъæуты.
Гино æппынæдзухдæр чиныгимæ цыдис (Черменмæ хорз библиотекæ уыдис). Кæд-иу кæсгæ нæ кодта, уæд та адæмон зарджыты ныхæстæ фыста. «Дæдадæйы» зарджыты куплеттæй кæй ныффыста, уыдонæй махмæ, скъоладзаутæм, дæр ма æрбахауд иу-цалдæр.
1920 азы Цæгат Кавказы æмæ Цæгат Ирыстоны урсгвардионтимæ тох куы стынг, уæд Гино рацыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ ам разамынд лæвæрдта партизантæн. Мах бинонтæ дæр уыцы аз ам, горæты цардысты, фæлæ Гинойы арæх нал уыдтон. Æрмæст æй зымæджы федтон цалдæр хатты газет «Кермен»-ы типографийы Максим Горькийы уынджы. Гъе, фæлæ йын йæ кой уæддæр арæх хъуыстон. Ныртæккæ Маркусы уынджы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет кæм ис, уым 20-æм азты райдайæны уыд адæмон ахуырады Хæххон институт. Цыбырæй та ГИНО. Агъуыстæн æдде, уынджырдыгæй йæ къæсæрыл стыр дамгъæтæй фыст уыди: Г И Н О.
Гъемæ, дам, Гинойы чи зыдта, ахæм чидæртæ уыцы фыст куы федтой, уæд бахæлæг кодтой. Кæсут, дам, дзæбæх хæдзар куы рцахста йæхицæн бæлшæвик Барахъты Гино.
Иннæ хабар та афтæ уыд. Едысы кæмæ цардис Гино Беджызатæм, уыдоны фыд Дауит ам горæты тынг батыхст йæ кæстæр фырт Васяйы скъоламæ раттыныл, паддзахады хардзæй кæм ахуыр кодтаид, ахæммæ. Иу чидæр ын бацамыдта:
Ахæм скъола дæлæ ГИНО, æмæ йæ уырдæм ратт!
Дæ цæрæнбон бирæ! бацин кодта Дауит. Кæд уый Гинойæ кæнгæ у, уæд æй куыд нæ айсдзæн, æнæхъæн сæрд нæ хæдзары куы фæцард!
Гино фыссæг дæр у, уый æрмæст 1920 азы базыдтон, газет «Кермен»-ы руаджы, стæй 1921 азы цы «Ирон зарджыты чиныг» рацыд, уымæй. Уым Гинойæн уыд цалдæр æмдзæвгæйы. Стæй ма уыцы аз рацыд йæ чиныг дæр, радзырдты æмбырдгонд, йæ ном «Раздзог», зæгъгæ. Уæвгæ, уыцы чиныг æцæг раздзог уыд, уымæй раздæр Цæгаты дæр æмæ Хуссар Иры дæр нæ рацыд аив литературæйы чиныг.
Ссæдзæм азты, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы куы куыстон, уæд иуахæмы рабфачы студенттæ фæсидтысты Гииомæ Хетæгкаты Къостайы тыххæй доклад скæнынмæ. Гино бæстон раныхас кодта Къостайы тыххæй, чидæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй нæ, фæлæ йæхирдыгонау. Цæвиттон, кæмæдæрты Къоста азимаг каст, йæ уацмысты хуыцауы кой кæй кæны æмæ «кълассон дихдзинад» кæй нæ иртасы, уый тыххæй. Æз ныффыстон Гинойы доклад цыбыртæгондæй газетмæ, фæлæ уал æй бакастæн развæлгъау Гинойæн йæхицæн. Дзæбæх фæкаст Гикомæ фыст, æрмæст ма загъта:
Хорз у, фæлæ ма йын йæ кæронмæ бафтау: «Къоста уыд æмæ у ирон мæгуыр фæллойгæнæг адæмы фыссæг, æмæ йæ никæмæн ратдзысты», зæгъгæ, загъта Гино йæ доклады кæрон.
Ссæдзæм азты æмбисы Цæгат Ирыстоны нæма уыд ирон театр, радио æмæ телеуынынад. Ахæм хуызы нæм уыдысты æрмæст хъазтизæртæ клубты æмæ скъолаты.
Уыцы хъазтизæрты пьесæтæй йедтæмæ кастысты æмдзæвгæтæ æмæ-иу стæм хатт музыкалон номыртæ. Ахæм хуызы уыцы азты нæ литературæйы дæр æмæ нæ музыкалон культурæйы дæр ницы бæрæг æрмæг уыди, æмæ-иу алы хатт дæр кастысты æмæ зарыдысты Гинойы дуэттæ æмæ романстæ. Уæлдай арæхдæр æвдыстой Гинойы дуэт «Ус æмæ лæг». Алы ран дæр æй зарыдысты, фæлæ йæ æппæты хуыздæр æвдыстой Мамиаты Елдзарыхъо æмæ Туаты Оля. Дуэттæ æмæ романстæн сæ текст дæр, сæ мотив дæр Гинойæн йæхи уыдысты. Уый нæ, фæлæ ма сæ заргæ дæр æмæ гитарæйæ дæр йæхæдæг цагъта. Цалынмæ-иу эстрадæмæ рацыдысты, уæдмæ сæ Гино касти æмæ цагъта сæхимæ йæ зонгæтæ æмæ йæ хæлардæр адæмæн. Къорд чидæртæ йæ хъазгæйæ «Ирон Беранже» дæр хуыдтой.
1926 азы Гино уыди газет «Рæстдзинад»-ы редактор.
Æз дæр куыстон уым. Уæд нæм ирон журнал нæма цыди, æмæ Гино уадзын райдыдта литературон уæлæмхасæн «Размæ».
Уæды рæстæджы цаутæй ма иу лæууы мæ зæрдыл уæлдай ирддæрæй. Хуссар Ирыстокы рацыд мыхуыры фыссæг Коцойты Арсены радзырд «Цы рцыд æмбисæхсæв Фæзыхъæуы?» Уыцы радзырды Арсен фæскомцæдисон чызджы ахæм фыдцъылызæй равдыста, æмæ Гино тынг смæсты. Уайтагъд фыссыныл æрбадт æмæ ныффыста тызмæг дзуапп.
Æртынæм азты Гино куыста Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы системæйы, фæлæ та 1935 азы райдыдта кусын Цæгат Ирыстоны обкомы, Бутаты Хъазыбег партийы Цæгат Ирыстоны обкомы секретарь куы уыд, уыцы рæстæджы.
Иттæг æнувыдæй та райдыдта кусын Гино культурон æмæ литературон фронтты. Уыцы рæстæджы тынг æнгом баст уыди фысджыты Цæдисимæ æмæ ахуырад æмæ иртасæг Институтимæ. Суанг терминологон къамисы æмбырдты дæр ма цух нæ уагъта.
Гино уыд сыгъдæгзæрдæ æмæ хæларзæрдæ адæймаг. Йæ сæрмагонд миниуджытæй иу уыд цыргъзонд æмæ хъæлдзæгдзинад. Гино цы адæмы хсæн уыдаид, уым æнæуæвгæ нæ уыд хъæлдзæгдзинадæн, йæ анекдоттæн-иу, кæрон нæ уыди, йæ зарджытæн дæр афтæ.
1975 аз
Революцийы размæ, фæсхох, Урстуалты ма куы цардыстæм, уæд иуахæмы мæ къухмæ æрбафтыдысты цалдæр ирон журналы. Æдде сыл ставд дамгъæтæй фыст уыд: «Чырыстон цард». Аргъуан нæ хъæу Едысы уыд, сауджын дæр нæхи хъæуккаг уыд, æмæ æвæццæгæн, уыдон истой уыцы журнал, уымæн æмæ нæ хъæуы цæрджытæй уыдонæй фæстæмæ газеттæ æмæ журналтæ ничи иста.
Цы журналы кой кæнын, уый уагътой Дзæуджыхъæуы. Йæ автортæ, стæмтæй фæстæмæ, уыдысты сауджынтæ, фысгæ та кодтой, чырыстон дин куыд хорз у, стæй аргъуанты æмæ хæдзары мидæг дæр хуыцаумæ куыд кувын хъæуы, уыдæтты тыххæй.
Гъе, фæлæ-иу журналты фæстаг цъæрттыл фæзындысты, чырыстон динмæ æппындæр чи ницы бар дары, ахæм фыстытæ: иронау куыд растдæр фыссын хъæуы, уый тыххæй æмæ ма суанг æмдзæвгæтæ дæр.
Дзæвгар уыдысты, æмдзæвгæтæ чи фыста, уыдон дæр, фæлæ уыдон астæу иу авторы æмдзæвгæтæ бæрæг дардтой. Æз уыцы рæстæджы хъæууон скъолайы ахуыр кодтон. Иронау рæвдз кастæн, фæлæ æмдзæвгæтæн сæ хорзæн дæр æмæ се взæрæн дæр ницыма иртæстон. Мæхимидæг бафиппайдтон æрмæст уый, æмæ уыцы иу лæджы æмдзæвгæтæ уыдысты иннæты æмдзæвгæтæй цыбырдæр, æнцондæр кæсæн æмæ æнцондæр ахуыр кæнæн. Сæ быны-иу фыст уыди: «Илас Мзурон».
Илас нæлгоймаджы ном кæй у, уый зыдтон, нæхи хъæуы дæр уыд Илас. Фæлæ Мзурон æххæст не мбæрстон, фæсномыг ном цы у, уый нæ зыдтон. Нæ ахуыргæнæн чиныджы иу урок уыд «Нарон æмæ Уæлладжырон къæрныхы аргъау», æмæ мæм афтæ каст, цыма «Илас Мзурон», Мызуры чи цæры, ахæм фыссæг у.
Фæстæдæр, ссæдзæм азты Цæгат Ирыстонмæ куы ралыгъдыстæм æмæ 1926 азы газет «Рæстдзинад»-ы куы куыстон, æрмæст уæд базыдтон, «Илас Мзурон» чи у, уый. Цæвиттон, газеты редактор Косирати Сæрмæт ссардта Мзуроны (уый та уыцы рæстæджы Харбины уыд) æмæ газеты мыхуыр кæнын райдыдта, Иласæн мыхуыры чи нæма рацыд, уыдонæй иуæй-иуты. Æцæг, æмдзæвгæты бын «Илас Мзурон» фыст нал уыд, фæлæ «Илас Æрнигон».
Уæд базыдтон, Илас Мзурон чи у, уый Тогызты Газакк. Уалынмæ Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæн рауагъта Илас Æрнигоны къаннæг худæджы ныв «Уайсадæг чындз» иуактон пьесæ. Ссæдзæм азты уыцы цыбыр пьесæ Ирыстоны хъæуты клубты сценæтæй кæм нæ уыд, ахæм дзы, æвæццæгæн, нал баззад. Цыбыр, хæстæлвæст, худæг æмæ æнцонæвæрæн «Уайсадæг чындз» тынг цыдис адæмы зæрдæмæ. Стæй йæ темæ дæр, ныртæккæ дæр ма куы у актуалон, уæд ссæдзæм азты та уæлдай тынгдæр уыд.
Ссæдзæм азты кæронæй фæстæмæ иу-цалдæр азы Æрнигонæй ницуал райхъуыст ногæй, æрмæст ма, Америкæй йæхимæ цы ирæтты къорд æрбацыд, уыдонæй иу Хадаты Берди радзырдта, Владивосточы Газакмæ куыд æрфысым кодтой, уый.
1934 азы фæззæджы райхъуыет ног хабар: Æрнигон Илас Тогызты Газакк æд бинонтæ æрбахæццæ Харбинæй Ирыстонмæ. Уый уыд, Китайы цæгатаг хай Маньчжур Японы империалисттæ сæхи куы бакодтой, уыцы рæстæджы. Паддзахы заманы Китайы зæххыл Уæрæсе сарæзта æфсæнзæндаг, Китайы Схæсæн æфсæнвæндаг кæй схуыдтой, уый. Уыцы фæндагæн йæ кусджытæ дæр уæрæсейæгтæ уыдысты. Фæлæ ныр, фæндаг Японы куы бацис (хицæн паддзахад дзы ацарæзтой, йæ ном Маньчжоу-го), уæд уæрæсейаг кусджытæн фадат нал уыд уым уæвынæн æмæ лидзæг фесты СССР Цæдисмæ.
Æрнигоны æрбацыд цы бон фехъуыстам, мæ хо дæр чындзы раст уыцы изæр цыди. Цы адæм нæм æрбамбырд, уыдонæй уыд æрыдойнæгтæ дæр, æмæ Газаччы хабар куы фехъуыстой, уæд мын дзы иу афтæ:
Газакк де мхæрæфырт у, уый нæ зоныс?
Куыд ме мхæрæфырт? æз хуссайраг, уый цæгатаг...
Дæ мад Джыккиан нæу?
О.
Газаччы мад дæр Джыккиан уыд, æрыдоны Джыккайтæй...
«Уæдæ нын ныр йе рбахонын фенцондæр уыдзæн», загътон мæхицæн, æмæ йæм Фæрниаты Къостаимæ бацыдыстæм уазæгæгуатмæ. Газаччы баййæфтам номыры. Загътам ын нæ чындзæхсæвы хабар, æмæ нæ афарста:
Æмæ ма уæм ахæмтæ дæр вæййы?
Ома, цахæмтæ?
Ирон чындзæхсæвтæ.
Æмæ нæм цæуылнæ хъуамæ уой?
Рацыдис немæ. Дæуæй хистæр ничи ис фысымтæм, зæгъгæ, йæ хистæрæн сбадын кодтам. Бирæ азты дæргъы Ирыстонæй иппæрд чи уыд, уымæн диссаг хъуамæ ма уыдаид ирон фынджы æгъдæуттæ æмæ куывдтытæ ферох кæнын, фæлæ Газакк цыма уыцы бон йæ райгуырæн хъæу Æрыдонæй схæццæ, афтæ кодта фынджы фæтк. Фылдæр та дзырдта, Советон Ирыстоны йæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыди, уыдæттыл. Дзырдта, фыццаджыдæр, ирон аив литературæйы тыххæй. Куыддæр Дзæуджыхъæумæ ссыд, афтæ азылд горæтыл æмæ æппæты фыццаг цæуыл фæдис кодта, уый уыд ирон чингуыты дукани. Паддзахы заманы, дам-иу цалдæр азы дæргъы иунæг чиныг куы фæзынд ирон æвзагыл, уæд, дам, æрмæст уый дæр уыд цины хос, ныр та ирон чингуытæ уыйбæрц сты, æмæ сын сæрмагонд дукани кæнын бахъуыд. Уый цæйбæрц стыр хъуыддаг у, уый тыххæй ма йæхи цардæй æрхаста ахæм диссаджы цау...
Æрыдоны семинар каст куы фæцис, уæд æй арвыстой Куырттаты коммæ ахуыргæнæгæй. Цæмæй скъоладзаутæ тагъддæр базоной уырыссаг æвзаг, стæй иронау дæр кæсын æмæ фыссын, уый тыххæй ахæм фæнд æрымысыд: тетрады цъарыл уырыссаг дзырдтæ фыст кæм уыд, уыдонæн сæ акомкоммæ иннæ цъарыл та фыста, уыцы ныхæстæ иронау куыд сты, уый. Зæгъæм, дзырдæн, уырыссаг дзырд «вода»-йы комкоммæ иннæ цъарыл фыст уыд «дон», «дом»-ы ныхмæ «хæдзар» æмæ афтæ дарддæр.
Иуахæмы Куырттаты коммæ ссыд се скъолайыл аудæг æрыдоны семинары ахуыргæнæг сауджын. Ахуыргæнинæгты тетрæдтæм куы ркаст æмæ сæ уыцы хуызы куы федта, уæд фæхъæр ласта ахуыргæнæгыл:
Адон та цы сты?!
Ахуыргæнæг ын бамбарын кодта, уырыссаг ныхæстæ иронау фыст цæйфæдыл сты, уый.
Æмæ дын чи радта бар ирон æвзаг ахуыр кæнынæн? сауджын йæ къухтæ сцагъта ахуыргæнæгыл къласы мидæг скъоладзауты цæсты раз. Æвæццæгæн, æнхъæл уыд: ныртæккæ ахуыргæнæгæн йæ уд йæ къæхты бынæй агæпп ласдзæн, хатыртæ курдзæн, фæлæ афтæ нæ рауад. Газакк фæхæцыд сауджыны æфцæгготыл æмæ йæ къласæй раппæрста...
Ацы хабар Газакк уымæй балхынцъ кодта, ома кæсут, мæнæн паддзахы заман ирон дзырдтæ фыссыны бар дæр нæ уыд, фæлæ ныр ирон чингуытæй къухбакæнæн дæр нæй дуканийы, стæй скъолаты дæр ахуыр кæнынц мадæлон æвзагыл.
Гъе, фæлæ нæ батад Газаккæн уыцы ми. Сауджын бæстæ йæ сæрыл систа. Æрæмбырд кодта хъæубæсты нæлгоймæгты, уе скъола уын æхгæнгæ кæнын, зæгъгæ. Газакк лидзæг фæцис Куырттаты комæй æмæ Æрыдоны. дæр нал афæстиат, афтæ Дардхурыскæсæны балæууыд. Афтæ куы нæ бакодтаид, уæд та йæ ахсгæ æркодтаиккой.
Къорд азты нал æрбаздæхт уырдыгæй. Советон хицауад куы æрбæстон Дардхурыскæсæны æмæ хистæр скъолатæ куы байгом сты, уæд бацыдис Владивосточы университетмæ æмæ йæ фæцис каст. Кусын райдыдта рухсады комиссарады кусæндæтты, фæстæдæр та сси, Китайы Скæсæн æфсæнвæндаджы хаххыл цыдæриддæр скъолатæ уыд, уыдоны инспектор.
Маньчжур Японы оккупацийы бын куы фæцис, уæд цæхгæр фæфыддæр сты, фæндагыл уæрæсейæгтæй чи куыста, уыдон царды æмæ куысты уавæртæ. Газакк куыд радзырдта, афтæмæй сæ партион организацийæн дæр æргомæй кусæн нал уыд æмæ сусæг куыстмæ рахызтысты. Газакк йæхæдæг дæр лæуд уыд коммунистон партион организацийы, нырма уал кандидатæй, фæлæ йæ рацæуыны рæстæгмæ йæ карточкæ йæ къухы нæ бафтыд æмæ ам æнхъæлмæ каст йæ сæрвитынмæ.
Иухатт та йæ æрцахстой китайаг бандиттæ хунхузтæ, æмæ ма тыххæй-фыдæй фервæзт мæлæтæй. Цæвиттон, уыцы фæндагыл чи куыста, уыдоныл-иу хунхузтæ сæхи ныццавтой æмæ-иу сæ уацары акодтой хъæдмæ. Стæй-иу ныффыстой уацайрæгты бинонтæм: уæ лæг махмæ ис æмæ, кæд уыйас æмæ уыйас æхца фидут ахæм æмæ ахæм æмгъуыдмæ, уæд æй ауадздзыстæм, кæннод та йæ маргæ акæндзыстæм. Æмæ æцæг, æхца-иу кæй бинонтæ нæ бафыстой, уыдонæн-иу сæ лæгтæ хæдзар нал ссардтой.
Бафыста Газаччы тыххæй æхца йæ хæлар æмæ йæ фервæзын кодта. Цал æмæ цал уыдысты хукхузты балтæ! Цыбырныхасæй, дарддæры куыстæн æмæ цардæн фадат нал уыд Маньчжуры, Японы оккупанттæ та хунхузты цырен цы кодтой, уыййедтæмæ сæ иргъæвгæ нæ кодтой. Барæй уыд уыцы политккæ, цæмæй адæм сфæлмæцой æмæ иууылдæр лидзæг фæуой уырдыгæй. 1935 азы Газакк кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны облæстон чиныгуадзæны. Ратæлмац кодта иу-цалдæр чиныджы: политграмотæйы чиныг (ахуыргæнæн чиныг политкъордтæн), Д. Дефойы «Робинзон Крузо», Сетон Томпсоны уацмыстæ æмæ æндæртæ.
Уыцы иу рæстæджы Газакк цæттæ кодта йæ уацмысты æмбырдгонд рауадзынмæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ йын 1960 азы цы чиныг рацыд, уыцы æмбырдгонды не сты йæ уацмыстæ æххæстæй. Æниу чиныг аразджытæ ницы аххосджын сты уымæй, сæ къухы æндæр ницы бафтыд. Фæлæ, зæгъæм дзырдæн, цы æмбырдгонды кой кæнæм, йæ ном «Æрæмыс-иу мæн», уым Газаккæн ис æрмæст иунæг радзырд «Челе». Уый фыццаг хатт фæзынд мыхуыры 1915 азы æмæ йын фесæфынæй нал уыд тас. Фæлæ ма йын æз кастæн, æппындæр мыхуыры чи нæма уыд, ахæм дыууæ радзырды, æмæ, куыд зокын, афтæмæй, абон дæр ма никæцæй зынынц. Æз сæ кастæн тетрады фыстæй, рауагъдады иу уаты куы куыетам, уыцы рæстæджы. Хъуыды ма кæнын сæ дыууæйæн дæр сæ мидис æмæ сыл цæмæй исчи фæхæст уа, уый тыххæй æмбæлы сæ кой ракæнын.
Йæ кой дардыл кæмæн айхъуыст, ахæм æвзыгъд хуыснæг æрхаста ус æмæ уæды онг кæй никуыма федта, ахæм диссæгтæ цæуын байдыдтой йæ хæдзары. Æмæхсæвæджы æрбатæры йе хгæд кæртмæ давæггаг фос, бæхтæ, стуртæ. Дуæрттæ хорз сæхгæны, фæлæ мæнæ диссаг: давд фосæй сæумæрайсом кæрты кæнæ скъæты иу дæр нал аззайы, æхсæвы æрбацыдæр вæййынц. Исдугмæ афтæ хъуыды кодта, кæд сæ иу йæхи хуызæн уæндон хуыснæг адавы. Фæлæ уæд уыкджы кæнæ хъæугæрон искуы цæмæн разынынц æнæхицауæй?
Иу-цалдæр æхсæвы бабадти хъахъхъæнæг, фæлæ ницы раиртæста. Уыцы æхсæвты-иу йæ фосыл ницы рцыд. Иу æхсæв фынæйæфсон скодта йæхи йæ хуыссæны. Йæ ног ус æнæкъæрццæй сыстад хуыссæнæй, рацыд кæртмæ, кулдуар бакодта æмæ, йæ лæг цы фос радавта, уыдон кæртæй феддæдуар кодта. Йæхæдæг æрбаздæхт, «ныххатыр кæ!», зæгъгæ, ма загъта йæхинымæр æмæ та æнæкъæрццæй æруагъта йæхи йæ лæджы фарсмæ.
Лæджы зæрдæмæ тынг бахъардта йæ усы рæстзæрдæ ми æмæ уæдæй фæстæмæ ныууагъта йæ хуыснæгдзинад.
Иннæ радзырд та арæзт уыд ирон адæмон æмбисонды бындурыл. Чи зоны, æндæр радзырдтæ дæр ма йæм уыдаид кæнæ æмдзæвгæтæ, мыхуыргонд чи нæ уыд, ахæмтæ. Чи зоны, искæцæй ма разыной...
Косирати Уырысбийы фырт Сæрмæт ирон адæмы культурæ æмæ аивад рæзыны сæраппонд нæртон куыст кæй фæкодта, уый бирæтæ зонынц. Фæлæ йæхæдæг бирæ литературон бынтæ нæ ныууагъта. Йе сфæлдыстадон куысты тæккæ тæмæнмæ куы бахæццæ, цалдæр азы дæргъы æрмæг кæмæн фембырд кодта, уыцы роман («Къуылых цæргæс» Хетæгкаты Къостайы тыххæй) фыссын куы райдыдта, раст æй уыцы рæстæджы басыгъта иу адæймаджы культы азар.
Æз цалдæр азы цардтæн Сæрмæтимæ иу хæдзары, фæрсæй-фæрстæм, бирæ азты дæргъы куыстам иумæ редакциты, мæхи цæстæй федтон, куыд æнувыд, æнæрæнцой кусæг уыд, уыдæттæ æмæ азимаг уаин, Сæрмæты цард æмæ куыстæй мæ зæрдыл цы лæууы, уыдон ныры адæмæн куы нæ радзурин, уæд.
Фыццаг ирон газет рацыд 1906 азы. Фыццаг ирон журналтæ фæзындысты чысыл фæстæдæр. Журналисттæ та Ирыстоны уыд уæды онг дæр, æрмæст фысгæ кодтой уырыссагау. Фæлæ журналистты сæрмагонд институт каст цы фыццаг ирон лæг фæцис, уый уыди Косирати Уырысбийы фырт Сæрмæт.
Æдзæттæйæ нæ ацыд Сæрмæт институтмæ, астæуккаг ахуыр æм æххæстæй уыд, уырыссаг æвзаг дзæбæх базыдта. Ахуыр кодта ссæдзæм азты. Уыцы институты Сæрмæты фæстæ Ирыстонæй чи ахуыр кодта, уыдон сæхи цæстæй федтой, Сæрмæт уым цы фæд ныууагъта, уый.
Фыццаджыдæр уал уый, æмæ уæды рæстæджы Мæскуыйы цыдæриддæр зынгæ журналисттæ уыд, уыдонæй иу дæр Сæрмæтæн æнæзонгæ нæ уыд. Институт рауагъта, иу-астсæдæ фарсы кæм уыд, ахæм чиныг: «Справочник журналиста». Уыцы чиныгæн йæ автортæ æмæ йæ аразджытæй иу уыд Сæрмæт, кæд ма йæхæдæг студент уыди, уæддæр.
Йе студенты бонты цардæй ахæм хабар ракодта.
Уый уыд, ног экономикон политикæйы бындурыл сæрмагонд ис куы райтынг, уыцы азты. Советон хицауадæн йæхи бон нæма уыд, йе рдзон хъæздыгдзинæдтæ æппæтæй дæр йæхæдæг куыстаид, уый æмæ уал сæ рæстæгмæ лæвæрдта концесситы фæсарæйнаг капиталисттæн. Иуахæмы Мæскуымæ æрбацыд, æппæт дунейы дæр хъуыстгонд чи уыд, ахæм коммерсант. Мæскуыйы æмæ центрон газетты журналисттæ архайдтой уыцы коммерсантæй интервью райсыныл, фæлæ никæмæн лæвæрдта, уацхæсджытæй йæхимæ никæй уагъта.
Сæрмæт айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ ирон дарæс: уæлдзарм худ, цухъхъа, куырæт, æвзист рон, хъамайæ æндæрæй йæхи афæлыста æмæ балæгæрста, коммерсант цы уазæгуаты уыд, уырдæм. Сыгъдæг уырыссаг æвзагыл дæр нал дзырдта, фæлæ цыма йæхæдæг дæр дард фæсарæнтæй æрбацыд. Бантыст ын лæгмæ бацæуын. Фыццаг уал æндæр цæуылдæрты скодта дзурæг йæхи, стæй уæд рахызти, Мæскуыйы газеттæ йæ цæмæйты бафæрсынмæ хъавыдысты, уыдонмæ. Цыбырныхасæй, райста интервью центрон газеттæн дæр.
Æппæтцæдисон Коммунистон партийы Центрон Комитеты Мыхуыры национ хайады хицау Аршаруни Сæрмæтæн йæ хорз хæлар уыди æмæ-иу, Ирыстонæй Журналистты институты чи ахуыр кодта, уыдоны алы хатт дæр Сæрмæтæй фарста. Хæлар æмæ зонгæ уыд Сæрмæт уæды рæстæджы фысджыты организациты сæргъы лæуджытимæ дæр. Ныры хуызæн уæд иу Цæдис нæ уыд, къорд уыдысты уыцы организацитæ. Сæрмæт йæхæдæг лæуд уыди пролетарон фысджыты ассоциацийы. Мæскуйы цы ирон литератортæ уыд, уыдонæй уал сарæзта къорды бындур «Зиу».
Уыцы рæстæджы Сæрмæт Мæскуыйы рауагъта Центриздаты дыууæ чиныджы уырыссаг æвзагæй иронмæ тæлмацгондæй æмæ альманах «Зиу»-ы фыццаг чиныг, цалдæр азы фæстæдæр та 2-аг чиныг дæр. Уыцы дыууæ чиныджы рацыд зынгæ хъуыддаг уыд нæ советон аив литературæйы рæзыны хъуыддаджы. Уым фæзындысты, ныронг Къостайы фыстытæй мыхуыры чи нæма уыд, ахæмтæ, стæй аив литературæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыцы æрыгон советон фысджыты уацмыстæ.
Сæрмæт Мæскуыйæ куы ссыд, уæд кусын райдыдта тазет «Рæстдзинад»-ы редакцийы редакторы бынаты. Къорд азты дæргъы йæ сæйраг куыст уыди ам, æмæ уыцы архайд сæрмагонд иртæстон куысты аккаг у, æмæ, æвæццæгæн, уæвгæ дæр уыдзæн фидæны, фæлæ уал ныр дæр цыбырæй зæгъын æмбæлы, Сæрмæты куыст газетыл бирæ цæмæйдæрты кæй фæзынд, уый.
Уыцы азты латинаг дамгъæтæм рахизын стыр ахсджиаг хъуыддагыл нымад уыди скæсæйнаг адæмты хсæн, уæлдайдæр та, араббаг дамгъæтæй чи архайдта, уыцы адæмты хсæн. Сæрмæты ссыдмæ-иу «Рæстдзинад»-ы фæзынд латинаг шрифтæй хицæн æмдзæвгæтæ æмæ абетæ, фæлæ уый кусын куы райдыдта, уæд газет иууылдæр рахызт латинагмæ.
Сæрмæт редакцимæ æрбахаста дуджы комулæфт, æвзыгъд æмæ цырддзастдзинад царды алы фарстатæм. Газет канд йæ редакцийы кусджытæй аразгæ кæй нæу, уый хорз зыдта Сæрмæт æмæ цæхгæр фендæрхуызон кодта, редакцимæ æддейæ чи фыста, уыдонимæ куыст. Алы уацхæссæгæн дæр скæнын кодта хицæн цъаргонд, æмæ йын æмбырд кодта уым, газеты йын цыдæриддæр цыди, уыдон. Редакцийы кусджытæн уый бирæ феххуыс, уымæн æмæ-иу уыцы иу æркастæй зыдтой: уацхæссæг цы лæг у, куыд у йæ арæхстдзинад, йæ дæсныйад æмæ йæ ахуырдзинад.
Сæрмæты рæстæджы «Рæстдзинад»-ы фæзындысты, уæды онг мыхуыры чи нæма уыд: Хетæгкаты Къостайы, Æрнигон Иласы, Багъæраты Созыры æмæ ма бирæ æндæрты уацмыстæ. Уыцы рæстæджы стынг ис редакцийы бастдзинад, ирон адæмæй фæсарæнты чи ис, уыдонимæ. Цалдæр азы дæргъы редакци алы къуыри дæр иста 34 фыстæджы, Америчы Иугонд Штатты æмæ Канадæйы цы ирон кусæг адæм уыд, уыдонæй. Уыцы ирæттæ фæкъордтæ сты æхсæнадон хъуыддаджы мидæг. Сæ иутæ бацыдысты коммунистон партимæ, иннæтæ та ныллæуыдысты алыхуызон æхсæнадон къордты (зæгъæм дзырдæн, «Ирыстоны æвæгæсæг сывæллæттæн æххуысы къорд» æмæ æнд.). Уыдон æхца дæр æрвыстой сывæллæтты хæдзæрттæн æххуысæн, фыстой «Рæстдзинад»-мæ сæ хъæстытæ æмæ сæ сагъæстæ.
Редакци иста писмотæ Австрали, Япон, Африкæ æмæ æндæр рæттæй дæр. Сæрмæты рæстæджы Америчы ирæттимæ бастдзинад цæйбæрц тынг уыд, уымæн ма æвдисæн у мæнæ ахæм цау дæр.
1920 азы Америчы Иугонд Штатты сусæг пъæлицæ æрцахста итайлаг эмигрант кусджыты Сакко æмæ Ванцеттийы, цыма уыдон кæйдæр бастыгътой æмæ йæ амардтой. Уый мæнг дау уыди. Уыцы дыууæ кусæджы æрмæст архайдтой ууыл, цæмæй хурмæ рахæссой сусæг пъæлицæйы фыдмитæ, стæй ма кодтой антиимпериалистон агитаци. Сакко æмæ Ванцеттийы фæдардтой ахæстæтты, марыны тæрхон кæмæн скæнынц, ахæмты кæм фæдарынц, уыцы камерæйы суанг 1927 азмæ. Америчы кусæг адæм, стæй æппæт дунейы кусæг адæм дæр хастой протесттæ, архайдтой уыцы дыууæ кусæджы фервæзыны тыххæй. Фæлæ Америчы хицауад уæддæр рахаста марыны тæрхон Сакко æмæ Ванцеттийæн.
Советон Цæдисы газеттæ æмæ уыдонимæ «Рæстдзинад» дæр арæх мыхуыр кодтой æрмæг Сакко æмæ Ванцеттийы тыххæй. Ирон адæмæй Америчы чи ис æмæ газет «Рæстдзинад» чи иста, уыдон бавдыстой нæ газет, Сакко æмæ Ванцеттийы фервæзын кæныны тыххæй цы центрон æхсæнад арæзт уыд, уырдæм, æмæ «Рæстдзинад»-æн сæрмагонд нысан сæрвыстой, дыууæ лæджы суæгъд кæныны æхсæнад кæй рауагъта, уый. Уыцы цауы тыххæй фыстой йæ рæстæджы Цæгат Кавказы крайы газеттæ дæр.
Газет «Рæстдзинад»-ы фæзындысты бирæ ног хæйттæ: уацхæсджыты къуым, моллотæ, сауджынтæ, дæснытæ, скъæфджытæ, давджытæ æмæ æндæр ахæмтæ сагъд кæуыл цыдысты, уыцы номдзыд «Уæхст», агрономы амындтæ, «Рæстдзинад»-ы айдæн, алцæй тыххæй æмæ æндæртæ. Газеты арæхдæр зынын байдыдтой очерктæ æмæ фельетонтæ. Арæхдæр æмæ парахатдæр арæзт цыдысты уацхæсджыты æмæ газеткæсджыты конференцитæ.
Уæлдæр куыд загътам, афтæ Сæрмæт куыд журналист æмæ газет аразæг уый стыр темæ у, ууыл бирæ дзурæн ис, æмæ æз мæ разы уыцы хæс не вæрын, фæлæ ма мæ фæнды Сæрмæты куысты стилы тыххæй иу цау æрымысын.
Иу сæрд редакцимæ æрбацыд ахæм хабар, Ставд-Дурты æмæ Змейкæйы зæххытыл фæзынд мæтых, æмæ Æрджынарæгæй куы рбахиза Ирыстоны тыгъд быдыртæм, уымæй æдас нæу, зæгъгæ. Сæрмæт иу минут дæр æнцой нал зыдта. Фыццагдæр уал хабар фехъусын кодта, хицауадæй кæмæн æмбæлы, уыдонæн, стæй уæд фæцис газет кæнынмæ. Ома, мæтыхимæ тохы æппæт адæм куы нæ сыстой, уæд уыцы хæстæй ницы рауайдзæн. Æмæ адæм сыстын кæныны хæс та Сæрмæт газетыл æвæрдта. Нывгæнджытæй иуæн скæнын кодта мæтыхы ныв æмæ йæ стырæй газеты фыццаг фарсыл ныммыхуыр кодта. Уыимæ ахæм уац ныффыста, стæй уыцы уацæн стыр дамгъæтæй ахæм фæдисхъæргæнæг сæр скодта, æмæ уыдон бакæсгæйæ адæймаг загътаид: уыцы æнæхайыры мæтых нын нæ быдыртæ нæ, фæлæ нæ хъæуты дæр бахæрдзæн.
Газеты сæргъы лæууæгæн æнæ адæм, æнæ уацхæсджытæ цæй кусæн ис! Æмæ Сæрмæт ахæм фæтк сæвæрдта редакцийы: чидæриддæр фыццаг хатт æрбацæуа редакцимæ йæ уацхъуыдимæ кæнæ æндæр истæй фæдыл, уæлдайдæр та хъæутæй, уыдонæй иу адæймаг дæр хъуамæ ма ацæуа йемæ æнæ бæстон баныхас кæнгæйæ.
Гъемæ-иу исчи куы рбацыд, уæд ын-иу редакцийы кусæг райста йæ фыст, æркаст-иу æм йæхи цур, загъта-иу йæ фиппаинæгтæй дæр цыдæртæ, стæй-иу æй барвыста Сæрмæтмæ. Уый редакцийы кусджытæ сæхи хсæн хуыдтой: «Сæрмæтмæ, рæгъæд кæнынмæ». Сæрмæт ын-иу бакаст цыбыр лекци, уацхæссæг æмæ цы хъуамæ кæна, уыдæтты тыххæй, æппæлгæ дæр дзы-иу ракодта, уæдæ куыд! Æмæ-иу æрбацæуæг бузныгæй æмæ райгондæй ацыд сæхимæ. Уыцы фæтк редакцийы кусджытæ кодтой, Сæрмæт уым куынæуал куыста, уæд дæр. Рагон уацхæсджытæй иу Саламты Алихан-иу арæх æрымысыд: «Рæстдзинад»-мæ мæ фыццаг уацхъуыд куы бахастон, уæд мын ахæм ныхæстæ фæкодтой, æмæ цыма Советон хицауадæн мæнæй хъæугæдæр лæг нал ис».
Кæд-иу Сæрмæт бафиппайдта æрбацæуджытæй искæмæ исты курдиат, уæд та-иу æй æппын нал рох кодта. Иухатт редакцимæ æрбацыд иу æрыгон лæппу (æнхъæлдæн, цыма Цырауæй уыд) æмæ равдыста Сæрмæтмæ иу-цалдæр æмдзæвгæйы. Куыд радзырдта, афтæмæй æмдзæвгæтæ фылдæр æрбахастаид, фæлæ йæм цæмæй æмæ цæуыл фысса, уый нæй. Фиййау уæвгæйæ фæфыссы къæйтыл кæнæ доны был змисыл, фæлæ уыдон дæр фæскъæвда нал фæзынынц.
Сæрмæт та цъил фестад. Æмдзæвгæтæ, раст зæгъгæйæ, лæмæгъ уыдысты, фæлæ сæ Сæрмæт алкæмæндæр ахæм хъæлæсæй касти, цыма уыдон стыр диссаг уыдысты. Уыцы лæппуйы хъысмæт дарддæр куыд рауад, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ ацы койы фæдыл дыууæ ныхасы зæгъын æмбæлы Сæрмæты миниуджытæй иуы тыххæй.
Уый у курдиатджын адæмæн, уæлдайдæр та æрыгæттæн, стæй йе мкусджытæн æххуыс кæныны æмæ уыдоныл алцæмæй дæр аудыны миниуæг. Йæ уыцы миниуæг æз, йе мкусæг, фыццаг хатт бавзæрстон мæхиуыл. Цæвиттон, æз редакцимæ цы бон бацыдтæн, уæдæй фæстæмæ бæллыдтæн, Сæрмæт йæхæдæг каст цы институт фæцис журналистты институт, уырдæм бацæуыныл. Уæды рæстæджы уыцы институт коммунистон хистæр скъолайыл нымад уыди (комвуз), æмæ уырдæм бынæттæ уæрста партийы Центрон Комитет. Уыцы аз Цæгат Ирыстонмæ иу бынат дæр не рхауд. Фæрниаты Къостаимæ ма Ростовмæ дæр ацыдыстæм, æрхатыдыстæм Цæгат Кавказы ÆКП (б)-йы крайкомы секретармæ дæр, фæлæ нæ хъуыддагæй ницы рауад. Сыздæхтыстæм фæстæмæ. Сæрмæт нын ныффыста фыстæджытæ ЦК-мæ æмæ йын институты цы зонгæтæ уыд, уыдонмæ æмæ та нæ дыууæ дæр ацыдыстæм Мæскуымæ. Гъеуыцы фыстæджытæм гæсгæ нæ иуæн ЦК йæхи бынæттæй иу радта.
Ирон фысджыты хистæр фæлтæрæй бирæтæ федтой æмæ зонынц, Сæрмæт Хъамбердиаты Мысостæн йæ рынчыны рæстæджы цæйбæрц æххуыс кодта, уый.
Рох кæнын нæ хъæуы уый, æмæ уæды рæстæджы ныры хуызæн нæ уыди Фысджыты Цæдистæ, Литфондтæ, мыздисæг кусджытæ (аппарат) æмæ æндæр ахæмтæ. Сæрмæт йæхæдæг уыцы иу рæстæджы уыд Фысджыты ассоциацийы сæрдар, журналы редактор (30-æм азты) æмæ газет «Рæстдзинад»-ы редактор. Мызд та иста æрмæст газеты редакцийæ кæнæ фæстæдæр театрæй, директор ын куы уыд, уæд.
Сæрмæт зылди æхсæнадон организацитыл æмæ стыр зындзинæдтæй мадзал кодта путевкæтæ санаторитæм. Мысостæн йæ фыццаг чиныг «Цин» чи райса йæ къухмæ, уый ма-иу йæ фыццаг фæрстæм æркæсæд æмæ базонæд кæмæн нывонд кæны уæззау рынчын поэт йæ фыццаг хъæбулы. Уый хуымæтæджы нæ уыди.
Æртынæм азты тифæй фæрынчын Дзанайты Иван (Нигер). Республикон рынчындоны йын Сæрмæт самал кодта хицæн палатæ. Фæлæ йæм уый æгъгъæд нæ фæкаст. Иван уæззау рынчын уыди. Йæ тæвд-иу куы сбæрзонд, уæд-иу дзæгъæлтæ кæнын райдыдта.
Сæрмæт бацагуырдта, рынчындоны тæккæ дæсныдæр æмæ фæлтæрддæр медицинон хо чи уыд, уый (тетя Миля йæ хуыдтой дохтыртæ) æмæ баныхас кодта йемæ, цæмæй æдзухдæр уа рынчыны цур æмæ йæм йæ хъус дара. Гъе, фæлæ йын уый тыххæй æхца фидын хъуыди, æмæ Сæрмæт афтæ бакодта: фысджытæй æмæ интеллигенцийæ йæ зæрдæ цы зонгæтыл дардта, уыдоны номхыгъд сарæзта, кæмæн куыд йæ фадат уыд, афтæ æхцайæ куыд баххуыс кодтаид, уый тыххæй. Иукъорд кæмæйдæрты йæхæдæг райста æхца, сæ фылдæрыл фæзилын та мæнæн бахæс кодта, æмæ нæм афтæмæй æрæмбырд, Миляйæн цас раттын хъуыди, уыйбæрц.
Иваны тарфы рæстæджы æз рынчындонмæ цыдтæн алы бон дæр куы иунæгæй, куы та Сæрмæтимæ. Рынчынфæрсджыты цы бонты уагътой, уыцы бонты алкæмæн дæр уыд цæуæн, фæлæ иннæ бонты тынг зынæй уагътой мидæмæ. Сæрмæтимæ-иу иумæ куы бацыдыстæм, уæд-иу уый уыцы хицаухуызæй разæй балæгæрста, барджын хост-иу бакодта дуар, «откройте!» зæгъгæ-иу загъта, йæ рахиз къухы хистæр æнгуылдзæй-иу фæстæмæ мæнмæ ацамыдта «пропустите его!» æмæ-иу нæ дыууæ дæр фæмидæг стæм.
Косирати Сæрмæт Цæгат Ирыстоны фысджыты фыццаг организатор кæй уыд, уый загътам. Зæгъын ма хъæуы уый æмæ фысджыты организацийы сæргъы лæууыд бирæ азты дæргъы. 1939 азы ЦК-йы уынаффæйы фæстæ Фысджыты Цæдис куы сырæзт, уæд уымæн дæр йæ фыццаг сæрдар Сæрмæт уыди. Сæрмæт уыдн нæ фыццаг æрвылмæйон журнал «Мах Дуг»-ы фыццаг редактор дæр.
1930 азты дæргъы нæ культурон царды Ирон театрæй сæйрагдæр ницы уыд. Æмæ партийы обком Сæрмæты снысан кодта суинаг театрæн директорæй. Уыцы бынæттæй алы ран дæр Сæрмæт кодта нæртон куыст, фæлæ уæддæр йе мкусджытæм уæлдай диссагдæр фæкаст, Дыгуры зылдæн типографи куыд сарæзта, уый.
Партийы обком бауынаффæ кодта, цæмæй тæккæ стырдæр зылд Дыгуры зылдæн цæуын райдайа газет сæхимæ зылды центры Чырыстонхъæуы. Гъе, фæлæ газет уадзынæн типографи хъæуы æмæ уый та куыд? Облæсты типографи йæхæдæг дæр хъæздыг нæу шрифттæй æмæ машинæтæй, æмæ ма искæмæн цы ратта?
Уыцы хъуыддаджы фæдыл Сæрмæт æрвыст æрцыд Мæскуымæ, фæзылд алы организацитыл, рауагъдадтыл, фæкуырдта кæмæй шрифт, кæмæй машинæтæ æмæ сласта лæвар алцæмæй дæр ифтонг нырыккон типографи. Бирæ бакуыста Сæрмæт Хетæгкаты Къостайы къухфыстытæ ссарыныл. Цалдæр хатты уыд Лабæйы, фæзылд Къостайы хæстæджытыл æмæ зонгæтыл. Æз æм федтон иу бæгæнынуазæн дзæбйдыры сыкъа, Лабæйæ кæй сласта, ахæм. Сæрмæт куыд дзырдта, афтæмæй уый уыд, Къостайæн кæй балæвар чындæуыд, ахæм сыкъа. Федтон æм Хетæгкаты Андухъапары фыстæг Къостайы тыххæй, мæнмæ та йæ тæлмац кæнынмæ радта.
Федтон æм Хетæгкаты Леуаны (Къостайы фыд) фыстæг Къостамæ. Фæстæдæр, Сæрмæт Къостайыл цы роман фыссын райдыдта, уым уыцы фыстæг мыхуыргонд æрцыд, Леуан æй йæхæдæг куыд фыста, раст ахæм орфографийæ (романы райдайæн мыхуыргонд уыди журнал «Мах Дуг»-ы).
Сæрмæт арæх фыста фыстæджытæ Къостайы хæстæджытæм, зонгæтæм, хæлæрттæм æмæ, йе мгар адæмæй ма æгас чи уыд, уыдонмæ. Къостайы уарзон Поповайæ цы фыстæг райста, уый ма мæнмæ дæр уыдис тæлмац кæнынмæ.
Къостайæ цы баззад, Сæрмæт канд уыдон не мбырд кодта. Нæ газетты æмæ нæ журналты арæх цы къам вæййы «Киров æмæ Орджоникидзе» иумæ истæй Орджоникидзе бадгæйæ, Киров æрдæгбадгæ, æрдæг лæугæ сæ дыууæ дæр мидхæсты рæстæджы ам, Дзæуджыхъæуы, куы куыстой, уæды ист, уыцы къам æз фыццаг хатт Сæрмæтмæ федтон, мыхуыргонд куы никуыма уыд, уæд.
Фысджыты, номдзыд æхсæнадон кусджыты æмæ æндæр ахæм хъуыстгонд адæймæгты дзаумæттæ, къухфыстытæ, къамтæ, фыстæджытæ, стæм чингуытæ æмæ æндæр алыхуызон цымыдисаг истытæ Сæрмæт афтæ зæрдиагæй æмбырд кодта, æмæ-иу хатгай йе мкусджыты дисы бафтыдта. Йæ зонгæтæй-иу йæ фатермæ чи бацыд, уыдонæн-иу равдыста, сæхæдæг раджы кæй ферох кодтой, ахæм къухфыстытæ, фыстæджытæ æмæ къамтæ. Æвæргæ та сæ афтæ бæстон кодта æмæ, æвæццæгæн, йæ цæрæнбонты адæмæй цы фыстæджытæ фæиста, уыдонæй иу дæр сæфт нæ уыд. Уыцы хъуыддагыл Сæрмæт куыд æнувыд уыди, уый тыххæй ма иу æвдисæн.
Революцийы агъоммæ Мæхъхъæлмæ нæ уыд газет сæхи æвзагыл. Сæ облæстон газет «Сердало» («Рухс») цæуын райдыдта ссæдзæм азты æмбисы. Сæрмæт йæ мæхъхъæлон хæлæрттæй базыдта, сæ газет цы бон рацæуинаг у, уый æмæ суанг райсомæй изæрмæ нал рацыд Мæхъхъæлы типографийæ.
Мах бафарстам Сæрмæты:
Уыйбæрц æнхъæлмæ кæсын цæмæн хъуыд? Газет куы рацæуа, уæд дзы райс йæ фыццаг номыртæй, цас дæ хъæуы, уыйас.
Сæрмæт бахудт.
Газеты фыццаг номыр райсын диссаг нæу, уымæн æмæ газеты тираж сæдæтæ кæнæ минтæ вæййы. Фæлæ ай та (равдыста нæм газет) канд фыццаг номыр нæу, фæлæ мыхуыргæнæн машинæ цы фыццаг экземпляр ныммыхуыр кодта, уый, æмæ нын фенын кодта, газетыл газетуадзджыты къухфыстытæ.
Гъе, фæлæ бæллæх уый у, æмæ Сæрмæт уырзæй кæй фембырд кодта, уыдон абон дæр ма сæфтыл нымад сты.
Сæрмæт дæсны уыд раныхасмæ. Лæгæй-лæгмæ-иу куы ныхас кодта искæимæ, уæд-иу йæ дзырдтæ æгæр тагъд-тагъд ивылдысты, цыма-иу кæрæдзийы æййæфтой æмæ-иу ныттыгуыр сты. Фæлæ искуы доклад кæны, кæнæ лекци кæсы, цæвиттон, бирæ адæм æм хъусы, уæд-иу цæхгæр фендæр йæ ныхас.
Хъуыды ма кæнын, фыццаг хатт æй бирæ адæмы раз дзургæ цы бон федтон, уый. Уый уыд 1926 азы. Китайы кусæг адæмы революцион змæлд тынг сцырен. Шанхайы кусджытæ тохы мидæг райстой Китайы стырдæр горæт Шанхай. Уыцы хабары фæдыл æгас Советон Цæдисы горæтты дæр уыд митингтæ. Уыд митинг мах горæт Дзæуджыхъæуы дæр, проспекты, Ленины цырты раз. Митинджы ныхасгæнæг уыд Сæрмæт.
Дыккаг хатт æм байхъуыстон бирæ адæмы раз дзургæ уæды рæстæджы партийы обкомы секретарь Тæкъоты Симоны юбилейы æмбырды. Дыууæ хатты дæр Сæрмæт йæ ныхас кодта, æрвылбон, мидцарды куыд дзырдта афтæ нæ, фæлæ сындæг æмæ хъæрæй, цыма йæ алы ныхас дæр джиппы уагъта æмæ йæ афтæмæй хæццæ кодта хъусджытæм, фæлтæрд æмæ дæсны оратор куыд фæдзуры, афтæ.
Облæсты партион конференциты æмæ Советты съездты рæстæджы-иу Сæрмæт арæх æвзæрст цыд секретариат кæнæ редакцион къамисмæ. Арæх-иу уыд Сæрмæт тæлмацгæнæг дæр. Иуахæмы, Советты съезды, финансон хайады хицау йæ доклад куы фæцис, уæд съезды президиумы сæрдар загъта:
Доклад ирон æвзагмæ раивыны тыххæй ныхасы бар газет «Рæстдзинад»-ы редактор Косирати Сæрмæтæн.
Сæрмæт райдыдта тæлмац кæнын. Доклад иууылдæр нымæцтæй уыд, уæдæ куыд! æмæ Сæрмæт дæр æнæферхæцгæйæ къæр-къæр кодта ног, æссон нымæц кæй хуыдтой, уымæй. Делегаттæ хъуыстой: «сæдæ, фæндзай, нæуæдз, цыппор, æвдай, дыууынтæ æмæ æртынтæ» æмæ сын ницыма æмбæрстой (уыцы нымæц скъолаты дæр нæма æрфидар уæды рæстæджы).
Сæрмæт куы фæци йæ тæлмац, уæд, залы чи бадт, уыцы делегаттæй иу бахъæр кодта президиуммæ:
Гъеныр ма нын æй æххæст ирон æвзагмæ дæр куы ратæлмац кæниккат!
Адæм ныххудтысты. Сæрмæт йæхæдæг дæр.
«Дзыхæй радзырды дæсны» кæй схуыдтам Сæрмæты, ам нæ ныхас фылдæр уыйфæдыл у. Исты хабар-иу куы дзырдта Сæрмæт, уæд æй афтæ бæстон æмæ нывджынæй дзырдта, æмæ йæм чи хъуыста, уыдоны цæстытыл ирдæй уадысты, цы цауты кой кодта, уыдон.
Иухатт дзы ахæм хабар фехъуыстон. Уый уыди 1920 азы агъоммæ. Кæмдæр ам, Дзæуджыхъæуы, хъазтизæры фæсивæды къорд сбыцæу сты, цымыдисагдæр цау чи радзурдзæн, ууыл. Хуыздæрыл нымад хъуамæ æрцыдаид, фылдæр хъæлæстæ кæй радзырд райстаид, уый.
Радзырдтой се ппæт дæр. Æппæты хуыздæрыл нымад æрцыд Сæрмæты радзырд-æцæг цау.
Сæрмæтæн йе фсин Дзагуырты Зинæимæ иу астæуккаг скъолайы ахуыр кодтам, æцæг уый иу кълас уæлдæр уыд. 1930 азты Сæрмæтимæ нæ фатертæ фесты фæрсæй-фæрстæм иу хæдзары, Советты уынджы.
Уазæгджын уыд Сæрмæт. Хъæутæй, уæлдайдæр та Уæллагкомæй-иу æм арæх уыди уазджытæ. Иуахæмы йын уыйбæрц баисты, æмæ дзы дыууæйы уазæгуатмæ акодта, уымæн æмæ се ппæтæн бынат нæ уыди уыцы иу уаты. Иу-цалдæр азы йæ фатер къуындæг уыди Сæрмæтæн: иу стыргомау уат æмæ ма æрбацæуæн тыргъы къуым, стъол, чингуыты скъапп æмæ дзы дыууæ бандоны йедтæмæ ницы цыд. Чысыл фæстæдæр, йæ сыхаг куы алыгъд уыцы хæдзарæй, уæд фæуæрæхдæр Сæрмæты фатер дæр. Сæ хæстæджытæ-иу сæм къуыригæйттæ æмæ мæйгæйттæ баззадысты.
Сæхæдæг та Сæрмæт æмæ Зинæ афтæ хæларæй цардысты, æмæ æз бирæ нæ федтон уыдон хуызæн æнгом æмæ хъæлдзæг цæргæ. Цалдæр азы фæцардыстæм уым, æмæ уыдон фатерæй худын йедтæмæ хъæрæй ныхас дæр никуы райхъуыст.
Сæрмæтæн йæ æртæаздзыд лæппу Алан дæр фæзмыдта йæ мад æмæ йæ фыды. Фæйнæджы гæппæлæй конд «хъама» йæ астæуыл, афтæмæй-иу сбырыд Сандочме æмæ-иу райдыдта:
На горе стоит Шамиль.
Он молится богу.
Вынимает кинжал.
И бросает в воду,
зæгъгæ-иу фæцъортт ласта йæ хъама, рагæпп-иу кодта бандонæй æмæ кафгæ.
Сæрмæты лæппу æмæ мах чызг æмбай сывæллæттæ уыдысты. Сабитæ рæзыдысты иумæ, хъазыдысты æдзухдæр иумæ, чи кæй фатср у, уый не взæрстой, уымæн æмæ нæ фатерты дурæтты хсæн уыд æрмæст æртæ метры бæрц. Сæрмæты йæ фырт хуыдта «папæ». Мæн та мæ чызг бинонтæ мæ куыд хуыдтой, афтæ Куыдзæг.
Иуахæмы æз нæхимæ нæ уыдтæн, афтæмæй нæм æрбацыдысты Дзанайты Иван æмæ Фæрниаты Къоста. Иван бафарста чызджы: «Папæ кæм ис?» Уый йæ сæр батылдта æмæ загъта, нæ зонын, зæгъгæ. Æз куы рбацыдтæн, уæд Къоста дзуры сывæллонмæ: «Аллочкæ, мæнæ рбацыд дæ папæ!» Чызг та йæ сæр батылдта æмæ загъта: «Уый папæ нæу, Куыдзæг у».
Уалынмæ æрбацыд Сæрмæт æмæ уæд чызг фæхъæр ласта Сæрмæтмæ амонгæйæ:
Мæнæ папæ!
Æнæмаст нæ уыд Сæрмæты цард. Æцæг уый йæхи аххос дæр нæ уыд æмæ бинонты аххос дæр. Сæрмæтæн йæ фыд хъæздыг лæг уыди. Сæрмæт анкетты фарст «социалон раззæрд»-æн кæддæриддæр ахæм дзуапп лæвæрдта: «Хъæздыг лæджы фырт».
Мидхæсты рæстæджы Сæрмæт курдиат балæвæрдта цавæрдæр партимæ (æнхъæлдæн, социалистты-революционерты партимæ) æмæ дзы фæцис, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй æрмæст иунæг бон, стæй та йæхи систа фæстæмæ.
Кæй загътам, уыцы дыууæ факты Сæрмæт сусæг никуы кодта, æгæр арæх дæр ма сæ дзырдта æмæ фыста, æмæ-иу бирæ рæстæджы дæргъы айрохау сты. Фæлæ партийы рæнхъытæ сыгъдæг кæныны кæнæ æндæр ахæм заманы та-иу ногæй зæрдæхсайгæ кодтой лæджы цæсгом. Уæвгæ та Сæрмæт уыди æнувыд партион, афтæ зæгъæн дæр ис, фырнымд партион.
Цы дыууæ факты кой скодтон (социалон равзæрд æмæ æндæр партийы уæвын), уыдонæй йын фылдæр маст æрхаста æртыккаг. Уый та афтæ уыд. Урс эмигрант Байаты Гаппо фæсарæнтæй æрбарвыста фыстæг Косирати Сæрмæтмæ. Йæ фыстæджы бæрзонд æмæ къæбæлдзыг ныхæстæй зæрдиаг арфæтæ кодта редактор Косирати Сæрмæтæн, кæй йæ нæ ферох кодта æмæ йын газет «Рæстдзинад» лæвар кæй æрвиты, уый тыххæй. Фыстæг бахауд партийы обкоммæ. Сæрмæтмæ фæсидтысты æмæ йæ бафарстой. Диссаг куыд нæ фæкастаид уый Сæрмæтмæ! Йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд Гаппойæн газет æрвитын, писмотæ фыссыныл та ныхас дæр нæй. Кæд-иу Сæрмæт искæд Байаты Гаппойы кой скодта йæ уацты кæнæ йæ докладты, уæд уый куыд урс эмигрант, монархист, стыр уырыссаг шовинист æмæ æндæр ахæмты хуызы.
Гъе, фæлæ цæмæй хъуамæ сраст кодтаид йæхи, Гаппойæн газет чи рафыста, уый æнæ сбæрæг кæнгæйæ?
Газет рафыссæг бæрæг вæййы, квитанцийы корешок кæй хонынц, уымæй. Сæрмæт агурын байдыдта «Рæстдзинад»-ы къанторы, газеты экспедицийы квитанциты корешокты, фæлæ нæ æмæ нæй, ницы ссардта. Нæ йыл баууæндыд контролон къамис æмæ йæ партийæ ацух кодта.
Сæрмæт та агуырдта æмæ агуырдта. Къанторæн йæхи мидæг иунæг гæххæтты гæбаз дæр æнæ басгаргæ нал ныууагъта æмæ куы ницы ссардта, уæд змæнтын байдыдта кæрты бырондон асыччы, æнæхъæугæ гæххæтт, зæронд корешоктæ æмæ æндæр ахæмтæ кæдæм калдтой, уым. Йæ амондæн, ссардта квитанцийы корешок. Рацæй-рабон, æмæ Гаппойæн «Рæстдзинад» рафыста йе фсымæр, хъæууон хæдзарады институты ахуыргæнæг. Сæрмæт æм атындзыдта. Байы-фырт загъта Сæрмæтæн йæхицæн æмæ контролон къамисæн дæр: «Бæгуыдæр, æз рафыстон Гаппойæн газет. Урс эмигранттæ афтæ æнхъæлынц, Советон Уæрæсе æнæ уыдон бабын ис, æмæ кæсæнт нæ газетты, куыд бабын стæм, уый».
Æмæ уæд де фсымæрæн йæхицæн цæуылнæ бамбарын кодтай, газет ын рафыстай, уый? зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд дзуапп радта:
Переписку с ним никогда не имел и не имею.
Рæстдзинад сбæлвырд, æмæ Сæрмæты фæстæмæ сфидар кодтой партийы рæнхъыты. Гъе, фæлæ та уыцы дау 19361937 азты сног чындæуыд æмæ Сæрмæты æрцахстой.
СЦКП-йы Ссæдзæм съезды фæстæ сбæлвырд ис, Сæрмæт æнаххосæй кæй фесæфти, уый æмæ реабилитацигонд æрцыд. 1964 азы Цæгат Ирыстоны чингуыты руагъдад мыхуырæй рауагъта Сæрмæты уацты æмæ радзырдты æмбырдгонд «Сырх тырысаимæ». Уымæй хорз бакодта рауагъдад, фæлæ уыцы чиныджы Сæрмæты куыстытæ се ппæт нæ бацыдысты. Цыдæриддæр амал ис, уымæй ссарын хъæуы Сæрмæты архив æмæ йын æххæстæй рауадзын хъæуы йæ литературон бынтæ...
Беджызаты Дауиты фырт Чермен зындгонд ирон фыссæг æмæ революционер мæ хъæуккаг уыди, едысаг. Уыдаид мæ авд-аст азы хистæр. 1920 азы æмбисмæ цардыстæм иу хъæуы, æмбæлдыстæм кæрæдзийыл, иу хъæуккæгтæ куыд æмбæлынц, афтæ арæх, фæлæ диссаг куыд нæу адæймаг! Стæм хатт цы уыны æмæ кæуыл æмбæлы, уый йæ зæрдыл ирдæй бадары, фæлæ æрвылбон цæуыл æмæ кæуыл æмбæлы, уыдон бæстон нал фæхъуыды кæны.
Фыццаджыдæр уал, Чермены хæдзар æмæ бинонты тыххæй. Черменæн йæ фыдыфыды фыд Пепе Донайы Хæсты урядник уыд (дæс лæджы хистæр). Æвæццæгæн, уыцы уавæр феххуыс Пепейæн йæ фыртыфырт Дауиты скъоламæ раттынæн æмæ афтæмæй уый Чермены фыд Дауит сси сауджын. Куыста нæхи хъæу Едысы, Урстуалты зылдæн цы аргъуан уыд, уым.
Дауит сауджын кæй уыд, уый йын фадат радта йæ фыртты дины семинармæ айсын кæнынæн Гуры æмæ Калачы. Нæ хъæуы иннæ хæдзæртты хсæн Дауиты хæдзар бирæ цæмæйдæрты уыд æндæрхуызон. Цæвиттон, культурон царды минуджытæй нæ дæрддаг хæххон хъæумæ цы хæццæ кодта дард горæттæн æмæ быдырыбæстæй, уыдонæн сæ фылдæртæ цыдысты Дауиты хæдзарæй. Ирон чингуытæ-иу фыццаг хатт уыдон хæдзары фæзындысты, газеттæ æмæ журналтæ уыдон йедтæмæ ничи иста нæ хъæуы, граммофон дæр фыццаг хатт уыдонмæ фæзынд. Сæ хæдзары раз-иу æй «сифтыгътой», æмæ йæм æгас хъæубæстæ усæй, лæгæй æмбырдтæ кодтой, «адæймаджы æвзагæй чи дзуры, уыцы пæлæхсар хæтæлджын асыкмæ». Уæлдайдæр та мах, сывæллæттæ. Хъæды, халсар тонгæйæ кæнæ сæрвæты искуы хъазгæйæ-иу нæ хъустыл куы ауад граммофоны хъæр, уæд та-иу фæтъæбæртт кодтам хъæумæ. Стыр диссаг нæм касти граммофонæн йæ ифтындзын. Æмæ куыд нæ хæлæг кодтаиккам Черменмæ æмæ йæ хистæр æфсымæрмæ, граммофон-иу куы ифтыгътой, уæд.
Культурон халсартæ кæнын æмæ садзын дæр нæ хъæу Чермены хæдзарæй базыдтой. Къабуска, уырыдзы, тымбылхъæдур æмæ æндæр ахæмтæ æппæты фыццаг уыдонмæ фæзындысты. Дыргъбæлæстæ æмæ мыды чыргъæдтæ дæр.
Мæ карæн лæппутæ уæлыгæс цæуынхъом куы фесты, уыцы рæстæджы Чермен ахуыр кодта Калачы дины семинары, йæ кæстæр æфсымæртæ та Гуры. Алы уалдзæг дæр-иу æнхъæлмæ кастыстæм се рбацыдмæ. Уыдон-иу семæ æрбахастой бирæ ног хабæрттæ, ног хъазтытæ, махмæ, хохы кæй нæ зыдтой, ахæмтæ. Уæвгæ нæм алцæмæй дæр цымыдисаг кастысты. Сæрæй къæхтæм сæ дарæс мах дарæсы хуызæн нæ уыд. Махæй алкæуыл дæр нæхимæконд фæсмын дзаума къахæй къухмæ, уыдоныл та æнахуыр хъуымацæй хуыд, æрттивагцæппæрджын уæлæдарæс, æнæзæнгой уæрæхфадыг хæлæфтæ, стырæргъæвæгджын фæтæн рæттæ, тъæпæн худтæ æмæ бæзджынуафс дзабыртæ. Алцыдæр мах кæй никуыма федтам, ахæмтæ.
Беджызатæ цæргæ кодтой дыууæ раны: хъæуы астæу сæхи хæдзары æмæ доны фаллаг фарс, скъолайы цур, сауджынæн цы сæрмагонд хæдзар арæзт уыд, уым. Сæрдыгон-иу фылдæр уыцы дыккаг хæдзары цардысты. Йæ разы йын сарæзтой, лыстæг рæхыстæй ауыгъд æмæ фæйнæгбадæн кæм уыд, ахæм херы, æмæ ма Едысы сывæллæтты хъеллау кæнынæй чи æфсæста. Йæ фарсмæ та турник.
Æфсымæртæй æрмæст сæ иу йæ хистæр уыд Черменæн, иннæтæ йæ кæстæртæ уыдысты. Се хсæн Чермен бæрæг дардта уымæй, æмæ æппынæдзух дæр чиныгимæ цыдис, нæ хъæуы алыварс цы нæзы бæлæсты къохтæ ис, уырдæм, кæнæ та-иу Лыстæг æрдузтæм æмæ цады былтæм цуаны ацыд.
1917 азы Дзауы байгом, райдайæн скъолайæ чысыл уæлдæр чи уыд, ахæм скъола (Высшеначальное училище). Ме мбæлттæй чидæртæ бацыдысты уыцы скъоламæ. Дыккаг аз æз дæр сфæнд кодтон, фæлæ æдзæттæйæ мæ ныфс нæ хастон. Мæ мад баныхас кодта Черменимæ (уæд ма йæ бинонтæ дæр æмæ хъæу дæр Ефрем кæнæ Епрен хуыдтой) æмæ мæ уый иу-фондз къуырийы бæрц фæцæттæ кодта арифметикæ æмæ уырыссаг æвзагæй. Уыцы скъоламæ куы бахаудтæн, уæд æз дæр дыккаг аз «бахъуыдтæн» Чермены. Хистæр къласы чи ахуыр кодта Дзауы скъолайы, иу ахæм чызгмæ фыста писмотæ, чызг та Черменмæ, æмæ сын постхæссæг æз уыдтæн, æндæр постхæссæг кæй нæ уыд, уый тыххæй.
Уæды рæстæджы цаутæй ма мæ зæрдыл лæууы иу хабар. Едысмæ æрбацыдысты дыууæ ахуыргонд уырыссаг сылгоймаджы. Цавæрдæр къæппæджытæ æвæрдтой хъæдты æмæ уыгæрдæнты, цæмæй, дам, сбæрæг кæной, цавæр мыстыты æмæ уырыты мыггаг ис Урстуалты зылды. Уазджытæ æрбынат кодтой скъолайы. Скъола та хъæуæй иппæрд ран уыд. Афтид скъолайы, дам, иунæгæй нæ уæндæм, зæгъгæ, бахатыдысты Черменмæ, æмæ уый дæр йæхимæ райста сæ бахъахъхъæныны хæс. Сылгоймæгтæ мидæггаг уаты хуыссыдысты, Чермен та æддаджы æрæвæрдта йæ рог сынтæг. Иу райсом уазджытæ раздæр райхъал сты æмæ Чермены тарфынæйæ куы федтой, уæд сынтæгыл схæцыдысты æмæ йæ рахастой уынгмæ, скъоламæ бахизæн асины бынмæ. Чермен нæ райхъал. Хъæууонтæй йæ чидæртæ федтой, фæлæ йæм ницы сдзырдтой, ома ахуыргонд адæм сты æмæ кæд барæй схуыссыд тæккæ фæндаггæрон. Хуры тынтæ йæ цæсгомыл куы сæмбæлдысты, уæд райхъал Чермен æмæ хорзау нал фæци. Фæлæ уазджытæн æмæ хъæубæстæн дæр худæджы хос фæцис уыцы хабар.
1917 азы Чермен каст фæцис семинар. Æрсидтысты йæм æфсадмæ æмæ бахаудта, Гуры цы ирон полкъ сырæзт, уымæ. Фæлæ полкъ тагъд фехæлд большевикты руаджы. Чермен æрбаздæхт Едысмæ. Ныр ыл семинары формæ ничиуал федтаид. Уæлдзарм худ, цъæх цухъхъа, сау бæрцытæ, сау хъама, местæ. Империалистон хæсты чи уыд нæ хъæуæй, уыдонæй ма удæгас чи баззад, ахæмтæ æмбырд кæнын байдыдтой сæ райгуырæн бæстæм. Чермен нал хицæн кодта Ныхасæй, адæм-иу æмбырд кæм уыдысты, уыцы рæттæй. Фæзындысты сæм æнæзонгæ уазджытæ, сæ цæнгтыл сырх хæцъилтæ баст æмæ уыдоныл сынкæй фыст: «РСФСР».
Гуырдзыстоны меньшевикты хицауады рæстæджы Хуссар Ирыстоны большевикты сусæг организаци Рукъ æмæ Урстуалты хуызæн арф кæмтты æргомæй куыста. Хъуыды ма кæнын, фыццаг хатт Майы бæрæгбон Згъуыбиры куыд уыди, уый. Ме мбæлттæй кæмæндæрты бантыст уыцы, чи никуыма уыди, ахæм бæрæгбонмæ ныццæуын. Æрæмбырд æм сты, Уанелæй мидæмæ цы кæмттæ сты, уыдон иууылдæр. Дыккаг аз Майы бæрæгбон Урстуалтæн хицæнæй уыд, Едысы. Кобеты фæз кæм хуыдтам, уым. Бæрæгбоны разамонæг уыд Чермен. Куывды дæр иннæтау бадгæ не ркодта, лæггадгæнæг уыд кæрæй-кæронмæ.
1919 азы Беджызаты уазджытæ фæфылдæр сты. Уыцы рæстæджы ам, Цæгат Ирыстоны, урсгвардионтæ рæстæгмæ фæуæлахиз сты æмæ иукъорд революционеры сæхи айстой Хуссар Ирыстонмæ. Едысы Чермены уазджытæ баисты: Барахъты Гино, Гæдиаты Никъала, Беккуызарты Тасолтан æмæ Бугойты Дзыбыртт. Гино æмæ Никъала уайтагъд бахæлар сты адæмимæ, уæлдайдæр та фæсивæдимæ. Гино Тлаттаты Чермены зарæгæн цы ног мотив æрхъуыды кодта, уый айстой дзыхæй дзыхмæ æмæ йæ зарыдысты алы хъæуы дæр.
Гуырдзыстоны меньшевикты хицауад сæ арæнтæ сæхгæдтой, Советон Уæрæсейырдыгæй чи уыд, уыдон, уæлдайдæр та Арвыкомы арæн, цæмæй сæм ма рбакæла Октябры революцийы цæхæр, фæлæ, Цæгат Ирæй Хуссар Иры хсæн цы арæн уыдис, уый сæхгæнын нæ бафæрæзтой æмæ Сыба, Рукъ, Магъ, Дзомагъ æмæ Зикъарайы æфцгуытыл хæццæ кодта Хуссар Ирмæ Мæскуы æмæ Ленины хъæлæс.
1920 азы Цæгат Ирыстоны æрбæстон Советон хицауад. Хуссар Ирмæ хæццæ кæнын байдыдтой большевикон газеттæ. Уырыссаг газеттæн ницыма бæрæг æмбæрстам, фæлæ нын (ме мбал скъоладзаутæн) иухатт Чермен радта, уæды онг кæй нæма федтам, ахæм ирон газет «Кермæн». Уæды онг дæр нын-иу Чермен чысыл «цума»-тæ бафæдзæхста, фæлæ нын ныр куы загъта, ацы газет адæмæн кæсут, зæгъгæ, уæд мах дæр нæхицæй куыд нæ ныббузныг уыдаиккам! Цыма революцийы хъуыддаджы мах дæр цыдæр марæм, афтæ нæм касти æмæ кастыстæм æмæ кастыстæм газет ацæргæ адæмæн Ныхасы.
Иугæр Цæгат Ирыстон советон куы сси, уæд нæ уазджытæ Гæдиаты Никъалайæ фæстæмæ рацыдысты Цæгатмæ. Хуссар Ир сыстадысты Гуырдзыстоны меньшевикты хицауады ныхмæ. Фæтардтой сæ бæстæй меньшевикты æфсады æмæ июны мæйы расидтысты Советон хицауад. Фæлæ сæ бон нæ бацис йæ бахъахъхъæнын æмæ меньшевикты æфсад фæуæлахиз. Хуссар Ир лидзæг фесты Цæгат Ирыстонмæ, Советон Уæрæсейы дæлбазырмæ. Сæ хъæутыл сын арт бафтыдтой меньшевиктæ. Едысы æппæты фыццаг басыгътой Черменты хæдзар, цалдæр боны фæстæ та хъæу æгасæйдæр.
Чермен ма уæддæр Едысы уыд. Иубон бадтыстæм хъæуы уæлейы Уæлмæрдты къуыппыл æмæ мæм Чермен равдыста ног ирон газет «Ног цард» Цæгат Ирæй Советон хицауадæй чи фæлыгъд æмæ хуссайраг ирон меньшевиктæ Калачы цы газет уагътой, уый. Газетæн йе мбис хъарджытæ уыдысты. Эмигранттæ æрдиаг кодтой, Ирыстонæн йе мбис кæй ахауд æмæ кæй нал уыдзæн (ома Хуссар Ирыстон), æмæ уый цыма большевикты æнæрхъуыды миты аххос у.
Чермен тынг мæсты кодта газеты уацты автортæм æмæ мын бакаст иу æмдзæвгæ, уыцы æрдиаггæнджыты ныхмæ кæй ныффыста, ахæм.
Хъæу куы басыгъд, уæд ма дзы цæй лæууæн уыд, æмæ йæ цæрджытæ раивылдысты Цæгат Ирыстонмæ. Куыд фехъуыстон, афтæмæй Чермен цыма æрфысым кодта Хъæдгæроны йе рвадæлтæм. 1921 азы райдайæны та Сырх æфсад æмæ партизантимæ фæстæмæ аздæхт Хуссар Ирмæ æмæ уæдæй фæстæмæ куыста æмæ царди Чъребайы.
Ссæдзæм азты ма иу хатт фембæлдыстæм Черменимæ Едысы. Æз Ногирæй ацыдтæн, Чермен та Чъребайæ æрбацыд. Дзырдта мын, махырдæм рацу, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ æз Ногиры æрбæстон дæн æмæ ма кæцæй ацыдаин!
1927 азы Чермен бацыд ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы журналистты институтмæ. Иннæ студенттæй хъауджыдæр Чермены айстой комкоммæ дыккаг курсмæ, равзæрстой йæ æппæт инстктуты профкомæн сæрдарæй æмæ парторганизацийы бюройы уæнгæй. Уыцы рæстæджы æз дæр ахуыр кодтон уым, æмæ та ам æмбæлдыстæм кæрæдзийыл.
Институт каст куы фæци Чермен, уæд та кусын райдыдта Цхинвалы. Уыцы азты иу хатт æви дыууæ хатты уыд иумæйæг съездтæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæн. Æвзæрстой дзы æвзаджы, чиныгуадзыны, аивады æмæ æндæр культурон фарстатæ. Хъуыды ма кæнын, иу ахæм съезды рæстæджы Чермен доклад кодта Цæгат Ирыстоны облæсты æххæстгæнæг комитеты Президиумы раз, ирон мыггæгтæ куыд фыстæуа, уый тыххæй. Ома ирон мыггæгтæ кæцыфæнды æвзагыл дæр сæхи хуызæн æмæ иухуызон куыд уой, уый тыххæй. Цæвиттон, уыцы фарст иуæй-иу адæймæгтæ лыг кæнын райдыдтой алчидæр йæхирдыгонау, æмæ Хуссар Иры делегаттæ та ахæм фæндон бахастой, цæмæй уыцы хъуыддагæн уа иу уынаффæ. Зæгъæм, чи фыссын райдыдта «он» (Фæрнион), чи «ти» (Косирати), чи та бынтон æндæрхуызон (зæгъæм, «Байзер», Биазырты бæсты). Чермен йæхæдæг дæр йæ мыггаг фыста «Бегизов» нал, фæлæ «Беджызати».
Æххæсткомы президиум байхъуыста Чермены докладмæ, фæлæ уынаффæ нæ рахаста, хъуыддагмæ бæстон æркæсыны тыххæй йæ æндæр хатмæ аргъæвта. Чермен йе мделегаттæй иу-цалдæримæ нæхимæ уыдысты æмæ ма махмæ дæр уыцы хъуыддаджы фæдыл сæ дискусси нæ фæуд кодта. Черменæн йæхимæ дæр цыма «он» æмæ «ан» растдæр кастысты (Тыбылон, Цыбырон, Беджызиан, Томиан), фæлæ, дам, «он» æмæ «ан» сылгоймæгтæ байстой, æмæ уыцы кæрон нæлгоймæгтыл нал сфидаудзæн.
Уæдæй фæстæмæ дæр ма фембæлдтæн Черменыл цалдæр хатты. Цæгат æмæ Хуссар Иры фысджыты фыццаг съезды рæстæджы 1930 азы кæрон æмæ ма фæстаг хатт 1935 азы. Едысæй Дзæуджыхъæумæ цæугæйæ мæ фæндаг ракодтон Цхинвалыл. Чермен æмæ йæ ус Варварæ Чередниченко мын нæртон хуынд сарæзтой, едысæгтæй Цхинвалы чи царди, уыдон дæр æрбахуыдта, афтæмæй. Уый уыд фæстаг фембæлд. Иу адæймаджы культы заманы Чермен дæр фæцис, æнæзакъон митæ чи кодта, уыдон амæттаг æмæ 1937 азы ахицæн цардæй.
Чермены сфæлдыстадмæ лæмбынæг чи кæса æмæ йæ чи иртаса, уый æнæбафиппайгæ нæ фæуыдзæн, фыссæг йæ уацмысты фылдæр хай Урстуалты Ручъы цæрæг адæмы царды бындурыл кæй амадта, уый. Фæлæ куыд арæхстджын æмæ куыд бæстонæй! Куыд нывæфтыдæй! Гъеуый тыххæй ма зæгъинаг дæн дыууæ ныхасы. Едысы хæд сæрмæ къæдзæхбын сæрвæты фахсыл сæдæ азты размæ куыд лæууыд, ныртæккæ дæр раст уыцы хуызы зыны хъæумæ иу къаннæг зæппадз. Йе ртæ къулы къæйдурæй амад, йæ чъылдым къæдзæхæн йæхицæй, йæ цар мидæгæй дурæй астæрд, æддейы цъæх нæуу, афтæмæй уыцы зæппадз абон дæр ма кæсы хъæумæ йæ иунæг цæстæй. Йæ бакомкоммæ, сæрвæты кæрон хуымзæххытæм кæм бахæццæ, уым та сты, раджы чи ныккалд, ахæм хæдзæрттæ, нырыккон цæрджытæ «Æлбегаты хæдзæрттæ» кæй хонынц, уыдон. Зæппадз дæр Æлбегаты зæппадз хонынц.
Æнахъом ма куы уыдтæн, уæд фехъуыстон æлбегаты æвирхъау æмбисонд. Цавæрдæр низ сыл сыстад, æмæ æгас хæдзарвæндагæй: усæй, лæгæй, стырæй, чысылæй фæцагъд сты се ппæт дæр. Æрмæст ма сæ нæлгоймæгтæй иу баззад уæлæуыл, иннæтæ кæрæдзийы фæдыл баивылдысты зæппадзмæ. Лæппулæг уыд, æгас ма чи баззад, уый. Йæ бинонты фæстаг зиан куы бавæрдта зæппадзы, уæд йæхæдæг дæр бахызт уырдæм, къæйдур рахгæдта йæхиуыл æмæ афтæмæй цæрдудæй баныгæдта йæхи. Уыцы хабар хъæубæстæ куы базыдтой, уæд æм хатæг цыдысты, фыццаг йæхи карæнтæ, стæй та зæрæдтæ дæр, фæлæ никæмæн ракуымдта зæппадзæй рахизын, уæддæр мæ цард ницыуал у, зæгъгæ.
Хъæу скатай сты. Худинаг сæм æркаст, се хсæн удæгас адæймаг йæхи кæй баныгæдта, уый. Гъе, фæлæ ма цы бакодтаиккой, уымæн ницы зыдтой. Иу ус сын бацамыдта æвæджиау фæнд. Æмæ куы рталынг, уæд зæппадзмæ ссыд, уыцы лæгæн а хъæуы цы уарзон сылгоймаг уыд, уый. Усы уайдзæфтæм, йæ «зæрдæхалæн» ныхæстæм лæджы зæрдæ нал фæлæууыд æмæ ма фæстаг хатт йæ лымæнæн хæрзбон зæгъыны тыххæй рахызт зæппадзæй. Хъæуы фæсивæдæй иукъорд цæттæйæ бадтысты зæппадзы фæстæ æмæ Æлбеджы-фырт куы рахызт, уæд æй ацахстой æмæ йæ æркодтой хъæумæ.
Ахæм хуызы фехъуыстон æз уыцы хабар. Беджызаты Чермен дæр æй, æвæццæгæн, ахæм хуызы фехьуыстаид. Фæлæ ма йын æркæсæм «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз» кæй схуыдта, уыцы радзырдмæ. Уый дæр уыны цауы фæдыл фыст у. Цыппæрдæс фарсы бацахста радзырд, фæлæ дзы цыма иунæг ныхас дæр уæлдай нæй, афтæ фæкæсдзæн кæмæдæриддæр. Чермен уыцы чысыл хабарæй ахæм уацмыс сарæзта æмæ чиныгкæсæджы цæстыты раз æрбалæууыд канд Æлбегаты хæдзарвæндаджы хъысмæт нæ, фæлæ уæды рæстæджы хæххон ирон адæмы царды уаг æппæтæй дæр, сæ зондахаст, се гъдæуттæ æмæ сæ миниуджытæ.
Афтæ сты Черменæн йæ иннæ радзырдтæ дæр. «Мæсгуытæ дзурынц», зæгъгæ, кæй схуыдта, уыдон иууылдæр.
Черменæн йæ фыдыфыд Леуан 1943 азы амард. Хъæубæсты хистæр Леуан, сæ чъирикувæг, дзырддзæугæ, таурæгъгæнæг лæг. Цæстæй хорз нал уыд, æндæр ницæмæй фæцух йæ амæлæты бонмæ. Диссаг уыд, рагон царды цаутæ æмæ таурæгътæ йæ зæрдыл куыд ирдæй æмæ бæстонæй дардта. Цал æмæ ма цал уацмысы ныффыстаид Чермен «Мæсгуытæ дзурынц»-ы хуызæттæ, фæлæ æмбискармæ дæр æххæст нæма бахæццæ, афтæ æрыгонæй, æнаххосæй аскъуыд йæ цард.
1974 аз
Октябры революцийы размæ Хуссар Иры нæ уыд райдайæн скъолайæ уæлдæр ахуыргæнæн бынат. Уæвгæ, райдайæн скъолатæ дæр алы хъæуы нæ уыдысты. Зæгъæм, Урстуалты цыппар комы хъæутæн уыдис æрмæст иу скъола Едысы.
1914 азы имиериалистон хæсты рæстæджы Хуссар Иры адæм дæр хъæрæй дзурын байдыдтой сæ сомбоны царды фæндæгтыл. Райдайæн скъола, æртæ азы ахуыр кæнын кæм хъуыд (уæд сæ кълæстæ нæ хуыдтой, фæлæ «отделенитæ»), уый сæм æгъгъæд нал каст. Дыууæ æви æртæ раны уыди, фондз азы ахуыр кæнын кæм хъуыд, ахæм скъолатæ (уыдон та «двухклассныйтæ» хуыдтой). Фæлæ сæм ахæмтæ дæр фаг нæ кастысты.
Æз ахуыр кодтон Едысы райдайæн скъолайы 3-аг отделенийы, афтæ æрбайхъуыст ног хабар: Дзауы араздзысты, райдайæн скъола чи фæуа, уыдон ма дарддæр фондз азы дæргъы кæм ахуыр кæндзысты, ахæм уæлдæр скъола. Афтæ дæр ма дзырдтой, уыцы скъола, дам, каст чи фæуа, уыцы адæймаг йæхæдæг бæздзæн райдайæн скъолаты ахуыргæнæгæн.
Адæм иттæг æхсызгонæн дзырдтой кæрæдзийæн уыцы хабар. Зыдтой, ахуыр кæнын куыд зын у, уый. Цы иуæй-иу лæппутæ ахуыр кодтой райдайæн скъола фæуæвгæйæ, уыдон Гуры кæнæ Калачы скъолатæм цыдысты æмæ уыцы горæттæ та дард уыдысты сæ райгуырæн хъæутæй, стæй уым цæрæггаг æмæ ахуыргæнæггаг бирæ æхца фидын хъуыдис. Дзау та ирон хъæу, æввахс, бæстастæу, Чъребамæ фæндагыл, цыбырныхасæй, алырдыгæй дæр иттæг хорз бынат скъола аразынæн.
Æхца æмбырд кæнын райдыдтой. Хæдзæрттæй чи куыд хъæздыгдæрыл нымад уыди, афтæмæй: кæмæй дыууæ туманы, кæмæй туман, фондз сомы... Скъолайæн йæ бындур æрæвæрдтой, æрцæттæ кодтой, хъæдæрмæгæй йын цы хъуыд, уыдон иууылдæр, суанг дуар æмæ рудзынджы онг. Фæлæ бæстæйы мидæг уавæр фæвазыгджындæр, æмæ Дзауы скъолайы арæзтад дзыхълæуд ныккодта.
Фæлæ та уæддæр тагъд рæстæгмæ ирон прогрессивон интеллигенцийæ иукъорд лæджы, уыдонимæ Санахъоты Уанкъа дæр, афтæмæй уæддæр байгом кодтой Дзауы скъола (19161917 ахуыры аз) рæстæгмæ конд хъæдын æртæ хицæн уаты. Йæ ном Уæлрайдайæн ахуырдон Высшеначальное училище.
Мæнæн фыццаг аз амал нæ фæцис Дзауы скъоламæ бацæуын æмæ йæм бахаудтæн æрмæст дыккаг аз. Скьола ныййæфтон ахæм хуызы: кæмæйдæр цæттæйæ кæй балхæдтой, ахæм хъæдын хæдзар, иунæг уат, йæ балкъон стыр, йæ къултæ фæйнæг, йæ сæр хъуари. Уый уыд цæттæгæнæн кълас. Уымæй къаддæр агъуыст уыд фыццаг къласæн: иу уат æнæ къæридор, æнæ балкъон. Уынгæй комкогммæ бахиз къласмæ. Сæрдгæ дæр æй нæхæдæг бакодтам. Иу къаннæг уат та дыккаг къласæн. Уый иннæ кълæстæй уæлдай бæрæг дардта, нæ партæтæ хуыздæр кæй уыдысты, уымæй, зиллонджын, сыстæйæ уæлæмæ сфæлдахæн фахс кæмæн уыд, ахæмтæ.
Уыцы къласæн ахуыргæнæг уыд скъолайы инспектор Санахъоты Малхазы фырт Уанкъа йæхæдæг, махæн, фыццæгæм къласæн та Санахъоты Накъа.
Ног скъолайæн йæ бындурон агъуысты систæ зæххы æмвæзæй фæуæлдæр сты ас лæджы мбæрц. Амад уыдысты рæсугъд бурдзалыг кæрдгæдурæй, ласгæ та сæ кодтой иу-дыууæ километры бæрц дæрддзæгæй.
Фыццаг къласы ахуыр кодтам уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ. Гуырдзиаг æвзагмæ йæ хъус ничи бæрæг дардта. Бирæтæ афтæ дæр кодтой: гуырдзиаг чиныджы текст-иу ныффыстой уырыссаг дамгъæтæй æмæ афтæмæй ахуыр кодтой сæ урок. Дыккаг къласы ахуыр кæнын райдыдтам францусаг æвзаг. Гуырдзыстоны хицауиуæггæнæг меньшевиктæ диссаджы уарзт бакодтой францусаг æвзаг. Æз Дзауæй дæлдæр никæм ма уыдтæн, фæлæ-иу Калакæй чи ссыд, уыдон куыд дзырдтой, афтæмæй горæты уагдæтты æмæ куыстуæтты бацæуæнтыл уырыссагау фыст никуыуал уыд æрмæст гуырдзиагау æмæ францусагау.
Дзауы скъолайы ахуыргæнинæгтæ бавдæлдысты æмæ (уæды рæстæджы куыд дзырдтой) «сбунт кодтой»: «Кæд Гуырдзыстоны скъолаты алыран дæр ахуыр кæнынц францусаг æмæ гуырдзиаг æвзаг, уæд мах цæуылнæ ахуыр кæнæм нæ мадæлон ирон æвзаг?» Скъоладзаутæ-иу алы бон дæр æрцыдысты скъоламæ, фæлæ кълæстæм ахуырмæ нæ цыдысты, домдтой, ирон æвзаг ахуыр кæнын куыд райдайой, афтæ.
Скъолайы хицау-инспектор Санахъоты Уанкъа дзырдта:
Мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн сæрмагонд ахуыргæнæг хъæуы. Ахуыргæнæгæн та мызд фидын хъæуы æмæ Гуырдзыстоны хицауад ахæм ахуыргæнæгæн мызд не сфидар кодта, æмæ уын цы мæ бон у?
Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны хицауиуæг меньшевиктæ кодтой. Уыдон къухбакæнæн ссардтой скъолайы хицау Санахъоты Уанкъамæ æмæ йæ фелвæстой йæ куыстæй, цыма скъоладзауты «бунт» уый аххос уыд, ахæм æфсонæй. Хабар нын фехъусын кодта Уанкъа йæхæдæг: ома, æз инспектор нал дæн æмæ мæнмæ мауал дзурут. Гъемæ уæд æцæг карз «бунт» кæнын райдыдтой скъоладзаутæ. Сæ иумæйаг митинджы рахастой ахæм уынаффæ: «Кæд Дзауы Уæлрайдайæн скъолайæн Санахъоты Малхазы фырт Уанкъа нæу хицау, уæд дзы мах нал ахуыр кæнæм æмæ нæ хæдзæрттæм цæуæм!»
Хуыздæр гæнæн нал уыд хицæуттæн дæр æмæ та Уанкъайы сæвæрдтой инспекторæй. Скъоладзаутæ дæр сæ раздæры «бунтыл» нал уыдысты æмæ райдыдтой ахуыр кæнын. Францусаг æззаджы ахуыргæнæг Дзассохы-фырт ма нын ныфс бавæрдта, ома, исты амæлттæ кæндзыстæм нæхæдæг ирон æвзаг ахуыр кæнынæн. Зæгъæм, францусаг ныхæстæ ахуыр кæнгæйæ, гарсон мальчик нал фысдзыстæм, фæлæ гарсон лæппу. Фæлæ уымæй дæр ницы рауад. Гуырдзыстоны «демократон» паддзахадмæ нæ разынди иу ахуыргæнæджы мызды фаг æхца. Санахъоты Накъа ма нын йæ урокты касти иуæй-иу гуырдзиаг фысджыты уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмацæй æмæ йæхæдæг сывæллæттæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыцы къухфыстытæ.
Санахъоты Уанкъа хицæуттимæ æмæ ахуыргæнджытæй дæр кæйдæртимæ цæмæ гæсгæ «зулдзых» уыд, уымæн мах, кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ, бæстон ницыма зыдтам. Алыхуызон партитæ кæй фæзынд, уый фехъуыстам, Накъа дæр нын радзырдта цыдæртæ йæ урокты, фæлæ уæддæр партитæй цы уæлдай ис, уый скъоладзаутæй бирæтæ нæма æмбæрстой. Æрмæст æртыккаг æмæ уæлдайдæр та цыппæрæм къласы чи ахуыр кодта, уыдон хъомыл фæсивæд уыдысты, цы кълæсты ахуыр кодтой, уыцы карæй дзæвгар хистæр чи уыд, ахæмтæ.
Уыдон сарæзтой сусæгкуыстгæнæг фæсивæдон къорд «Спартак» æмæ уыдысты большевикты къордимæ баст.
Уанкъа дæр зыдта уыцы хабар, фæлæ йæхи афтæ дардта, цыма ницы зоны.
Уанкъа йæхæдæг та Гуырдзыстоны национал-меньшевиктæм цы цæстæй каст, уый скъоладзаутæ зыдтой ахæм цауæй. Меньшевикты æфсад Хуссар Ирыстонмæ фыццаг хатт куы æрбабырстой 1918 азы, уæд уыцы хæсты фæмард сты урстуаллаг Тыбылатæй иу лæппу æмæ борджынисæгтæ иу æви дыууæйæ. Уый уыд ахуыры азы рæстæджы. Борджынисæгты ныгæнæн бон Уанкъа акодта йе скъолайы ахуыргæнинæгты æмæ ахуыргæнджыты Борджынисмæ, хæсты чи фæмард, уыдон кад æмæ номы тыххæй. Араст стæм фистæгæй 57 километры фæндагыл. Бæрцæй та уыйас уыдыстæм, æмæ нæ фыццæгтæ схæццæ сты хъæумæ, фæстæгтæ та ма дæлæ комы Леуахийæ æрбацæйхызтысты. Борджынисæгтæ куыд дзырдтон, афтæмæй уыцы хъæумæ уыйбæрц адæм æрцæугæ никæдма федтой.
Мадæлон æвзагыл куыд æнувыд уыди Уанкъа, уый тыххæй дæр ма мæ зæрдыл лæууы иу цау. Дыккаг къласы куы ахуыр кодтам, уæд нæ ахуыргæнæг цалдæр боны не рбацыд скъоламæ. Йæ бæсты уроктæ лæвæрдта Уанкъа йæхæдæг. Уыцы рæстæджы ахуыр кодтам Лермонтовы æмдзæвгæ «Три пальмы». Уанкъа алы рæнхъ дæр тæлмац кæнын кодта иронау. «Верблюд за верблюдом, взрывая песок...» ацы рæнхъ та иронау куыд уыдзæн, зæгъгæ, куы бафарста, уæд скъоладзаутæй иу йæхи фæраздæр кодта:
Акмели акмелийы фæстæ... скъæрцц ласта уый.
Гъеуый иронау хоныс? бафарста Уанкъа.
Теуа теуайы фæстæ! йæ дзырд баппæрста æндæр ахуыргæнинаг.
Гъеуый иронау! загъта ма Уанкъа æмæ дарддæр кодта урок.
Хуссар Иры фæллойгæнæг адæм 1920 азы сæрды Цæгат Ирмæ куы ралыгъдысты, уæд Санахъоты Уанкъа дæр уыдонимæ ралыгъд Дзæуджыхъæумæ. Ам куыста Хæххон республикæйы рухсады комиссарады Ирон зылды хайы райдайæн скъолаты инструкторы бынаты.
Уыцы рæстæгмæ Цæгат Иры æвæрд æрцыд æмæ æрбæстон Советон хицауад, фæлæ бæстæ сабыр нæма уыд: урсгвардион бандитты балтæ ма сусæгæй-æргомæй лæбурдтой ног хицауады кусджытæм, стыгътой æмæ мардтой фæллойгæнæг адæмы. Уанкъа лæуд уыди тæссаг куысты, фæлæ ахсджиаг бынаты: зылди Цæгат Иры хъæуты скъолатыл æмæ амыдта ахуыргæнджытæн æмæ скъолайы хицæуттæн, советон ног скъолайы куыст куыд сæвæрын хъæуы, уыдæттæ. Тæссаг та уымæй уыд, æмæ хъæуæй хъæуы хсæн дæр нæ уыд æдасæй цæуæн уыцы æвзæргæнджытæй.
Уанкъайæн йемæ чи куыста инструкторæй, Тотойты Алыксы, уый афтæ фыссы: «Санахъоты Малхазы фырт Уанкъаимæ уыдыстæм Къардоны (Архоны станицæйы) скъолайы дыккæгæм къласы ахуыргæнæг Д.П.-йы урочы. Уайтагъддæр бафиппайдтам, ахуыргæнæгмæ кæй нæй педагогон фæлтæрддзинад æмæ уроктæм æдзæттæйæ кæй æрбацыд, уый. Цæмæй йæ бæлвырддæр базонæм, уый тыххæй йын загътам, мах цур куыд райдайа арифметикæйы урок. Гъемæ райдыдта, фæлæ мах дызæрдыг нал кодтам, кусын нæ зоны, ууыл. Скъоладзаутæн радта хынцинаг, хъуыды дæр кæуыл нæ акодта æмæ уыцы уадид йæ зæрдыл цы æрбалæууыл, ахæм цыдæр: «Авд сырддонцъиуы æмæ авд дуры...» «Сабитæ, дзуры скъоладзаутæм, мæ дзыппы ис авд лыстæг дуры. Æз фæцæуын уынджы æмæ уынын авд сырддонцъиуы...» Зæгъы та йæ дыккаг хатт: «Мæ дзыппы дуртæ æмæ уынын авд сырддонцъиуы. Мæ къух мæ дзыппы нытътъыстон æмæ систон авд дуры æмæ сæ фехстон иу сырддонцъиуыл; систон та авд дуры æмæ сæ фехстон иннæ сырддонцъиуыл. Цыппар дуры радтон иу лæппуйæн æмæ æртæ дуры та иннæмæн. Цал дуры уыд мæ дзыппы?»
Уыцы хынцинаг загъта цалдæр хатты, алы хатт дæр æндæр æмæ æндæр хуызæттæй æмæ сабитæ нæ, фæлæ ма мæнæн дæр нæ бантыст йæ райхалын, уымæн æмæ алыхуызон дзуапп цыд. Сабитæ ныхъхъус сты. Ныфсæрмы сты. Мах дæр хорзау нал уыдыстæм. Уыцы æфсæрмыйаг уавæрæй нæ фервæзын кодта Санахъойы-фырт. Уый æндæр хынцинаг радта скъоладзаутæн, уыдон æй раст сарæзтой, стæй Уанкъа урок йæхæдæг ахæццæ кодта кæронмæ.
Ацы чысыл хабарыл уыйбæрц бæстон уымæ гæсгæ дзурæм, æмæ уый у, Уанкъайы куысты тыххæй цы фæстагдæр хабар фехъуыстам, уый.
Тотойы-фырт йæ ревизийы тыххæй цы документ фыссы, уый балæвæрдта Ахуырады хайадмæ мартъийы 23-æм бон 1923 азы. Документæн йæ «Инструкторты фиппаинæгтæ», зæгъгæ, уыцы хай афтæ райдыдта:
«30 ноября 1922 года совместно с покойным инструктором И.М. Санакоевым посетил Архонскую школу второй ступени; обревизовав школу, обратили внимание на следующее...»
Зындгонд куыд у, афтæмæй Санахъоты Уанкъайы амардтой бандиттæ. Йæ мард ын ссардтой Къардонæй Дзæуджыхъæуы хсæн поствæндаджы цур. Советон хицауады знæгтæ йæ кæй амардтой, уый уымæй бæрæг у, æмæ йæ бæх дæр æмæ йæ линейкæ дæр баззадысты йæ фарсмæ. Фæлæ, хъыгагæн, марджытæ не сбæлвырд сты. Кæцы аз æмæ мæйы бон уыд йæ амæлæты рæстæг, уый ныртæккæ нæма сбæрæг. Мах кæй фарстам, уыдон алыхуызон ныхас кæнынц. Чи зæгъы 1923 азы, чи та 1924 азы. Санахъоты хистæд у, чидæртæ та Ногиры зæгъынц. Нырма уал нæ бон у ахæм хатдзæг скæнын: кæд 1922 азы 30-æм ноябры Уанкъа æмæ Тотойы-фырт ревизи кодтой Къардоны скъола, 1923 азы 23-æм мартъийы та йæ «покойный» хоны, уæд бæрæг у Уанкъайы адзал æрцыд 1922 азы декабры кæнæ та 1923 азы яиварь-февралы мæйты. Архивы ма ссардтам æрмæст Ахуырады хайады кусджыты номхыгъд февралы кæронмæ. Фыст дзы ис æртæ инструкторы мыггæгтæ, Уанкъайы кой дзы нал ис.
Уымæ гæсгæ, Гаглойты Арсен куыд фыссы йæ уацы, «Санахъоты Уанкъа мард фæцис 1923 азы кæрон», зæгъгæ, уый раст нæу. («Советон Ирыстон», № 103, 27.5. 1977). Фæлæ уыцы æртæ мæйæ кæцы мæй æмæ кæцы бон уыд, уый нырма сбæлвырд кæнинаг у æмæ фæстæдæр, чи зоны, уый дæр къухы бафта.
***
Иттæг хорз бакодта Гаглойты Арсен, Уанкъайы царды хабæрттæ кæй фехъусын кодта, уымæй. Йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй сæ «цыбыртæй» радзырдта. Хъæугæ та сæ кæны цыбыртæй нæ, фæлæ бæстон æмæ биноныгæй фыссын, уымæн æмæ Санахъоты Уанкъа æрдхæрæны нæртон куыст бакодта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмы ахуырадон æмæ рухсадон хъуыддæгты, стыр фæд ныууагъта йæ фæстæ æмæ йæ хъуамæ зоной нырыккон фæсивæд дæр.
1921 азы Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны дæр Советон хицауад куы рбæстон, уæд скъолатæ арæзт æрцыд алы хъæуы дæр. Суанг 58 хæдзары кæм уыд, уымыты дæр. Скъолатæн ахуыргæнджытæ дæр куыд нæ хъуыдаид! Æмæ уыцы ахуыргæнджытæн сæ фылдæр æмбис уыдысты, кæддæр Уанкъайы къухы чи ахуыр кодта, Уæлрайдайæн ахуырадон скъоладзаутæ кæй хуыдтой, уыдон. Æмæ канд райдайæн скъолаты нæ, фæлæ ног советон кусæндæтты дæр, суанг партийы облæсты комитетæй райдай æмæ хъæусоветты секретарты онг, кæм нæкуыстой Уанкъайы ахуырдзаутæ. Амал кæмæн фæцис, уыдон та дарддæр кодтой сæ ахуыры кой æмæ ссæдзæм азты кæронмæ систы дæсны ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, инженертæ, ахуырадон æмæ æхсæнадон бæрнон куысты лæгтæ.
Хуссар Иры Санахъоты Уанкъайыл скодтой зарæг. Йæ рæстæджы йæ арæх зарыдысты Цæгат Иры дæр (суанг æртынæм азты кæронмæ дæр), фæлæ уæдæй фæстæмæ рохау аззад. Гаглойы-фырт куыд фыссы, афтæмæй Уанкъайæн Дзауы цы цыртдзæвæн скодтой, уый дæр цыма йæ нывыл нал у. Хъыгаг сты уыцы хабæрттæ.
Санахъоты Уанкъайæн йе стырдæр бæллиц уыд астæуккаг скъола саразын. Иунæг астæуккаг скъола æгас Хуссар Ирыстонæн. Ныртæккæ та Хуссар Иры ис цалдæр астæуккаг скъолайы æмæ техникумы, суанг ма институт дæр. Уанкъайы бæллиц раджы сæххæст Советон хицауады руаджы. Фæлæ уыцы бирæ астæуккаг скъолатæй иу, зæгъæм, Дзауы астæуккаг скъола, Санахъоты Уанкъайы номыл куы схуындæуид, уæд уал уый уаид Уанкъайæн йæ бирæ лæггæдты иу хайы аккаг мадзал.
Нырма Дзауæн йæхи мидæг дæр хъуамæ бирæ адæймæгтæ уа, Уанкъайы лæгæй-лæгмæ чи зыдта, кæнæ та хистæртæй Уанкъайы кой чи фехъуыста. Уыдон хъуамæ æрæмбырд кæной Уанкъайы царды хабæрттæ: кæд райгуырд, кæмыты ахуыр кодта æмæ куыста. Уыцы ахсджиаг куыст хъуамæ сæ къухы бафта Дзауы скъолайы хистæр ахуыргæнинæгтæн.
Ирон адæм рагæй нырмæ стыр кадыл дарынц, дзыллæйы лæг кæй фæхонынц, уыцы адæймæгты. Санахъоты Уанкъа дзыллæйы лæг кæй уыди, уый бæрæг у, зарæг ыл кæй скодтой, уымæй. Æмæ йæ ном хъуамæ макæд ферох уа ирон фæллойгæнæг адæмæй.
Фыссæг Мæрзойты Сергей йæ роман «Дзæбуг æмæ хъæсдарæджы» фæсныхасы Баймæтаты Цыппуйы тыххæй афтæ фыссы: «Йæ удæгасæй йыл цы фыстой, уый зæрдæмæ тынг хъары, уымæн æмæ-иу чи фыста, уый лæгæй-лæгмæ Цыппуимæ ныхас кодта, хъуыста йын йæ хъæлæс... рæвдыд-иу уыд йæ мидбылхудтæй».
Æз арæх æмбæлдтæн Цыппуимæ, уыдтæн-иу йæ хæдзары дæр æмæ уыйфæдыл зæгъынмæ хъавын дыууæ ныхасы.
Баймæтаты Цыппуйы тыххæй уырыссаг фысджытæ æмæ ахуыргæндтæ цы фыстой, уыдонæй Сергей ранымадта иу-цалдæры. Хорз бакодта уымæй. Фæлæ Цыппуйы тыххæй фылдæр æмæ арæхдæр та фыстой нæхи газеттæ, уæлдайдæр та «Рæстдзинад». «Рæстдзинад»-ы редактор Косирати Сæрмæт тынг хæлар уыд Цыппуимæ. «Уыцы азты æз дæр куыстон «Рæстдзинад»-ы редакцийы æмæ Сæрмæты фæдзæхстытæм гæсгæ фыстон газетмæ Цыппуйы архайды тыххæй.
Цыппу уыдис рæстæмбис кары. Асæй дæр рæстæмбис, фæлæ мызыхъхъарæзт. Сау цыбыргомау рихитæ. Ахæм бакаст бирæ кæмæндæрты ис, æмæ Цыппуйы сурæт ахæм уæлæнгай ныхæстæй никæй бон бауаид нæ цæсты раз æрæвæрын. Цыппуйыл сæмбæлгæйæ-иу адæймаг æппæты фыццаг цы бафиппайдта, уый уыд уымæн йæ ирд цæсгом æмæ лæгмæ æнæмидбылхудгæйæ кæсын кæй нæ зыдта, уый. Иннæ ахæм йæ дзыхы ныхас! Афтæ фæлмæн уыд, æмæ-иу адæймаджы зæрдæ атайын кодта. Кæимæ ныхас кодта, уымæ-иу «ды цæрай» æмæ «дæ рын бахæрон»-æй дзырдта.
Цыппуйæн йæ кой дардыл айхъуыст йе нусон бæллиц Джызæлдоны гидроэлектростанцæ аразыны хъуыддаг куы алыг æмæ йæ аразын куы райдыдтой, уыцы рæстæджы. Йæ хæдзар цух нал кодта цымыдис адæмæй. Цæргæ та кодта горæт Орджоникидзейы, Дæллаг Ирыхъæу кæй хуыдтой, уым.
Адæм зыдтой Цыппуйы агъоммæ дæр, доны тых цы у, уый: нучы дон цæвы цалхы, цалх та зилын кæны куыройы фыдты. Фæлæ дзы рухс та кæцæй æвзæры? Уый бирæтæ нæ зыдтой. Цыппу бавдæлд æмæ сæ хæдзары, йæ кусæнуаты иу егъау стъолыл сарæзта къаннæг хъæуы макет. Иу-фараст хæдзары бæрц. Хæдзæртты ас спичкæйы къоппы бæрц. Се хсæн уынгтæ, телыхъæдтæ. Уыдоныл лыстæг телтæ æмæ сыл дзыппыдарæн фанары цырæгътæ. Стъолы кæрон фидаргонд уыд цалхы хуызæн цыдæр. Уый куы ныззилай, уæд ныррухс вæййынц «уынджы» цырæгътæ дæр æмæ хæдзæртты» хуылфытæй дæр ракæлы электрон рухс.
Гъеныр ма уæхæдæг ахъуыды кæнут, дзырдта-иу Цыппу йæ уазджытæн. Иу къухæй æрзилгæйæ ацы гыццыл цалх мæнæ куыд ссудзын кодта цырæгъты! æмæ уæд уагæры Джызæлдоны станцæйы дон 300 метры бæрзæндæй цы цæлхытæм хауа, уый цæйбæрц тых æмæ рухс дæтдзæн!
1930 азы кæрон Хуссар æмæ Цæгат Иры фысджытæ баныхас кодтой сæ фыццаг иумæйаг съезд Цхинвалы саразын. Съездмæ хуынд уыдысты культурæ æмæ ахуырады кусджытæй дæр чидæртæ. Иубон Цыппу æрбацыд Цæгат Ирыстоны фысджыты ассоциацийы сæрдар Косирати Сæрмæтмæ редакцимæ. Салам радта кусджытæн йæ фæлмæн хъæлæсæй, стæй дзуры Сæрмæтмæ.
Сæрмæт цæра, ацы хатт дæм æндæр хъуыддаджы фæдыл æрбацыддæн... æмæ бахатыд, цæмæй йын Сæрмæт бар радта съездмæ ацæуынæн. Сæрмæт ын дзуапп нæма радта, афтæ та йæхæдæг фæраздæр, ома, цы хардз бахъæуа, уый мæхæдæг баххæст кæндзынæн.
Гъемæ Цыппу дæр ацыд Цхинвалмæ, Æлборты Барысби, Гуыриаты Гагуыдз, Дзагуырты Гуыбади æмæ ма æндæр, делегат чи нæ уыд, ахæмтимæ. Съезды ныхасы бар дæр ракуырдта æмæ йæ ныхас фæцис мæнæ ацы: æмдзæвгæйæ:
Быдыртæй нæ арф кæмттæм
Байгæрстам фæндæгтæ.
Скæндзыстæм нæ хистæртæн
Сызгъæринæй дæндæгтæ.
Иу сæрдыгон æнцойбон «Рæстдзинад»-ы редакцийы æмæ типографийы кусджытæ сфæнд кодтой Джызæлдоны арæзтад сæхи цæстæй фенын æмæ араст сты усæй, лæгæй, чи линейкæйы, чи та фистæгæй æмæ фæссихор бахæццæ сты Хъобанмæ. Линейкæтæ уырдыгæй фалдæр нал бакуымдтой, æмæ комы мидæмæ ацыдыстæм фистæгæй. Ком-иу кусгæ бонты йæ тæккæ дзаг уыд адæмæй, фæлæ ацы бон афтид уыд. Пурты æхсæрдзæн æмæ Къæхтысæры бынмæ куы бахæццæ стæм, уæд фембæлдыстæм Цыппуйыл. Уый та уæле æрцæйцыдис, йæ бæх йæ фæдыл ласта, афтæмæй. Мах æй нæ уагътам, фæлæ йæхæдæг уæддæр ахæрд кодта фæстæмæ немæ. Абон, дам, нын кусгæ бон нæу æмæ уын уæдæ чи радзурдзæн станцæйы хабæрттæ. Нæ хистæртæй-иу куы иумæ бахатыд, куы та иннæмæ, бæхыл сбад, зæгъгæ, фæлæ йæхи разæй чи хъуамæ сбадтаид!
Къæхтысæр рагъыл нын Цыппу бæстон фæдзырдта: цад кæм уыдзæн, йæ ауæзт, тъунел къæдзæхы хуылфы кæуылты цæудзæн, стæй нæ акодта, къахт цы тъунел, фæци, уырдæм (донауадзæн водосброс кæй хуыдтой, уымæ). Дæргъæвсмæ дæр ма немæ цæуинаг уыд, фысымтæ, дам, уын ссарон, фæлæ йæ нæ ауагътам. Цалдæр ссæдзы уыдыстæм æмæ куыд хъуамæ стыхсын кодтаиккам адæмы! Афтид скъолайы ногкарст хосы лыстæныл бахсæвиуат кодтам.
«Рæстдзинад»-ы редакцимæ бирæ уацхъуыдтæ цыдис Джызæлдоны арæзтадæй. Уацхæсджытæ-иу арæх хъаст кодтой къуылымиыдзинæдты фæдыл. Куы-иу сæм хæринаг нæ хæццæ кодта афоныл, куы та-иу аразæн æрмæг хъуаг уыдысты. Æз-иу куы бацыдтæн уыцы уацхъуыдты фæдыл арæзтадмæ, уæд-иу алы хатт дæр Цыппуйæ райдыдтон. Канд мæнмæ нæ, фæлæ кусджытæм се ппæтмæ дæр афтæ каст, цыма арæзтадыл Цыппуйы хуызæн никæй зæрдæ риссы. Иухатт мын Цыппу йæхæдæг дæр рахъаст кодта кæмæйдæртæй. Цæвиттон, уæды рæстæджы ног, советон, специалисттæ бирæ нæма уыдысты. Джызæлдоны арæзтады инженертæ иу стæмтæй фæстæмæ уыдысты рагон, паддзахы заманы специалист чи уыд, ахæмтæ. Уыдонæй чидæртæ былысчъилтæ кодтой Цыппуйыл, ома, ахуырдзинад æм нæй æмæ цæй прорабы аккаг у. Гъе, фæлæ та-иу сæхæдæг лæгъстæйаг фесты Цыппуйæн. Къæхтысæрæн йæ бынæй йæ сæрмæ æмуырдыг къæдзæхыл бремсберг куы арæзтой, стæй Пурты æхсæрдзæнæй рæстæгмæ электрон станцæмæ хæтæлтæ æвæрын куы бахъуыд уыцы нарæг комы, уæд уыцы хиппæлой инженертæ æнæ Цыппу ницы бакодтаиккой. Сæхæдæг ахæм рæттæм уæндгæ нæ кодтой, стæй кусджытæ дæр нæ куымдтой ахæм рæттæм цæуын, цалынмæ-иу сæм Цыппу бахатыд, уæдмæ. Инженертæ уыдтой, арæзтады разамонджытæй се ппæтæй дæр Баймæты-фырт уæлдай номдзыддæр, зæрдæхæлардæр кæй у, уый, æмæ сæм уый дæр хардзау каст. Æмæ-иу сæ искæд фæдисы куыст куы бахъуыд, уæд та-иу згъорынмæ фесты Цыппумæ.
Гъе, ахæм лæг уыд, дзуæрттæ æмæ, дам, хæйрæджытæ дæр цы Пурты æхсæрдзæнмæ нæ уæндыдысты, ууыл электрон станцæ саразыны фæнд æппæты фыццаг кæй сæры фæзынд, уый.
1. РАЙДАЙÆН СКЪОЛАЙЫ
Дзæбæх ма хъуыды кæнын, скъоламæ фыццаг хатт цы бон бацыдтæн, уый. Уæды онг дæр уыдтон скъоладзауты, уымæн æмæ скъола нæхи хъæу, Едысы, уыди. Фæлæ йæхи мидæг никæдма уыдтæн. Нæ уæндыдтæн. Афтæ фехъуыстой, ахуыргæнæг, дам, лæппутæй алкæйдæр нæмгæ кæны, æмæ кæй фæнды н1ады бахауын?
Æппæты фыццаг мæм стыр диссаг фæкастысты, скъолайы агъуысты къултыл цы алыхуызон бирæ нывтæ уыдис, уыдон. Адæмæй, фосæй, сырдæй, маргъæй, кæсагæй кæй ныв дзы нæ уыд!
Мæн сбадын кодтой фыццаг партæйыл, фарон дæр ма чи цыд скъоламæ æмæ, дам, йæ бынаты чи баззад, ахæм лæппуйы фарсмæ. Æрбацыд ахуыргæнæт Кокойты Джена. Скъоладзаутæ сыстадысты, стæй се ргом аздæхтой хурыскæсæнырдæм, æмæ хистæр скъоладзаутæй иу лæппу, йæхиуыл дзуæрттæ æфтаугæйæ, райдыдта, мæ сыхаг мын куыд бамбарын кодта, афтæмæй, «Цару небесни» æнæкæсгæйæ дзурын. Куывд фæцис æмæ алчидæр сбадт йæ бынаты.
Фыццаг хатт скъоламæ чи бацыд, уыдон бадтысты раззаг дыууæ партæйыл, дыккаг аз чи ахуыр кодта, уыдон æртыккаг æмæ цыппæрæмыл, фæндзæмыл та æртыккаг аз чи ахуыр кодта, уыдон. Æртæ къласы дæр ахуыр кодтой уыцы иу уаты.
Ахуыргæнæг мæ бафарста:
Кæй лæппу дæ?
Æз дзуапп радтон, нæхимæ мын куыд бацамыдтой, афтæ:
Дæ ном та куыд у?
Куыдзæг.
Æндæр ма?
Уыцы фарст нæ бамбæрстон æмæ ныхъхъус дæн.
Дæ аргъуыды ном? фæрсы та ахуыргæнæг. Уыцы фарстæн дæр та мæм дзуапп нæ разынд, аргъуыды ном цы хуыдта, уымæн дæр ницы зыдтон.
Куыдзæг у, Куыдзæг, йæ ном! схор-хор кодтой нæхи хъæуккаг скъоладзаутæй чидæртæ («нæхи хъæуккаг» уымæн зæгъын, æмæ Едысы скъола уыд иумæйаг æгас Урстуалты хъæутæн).
Сабыр! фæхъæр кодта ахуыргæнæг, стæй уæд мæнырдæм:
Бафæрсдзынæн сауджыны æмæ дын райсом зæгъдзынæн, де цæг ном куыд у, уый.
Диссаг мæм фæкаст йæ ныхас. «Мæ ном мæхицæй æмæ мæ бинонтæй хуыздæр зоны сауджын? Цæмæ гæсгæ йæ фæрсы?»
Райдыдта урок. Ахуыргæнæг цыдæр бахæс кодта, фæстаг партæйыл чи бадт, уыдонæн, стæй та астæуккæгтæн. Æз адзæгъæл дæн къулты нывтæм кæсыныл æмæ йæ мæхæдæг дæр не нкъардтон, афтæ мæ фарсмæ бадæгæн хъæрæй дзурын райдыдтон, цы уыдтон, уыдон. Æвиппайды ме хсæрфарсæн цъыкк! Фестъæлфыдтæн, Ахуыргæнæг, цыма ницы бакодта, уыйау дарддæр цыдæртæ дзуры астæуыккаг партæтыл бадджытæн. Афарстон, мæ фарсмæ чи бадтис, уыцы лæппуйы:
Ахуыргæнæг мæ цæмæн ныццавта?
Хъæрæй дзырдтай æмæ уымæн...
Ахуыргæнæг цыдæр фыссинаг куыст радта, мах фæстæ чи бадт, уыдонæн æмæ ныр раздæхт махырдæм. Алкæмæн дæр нæ радта чингуытæ æмæ тетрæдтæ. Тетрæдты æддаг цъарыл фыста алкæмæн дæр йæ ном æмæ йæ мыггаг, мæнæн та æрмæст мæ мыггаг.
Уыцы боны цаутæй мæ зæрдыл æндæр ницуал лæууы. Дыккаг бон мын ахуыргæнæг мæ тетрады цъарыл ныффыста мæ ном æмæ мæ мыггаг, æмæ мæхæдæг кæсын нæма зыдтон, фæлæ мын мæ сыхаг бакаст: «Дзесов Алвес». Хъусгæ дæр никæдма фæкодтон ахæм ном. Нæхимæ мын мæ фыды кæстæр æфсымæр уый дæр кæддæр уыцы скъолайы ахуыр кодта бамбарын кодта хъуыддаг. Рацæй-рабон, æмæ сауджын куы фæаргъауы ноггуырд сывæллоныл, уæд æрдумæ дæр нæ дары, сабийыл йæ бинонтæ цы ном сæвæрдтой, уый, фæлæ æркæсы йæ къæлиндармæ æмæ, уым уыцы бон цы нæмттæ вæййы, уыдонæй искæцы иыффыссы йæ чиныджы сывæллоны номæн.
Иу аз йедтæмæ нал бакуыста Джена Едысы скъолайы. Цалынмæ ног ахуыргæнæг нæма райдыдта кусын, уæдмæ сфæнд кодтон мæ «Алвес» ном фæхуыздæр кæнын. Бынтон æй аивон, уый нæ бауæндыдтæн. Ахуыргæнæг уый куы базона, уæд та сауджыны бафæрсдзæн æмæ та «Алвес» йæ бынаты баззайдзæн. Цæвиттон, нæ хъæуккæгтæй æфсæддон службæйæ чи æрыздæхт, ахæмтæ дзæвгар уыд. Уыдонæй уырыссаг æвзаг чысылтæ чи базыдта, ахæмтæ дæр уыд. Чидæр сæ бацамыдта нæ хъæуы сывæллæттæн, «балбес» цы дзырд у, уый æмæ мæ мæстæй марын байдыдтой: «Алвес балбес!» Гъеуый тыххæй уыд мæ фæнд мæ ном фæнывылдæр кæнын.
Ног ахуыргæнæг Сланты Ефин куы райдыдта кусын, уæд мæ тетрæдтыл фыстон Алвес нал, фæлæ Авел (фæлмæн нысан «ь» дзы æвæрын хъæуы кæронæй, уый нæма зыдтон). Ахуыргæнæг мын нæ бафиппайдта мæ «хин», фæлæ та сывæллæттæ ацы номмæ дæр ссардтой къух бакæнæн.
Тæккæ æнцондæр предметыл нымад нæм уыд «Закон божий» кæй хуыдтой, уый хуыцау дуне æмæ адæмы куыд сфæлдыста, уыдæттæ. Амыдта нын æй нæхи хъæуы сауджын Беджызаты Дауит. Аргъауы хуызæн-иу нын радзырдта иронау йæ таурæгътæ, æмæ йæм æрмæст хъусгæ бакæн, æндæр дзы ахуыр кæнын ницы хъуыд. Таурæгъты та афтæ фыст уыд: «Хуыцау сфæлдыста фыццаг лæг æмæ йæ схуыдта Адам. Стæй фыццаг ус æмæ йыл ном сæвæрдта Евæ. Райгуырд сын дыууæ лæппуйы: Каин æмæ Авель. Хуыцау цæуылдæр смæсты Каинмæ æмæ йын нæ айста йæ нывонд. Уæд уый бахæлæг кодта Авелмæ æмæ йæ амардта».
Гъемæ та не скъоладзауты къухы бафтыд ног мадзал ахынджылæгæн. Куы сæ иу, куы та иннæ, мæ разы-иу æрлæууыдысты æмæ-иу мæ æцæгхуызæй фарстой:
Уæддæр дæ, Куыдзæг, Каин цæй дымæгмæ амардта?
Бæргæ та нæ цыд ацы ном дæр мæ зæрдæмæ, фæлæ йын цы хос хъуамæ скодтаин? Иунæг скъоладзау дæр нæ хуынд афтæ. Æмæ 1916 азы Хуссар Ирыстоны Дзауы хъæуы цы ног скъола байгом, хъæууон скъолайы фæстæ ма ноджыдæр фондз азы ахуыр кæнын кæм хъуыд, ахæм, уырдæм курдиат куы балæвæрдтон, уæд мæ ном Авель нал ныффыстон, фæлæ ма йæм разæй бафтыдтон дамгъæ «П», æмæ рауад «Павел». Уыцы «официалон» ном фæхастон суанг 1925 азмæ. Ногиры куы цардтæн, уæд мæм иуахæмы ссыд мæ къардойнаг зонгæ æмæ мын мæ хæдзар кæй нæ зыдта, уый тыххæй хъæуы бынæй фæрсгæ рацыд, Дзесты Павел кæм цæры, зæгъгæ. Бацамыдтой, йын Дзестæй кæйдæрты, фæлæ уыдон нæ зыдтой, Павел сæ чи у, уый. Фарстой мæ мады, фæлæ уый дæр нæ зыдта, Дзестæй Павел кæй хонынц, уый. Æз уыцы. рæстæджы горæты уыдтæн æмæ изæры нæхимæ куы æрцыдтæн, уæд мын радзырдтой хабар.
Уæдæй фæстæмæ мæ къух систон «Павелæй» дæр æмæ фыссын байдыдтон «Куыдзæг». Уæды рæстæджы паспорттæ нæма уыд æмæ æнцон аивæн уыди ном дæр æмæ мыггаг дæр. Лæвæрдтой-иу рæстæгмæ æвдисæндартæ æмæ дæ куыд фæнды, афтæ схон дæхи æмæ дын æй афтæ ныффысдзысты.
О, фæлæ, хатырæй фод, нæ ныхас ууыл нæ, ахуыргæнджытыл уыдис. Дзауы скъоламæ куы бацыдтæн, уæд нын фыццæгæм къласы алы предметæй дæр, стæй ма гуырдзиаг æвзагæй дæр ахуыргæнæг уыд Санахъоты Накъа. Бирæ азты дæргъы ахуыргæнæгæй чи фæкуыста, ахæм ацæргæ лæг, асæй бæрзонд, урсхил. Иттæг хорз зыдта ирон, уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ. Карз ахуыргæнæг уыд Накъа. йæ урок чи нæ зыдта, уыдон-иу ранадта. йæхи лæппутæ дæр дыууæйæ мах къласмæ цыдысты æмæ-иу уыдон дæр рацæфтæ кодта. Фыдуаг митæ чи кодта скъоладзаутæй, уыдон хуыдта «дирбаг хæрджытæ», фæлæ æз абон дæр ма нæ зонын уыцы Дирб кæм ис, уый. Махмæ-иу æфтыдысты æрмæст тырсыйаг æмæ захъайаг хæрджытæ.
Фондз лæппуйæ цардыстæм иу къаннæг уаты. Хæринаг ыын хастой нæхицæй, Урстуалтæй, æртиссæдз километры дæрддзæгæй бæхуаргъæй, кæрдзын та нын кодтой нæ фатеры хицæуттæ. Нæхицæй-иу нæм исчи куы рафтыд, уæд нын бæрæгбон уыд, уæд та-иу æфсæст уыдыстæм. Нæ фатер уыд скъолайæ иу-дыууæсæдæ метры æддæдæр. Иуахæмы тæ нæм нæхицæй рацыдысты чидæртæ, æмæ семæ æгæр афæстиат стæм скъоламæ цæуын афон. Бæргæ ма азгъордтам нæ тых, нæ бонæй, фæлæ нын байрæджы. Æртæйæ Накъамæ ахуыр кодтам. Бахызтыстæм къласмæ æмæ дуаргæрон мæсæллæйгæнджыты лæуд æркодтам.
Почему опоздали?! фæхъæр ныл кодта Накъа. Махæй ничи ницы дзуры.
Я спрашиваю: почему опоздали? ноджы мæстыдæрæн фæрсы Накъа æмæ йæ цæстæнгас комкоммæ мæнмæ сарæзта. Æз æнхъæлмæ кастæн, зæгъын, кæд ме мбæлттæй исчи раттид дзуапп, уымæн æмæ уыдон мæнæй рæвдздæр уыдысты уырыссаг æвзагæй, фæлæ нæй! Ныхъхъус сты. Иронау зæгъыны бар мын куы уыдаид, уæд загътаин, нæ бинонтæй чидæртæ рацыдысты хохæй, абон фæстæмæ здæхтысты æмæ уыдон рæвдз кæнгæйæ бафæстиат стæм, зæгъгæ. Гъе, фæлæ уыйбæрц ныхæстæ уырыссагау кæцæй хъуамæ æрхастаин? Гæнæн куы нæуал уыд, уæд тыххæй-фыдæй ралæмæрстон:
Наши отцы здесь были...
Наши овчи ждеш били, зæгъгæ, мæ сфæзмыдта Накъа, стæй мын мæ къабазыл фæхæцыд, æмæ мæ дзæхст фæцыд, къласы фисынмæ æввахс цы лæугæфыссæн фæйнæг æвæрд уыди, ууыл. Ме мбæлтты дæр афтæ. Стæй сбадтыстæм нæ бынæтты.
Рамæсты дæн Накъамæ, æниу мæм йæ митæ фауинаг дæр нæ фæкастысты, уымæн æмæ уæды рæстæджы ахуыргæнджытæ иууылдæр афтæтæ кодтой. Æнæуи та хорз ахуыргæнæг уыд Накъа. Иухатт нын бакаст хæрзчысыл ирон чиныг, йæхæдæг гуырдзиаг æвзагæй кæй ратæлмац кодта, ахæм. Урок æгасæй дæр бахъуыд уымæн. Афтæ къæрцхъусæй йæм хъуыстам, æмæ цыппæрдæс æмæ дыууиссæдз скъоладзауæй сыбыртт дæр ничи скодта. «Авдæнон зарæг цы бакодта?» цыма афтæ хуынди, цы уацмыс нын каст, уый. Цæвиттон, Гуырдзыстоны скæсæйнаг хайы иу гуырдзиаг ус æмæ лæгæн сæ æнахъом сывæллон чызджы аскъæфтой дагъистайнæгтæ æмæ йæ ауæй кодтой иу æнæзæнæг хъæздыг ус æмæ лæгæн. Уыдон æй хъомыл кодтой сæхи сывæллоны хуызæн. Сывæллонæн йæхи фыд бирæ фæцархайдта йæ чызджы фæстæмæ раскъæфыныл, фæлæ йæ къухы никæд ницы бафтыд. Цалдæр азы бафæлвæрды фæстæ иуахæмы сæ къухы бафтыд сæ чызджы фæстæмæ раскъæфын. Гъе, фæлæ ног фыдбылыз: чызг нал дæр йæ мад æмæ йæ фыды зоны, нал дæр сын се взаг æмбары. Æдзухдæр кæуы æмæ куры, цæмæй йæ акæной, йæ мад æмæ йæ фыд кæй хоны, уыдонмæ, ома Лекъмæ.
Бирæ рæстæг фæтухæн кодтой чызгæн йе цæг мад æмæ фыд, цæмæй сæ саби æрымыса йæ рагон бонтæй исты, фæлæ нæй æмæ нæй, чызг кæуынæй йæхи æргæвды. Нал фæрæзтой мад æмæ фыд сæ хъæбулы удхармæ кæсын æмæ сфæнд кодтой: цæйнæфæлтау афтæ хъизæмар кæна, фæлтау æй акæнæм Дагъистанмæ æмæ цæрæд йе схъомылгæнджытимæ. Фæстаг хатт ма йæ мад цæссыгкалгæ æрымысыд, йæ хъæбул ма авдæны куы уыд, уæд-иу ын цы алолайы зарджытæ кодта, уыдон æмæ æрхæндæгæй базарыд. Чызг йæ кæуынæй банцад, ныхъхъус, байхъуыста зарæгмæ, йæ зæрдыл æрлæууыд уыцы зарæг æмæ йæ мады æфцæгыл атыхст.
Тынг фæцыд скъоладзауты зæрдæмæ уыцы таурæгъ. Чиныг Накъайы къухæй нæ фæхицæн, æндæра йын йæ авторы дæр бахъуыды кодтаин. Уыйфæстæ дæр ма нын цыдæртæ бакаст Накъа, фæлæ уыдон рæстмæ нал хъуыды кæнын. Бакаст нын, йæхæдæг цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй дæр цыдæртæ. Хъуыды ма дзы кæнын æрмæст иу «Цъиу»:
Дзиго уæларвмæ ыстахти,
Хъæлдзæг зардæй зары...
Æндæр дзы мæ зæрдыл ницуал лæууы.
Накъа цы уыд, уымæй бирæ фæуæлдæр мæ цæсты. Фæндыд мæ, уыцы чиныг кæнæ дзы æндæр чиныг куы ракуырдтаин кæсынмæ, фæлæ хæйрæг бауæндæд ахæм мæстыгæр лæгмæ.
Накъайæн ма йæ литературон куыстытæй исты рацыд мыхуыры революцийы агъоммæ, уый нæ зонын. Советон заманы йæ прозаикон уацмыстæй цыдæртæ фæзындысты «Фидиуæджы» («Дон йæ бæх, калм йæ ехс» æмæ æндæртæ, стæй цыма райдайæн кълæстæн дæр сарæзта ахуыргæнæн кæсыны чингуытæ).
Дзауы скъолайы фæцахуыр кодтон æртæ азы. 1920 азы сæрды нæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Æрцардыстæм уал Дзæуджыхъæуы. Ацархайдтон, цæмæй мæ айсой сывæллæтты хæдзармæ, фæлæ ницы рауад нæ фæндæй, æгæр, дам, сдынджыр дæ. Дыууæ азæй фылдæр фæцух дæн скъолайæ, хæдзары куыстытæй мæ кæй не вдæлд, уый аххосæй. 1923 азы бацыдтæн Дзæуджыхъæуы ирон скъоламæ. Рабфакмæ мын байрæджы. Даргъ ном уыд, цы скъоламæ бацыдтæн, уымæн: «Первая Осетинская областная опытно-показательная единая трудовая школа». Дзауы скъолайы цы æртæ къласы каст фæдæн, уыцы ахуырмæ гæсгæ мын æмбæлд бацæуын æвдæм къласмæ, фæлæ та ам дæр ахуыргæнджытæ Бекойты Дзибка æмæ Тыбылты Алыксандр басагъæс кодтой, æгæр стыр, дам, у æмæ сывæллæтты хсæн йæхи куыд æнкъардзæн... Стыр та уымæн уыдтæн, æмæ, куы ма йæ загътон, 23 азы дæргъы фæцух дæн æмæ уæдмæ сывæллон рæзгæ кæны, уæдæ цы! Сæ дыууæ дæр ахъуыды кодтой, стæй уæд Алыксандр дзуры Дзибкамæ:
Цæй, уæд та уал мæ къласмæ рацæуæд!
Афтæмæй смидæг дæн 8-æм къласы. Алыксандрæн йæ предмет уыд уырыссаг æвзаг æмæ фæсарæйнаг аив литературæ. йæ бындурон куыст уыди Хæххон республикæйы адæмон рухсады комиссарады, æрмæст-иу 12 сахаты бæрц акуыста Алыксандр не скъолайы, цæргæ дæр скъолайы агъуысты кодта йæ бинонтимæ, стæй ацыд Хуссар Ирыстонмæ. Йæ уроктæй ма мæ зæрдыл лæууы уый, æмæ-иу дзургæ-дзурын йæ ныхас, йæ хъуыдыйад æрдæгыл фескъуыдта æмæ-иу йæ къухæй ацамыдта ахуыргæнинæгтæй искæмæ, ома, ды йæ æххæстæй зæгъ кæронмæ. Скъоладзаутæй алчидæр æнхъæлмæ каст; ахуыргæнæг мæнмæ ацамондзæн йæ къухæй, зæгъгæ, уымæ æмæ цæттæ лæууыд дзуапп раттынмæ. Уымæ гæсгæ кълас иу минут дæр æнцад нæ уыд. Кæд-иу исчи дзуапп дæтгæйæ. ферхæцыд, уæд та-иу ахуыргæнæг ацамыдта æндæрмæ æмæ афтæмæй ныхасы хал не скъуыд.
Алыксандры фæстæ уыцы предмет иу-цалдæр боны дæргъы лæвæрдта Дзибка, стæй нæм æрбацыд ног ахуыргæнæг.
Дзибкайы метод æндæрхуызон уыд. Искæцы уацмыс æвзаргæйæ-иу æрлæууыд къласы бæстастæу, йæ мидбынаты, йæ амонæн æнгуылдзы кæрон-иу йæ къæмисæныл сæвæрдта æмæ «... обратите внимание на...» æмæ-иу райдыдта дзурын, уацмысы йæм сæйрагдæр цы каст, уыдæттыл.
Æз цы къласы ахуыр кодтон, уый уыд дыккаг уæладзыджы, бынæй ахуыргæнджыты уат кæм уыд, раст уый тæккæ сæрмæ. Урокæй урочы хсæн цы переменæ вæййы, уым-иу скъоладзаутæ кæрæдзийы расур-басуртæй ахæм æнæхъола хъазт райдыдтой, æмæ партæтæ хаудтой кæрæдзийы сæрты, сæ гуыпп та-иу фæцыд пъолыл. Ахуыргæнджытыл гæппæлгай згъæлди сæ цары штукатуркæ. Уæд та-иу нæм Дзибка слæбурдта æмæ «Дураки!» «Ешаки!» ахæм ныхæстæй-иу ахицæн йæ хыл. Диссаг уый уыд, æмæ йæм ахуыргæнинæгтæй мæсты ничи кодта. Иуæй аххос нæхи уыд, иннæмæй та не ппæтмæ дæр афтæ каст, цыма нæм нæхи бинонты хистæр хæцы, цыма нæ алкæмæдæр йæхи дада хыл кæны...
Иухатт нæм Дзибка æрбацыд урокмæ иу æнæзонгæ лæгимæ.
Уæрæсейы Наркомпросы инструктор Мæскуыйæ! зæгъгæ, нын бацамыдта йæ уазæджы, куы сыстадыстæм, уæд.
Инструктор афарста ахуыргæнинæгтæй кæйдæрты. Уыдонæй алчидæр дзуапп дæтгæйæ, ныронг куыд кодта, афтæ-иу сыстад æмæ дзырдта лæугæйæ.
Стгæ цæмæн кæнут дзуапп дæтгæйæ? Афтæ паддзахы заманы скъолаты кодтой. Бадгæйæ дзурут, загъта инструктор.
Бакастыстæм не скъолайы хицау Дзибкамæ. Йæ цæсгом фæхъуынтъызгонд, фæлæ дзургæ ницы скодта. Бамбæрстам, инструкторы ныхас ын хъыг кæй уыд, уый. Скъоладзаутæй ма чи дзырдта, уыдон, сæ ахуыр куыд уыди, афтæ дзырдтой сыстгæйæ.
Ацыдысты. Дыууæ урочы фæстæ нæм къласмæ æрбацыд Дзибка иунæгæй. Наркомпросы инструктор куыд загъта, афтæ, дам, уын ис бар бадгæйæ дзуапп дæттынæн, ахуыргæнæг уæм куы рбацæуа, уæд дæр куы нæ сыстат, уый бар дæр уын ис, фæлæ... Гъеуыцы «фæлæ»-йы фæстæ нын бирæ фæдзырдта. Æз, зæгъы, бакастæн, йæ ном æгас дунейыл дæр хъуыстгонд кæмæн у, ахæм педагогты чингуытæ æмæ се ппæт афтæ зæгъынц: дзуапп дæтгæйæ ахуыргæнинаг хъуамæ сыста æмæ лæугæйæ дзура.
Бафæлварут-ма ахæм уавæр! дзырдта Дзибка. Райсут, зынгомау чи у, ахæм фарст кæнæ хынцинаг æмæ уæ алчидæр раттæд дзуапп æртæ хуызы: хуысгæйæ, бадгæйæ æмæ лæугæйæ. Гъеуæд уæхæдæг фендзыстут, хуыздæр дзуапп лæугæйæ кæй бафтдзæн уæ къухы. Уый уымæн афтæ у, æмæ ахуыргæнинаг иннæты астæу лæугæ куы кæна, уæд бæрæг дары се ппæты хсæн, йæхимæ æркæсын æмæ æрыхъусын кæны йæ алфамбылай уæвджыты, уыдон æфсæрмæй йæ тых æмæ йæ зонындзинад æрбамбырд кæны æмæ йын бантысы хуыздæр дзуапп раттын. Стæй канд скъолайы нæ, фæлæ æнæуи адæмы хсæн дæр рагæй нырмæ афтæ у: дзурæг хъуамæ иннæ адæмы астæу бæрæгдæр дара, размæ ралæууа, сыста, йæ худ сиса... Гъе, æмæ хъусут? Алкæмæн дæр уæ бар ис дзуапп дæттын бадгæйæ æмæ уæ куыд фæнды, афтæ кæнут. Æниу, уын зæгъон мæхи хъуыды дæр. Кæмæ хъуамæ фæкæса аив ахæм уавæр: дæхицæй дыууæ-æртæ хатты хистæр чи у, ахæм ахуыргæнæг дæм лæугæйæ дзура, ды та дæ бадæнæй змæлгæ дæр ма фæкæн æмæ йæм дзур...
Ничи нæм бафæзмыдта мæскуыйаг инструкторы амынд уавæр, уæды онг куыд лæвæрдтам дзуапп лæугæйæ, афтæ кодтам дарддæр дæр.
Дзибка йæхæдæг хорз цæстæй каст советон скъолайы ногдзинæдтæм. Алцæмæй дæр æххуыс кодта Ахуыргæнинæгты комитетæн æмæ фæскомцæдисы организацийæн.
Иуахæмы хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ сфæнд кодтой, типографийы мыхуыргонд чи уа, ахæм аивадон æмæ политикон-æхсæнадон журнал уадзын. Ныры цæстæнгасæй кæсгæйæ диссаг дæр у æмæ худæг дæр куыд бахастам нæ ныфс ахæм стыр хъуыддагмæ! Дзибка нæ ам дæр нæ бакъуылымпы кодта. Уый нæ, фæлæ ма журнал рауадзæггаг хæрдзтæ дæр айста йæхимæ, стæй дзы йæхæдæг дæр фыста уацтæ. Рацыд дзы æрмæст дыууæ чиныджы 1925 азы, стæй фæцис йæ цард «Æвзонг Ирыстонæн» (Юная Осетия) афтæ хуынд йæ ном нæ журналæн.
Не скъолайы фæскомцæдисон организаци куы фæзынд, уæд ахуыргæнинæгтæй бирæтæ афтæ «фæхæлоф» кодтой æхсæны куыстытыл, æмæ «неуд»-тæ сбирæ сты. Цæвиттон, уыцы азты скъоладзаутæн сæ ахуыры æнтыстдзинадæн ахæм нысæнттæ æвæрдтой: иуы бæсты æвæрдтой ВНУ весьма неудовлетворительно, дыууæйы бæсты НУ неудовлетворнтельно; æртæйы бæсты У удовлетворительно.
Дзибка ныффæдис кодта Цæгат Ирыстоны Фæскомцæдисы обкоммæ. Скъоламæ нæм æрбацыд комитеты секретарь Джыккайты Валодя, доклад скодта æмæ нын бамбарын кодта, скъоладзау-фæскомцæдисонтæн сæ ахсджиаг хæс хорз ахуыр кæнын кæй у, уый. Уыцы бонæй фæстæмæ фæскомцæдисонты ахуыры æнтыстдзинад зынгæ фæбæрзонддæр.
Фæскомцæдисы организаци æмæ Ахуыргæнинæгты комитет (Учком) арæх арæзтой хъазтизæртæ, æрхуыдтой-иу горæты кусæндæтты кусджыты, æмæ сæм-иу цы æхца æрæмбырд, уый хардз кодтой чингуытæ æлхæныныл æмæ залы сценæ фæлындыныл. Уыцы хъуыддæгтæн дæр нын æнæзивæг æххуыс кодта Дзибка.
Иуахæмы бауæндыдтæн Дзибкамæ æмæ йæм радтон бакæсынмæ, мæхи хъуыдымæ гæсгæ «радзырдгонд» кæй хуыдтон, ахæм цыдæр. йæ мидис ын рæстмæ нал хъуыды кæнын, фæлæ цыма мидбæстон хæсты цаутæм гæсгæ уыд. Партизантæ тох кæнынц урсгвардионты фæлхортимæ. Фæуæлахиз сыл сты, æцæг, сæхæдæг дæр æвыдæй нæ баззадысты. Хæсты фæстæ æрæмбырд сты, се мбæлттæй уыцы тохы чн фæмард, уый алыварс æмæ дзурынц хæсты фæстиуджытыл.
Хорз сын фестæм! зæгъы партизантæй иу, ома не знæгтæн.
«Дæхæдæг ма ахъуыды кæн, дзырдта мын Дзибка, адæмæн сæ разы се мбалы мард, сагъæс æмæ хъынцъымыл сты се ппæт дæр, æмæ ма уыцы уавæры исчи ахæм æппæлой ныхас зæгъа „хорз сын фестæм“. Уый бауырнинаг нæу». Радзырдгонд æппæтæй дæр нæ фæцыд йæ зæрдæмæ, æмæ йæ æз дæр аскъуыдтæ кодтон. Дзибка мæ цæсты афтæ. стыр ахуыргонд уыд, афтæ арф зыдта литературæ, æмæ, цы аргъ скодта, ууыл æппындæр гуырысхо нæ кодтон.
Цырддзаст æмæ æнæзивæг уыд Дзибка, ирон аив литературæйы-иу ногæй исты куы фæзынд, уæд уымæ. Уæлдæр цы журналы кой кодтам, «Æвзонг Ирыстон», уымæн йæ 23 номыры фæзынд Дзибкайы рецензи Быдтаты Агуыбечыр æмæ Бтемыраты Бимболат Берлины, Гутнаты Елбыздыхъойы типографийы цы «Хъæлдзæг ныхæсты» чиныг рауагътой, уый тыххæй. Цæстуарзон æмæ арфхъуыдыджын уац ныффыста Дзибка «Зиу»-ы фыццаг чиныгæн дæр.
Дзибка цы скъолайы хицау уыд, уымы ахуыргæнджытæй ма мæ фæнды иу сылгоймаг ахуыргæнæджы кой ракæнын. Мæ ахуыргæнæг дæр уыд, стæй Дзибкаимæ тынг хæлар уыдысты. Æстæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд нæм иуахæмы Дзибка æрбакодта къласмæ иу æрыгон къæсхуыр бурдзалыг чызджы.
Базонгæ ут! Мæнæ уæ ног ахуыргæнæг Иринæ Кирилловнæ, йæ предмет обществоведение (уыцы рæстæджы истори афтæ хуыдтой). Нæ къласы цы чызджытæ ахуыр кодтой, уыдонæй иуæй-иутæ бæрзонддæр æмæ ставддæр уыдысты Иринæ Кирилловнæйæ. Лæппутæ æнхъæл нæ уыдысты, уыцы тæнтъихæг ахуыргæнæг бирæ рæстæг бафæраздзæн махимæ кусын, уый. Фыдуаг уыдысты ахуыргæнинæгтæ. Географийы (уæд æй землеведение хуыдтой) урок-иу нæм куы уыди, уæд нæм æддагон адæймаг куы рбакастаид, уæд загътаид: ай кълас нæу, фæлæ, дынджыр сывæллæттæ гæлæмытæй кæм фæхъазынц, ахæм бынат. Афтæмæй та нæ ахуыргæнæг Александр Александрович бæрзонд æмæ бæзæрхыг ацæргæ лæг, йæ даргъ рихитæ йæ фæскъæбут кæрæдзимæ æххæсыдысты, йæ бакаст дæр уæйыджы хуызæн уыд. йæхимæ йын «Сан Санич»-æй дзырдтам, нæхимидæг та йæ «тъуз» хуыдтам. Гъемæ уыцы стыр лæджы урокты рæстæджы къласы мидæг ахуыргæнинæгтæ цы нæ кодтой, ахæм сын нæ уыд.
Иринæ Кирилловнæйы урокты та афтæ уыд, æмæ къласы дзынга куы атахтаид, уæд дзы хъуыстаид æрмæст уый базырты хъæр. Никæд фехъуыстам Иринæ Кирилловнæйæ иннæ ахуыргæнджытæ арæх цы дзырдтой, «тише!» зæгъгæ, ахæм дзырд. Æрбацыд-иу къласмæ, иннæ ахуыргæнджытау-иу бæрзонд кафедрæмæ не схызт, фæлæ-иу æрбадт уаты бæстастæу фыссæн фæйнæджы раз бандоныл æмæ-иу фæстаг партæтыл бадджытæм зынгæ дæр нал кодта. Фæлæ, зæгъæм, махæй исчи йæ фарсмæ бадæгимæ сусу-бусутæ райдыдта, уæд-иу Иринæ Кирилловнæ йæ ныхас фæурæдта æмæ-иу æнæдзургæйæ æрбакаст, хъæлæба йæм кæцæй фехъуыст, уыцырдæм. Æндæр ницы. Æмæ та кълас ныссабыр, цыма дзы иу адæймаг йедтæмæ ничи ис, уыйхуызæн.
Абон дæр ма дис кæнын Иринæ Кирилловнæ Горлова-Нигровскаяйыл. Цавæр тых æм уыд? Кæд, миййаг, йæ уроктæ стыр цымыдисаг уыдысты? Уыцы миниуæг дæр æм уыд, фæлæ ахæм дæсныйад, хæрзхъæд уроктæ бирæ ахуыргæнджытæ лæвæрдтой, фæлæ уæддæр Иринæйы урокты æгъдау куыд уыди, афтæ никæмæн ма федтон. Уæдæ дзы тæрсгæ дæр ничи кодта. Хæларзæрдæ уыд. йæ чысыл цъæх цæстытæй-иу æнæдзургæйæ кæмæ бакаст, уымæ уæлдай сныхас кæнын нал хъуыди. Суанг пенсимæ ацæуыны бонмæ фæкуыста Иринæ Кирилловнæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты историйы ахуыргæнæджы бынаты...
Ахæм уыди, раджы кæддæр нæм Дзибка цы бурдзалыг чызджы æрбакодта, уый. Дзибкайæн ма йæхиуыл фæстаг хатт фембæлдтæн 1935 азы фæззæджы Цхинвалы, центры цы бульвар ис, уым цæугæ-цæуын...
Революцийы агъоммæ нæ хæхбæсты кæмттæй бирæтæм нæ уыд цæлхвæндаг. Фæлæ фæразон уыдысты хохæгтæ æмæ, уæды рæстæджы-иу цы иугай ирон чингуытæ фæзынд, уыдон дæр. Ирон чингуытæ хæццæ кодтой арф кæмтты тæккæ рæбинагдæр хъæутæм дæр, кæм æккойæ хæсгæйæ, кæм та бæхуаргъæи.
Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-ы фæстæ Урстуалтæм, нæ хъæу Едысмæ дæр æрбахæццæ Гæдиаты Секъайы фыст чиныг, йæ ном« Ирон фыййау», зæгъгæ.
Секъа райгуырд Хъуды комы. Уыцы комæй Урстуалты хсæн ис æрмæст иу ныллæг æфцæг. Арæх æфтыдысты урстуаллæгтæ Хъудмæ, се хсæн хæстæгдзинад дæр арæх уыд æмæ сæ кæрæдзийы хорз зыдтой. Уыдæттæ уый тыххæй дзурын, æмæ нæ комбæстæ хорз зыдтой Секъайы райгуырæн ком Хъуды цард æмæ уавæр.
Чиныг «Ирон фиййау» цыдис къухæй-къухмæ, кастысты йæ алы хæдзары дæр, скъоладзау кæмæ уыд, уыдон (Скъола нæхи хъæуы уыд). Кастæн æй æз дæр, иу-цалдæр æмдзæвгæйы: «Сидзæр», «Чермен», «Кæсаг, хæфс æмæ цъиусур» æнæкæсгæйæ дзурын дæр ма сахуыр кодтон.
Секъайæн лæгæй-лæгмæ йæхи чи зыдта, ахæмтæй исчи куы радзурид йæ мысинæгтæ, уæд, хъæлæкк, хуыздæр уаид, фæлæ, æвæццæгæн, уый зынæй æфты къухы. Æз нал æрæййæфтон Секъайы. Ам æрмæст зæгъынмæ хъавын, Секъайы тыххæй кæмæйдæрты цы фехъуыстон, уыдонæй иучысыл.
Секъайæн йæ фырт Петка куыд дзырдта, афтæмæй йæ фыд амард 1915 азы сæрды. Секъа бæхуæрдоны араст Дзæуджыхъæуæй Хъудмæ. Йæ фырт Петка, нырма æнахъом лæппу, уый дæр йемæ цыд балцы, æмæ йын Секъа загъта, ды уал разæй цу, уæддæр дæ баййафдзынæн, зæгъгæ. Петка ацыд, горæтæй фæуæлдæр, суанг Бæлтамæ бахæццæ, уæддæр æй нæма баййæфта йæ фыд. Нæ зыдта саби, йæ фыдыл цы бæллæх æрцыд, уый. Секъа ахызт Цæнгæт хидæй Терчы галиу фарсмæ, фæцæйцыд Олгинскæйы (ныр Республиканская улица) уынджы æмæ Калачы уынгмæ куы бахæццæ, уæд бæх фæтарст (æвæццæгæн трамвайæ æви конкæйæ), уæрдон афæлдæхт, æмæ Секъа йæ сæр дурты цæндыæ æрхаста æмæ бабын...
Секъа йæ æртæ фыртæн æмæ йæ чызгæн ахæм амæлттæ скодта, æмæ се ппæт дæр каст фесты хистæр скъолатæ. Уый стыр хъуыддаг уыд паддзахы заманы. Фæлæ уый йæ къухы куыд зынтæй бафтыд, ууыл дзурæг у мæнæ ацы хабар. (Уый дæр мын Петка радзырдта).
Иубон, дам, мæм ме фсымæр Цомахъ æрбацыд.
Рауай-ма тагъддæр!
Цы хабар у?
Дæлæ проспекты иу лæгыл фембæлдтæн æмæ мæм раст нæ фыды хуызæн фæкаст.
Гъе, æмæ цы?
Цом, ды дæр ма йæм бакæс æмæ йын йæ къам сисæм...
Цæвиттон, Секъа уыйбæрц цыбыркъух уыд, алы капекк дæр ын афтæ нымад уыди, æмæ, йæ къам сисыныл цас æхца бахъуыдаид, уый йæ цæст нæ бауарзта. Цомахъы фæндыд, йæ фыды къам æм куы уыдаид, уый. Æвæццæгæн йæ мидхъуыдыты цы ныв сфæлыста йæ фыдæн, ахæм лæгыл куы фембæлд, уæд ын хъавыд йæ къам сисынмæ, фæлæ уыцы лæг Петкамæ нæ фæкаст сæ фыды хуызæн.
Гæдиаты Секъайæн йæ уацмыстæн сæ къаддæр хай рацыд революцийы агъоммæ. Йæ прозаикон уацмыстæ чиныгæй фыццаг хатт æрмæст советон заманы рацыдысты.
Секъайы радзырдты хуыздæртæй иу «Азау» 1922 азы «Малусæджы» куы рацыд, уæд мæм афтæ хорз æмæ цымыдисаг фæкаст, æмæ ма уый фæдыл иу æхсæв Хъуды æфцæгыл дæр баззадтæн. Уыцы хабар та афтæ уыд. Ссæдзæм азты дыууæйæ араст стæм Ногирæй Хуссар Ирмæ. Арвы комыл. Мæнæн мæ фæндаг уыд Къобæй Тырсыгоммæ, стæй æфцæгыл Урстуалтæм. Ме мбалæн та Къобæй Бæрзæфцæгыл Хъуды коммæ, стæй уырдыгæй та Гнугъмæ.
Къобмæ куы схæццæ стæм, уæд хъуамæ кæрæдзийæ фæхицæн уыдаиккам, фæлæ ахъуыды кодтон: алы хатт дæр нæхимæ ацы иу фæндагыл фæцæуын. Иу къуыбыр дæр мын дзы æнæзонгæ нал у Тырсыйы æфцæгыл.
Цæй-ма, ацы хатт ацæуон, Секъайы Азау æмæ йæ уарзон Таймураз Хъудæй Урстуалтæм цы фæндæгтыл ацыдысты, ууылты.
Тырсымæ нал, фæлæ Бæрзæвцæгмæ ахæрд кодтам.
Фæсæфцæг ныххызтыстæм Секъайы хъæу Ганисæй чысыл мидæгдæр, стæй араст стæм Хъуды комы мидæмæ. Бирæ нæ нал хъуыд Хъелы æфцæгмæ, афтæ ныл баизæр æмæ æхсæвы Хады фиййæуттæм баззадыстæм. Райсомæй ныххæццæ дæн, Таймураз кæм амард, уырдæм, Мидæггаг Ерманмæ.
Æмæ ма иу къаннæг цау мæ ныхасы кæрон. Æртынæм азты иу фæззыгон бон фæцæйцыдтæн Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ. Адæмласæн гомсæр автобус йæ тæккæ дзаг бацис адæмæй. Бæлццæттæ иу стæм гурдзиæгтæй фæстæмæ ирæттæ уыдысты, ХуссарИраг æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ. Арвы комы, цалынмæ Бæрзæфцæгмæ схæццæ стæм, уæдмæ бæлццæттæй алчи дæр ныхас кодта йæ сыхагимæ. Гудауыры дæле, Млеты уырдыг кæй хонынц, уырдæм куы ныххæццæ стæм, уæд лæппутæй иу йæ къухæй фаллаг фарсмæ амонгæйæ фæхъæр ласта:
Бакæсут-ма, уа-а-ртæ Ганисы сæрмæ уæлмæрдты цы бæлæстæ зайы, уыдонмæ!
Адæм фегуыппæг сты æмæ сæ цæстæнгас скодтой, уыцы лæппу кæдæм бацамыдта, уырдæм.
Уыдон, Азау æмæ Таймуразы ингæныл чи æрзад, уыцы бæлæстæ сты...
Цымæ дыууæ бæласы кæрæдзийыл æцæг стыхстысты? фæрсы бæлццон чызджытæй иу.
Æцæг, дам, афтæ у, æцæг! Æз дæр æй бирæ хæттыты фехъуыстон, дзуапп ын дæтты йæ сыхаг бæлццон.
Нæ машинæ ныххæццæ Млеты бынмæ, фæлæ бæлццæттæн бацайдагъ Азау æмæ Таймуразы кой æмæ суанг Пасанаурмæ нæ фæцис. Хорз цырт у бæлæс, фæлæ Секъа йæхицæн скодта бæласæй дæр хуыздæр цырт, зæронд чи нæ кæны, ахæм цырт.
(Фыццаг фембæлд)
Уый уыд революцийы агъоммæ. Цардысты Хуссар Ирыстоны Урстуалты астæуккаг хъæу Едысы. Райдайæн скъола нæ хъæуы рагæй уыд. Æниу цалынмæ скъоламæ цæуын райдыдтон, уæдмæ дæр арæх хъуыстон Къостайы кой хъуыстон æй скъоладзаутæй æмæ æнæуи ас адæмæй дæр. Цыма канд фыссæг нæ, фæлæ ма Къоста уыд адæмы сæрыл дзурæг, сæ сæрхъуызой паддзахы хицæутты раз, ахæм хуызы.
Мах, скъоладзаутæ, дамгъæтæ куы базыдтам, уæд. фыццагдæр цы æмдзæвгæ сахуыр кодтам, уый уыдис «Ирон фæндыр»-æй ист «Фыдуаг». Ахуыр кодтам Мамытты Степаны чиныгæй, 1908 азы горæт Батумы кæй ныммыхуыр кодтой, уымæй. Чиныджы уыд Къостайы æмдзæвгæтæй иу-æртындæсы бæрц. Дыккаг азы чиныджы дæр уыйбæрцæй чысыл къаддæр. Се ппæты дæр зыдтам æнæкæсгæйæ дзурын.
Нæ ахуыргæнæн чиныджы цы æмдзæвгæтæ уыди, уыдонæй дарддæр ма сахуыр кодтам «Ирон фæндыр»-æй цалдæр æмдзæвгæйы, заргæ дæр кæй кодтам, ахæмтæ: «Сидзæргæс», «Фæсæф», «Марды уæлхъус», «Ныфс» æмæ æндæртæ, æмдзæвгæ «Сидзæргæс» дæр нæ уыдис нæ чиныджы, уый дæр нæ бахъуыд «Ирон фæндыр»-æй ахуыр кæнын, фæлæ уыцы чиныг алкæй къухы не фтыд.
Зыдтам æнæкæсгæйæ дзурын æмæ ма зарын дæр æмдзæвгæтæ «Додой» æмæ «Салдат». Уыдон нæ ахуыргæнæн чингуыты дæр нæ уыдысты æмæ «Ирон фæндыр»-ы дæр, фæлæ сæ адæм кæрæдзийы дзыхæй истой æмæ сæ мах дæр афтæмæй базыдтам.
Бирæ бинонтæ уыдыстæм хохы, нæ хæдзар дæр стыр уыд. Зымæгон бонты-иу нæ сыхы устытæ се лвисинæгтæ æмæ æндæр митимæ æрæмбырд сты махмæ æмæ-иу æрхатыдысты мæнмæ, Къостайы фыстытæ нын бакæс, зæгъгæ. Цал æмæ цал хатты! Раст зæгъын хъæуы, мæхимæ дæр хорз касти, ас адæймæгтæ мæм кæй хатынц æмæ мæм кæй хъусынц, уый æмæ зивæг нæ кодтон.
Устытæ мын арæхдæр кæсын кодтой «Чи дæ?» æмæ «Уæлмæрдты». Æмæ куыд æхсызгонæй хъуыстой! Афтæ-иу ныссабыр сты, æмæ ма хъуыст æрмæст йе лхуи йæ хæлын раздарæныл кæмæн андзæвыд, уый хыррытт. Стæй-иу сæ æлвисын бынтондæр ферох æмæ хъуыстой æгуыппæгæй, æнкъардæй, сæ иуæй-иутæн сæ цæссыг сæ рустыл зæйтæ кодта, афтæмæй. Æз рагацау зыдтон, кæцы рæттæ сæм дзæбæхдæр æмæ æрхæндæгдæр кастысты, уый æмæ уыцы бынæттæ кастæн сындæгдæр æмæ хъæрдæрæй.
Уæлдæр куыд загътам, афтæ Къоста адæмы цæсты номдзыд æмæ зынгæ лæг канд йæ чиныг «Ирон фæндыр»-ы руаджы не сси. йе хсæнадон куыст, фæллойгæнæг хæххон адæмы сæрыл паддзахы хицауады администрациимæ цы тох кодта, уый дардыл айхъуыст. Фæлæ ам нæ ныхас «Ирон фæндыр»-ыл у. Ацы чиныджы хуызæн никæцы чиныг бахъардта адæмы зæрдæмæ, уый хуызæн никæцы чиныг сæнкъуысын кодта адæмы зондахаст æмæ хъуыдытæ, Мæнмæ афтæ кæсы, цыма «Ирон фæндыр» бакæсгæйæ ирон фæллойгæнæг лæг, афтæ кæмæй дзырдтой хуыцауæй дæр æмæ паддзахæй дæр рох баззад, зæгъгæ, Къоста йæхæдæг дæр афтæ кæмæй загъта: «Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, йæ сихор, йе хсæвæр йæ мæт; йæ уат æскъæт, зыгуым йæ лыстæн, хъæбæр йæ цъæх хуыссæн нымæт» гъе-уыцы мæгуыр лæг йæхи цæсты æвиппайды сбæрзонд ис, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Кæсут-ма! Лæг дæн æз дæр! Мæ дзырд, мæ хъæр æмæ мæ сагъæс хъуысын байдыдтой дун-дунемæ. Æмæ мын уыцы æнусон бæллиц ралæвар кодта Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста йæ «Ирон фæндыр»-æй!»
1974 аз.
PAGE 36